Хæдзары дуæртты арæзт æмæ æвæрд

Агъуысты систæ амайгæйæ рагацау хынцыдтой дуæрттæ æмæ рудзгуытæ æвæрыны уаг. Дуæртты æмæ рудзгуыты тарвæзтæ фидардæр æмæ лæууæндæрæн æвæрдтой систæ амайгæйæ, æмæ сын уыди æмбæрцы нукаутæ. Уыдоны фæрцы тарвæзтæ æнæ уæлдай змæлгæйæ æнгомæй лæууыдысты æмæ нæдæр уарынты хуылыдз кодтой, нæдæр сын раппарыны мадзал уыди æнæ лыгтæй. Иууæладзыгон бæстыхæйттæн дуæрттæ арæзтой фылдæр иугуыр хъæдырмæгæй æмæ сæ хуыдтой фæхсдуæрттæ. Уыдонæн равзаргæ фидар æрмæг амадтой фæрæтæй, лæгъз сæ кодтой лæгъзгæнæнтæй, стæй сæ æлвæстой хайгай хъæдын лæсгæрты фæрцы хуылфырдæмы æмбæхст къæбæлтимæ. Æмбæхст æхсæны хъæдын къæбæлтæн бынæттæ къахтой сартæй, науæд та зылдтой бырауæй. Рагон фæхсдуæрттæн фидар тарвæзты æвæрдтой æркъæу зиллонтæ-æвдузæнтæ дывæрсыгæй: иу фарсæй — æргъæвæны хъæл, иннæ фарсæй — æвдузæнуат. Æркъæу зиллонты хæйттæн æддæрдыгæй нæдæр фенæн уыди, нæдæр кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн. Цæмæй ма ихсыдаиккой хъыррыст кæнгæйæ, уый тыххæй сæ сæрстой искуыдæй-искуыдмæ сæрдæйнагæй. Фæхсдуæрттæн æдде æхгæнынæн арæзтой хъæдын æркъæу гуыдыртæ, мидæгæй æхгæнынæн та — рымгæнæны фидар хъилтæ. Æркъæу гуыдыры хицæн хæйттæ æддæгмидæгæй кæрæдзийы афтæ ахстой, æмæ сын æнæ мæнгвæдæг зонгæйæ байгомы мадзал нæ уыди бауайæгæн.

Ныллæг иууæладзыгон бæстыхæйтты дуæрттæ æвæрдтой сæ тарвæзтыл мидæгырдыгæй куыдуæлæмæ æддæгырдæм къулæй, æмæ бахизгæйæ æнцонтæй æхгæдтой дымгæ боны дæр сæхи уæзæй.

Рудзгуыты арæзт æмæ æвæрд. Куыдрагондæрæй хохаг ныллæг хæдзæрттæн уыди гыццыл нарæг рудзгуытæ фæрсæгтæ, æмæ бирæ бынат кæм ахстаиккой дыгай, цыппæргай цæстытæй кæм авджы гæппæлтимæ, кæм та — æнæ уыдонæй. Гъемæ æппæт хуызтæн дæр уыди æфсон царды уавæртæм амонгæйæ, дины-уырнынады кæнонтæ хынцгæйæ. Алы цæрæн бæстыхайæн дæр уыди скæсæн æмæ ныгуылæн фæрстæ. Уыйадыл хæ дзараразæг нымадта райсомы хурыскасты æмæ изæры хурныгуылды хуызивæнтæ. Райсомы хуры тынтæй цас райгонд уыдысты бинонтæ, изæры хуры ныгуылды тынтæй дæр афтæ, æмæ дыууæ æрдзон бæрæггæнæны астæу боны дæргъ уыди æнцондæр зонæн, нымайæн. Биноныг цæрæнты рудзгуытæ æвæрд цыдысты зæххæй бæрæг бæрзонддæр æдасдæры тыххæй. Æддæрдыгæй сын арæзтой тæнæг фæйнæгæй дывæрсыг дуæрттæ, æмæ сæ бахъуыдæн æхгæдтой мидæгырдæм лæскæрджын æфсæйнаг æвдузæнтæй. Уырнынады фæткыл ирон бинонтæ райсомы (боны) зæдтæм куывтой скæсæй фарсы рудзгуытырдæм лæугæйæ, изæры дуæгтæм та — ныгуылæн фарсырдæм лæугæйæ.

