Мусты конд æмæ арæзт

Уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы хорты куыстыты æфтиæгтæ-фæллæйттæ иууылдæр æфснайдæй, цæттæ нæмыгæй æфтыдысты фыццагдæр мустæм, æмæ сын уыди стыр ахадæны хъомыс бæстон арæзт æмæ сыгъдæг æфснайдæй. Мустæ алырæтты арæзт цыдысты алыхуызты. Æвзæрстой сын фадатджын рæттæ гæзæмæ фæзуатæй, æнцондæр архайдæй, уæрæхдæр фæзилæнтæй хуымты уыртыл, нæудзар лæнчыты, сыджытсæр уæлхæдзæртты, байбынты. Уыди сæрмагонд зæронд мусуæттæ, æмæ æппæт бынæттæн дæр найгæнæнты размæ къахтой сæ нæудзар, æхсæстой æзгъæлæны уæлдай хуыр æмæ сыл æвзæрсг сыджытимæ калдтой пырх кæнгæйæ сыгъдæг дон, стæй надгонд цыдысты хъæдын къулæгтæй. Мусы фæзуаты сыджыт æмлæгъзæй æнгом надгонд æрцыди къулæгæй, уæд æй æвзæрст æлыг сыджыты, зыгуымы æмæ хъомы ног фаджысы æзмæстæй сæрстой æртæ фæлтæрæн, æмæ уыдон кæрæдзиуыл æндæгъдæй хурмæ куы бахус уыдаиккой, уæд наййаг стурты æмæ бæхты къæхты бын дæр уæлдай ныдзæвтæ кæлдтытæ нал кодтаиккой... Мустæн арæзтой чъилтæ æмдымбылæй, æмæ уыдоны руаджы хызт цыди исты уарыны дæттæй. Мустæн цæттæ кодтой агъуысты байбынты дæр...

Куырæйтты арæзт æмæ конд. Ирон адæммæ цасфæнды бæркæдтæфæллæйттæ ма уыдаид, уæддæр сæ царды сæйрагдæр хъомысыл нымадтой хорты мыггæгтæ, æмæ уыдон æвзæрст хус нæмыгæй æфтыдысты куырæйтты хъуырмæ. Уыцы уавæры фæрнджын хъæубæстæ бæстон арæзтой хæдзаргай, сыхгай доныл куырæйттæ æмæ сæ къæбицтау, хордæттау, цæрæн хæдзæрттау сыгъдæг æфснайдæй дардтой сæрдæй, зымæгæй.

Куырой саразынæн дæр хъуыди цæрæн бæстыхайы хуызæн хъæд æмæ дур, æфсæйнаг æмæ сыджыт, стæй арæх дон æмæ бæрæг фадатджын бынат æрдзон сахадзонтæ, зæйуæттæ, дурхауæнтæ нымайгæйæ, хынцгæйæ. Хъæды арæхæй кодтой сыгъдæг хъæдын куырæйттæ тыгуыр сæртимæ. Хъæдæй цухдæр кæмтты арæзтой дурын къултимæ тъæпæн сыджытсæртæ.

Куыройы хуылф дих кодта дыууæ бæрæг фарсыл, рахис æмæ галиуыл, дуары бахизæны æмæ дондзоны фарсыл. Дондзоны фарсæн йæ бын æнцад лæгбæрц байбынæй хъæдын кæнæ дурын цæджындзтыл, бахизæны фарс та æмбæрцæй æнцад фидар бинаг сисамадыл. Дондзоны байбыны æвæрдтой куыройы хъæдын цалх æмæ нук. Дурын сисыл æнцадысты куыройы цыппар бынгъæды, уыдоныл æвæрдтой сæрмагонд хъæдын фæлгæтты куыройы бинаг æмæ уæллаг фыдтæ. Бинаг фыд фæлгæтты æнгом æвæрдæй не змæлыд. Уæллаг фыд зылди йæ фæлгуырты куыройы æргъæсчъы фæрцы. Номæй-номмæ ирон къада куыройæн уыди дзæвгар хæйттæ куыдахъаззагдæрæй, сæйрагдæрæй, æмæ сæм хицæнтæй лæмбынæг куынæ æркæсам, уæд сæ саразджыты арæхст æмæ дæсныйад зын бамбарæн у.

