Хъæдын бæстыхæйтты арæзт

Хъæдын хæдзæрттæ арæзтой фылдæр хъæдджын кæмтты алыхуызы хъæдырмæгæй: нæзы æмæ назæй (соцъийæ), чъиуназ æмæ мохъойæ, тæрс æмæ тæгæрæй, тулдз æмæ кæрзæй, уисхъæд æмæ фатхъæдæй, зазхъæд æмæ сывылдзæй, хъарман æмæ бæрзæй, нерджи æмæ хæрисæй, сусхъæд æмæ фæрвæй. Бæлæсты хуызтæй Ирыстоны зæххыл бирæтæ зайынц хохæй быдырмæ, æмæ фыдæлты заманты се ’ппæтæн дæр уыди нæмттæ, уыдоны иу хай абоны ирæттæ нал зонынц стыр хъыгагæн. Гъемæ, æрдзон уагæй нæ фыдызæххы хæрзтæ цас нал зонæм, уыйбæрц мæгуырдæр у нæ ныхасы мидис дæр нырыккон æзмæст царды ахæсты. Бæлæстæ дих кæнынц æрдзон уагæй цалдæр къордыл: сыфтæрджынтыл æмæ хихджынтыл, пыхсытæ æмæ къудзитыл, дыргъбæлæстæ æмæ гагадыргъбæлæстыл. Хихджын бæлæстыл нымадтой фыдæлтæ назы (соцъийы), мохъойы, нæзыйы, зазы æмæ цъиуназы. Уыдонæн сæрдæй, зымæгæй сæ хих лæууы цъæхæй, фæлæ æнæ ивгæ æмæ хусгæнгæ нæу, æрмæст æй цæст нæ ахсы: æзгъæлы уалдзæджы кæрон. Хихджын хъæдæй арæзтой хъæдджын кæмтты цæрджытæ бæстыхæйттæ фылдæр æмæ сæ хъæдырмæг кодтой хуыздæрæн, лæууæндæрæн фæззæг сыфтæрызгъалæн афон. Хъæдырмæг бæстон æхсæстæй-койгондæй кæнæ фастой хырхæй, кæнæ амадтой фæрæтæй дывæрсыгæй. Уавæртæм кæсгæйæ бæстыхайы хуылыдз хъæдырмæг дæр хардзгонд цыди, фæлæ йæ фылдæр фæлæууынæн зыдтой фыдæлтæ мадзæлттæ: койгондæй хъæдырмæг удæстой кæнæ чъырдоны, кæнæ фосы уымæл фаджысы дзæвгар рæстæг, стæй йæ хусгондæй хардз кодтой агъуысты. Ахæм хъæдырмæгыл рæмпæг нæ хæцыд æмæ бæрæг хуызджынæй, фидарæй лæууыд фылдæр рæстæг.

Хъæдын бæстыхæйттæн уыди тыгуыр сæртæ кæнæ дывæрсыгæй, кæнæ цыппарвæрсыгæй. Хæдзæртты тыгуыртæ æнцадысты хъайвантæ æмæ рæфтыл. Уæле та сæ æмбæрзтой фæлтæргай хъуарийæ. Тыгуырджын цъупсæр бæстыхæйттæн зымæджы митуарды сæ сæртæ æнцондæр мæрзæн уыдысты æнæ уæлдай ихтæй æмæ тæдзынджытæй. Хъæдын хæдзæрттæн къултæ арæзтой кæнæ тымбыл æрмæгæй, кæнæ хырхæйфаст æмæ фæрæтæйамад фæйнæгæй. Дыууæ хуызы кондæн дæр сæ иугæнæн тигътæ цыдысты æлхынцъæвæрд бæрæг æнгомдæр æмæ фидардæрæн. Хæдзары фæйнæгкъултæ лæгъзгонд куынæ уыдаиккой, уæд сыл хуыдтой дзуарæвæрдæй лыстæг уистæ æмæ сæ сæрстой сæрмагонд æлыджы æзмæстæй дыууæ фæлтæрæн хъармдæрæн. Къултæ сæрдынæн æзмæстой æлыгбын сыджыт хъомы ног фаджыс æмæ зыгуымимæ фидардæрæн. Фиппаинаджы хуызы зæгъын хъæуы уый, æмæ æппæт кæмтты бæстыхæйттæ арæзт цыдысты алы заманты-дугты, уыйадыл сын бæрæг рæстæг бацамонæн нæй азты хыгъды. Сæ саразынæн та хъуыди бынæттон æрмæг хъæд æмæ дурæй, сыджыт æмæ æзмисæй, чъыр æмæ зыгуымæй, фаджыс æмæ донæй... Гъемæ, уыцы аразæн æрмæг алкæм арæхæй æнцон ыссарæн нæ уыдаид, æмæ фадат — аразæг, рæстæг — хынцæг, нымайæг. Æрдзон уагæй царды уавæртæ куыдфæнды ма уыдаиккой, уæддæр ирон хæххон адæм æнусты дæргъы бæстыхæйттæ фæцарæзтой дур дурыл æвæргæйæ, хъæд хъæдыл ныхасгæйæ фæстагмæйы фæлтæртæн, æмæ сæм бæстон æркæсæм, науæд цард иугæндзоны хивæндæй æгъатыр у: алы фæлтæры дæр цыхуызæнæй кæм æрæййафдзæни, уый ничи зоны...