***

Æддæгуæлæ уæладзыг бæстыхæйтты конд æмæ арæзт уæлдай вазыгджындæрæй у цымыдисагдæр. Иуæй, сæ бындуртæ ахстой къаддæр фæзуат хуымæн бæзгæ зæххыл ауæрдгæйæ, иннæмæй, фидардæрæн ахстой айнæджы фæхстæ, рындзтæ, ныхтæ хатæнгай кæрæдзийы сæрты-æккæйтты, зæрватыччыты ахстæттау, æнгом бадгæйæ. Ахæм фæткыл æвæрдæй бинаг хæдзæртты тъæпæнсæртæ уæллæгтæн уыдысты тыргътæ, бахизæнтæ æмæ рахизæнтæ, кæртытæ.

Бирæуæладзыгон бæстыхæйттæ аразынæн равзаргæ æрмæгимæ хъуыди фылдæр зонд æмæ æрхъуыды, тых æмæ хъару, дæсныйад æмæ фæлтæрдад бинонтæн, фыдыфырттæн, мыггæгтæн æхсæнадон хъомысæй. Сæ къуындæг царды фадæтты нæ фыдæлтæ кæмтты цæрыныл архайдтой бирæ бинонтæй, æмæ уыцы фæткæн уыди дзæвгар æфсæнттæаххосæгтæ. Иуæй, райгуырæн къонамæ æмæ ныййарджытæм æгæрон уарзонад, иннæмæй, æппæт куыстытæ дæр домдтой хæххон уавæрты æхсæнадон тых æмæ хъару, зонд æмæ æрхъуыды, æртыккагæй, фæлтæрты бастдзинадæн хуыздæр æвдисæнтæ уыдысты бирæ бинонты фарны бæркæдтæ куыд армы фæллойæ, афтæ удхъомысы хæрзтæй дæр... Стыр æгадыл нымадтой фыдæлтæ рагзаманты æфсымæртæн байуарын мад æмæ фыды æгасæй, æмæ уыйадыл цардысты иумæ æртыгай, цыппæргай фæлтæртæй дæр Стыр мадæлтæ æмæ Стыр фыдæлтæн лæггад кæнгæйæ...

Сыджытсæр бæстыхæйттæ фидардæр уыдысты тыхдымгæтæн, бирæ мит уарынтæн, зæххынкъуыстæн, æрвдзæфæн. Уыдоны уæлдай сыджытсæр уæлхæдзæртты чындзхасты бонты арæзтой хъæзтытæ, бадтысты куывдты. Зымæджы митуарды сæ сывæллæттæ кодтой алы хъæзтытæ, сылгоймæгтæ нывæзтой тынаг.

Уыцы æхсызгоны фадæттимæ сыджытсæр уæлхæдзæрттæм хъуыди зилын сæрдæй, зымæгæй. Зымæг сын сæ мит сæрфтой хъæдын фыййæгтæй, сæ уымæлдзæстыты калдтой цъæх сыджыт æмæ йæ надтой хъæдын къулæгтæй, уарыны дон здæхтой уæлувæдты цыхцыртæм, кæннод уымæл сыджыты хъардта бынмæ æмæ царæй мызти цæрæнуатмæ...

Бæстыхайы хатæнтыл куыдфæстагмæ æвæрын райдыдтой бынастæрды æмæ уæластæрды фæйнæг. Бынастæрды фæйнæджытæ æнгом æвæрдтой æмраст амад бынгъæдтыл, уæластæрдæн та тæнæгдæр фæйнæджытæ лæгъзгондæй хуыдтой цары уæлгъæдтыл-аххæрджытыл.

