ИРОН БÆСТЫХÆЙТТЫ КОНД ÆМÆ АРÆЗТ

РАЗНЫХАС

Арын дзы ирон адæмы рæстаг фыдæлты рухс нæмттæ

Алы адæмæн дæр вæййы дзыллон цæсгомимæ йæхи сæрмагонд цардвæндаг, мадæлон æвзаг, хидарыны фсегпк æмæ æгъдæуттæ.

Алы адæмæн дæр вæййы ивгъуыд дуг, нырыккон заман æмæ уыдоны равгæй фæкæсы йæ фидæнмæ.

Нæ разагъды фыдæлтæ рацыдысты дæргъвæтин цардвæндагыл, æмæ уый у сæ фарны фæндаг — сæ истори... Фыдæлты фарны фæндагæн баззад дзæвгар цæрæддзаг æвдисæнтæ комкоммæ нымайгæйæ: хæстон хотыхтæ æмæ хæцыны дæсныйад, куыстæгты хуызтæ æмæ фæлтæрддзинад, æгъдæутты ахаст æмæ бæрæгбæтты фæтк, фынгæвæрды уаг æмæ йæ хæрдзтæ, дины — уырнынады кæнонтæ æмæ дунейы æмбарынад. Уыдонимæ ставд нымадæй — цæрæн бæстыхæйттæ æмæ фæлгæсæн-хъаггæнæн мæсгуытæ, æхсæны уынаффæйы ныхæстæ æмæ уæлмæрдтæ.

Цæстуынгæ æрмæгимæ — æвдисæнтимæ фыдæлтæ хæдзардзинæй, фæстауæрцæй бахызтой рæзгæ фæлтæртæн удхъомысы сæйрагдæр хæрзтæ: æфсарм æмæ цæсгом, æууæнк æмæ намыс, аудæны æмæ удыбæсты лæггæдтæ.

Мингай азты уæвыны æмæ цæрыны бартыл хæцгæйæ фыдæлтæ сæфты къахыл бирæ хæттыты ныллæууыдыстты æмæ ирвæзтысты Хуыцауы дины фæдзæхстæй мадæлон æвзаджы сæрибармæ сидæн хъæлæсы æмæ ирон æууæнчы цæуыны тых æмæ хъомысæй.

Нæ куыстдзагъд нæрæмон фыдæлтæ нæдæр мах фауыны хъуаг уыдысты, нæдæр — мах раппæлыны. Фæлæ нын хæс у сæ цардвæндаг зонын. Фыдæлтæ иугъæдоны мысинагæй рухсаггаг уæд вæййынц, сæ фæдыл хорз кæстæртæ куы баззайы. Гъемæ, сæ хорз кæстæртыл мæрдтæй дæр кæнынц хæрзаудæн, æмæ сæ цалынмæ мысæг, хъуыдыгæнæг вæййы, уæдмæ цæрынц фæлтæрты амондæн. Цы заманты сæ ферох кæнæм сæрбæрзондæй кæсгæйæ, уым вæййæм бæрæг цауддæр адæмты астæу...

Нæ разагъды фыдæлтæ кæсын, фыссын нæ зыдтой, фæлæ сæ рæстæджы царды хъæр æмбæрстой æрдзон-гуырдзон зонд æмæ æрхъуыдыйæ. Царды æнæфыст чиныджы диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ, аргъæуттæ æмæ таурæгътæ, кадджытæ æмæ цæвиттонтæ дзырдтой зæрдæргъæвдæй рæзгæ фæлтæртæн. Ирон царды Стыр æнæфыст чиныджы баззадысты, Æрфæны фæдау, нæрæмон фыдæлты хæстбойнон, куыстуарзон тых æмæ хъару, зонд æмæ æрхъуыды, цыт æмæ намыс у фæтк æмæ уаг, фыдæх æмæ уарзту цнн æмæ маст, æфсарм æмæ æгъдау, ныфс æмæ æууæнк уæлмонцдæр æвдисæнæн. Утæппæт ирон фарны хæрзты бамбарынæн нырыккон фæлтæртæн хъæуы биноныгæй рæстæджы ахаст, дуджы æхсæнадон-социалон, экономикон-политикон хуызивæнтæ зонын æмæ бæстон ахуыр кæнын.

Хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй, раппæлинагæй бафауинагмæ цыдæриддæр баззад рагфыдæлтæй махæн, уыдон сæфынæй бахызтой Ирыстоны кæмтты зæххы æмæ фосы куыстгæнæг ирæттæ æнусты дæргъы. Фыдгулты ахæсты нæ фыдæлты фарны хæрзтæй бирæ цыдæртæ фесæфти, фæлæ ма дзы цы баззад, уыдон бафснайын, бабæстон кæнын у ныры ирон дзыллæйы цæрæддзаг минæвæртты сæйрагдæр хæс...

Ацы чиныджы мидис райдайæнæй кæронмæ дзурæг у ирон царды бирæвæрсыг хуызивæнтыл æмæ комкоммæ амоны æппæт кары фæлтæрты царды хъомысмæ.

Чиныджы, иуæй, быцæуаг фарстатæ разындзæни чиныгкæсджытæн, иннæмæй, æнæмбæрст хъуыдытæ, дзырдтæ. Гъемæ, куыдфæнды ма уæд, уæддæр æрмæг у лæмбынæг кæсинаг. Фыдæлты фарны хæрзтæм цæстуарзонæй бæстон нæ байхъуыстай, уæд фыдхъус — хæдзархал, хæлæг æмæ æдзæстуарзон — фыдæмбæлæг...