Куыройы фыдтæ, бинаг æмæ уæллаг. Арæзт уыдысты цъæхбын æмæ бурбын хъæбæр сигæцдурæй. Бинаг фыд гæзæмæ тæнæгдæрæй арæзтойкъахтой куыдуæлæ къуыпгондæй, уæллаг фыды бинаг фарс та дзыхъдæрæй, æмæ æддæг-мидæгæй кæрæдзиуыл æнгом бадтысты. Бинаг фыды æмгъуынастæу хуынкъ кодтой цыппæрдигъонæй куыройы цалхы сæрккаг хайы аккаг, уæллаг фыды астæу та хуынкъгонд цыди æмдымбылæй хоры ссинаджы нæмгуытæ æзгъæлынæн. Уæллаг фыдæн арæзтой гæзæмæ бæрзонддæрæй хъуырдзæвæны фæлгуыр, æмæ уырдæм æххæссыд хоры къуту.

Хоры къутуйы конд. Хоры къуту арæзтой тæнæг фæйнæджытæй цыппæрдигъон хъуырдзæвæны хуызæн куыдбынмæ нарæгдæр, куыдуæлæмæ фæтæндæр. Ауыгътой йæ куыройы фыдты сæрмæ гæзæмæ иувæрсыгæй дыууæ уæладзæн хъилыл. Бынæй йæ нарæг кæроныл бастой куыройы дæргъæццон кæхц дывæрсыгæй. Уымæн йæ нарæгдæр кæрон къулæвæрдæй хæццæ кодта куыройы фыды хъуырмæ. Къутуйы раззаг фарсыл хуыдтой гæркъыздухæны цæгуат. Уымæй кæхцы дзыхмæ бастой дывæрсыгæй лыстæг синаг. Синагыл бастой уыдисны дæргъæн лыстæг хъæл. Уый йæ уæгъд кæронæй æнцади куыройы уæллаг фыды уæлцъарыл. Куыройы уæллаг фыд куыд зылди, афтæ гæркъæраджы хъæлы иугъæдоны æзмæлдæй хоры кæхц æнкъуысти, æмæ нæмгуытæ хаудысты, згъæлдысты куыройы фыдты хъуырмæ. Гæркъыздухæн уыди уагуадзæн: лæмæгъ здыхтæй кæхцы хор цырддæр згъæлд, хъæддых здыхтæй — сабырдæр. Куырой зилы, уæд гæркъæраджы хъæр дæр хъуысы куы сабырдæрæй, куы хъæрдæрæй, æмæ ныхасæн уымæн баззад, куыройы гæркъæрагæй — хъæргæнагдæр, зæгъгæ.

Куыройы цалх. Куыройы цалх арæзтой æнцонархайд лæууæн хъæдырмæгæй. Æмдымбыл амадæй йын уыди дыууæ фарсы: бинаг æмæ сæрккаг. Бинаг бæрæг ставддæрæй — къуыдыр, уæллаг лыстæгдæрæй — зæнг. Къуыдыры къахтой дæндагуæттæ æмæ сæ къуырдтой фæрсчытæ. Фæрскуæтты æддаг кæрæтты æлвæстой æфсæйнаг тæлытæй фидардæрæн. Цалхы къуыдырыл бынæй æмбисастæу къуырдтой æндонæй конд цыргъгомау уыттыр. Æндон уыттыр æнцади цалхы бын æвæрд æргъæвæны хъилы æфсæйнаг тъоссайыл-дзытъыйыл. Æфсæйнаг дзытъыйæн уыди æртæ дзыхъхъы фæрсæй-фæрстæм ивæнтæн, ихсийынæй тæрсгæйæ.

Куыройы æргъæск. Куыройæн æргъæскъ арæзтой æндон æфсæйнагæй хъæбæрдæр, фидардæрæн, уымæн æмæ уый фæрцы зылди куыройы уæллаг фыд. Æргъæскъæн йæ бинаг æрдæг уыд тъæпæн цагъд цалхы сæмæныл æнцондæрæй æлвасынæн. Æргъæсчъы сæрккаг хайы кæрон арæзтой цæвæгцæгъдæн хъæсдарæджы хуызæн цыппæрдигъон, æмæ уый куыройы уæллаг фыды хъæдын фæрæтæн æнгомæй ахста йæ астæуы къахт-хуынкъ. Уыцы ран æндон æргъæскъ куыройы цалхы уæллаг хайы хырхæйфаст бынаты æлвæст цыди æфсæйнаг тæлытæ æмæ хъæдын цурчыты фæрцы иугъæдоны фидарæн. Куыройы æргъæскъæй — æндондæр, баззад ныхасæн.