Уæлæмхас бæстыхæйттæ

Уæлæмхасæн бæстыхæйттæм хаудтой алыхуызы арæзт скъæттæ, байбынтæ, холлагдæттæ, сугдæттæ, хордæттæ, къæбицтæ, хæндгуытæ, гай латæ, мустæ, куырæйттæ, æнцайæнтæ, ныхæстæ, хурмæбадæнтæ. Уыдоны арæзт дæр дзурæг уыди фыдæлтæн сæ бирæ куыстæгты мидисыл, рæстæг æмæ бынат, бæрц æмæ хыгъд хатгæйæ-нымайгæйæ. Æнæ бæрæг нысанæй, æфсонæй ирон фæрнджын бинонтæ хъæды уис дæр нæ ралыг кодтаиккой. Бинонты ном та ирон адæм хастой бæрц æмæ хыгъдæй нæ, фæлæ сыгъдæг туджы æмæ æгъдауы хæстæгадæй, æмæ фæрсаг бæстыхæйтты конд дæр дзурæг у дзыллæйы иумæйаг фарны хъомысыл. Гыццыл бинонтæн дæр хъуыди адæмы рæгъы цæуынæн уæлæмхас фезмæлæнтæ, бæстæттæ хицæн хæдзары номæй, уагæй. Фыдæй фыртмæ ирон адæм цардысты зæххы æмæ фосы куысты афтиæгтæй, фæллæйттæй. Уыйадыл сæ уæлæмхас бæстыхæйттæ куыдахъаззагдæрæй хæстæг лæууыдысты цæрæн хæдзæрттæм.

Къæбицты конд æмæ арæзт. Къæбицтæ арæзтой куыд биноныг цæрæнбынæтты, афтæ уæладзыгты дæр хъæд æмæ дурæй. Конд æмæ асæй алыран æмхуызæттæ кæм уыдаиккой, фæлæ уыдысты фарны сыгъдæг уагыл ирон бинонтæн сойаджы, урсаджы бæркæдтæ æвæрæн, æфснайæн. Æнгом арæзтæй къæбицмæ нæдæр мыстæн уыди бабырæн, нæдæр гæдыйæн. Дардтой йын æнгомæхгæдæй бæзджын фæхсдуар гуыдыримæ, æмæ йæ дæгъæл æфснайдæй дардта хæдзары æфсин. Къæбицы æвæрдтой цыхты хæндыгтæ сæрмагонд хъæдын мигæнæнты, царвы хъуырæуттæ, халсартæй конд цъымилитæ. Хæрзæфснайдæй, сыгъдæгæй дардтой фæрнджын ирон хæдзæртты æфсинтæ сæ къæбицты, уæлдай тæфгæнаг хæрдзтæн сæ бынат нæ уыд, Къоста æмбисондæн куыд фыста, афтæ: «Булкъæн та æппын цæсгом нæй! — Фаджысдон кæны къæбицæй» («Булкъ æмæ мыд»). «Смаггæнаг» булчъыты къæбицы æвæрдтой æнæфснайд, æдзæлгъæд бинонтæ, æндæр булчъытæ, цæхæратæ, уырыдзытæ æмæ картæфтæн æгъдауджын ирæттæ къахтой сæрмагонд уæрмытæ сатæгдæрæн, æфснайддæрæн, æмæ суанг уалдзæгмæ лæууыдысты æнæ уæлдай æмбыдтæй...