Æнусты ахæсты царды æрдзон хуызивæнтимæ иу кодтой адæмы социалон-æхсæнадон быцæутæ, æмæ дихгонд цыдысты исбоны бындуртыл уæлдай мæгуырдæртыл, хъæздыгдæртыл. Цæгатæй хуссармæ бæстыхæйтты арæзтыл зындысты адæмы социалон-æхсæнадон хуызивæнтæ хъæугай, хæдзаргай, комгай, стæй мыггаггай. Уыди цæрæнбынæтты номæй мæгуырдæртæн ныллæг иудуарон къæстæ зæхбынæй æнæ уæлдай тыргътæй, байбынтæй, фезмæлæнтæй. Уыди дыууæ æмæ фылдæр хатæнджын цæрæнтæ зæхбынæй рæстæмбис цæрджытæн... Бонджындæртæ архайдтой уæладзыг хæдзæрттæ кæныныл. Æддæгуæлæ бæстыхæйттæн хъуыди фылдæр æрмæгимæ фылдæр тых æмæ æрхъуыды. Алы бæстыхай дæр хаста йæ саразæджы ном. Æппæт бæстыхæйттæ дæр иугай лæгты конд кæм уыдаиккой, æхсæнадон ахастæй амыдтой комкоммæ бинонтæм, мыггæгтæм, фыдыфырттæм...

Дурын бæстыхæйтты арæзт. Ирыстоны фылдæр кæмтты арæзтой фидардæр æмæ хъармдæрæн дурæй амад бæстыхæйттæ кæм тыгуырджынæй, кæм та тъæпæн сыджытсæртæй. Бæстыхæйтты систæн-къултæн дуртæ æвзæрст цыдысты лæгъз æмæ цыппæрдигъонæй, фидар æмæ æнæсахъатæй. Айнæг фастдуртæй уæззаудæрты æвæрдтой бынæй фидардæрæн, рогдæрты — уæле. Систæ амад цыдысты рæгъгай дывæрсыгæй: иу — æддагварс, зынæнварс, иннæ — мидæггаг, аууонварс. Зынæнварсырдæм æвæрдтой æмрастдæр æмæ лæгъздæр дурты, мидæггаг фарсæн — дæрзæгдæрты. Уыдонæн æвзæрстой хылычъытæ æмæ æхсæны-астæуы ныхасæн дуртæ бæрæг къаддæртæй, рогдæртæй. Фæлтæргай амайгæйæ систы дыууæ фарсы астæу калдтой лыстæг хуырджын цъæх сыджыт фидардæрæн, хъармдæрæн. Систы астæуты æлыг сыджыт ничи калдта: уарынты уымæл йæхимæ цъырдта, дон урæдта, æмæ зымæджы хъызты салди систы фæрстыл фæйнæрдæм хæцгæйæ, скъуынгæйæ.