Куыройы фæрæт. Куыройы фæрæт арæзтой хъæбæр фидар хъæдырмæгæй. Уыди йын æртæ æмхуызон хайы: иу астæуæй — дыууæ æнгуылдзы бæрц бæрзонддæрæн, иннæ дыууæ — уыйбæрц тæнæгдæртæй. Уый æнгом бадти уæллаг фыды дæргъæццон къахты — къусчы, æмæ бынырдæм ахста æргъæсчъы хъæсдарæг. Куыройы фæрæтæн йæ астæуккаг хайы фæрстæ уыдысты нукконд амад, æмæ уыдоныл æзгъæлдысты хоры нæмгуытæ. Куыройы æргъæскъ цалхы сæмæныл фидар бастæй фæрæтыл æнгом нæ хæцы, уæд уæгъдызмæлдæй ссинаг хор хуынчъыты бынмæ калд. Уыйадыл дзырдтой фыдæлтæ: «Куырой зилгæ-зилын фæуæлвæрæт æмæ хор донмæ фезгъæлдта».

Куыройы нучы арæзт. Нук арæзтой кæм хайгай фаст хъæдырмæгæй, кæм та — иугуыр хъæдæй къахтæй. Уыдонæн сæ нукаутыл æртæ раны хуыдтой хъæдын фæрсчытæ фидарæн. Нук сæрырдæм хаста уæрæхдæр, кæронырдæм — нарæгдæр, æмæ уырдыг æвæрдæй дон тагъддæр уади, тыхджындæрæй æмбæлд цалхы дæндæгтыл, æмæ куырой зылди рогдæрæй, фыдтæ æссадтой хуыздæр.

Донауадзæн фыййаг. Нучы сæрккагыл хуыд уыдысты донауадзæны уромæн быцæутæ дывæрсыгæй. Уыдоны астæу æвæрдтой-тъыстой донауадзæн фыййаг, æмæ куырой сабыргай йæ зилынæй æнцади. Уыди куыройы цалхæн дæр сæрмагондæй ауадзæн хъил. Уыдоны уæлдай арæзтой фыдты фарсмæ æргъæвæны дзуакайæн бынат гæзæмæ гомæй, хуынкъæй. Уый фæрцы куыройы цалхыл куы уæлдæр хæцыдысты, куы дæлдæр бæрæг уаг уадзгæйæ.

Куыройы фæлгæтæг-ссаддон. Конд цыди æнгом æвæрд æмæ хуыд лæгъз фæйнæджытæй. Дæргъмæ — дыууæ адылийы, уæрхмæ æмæ бæрзæндмæ — адыли. Бынæй дæр фæйнæгæй конд. Ахста куыройы астæуы фæзуат тæккæ фыдты æмныхæй бынгъæдтыл фидар æвæрдæй. Ссаддонæн дардтой гыццыл хъæдын фыййаг æмæ фæсалæй конд цъылын...

Куыройы донмарæн æмæ донуадзæн. Куырой зылди доны тыхæй, доны фæрцы. Уыйадыл куырæйттæ алы уавæрты арæзт цыдысты. Кæм суадæтты баиу кодтаиккой куыройы разилыны фаг, кæм фæрсаг дæтты былты арæзт æрцыдаиккой, кæм та комы стырдæр донæй ауагътаиккой куырæйтты фаг донмарæнтæ, донуадзæнтæ дыууæ фарсæй. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаиккой доны уавæртæ, уæддæр куырæйтты донуадзæнтæ бæстон арæзт-ауæзт цыдыстты дыууæ фарсæй дæр. Æвæрдтой сæ былты дуртæ нæууытимæ, амадтой рæбынты ныллæг систæ, донивылæнты арæзтой ауæзтытæ...