Хордæтты конд æмæ арæзт. Хордæттæ арæзт цыдысты кæнæ цæрæнбæстыхæйтты æмкъулæй, науæд та хибарæй. Кодтой сæ кæнæ хъæд æмæ дурæй, кæнæ та сыгъдæг хъæдырмæгæй. Дыууæ хуызы кондæн дæр фæйнæджытæ хафтой лæгъзгæнæнтæй æмæ сæ æнгом æвæрдтой кæм æлхынцъæй, кæм та бохъитыл. Хордæттæн дæр уыди фæхсдуæрттæ æмæ æхгæнæн гуыдыртæ. Мидæгæй дихгонд цыдысты хицæн хатæнтыл-цæстытыл æнæссад æмæ æссад хорты хуызтæн. Хордонмæ дæр мыст не ’фтыди, гæдыйы къах нæ хæццæ кодта. Йæ дуары дæгъæл æфснайдæй хаста хæдзары хистæр æфсин куатæйы (раздарæны) дзыппы, æмæ æнæ уый разыйæ бинонтæй уырдæм ничи цыди.

Хоры къутуты конд æмæ арæзт. Нæмыг æмæ æссадæй æфснайынæн бирæ рæтты арæзтой хоры къутутæ кæм фæйнæгæй, кæм та уисæй. Сыгджын хоры мыггæгтæн лыстæг уистæй быдтой алыхуызон тымбыл æмæ цыппæрдигъон, уæрæх æмæ нарæгастæу къутутæ æмæ сæ æртæ фæлтæрæн æддæг-мидæгæй бæстон сæрстой луæрст æлыджы, стуры ног фаджысы æмæ зыгуымы æзмæстæй. Ахæм уисæй быд къутуты æфснайдтой æссад дæр. Æнæзгъæлд нартхорæн арæзтой дымгæдзон бынæтты сахъари фæйнæджытæй стырдæр къутутæ æмæ сæ бæрзонд быцæутыл æвæрдтой хурырдæм. Æнæзгъæлд нартхорæн уæрæх, бæрзонд къутутæ быдтой уисæй дæр хуыздæр бахусæн æмæ æфснайдæн.

Гайлаты конд æмæ арæзт. Гайлатæ конд уыдысты куыд дурын, афтæ хъæдын бæстыхæйтты къулты мидæг кæм бæрæг къуырфдæрæй, кæм та уæлæнгайдæрæй алыхуызы цæттæ хæринæгтæ æвæрынæн, æфснайынæн райс-бавæрдæй. Уыди сын гыццыл цыппæрвæрсыг хатæнтæ тæнæг фæйнæджытæй конд дуæрттимæ. Уыдон æхгæд цыдысты æддæгварсы рымгæнæн хъилæй. Лæгбæрц бæрзондæй сæм гæды нæ фæрæзта схизын, фæлæ кæдæм нæ гæпп кæны, æмæ ныхасæн баззад, гайлайы гæдыйæ — сусæгхордæр, зæгъгæ.

Къусчыты конд æмæ арæзт. Къусчытæ кодтой лыстæг дзаумæттæ æвæрынæн хайгай, хуызгай. Иу хуызы къусчы æвæрдтой къустæ, къоппытæ, уидгуытæ, хъæдын нуазæнтæ, сыкъатау, иннæйы — цыргъаг, хуыйæн æмæ рæхсæнгæрзтæ, æртыккаджы — ирон хостæ, сæрдæйнæгтæ...

Скъæтты арæзт æмæ конд. Ставд æмæ лыстæг фосæн хибæрттæй арæзтой сæрдыгон æмæ зымæгон скъæттæ, уæтæртæ хъæд æмæ дурæй кæнæ биноныг бæстыхæйтты æмкъулæй, кæнæ уæладзыг хæдзæртты бинаг хатæнты. Хибарæй æвæрдæй бирæ зæхх ахстой, æмæ уый уыди стыр хъуыдыйаг бинонтæн, хæдзарвæндагæн. Куыд асæй, афтæ хуызæй дæр скъæттæ арæзтой фыдæлтæ бæстон фосы хуызтæ æмæ нымæцтæ хынцгæйæ. Стуртæн — хъомдæттæ, лыстæг фосæн — фысдæттæ æмæ сæгъдæттæ, бæхтæн — бæхдæттæ, хуытæн — хуыдæттæ, мæргътæн — кæркдæттæ. Уыдонæн зымæг хæринаг лæвæрдтой æндарæнты, скъæтты. Хъомвосæн, фыстæ æмæ сæгтæн скъæтты кодтой кæвдæстæ кæнæ каубыдæй, кæнæ фастаг хъæдырмæгæй. Зымæгон скъæттæн хъæдджын бæсты уыди тыгуырджын сæртæ-цартæ, хъæдæй мæгуыраудæр кæмтты арæзтой сыджытсæртæ дурын къултимæ, æмæ уыдысты бæрæг хъармдæр.