Æвзаргæ дуртæй бæстыхайы систæ æнгом амад æрцыдысты, уæд сæ æддæрдыгæй нал сæрстой, сæрст цыдысты мидæгæй, хуылфырдыгæй æртæ фæлтæрæн сæрмагонд нуарджын æзмæстæй. Цæрæны къулты сæрст бæстон бахус, уæд æй цагътой чъырызмæстæй кæнæ урсбын æлыджы донæй цалдæр фæлтæрæн. Цæрæн биноныг хæдзæртты уагътой фылдæр зæхбынтæй æмæ сæ фаджысы æзмæстæй сæрстой æртæ фæлтæрæн бæзджын, уыйадыл сæрд уыдысты сатæг, зымæг — хъарм, стæй æнцон сæрфæн цъылынæй, уисойæ. Зæхбын хæдзæрттæ сæрфгæйæ пырхгонд цыдысты донæй æмæ рыг нæ кодтой...

Систæ амайынæн алкæд алыран хъæугæ дуртæ æнцон ыссарæн нæ уыдысты, æмæ хæхбæсты цæрджытæн уыди сæрмагонд дурæфтауæн бынæттæ. Уырдыгæй дур ластой зымæг хъæдын дзоныгъты, сæрд — ныллæг багалæгты. Систы æвæрынæн алы дур нæ бæззыд, æмæ сæ æвзæрстой: дойнаг дуртæ хастой уазал, чъырдуртæ хæлдысты уымæлæй, чысдуртæ æзгъæлдысты, цынадуртæ æмæ æрдзон сыгъддуртæ уыдысты бæрæг хъармдæрæй сурдæр, стæй æнцондæр архайд сæттынæн, фæрæтæй амайынæн, хырхæй лыгкæнынæн. Æрдзон цына æмæ сыгъддуртæ фидардæр уыдысты артæн, æмæ сæ цæрæнхæдзæртты артдзæсты астæрдæн æвæрдтой.

Абоны ирæтты æнæмæты цæстæй кæсгæйæ фыдæлтыккон дурæйамад зæхбын, сыджытсæр, тъæпæн бæстыхæйтты арæзты цы и диссагæй? Æппындæр ницы! Дур дуры уæлæ æвæр куыдфæндыйæ æмæ уæладзыджы сæрæй акæс... Фæлæ ма ныры дæсны сисамайджытæ бафæлварæд цалдæр уæладзыгон бæстыхай саразын афтид дур æмæ сыджытæй, кæддæра цы рауаид сæ куыстæй æнæ чъыры, цементы æмæ æфсæйнаджы æндадзæн мадзæлттæй...

Æрхъуыды æмæ зондимæ хъуыди бирæ тых æмæ хъару æддæгуæлæ бæстыхæйттæ аразынæн фыдæлты заманты. Сæ кусæнгæрзтæ арæзт уыдысты æрдзон уагыл хъæд æмæ дурæй, æфсæйнаг æмæ цæнгæтæй, гæрз æмæ хъисæй, æхсон æмæ мæцъæй, гæн æмæ къуымбилæй. Фæлæ уыдонимæ архайдтой уæхскуæзæй, æнæ техникон фæрæзтæй. Сæ ахъаззагдæр кусæн дзаумæттæ — хиконд кард æмæ хæсгард, судзин æмæ туас, дзæбуг æмæ æхсырф, фæрæт æмæ сарт, духъ æмæ тадзин, бæндæн æмæ уæрдæх, зырн æмæ мæцъис, бел æмæ къахæн...

Кæй зæгъын æй хъæуы, уæнгты æнæниз æмæ хъаруйæ, æрхъуыды æмæ зондæй фыдæлтæ сæ дуджы домæнтæн махæй хуыздæр дзуапп лæвæрдтой æхсæны ныфс æмæ æууæнчы фæрцы.

Уæззаудæр дуртыл архайдтой æмдыхæй мæцъисты руаджы, уæладзгуытæм сæ истой хъæдæйконд сæрмагонд зырныты фæрцы. Дурисæн хъæдын зырныты зылдтой галты æххуысæй. Уæладзгуыты систæм хастой рогдæр дурты æккойæ тæсчъыты чъылдымбазтимæ хъæдæй конд зиллаг асинтыл. Хъæдын зиллаг асинтæ æвæрдтой херытыл кæнæ æддæрдыгæй, кæнæ мидæгырдыгæй къулты æмбуар. Бынывæрдæй сæйрагмæ систæ уыйбæрц бæстон амад цыдысты, дурты æддæг-мидæг æвæргæйæ æлхынцъæй, æмæ нæдæр æддæрдыгæй раппарын куымдтой, нæдæр мидæгæрдыгæй. Ирон амад систæ цудыдтой сæхи мæнгдуртæй, æмæ уымæн баззад ныхасæн, мæсыг хи дурæй кæлы, зæгъгæ.