Ацы рæнхъытæ фыссæг цумахъомæй фæстæмæ фæцыди-фæхатти фыдæлты къахвæдтыл гурæй-гурмæ, халæй-халмæ. Фæхызти семæ сæрдæй-зымæгæй, хурæй-къæвдайæ комæй-коммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ хъузонау. Зæрдæбынæй фæхъуыста цин æмæ масты равгæй фыдæлты уæззау царды хъæрмæ. Уалдзæджы хæххон хуымты гæппæлтæ кæнгæйæ дзывырдартæн цæды галты сæрбосыл хæцыди, сæрды цыргъисæнты хосдзаутæ æмæ хуымгæрдджытæн бæгъæмвадæй хаста дон хус хъæбæр кæрддзыгыл, фæззæг тыллæгæфснайæнты тымбыл мусы наййаг стурты скъæрдта даргъ цъæхснаг уисæй æфсирджын хорты куыристы бæзджын æфтыдыл... Цумахъомæй фæстæмæ ирон хæдзары куыстæгтæй цынæуал бакодта иугъæдоны æхсызгонæй, æнæзивæгæй, ахæм нал баззад, æмæ фыдæбонгæнæг рæдиаг у, рæдыдтæ-къуыхцытæ та æдде бакæсгæйæ хуыздæр зынынц. Гъемæ, рæдыды комы — æхсырф æмбал. Цæстуарзонæй, рæстаудæй чиныджы къуыхцытæ-аиппытæ чи бахынцыдта фыццаг рауагъдæн, уыдонæн Дунейы Стыр Фарн уæлдай хæрзтæ саккаг кæнæд!

Чиныджы æрмæг дыккаг рауагъдæн бæрæг мидисджындæр фæци чиныгкæсджыты фæндæттæ хынцгæйæ...

Дзырдты растфыссынад нырыккон ирон дзырдуæтты хæлд цæуы бирæ рæтты, æмæ ацы чиныджы иуæй-иу дзырдтæ фыст сты авторы уагæвæрдыл комкоммæ ирон æвзаджы рæзты бындуртæм амонгæйæ...

ИРОН БÆСТЫХÆЙТТЫ КОНД ÆМÆ АРÆЗТ

Хæххон ирон бæстыхæйтты арæзт æмæ аразæн æрмæгыл цæст рахæсс бæстон, уæд сæ уæлæ зынынц ирон хæххон бинонты цардыуаг, куыстæгты мидис æмæ фæллæйтты монц кæм бынтон æргомæй, кæм та æфснайды нымд æмæ фæстауæрцæй.

«Хæдзар — йæ саразæджы æнгæсæн, куыдз — йе ’рхæссæджы хуызæн, сывæллон — мад æмæ фыды халдих», — зæгъгæ, ныхасæн баззадысты фыдæлтæй, фæлæ сæ хъуыды у дзæвгар мидисджындæр æмæ арфдæр æхсæнадон уагæй. Æдде бакæсгæйæ бæстыхæйттæ арæзтой дур æмæ хъæдæй, сыджыт æмæ чъырæй æнæ уæлдай аивадон мадзæлттæй, фæлæ уæды цæрыны уавæрты нæхи куы сæввæриккам, уæд рахатиккам æмæ фениккам, цас æрхъуыдыджын æмæ фæразон уыдысты иугæндзоны куыствæлладæй, уый...

Сæрды хъармы адæймаг халагъуды дæр бафæраздзæни цæрын, фæлæ даргъ хæххон зымæджы хъæуы хъарм бынат æмæ дзæвгар хæрзтæ-фæллæйттæ. Æрдзон уагæй хох æмæ быдыр цас хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уыйбæрц алыхуызæттæ сты сæ цæрыны фадæттæ дæр, æмæ дыууæ раны хуызивæнты фыдæлтæ хорз зыдтой. Хорз хохæй сын æвзæр быдыр уыди æнцондæр цæрæн, фæлæ дыууæ фарсы цæрыны уавæртæн дæр зыдтой аргъ кæнын сæхи удты фæлтæрддзинадæй. Лæгъз быдыры тыллæг — фылдæр æнцонвадатæй. Нæдæр дзы зымæг зæйæ тас у, нæдæр сæрд — сахатæ æмæ ивылд дæттæй, дуртулæнтæй. Фæлæ уыдоны хыгъд фыдæлтæн быдыртæ уыдысты тугамæст, уымæн æмæ сыл уæды тыхгæнæг æрдонгтæ гæрзифтонгæй кодтой цоппай. Удæгасай, сæрæгасæй баззайынæн уынгæг разындысты æрдзон фидæрттæ, хуымы зæххæй та — къуындæг, кадавар. Уыйадыл хæхбæсты цæрджытæ куыд фылдæр кодтой, афтæ сын хуымы зæхх нал фаг кодта, æмæ фæстагмæ, гал кæм æрхуыссыдаид, уыцы гæппæл галы æмаргъ сси...

Хуымæн, уыгæрдæнæн æмæ сæрвæтæн бæзгæ зæххытыл ауæрдгæйæ цæрæн бæстыхæйттæ арæзтой дурбын уыртыл, рындзтыл, айнæджы мæстæгтыл дæтты ивылæнтæ, сахаты цæуæнтæ, дурты тулæнтæ хынцгæйæ.

Цæгатæй хуссармæ хъæдджын кæмтты арæзтой хъæдын бæстыхæйттæ æнцондæрæй, фæлæ зындæр хъаггæнæн уыдысты зынгæй, тыхдымгæйæ, стæй зымæджы хастой уазалдæр...