Æндарæны зæддаг фосæн кодтой хицæн хатæнтæ сæ уæрыччытæн, сæныччытæн, родтæн. Уым уыди уæлдай уынгæг къуымтæ фыццаг зæддаг фыстæн, сæгътæн. Уыдоны фыдуагдæртæ ноггуырд цоты сæхимæ æввахс нæ уагътой æнахуыры диссагæн, æмæ сæ кодтой уыцы къуындæг бынæтты — уарзæндæтты рæстæгмæ. Уыцы уаджы тыххæй баззад ныхасæн, фыццаг зæддагæн — уарзæндон, зæгъгæ.

Скъæтты бынтæ асдæрдтой кæм тæнæг лæууæн къæйдуртæй, кæм фастаг хъæдырмæгæй сурдæры, хъармдæры фæдыл. Стуртæн, бæхтæн, хуытæн сæрдæй, зымæгæй сæ фаджыс калдтой фаджысдонмæ, лыстæг фосы фаджысæй зымæджыдæргъы кодтой сæнар артагæн.

Сæрдыгон фосы скæтты, дарæнты конд баст уыди хизæнты-сæрвæтты ахастыл, æрдзон уавæртæ хынцгæйæ. Сæрдыгон фосы дарæнтæ уалдзæгæй фæззæгмæ ивд цыдысты хизæнты фæдыл. Дуцгæ фосæн быдтой каутæ балæууæны байбынтимæ, кодтой сын хъæдын бырутæ, дурын æмбондтæ.

Фаджысдон æмæ бырондоны арæзт. Ирон фæтк æмæ уагыл цæрæг бинонтæн, сыхтæн, хъæутæн уыди сæрмагонд бынæттæ фаджыс æмæ бырон калынæн, æфснайынæн. Бон дыууæ хаты калд цыдысты фаджыс æмæ бырæттæ сæрмагонд рæттæм. Бырæтты сыгътой æмæ æмбыдысты, фаджыс ластой хуымтæм хъацæнтæн, æмæ хорырзад ахадыдта.

Хосдæтты-холлагдæтты арæзт. Æндарæны фос фыдæлтæ зымæг хастой хосæй. Хорты мыггæгтæ куыд æфснайд цыдысты сæрмагонд бынæтты, хосты хуызтæ дæр афтæ æфснайдтой иугъæдоны фæстауæрцæй. Хъæдджын бæсты хосдæттæ арæзт цыдысты тымбыл кæнæ фастаг хъæдырмæгæй тыгуыр сæртимæ. Хъæдæй мæгуыраудæр бынæтты хосдæттæн дæр амадтой дурын къултæ æмæ сæ уæле агъуыстой тъæнæн сыджытсæртæй. Æппæт хуызты дæр хос æфснайд цыди æнæ уæлдай хуылыдзæй, сыгъдæгæй. Хос æфснайдтой тыгуырджын скъæтты сæрты дæр. Уыди гыццыл æмæ егъау хосдæттæ. Гыццылдæрты æфснайдтой иугай-дыгай мæкъуылтæ, егъаудæрты — фылдæр.

Холлагдæтты æфснайдтой хорты хъæмпытæ æмæ зыгуымтæ дæр, фæлæ уыди сæрмагонд зыгуымдæттæ, хъæмпдæттæ дæр. Æппæт хуызтыл дæр аудыдтой фæстауæрцæй, хъаггæдтой сæ зынгæй, донæй, кæрчыты æмæ хуыты æхсæдæнтæй-фаджысæй.