Фадæттæ цас амыдтой, рæстæг цас домдта, уымæ кæсгæйæ фыдæлтæ арæзтой иу, дыууæ æмæ фылдæр уæладзыгон бæстыхæйттæ. Иууæладзыгон бæстыхай æнцондæрæй арæзт цыди æнæ уæлдай хатæнтæй. Хатæнтимæ нымад цыдысты зæхбын цæрæн, хицæн уат, къæбиц, хордон. Мæгуыр фадæтты цæрæг бинонтæн сæ зæхбын цæрæн дихгонд уыдаид астæуы кауæй фосы кондæн. Мæгуыр фадæтты уæвæн уыди иунæг цæрæн къуымæн æнæ уæлдай бахизæны тыргъæй, кæртæй.

Æддæгуæлæ бæстыхæйттæ ахстой къаддæр зæхх, фæлæ уыдысты зындæр аразæн. Æддæгуæлæ хæдзæрттæй иутæн сæ бинаг хатæнтæ уыдысты астæуарты къонаимæ цæрæнтæ, иннæтæн та — фосдæттæ, сугдæттæ, холлагдæттæ.

Тыргътæ арæзтой бæстыхæйттæн хурыскæсæн æмæ ныгуылæн хынцгæйæ.

Сыджытсæр хæдзæртты агъуындыны уаг æмæ дæсныйад. Тъæпæн сыджытсæр бæстыхай агъуындынæн-æмбæрзынæн хъуыди фылдæр æрмæг бæрæг зындæр архайдæй. Сыджытсæр бæстыхай фæнды иууæладзыгон уыдаид, фæнды — дыууæ æмæ фылдæр, уæддæр цыппæрварсы систы амайгæйæ арæзтой къусчытæ бынгъæдтæ æмæ сæргъæдтæ-аххæрджытæ æнгом æвæрынæн. Аххæрджытæй-сæргъæдтæй иутæ уыдысты сæйраг, иннæтæ кæройнаг. Сæйраг аххæрæг — астæуккаг аххæрæг урæдта цары уæз æртæ цæджындзыл æвæрдæй. Уыди иувæрсыг амадæй бæрæг ставддæр иннæтæй. Уымæн йæ астæуы цæджындз амадтой цыппæрдигъон, æмæ ирон фыдæлтыккон хæдзарæн йæ сæйраг аххæрæг сæйраг цæджындзимæ баззадысты кады номхæссæнæн къонайы рæхыс æмæ астæуартау. Кодтой сæ сомы, хордтой ард сæ номæй, стæй бинонты царды ахсджиагдæрты нæлгоймæгты хъомысæй нымадтой астæуккаг цæджындзтыл æмæ аххæрджытыл. Астæуцæджындзыл арæзтой цырагъдарæн, астæуккаг аххæрæгыл къуырдтой ауындзæнтæ нывонды фиутæ æмæ цæхджынтæ ауындзынæн. Астæуккаг аххæрæджы рæбинаг цæджындз нымад цыди Сæрзæды бынатыл, æмæ йыл æвæрдтой сæрзæды хæцъилтæ, ногчындзы хызтæ, кувинаг физонæджы бæрзын уæхстытæ.

Бæстыхайæн йæ уæрхмæ кæсгæйæ нымад цыдысты аххæрджытæ дыууæ фарсæй. Уыдоны кæрæттæ æнцадысты систы сæрмагонд къусджытыл, фæлæ ма сæм фидардæрæн æвæрдтой цæджындзтæ цыппар къуымы систы æмбуар гæзæмæ мидæгырдæм къулæй. Мидæгырдæм гæзæмæ къулæй амадтой æппæт систы дæр фидардæрæн...

Агъуысты аххæрджытыл цæхгæрмæ æвæрдтой уæладзæн хъæдтæ æмхуызон æмдымбылæй кæрæдзимæ адылийы дæрддзæгæй. Уæладзæны хъæдтыл æнгом æвæрд цыдысты æндзæлмттæ. Уыдоныл бæзджын асдæрдтой æхсуалы. Æхсуалыйыл тыдтой цæхгæрмæ хъæмпы куыристæ бæзджын фæлтæртæй, стæй сыл калдтой лыстæг цъæхбын сыджыт фæлтæргай къахæй нæмгæйæ. Сыджыт кæрæдзиуыл куы фæхæцыдаид, уæд ыл пырх кодтой гæзæмæ дон æмæ йæ надтой къулæгай. Уыцы сыджыт фæлтæргай нæмгæйæ æндæгъд кæрæдзиуыл уыдисны бæзджынæй, æмæ йыл калдтой æлыгбын сыджыт уæллаг фæлтæрæн. Уый бæстон надгондæй урæдта уарыны дон, æмæ дон агуырдта уырдыгдæр бынат цæуынæн. Уыцы уагыл ирон сыджытсæр хæдзæртты уæлцъар арæзт уыди гæзæмæ иуырдæм къулгондæй, æмæ сæ донвæдты æвæрдтой хъæдæйконд цыхцыртæ æмбæрзæны фидар къæйтимæ.

Сыджытсæр тъæпæн бæстыхай-агъуыст æмбæрзт æрцыд, уæд мидæгæй, хуылфырдыгæй — дзæвгар аразинæгтæ астæуы артдзæст бабæстон кæнынæй, тохына самайын, дуæрттæ æмæ рудзгуытæ-фæрсæгтæ сæвæрыны онг.

Цæрæн хæдзары астæуы артдзæстæн рагзаманты иутæ æвзæрстой æхсæны фæзуат, иннæтæ рæбинаг къулы æмгъуын æрдæг, æмæ дыууæ хуызæн дæр æвæрдтой артдзæсты алыварс цыппæрдигъон дуртæ — дæлтъуры дуртæ кæм æрбадынæн, кæм та артдзæсты дзаумæттæ æрæвæрынæн. Астæуарты сæрмæ цары арæзтой фæздæгдзон тымбыл хуынкъ адылийы уæрæхæн. Фæздæгдзон хуынчъы алыварс уæлхæдзары амадтой æртывæрсыгæй тымбыл сис дымгæ уромынæн. Сисы уæлæ æвæрдтой тæнæг къæйдур, æмæ уый фæрцы фæздæг уарынты хуыдуг нæ кодта. Уарыны дон цæмæй ма хъардтаид фæздæгдзоны æмæ систы кæрæтты, уый тыххæй сыл æнгом æвæрдтой уæлувады къæйтæ.

Хæдзары артдзæстæн рæбинаг сисы раз æмгъуынастæу чи æвзæрста, уыдон фæздæгдзонæн амадтой тохына-ердо, артæн лæууæндæр цы дуртæ уыдысты, уыдонæй. Тохынайы бинаг хайы арæзтой тæнæг фæйнæджытæй уæлæндыгтæ æртывæрсыгæй, æмæ фæндыры ивæзт тæнтау аивæй зындысты куыдбынмæ фæтæндæртæй, куыдуæлæмæ та нарæгдæртæй. То хынайы уæлæндыг æнцади раззаг æмæ фæстаг дыгай хъæдын быцæутыл. Уыдон бынæй æнгом къуырд уыдысты дæлтъурты уыгæрдты. Уæлæндыджы сæрмæ рагъыныл ауыгътой Сафайы рæхыс — артдзæсты рæхыс. Уымæн бынæй уыд дыууæ къæндзыйы: цыбырдæр цуайнаг ауындзынæн, даргъдæр — дзедангар...

Хæдзары артдзæсты æмæ тохынайы рагон арæзты уаг ма æрхæццæ Ирыстоны кæмтты ХХ æнусы 20-æм азтæм. Нæхи хъæуы — Хъæдысæры ма уæлæндыгджын тохына аивæй баззад Айларты Теккойы зæхбын хадзары суанг 1960 азмæ. Текко фæцард æнусæй дзæвгар фылдæр. Къозы хъæуы уæлæндыгджын тохына федтон Гæджиты Къуыбыры зæхбын хæдзары дæр. Къуыбыры бинойнаг уыди Айларон, Теккойы чызг, æмæ дыууæ хæстæджы бинонтæ дæр фидар хæцыдысты фыдæлты фарны хæрзтыл-бынтыл...