AElig;нцайæнтæ æмæ ныхæсты арæзт

Цæгатæй хуссармæ Ирыстоны кæмтты фылдæр хъæутæн уыди æхсæны ныхæстæ æмæ æнцайæнтæ. Æхсæны ныхæстæн бынæттæ æвзæрстой хъæуты æмбисастæуты, хурвæрсты. Æвæрдтой дзы дурын æмæ хъæдын бадæнтæ. Уыди ныхасы байбынтæ дæр. Уырдæм цыдысты хъæубæсты нæлгоймæгтæ улæфты рæстæг æмæ куыдхистæрæй бадтысты уæллагвæрсты, куыдкæстæрæй лæууыдысты дæллагвæрсты æмæ кодтой бæстон цардыуаджы ныхæстæ, уынаффæтæ кæрæдзимæ лæмбынæг хъусгæйæ. Хъæуы ныхасы æвзæрстой æхсæны дзырддаг фарстатæ, лыг кодтой хъæуы иумæйаг бакæнинаг хъуыддæгтæ барадон уагæй. Æппæт куыстæгтæ æмæ фæллæйттæн аргъ кæнгæйæ комкоммæ амыдтой хъæубæсты иумæйаг æнтыстытæ æмæ къуыхцытæм, хæрзтæ æмæ фыдæхтæм. Цыбыр ныхасæй, хъæубæсты уынаффæдон уыди фыдæлтæн æхсæны ахуыргæнæндон. Уырдæм хицæн бинонты-хæдзæртты царды рæстаг хъæр хастой нæлгоймæгтæ, æмæ уый æрдхорды сомыгондау æздæхт фæстæмæ хъæубæсты цæрджытæм хæсау, фиддонау...

Хъæубæсты ныхасмæ æфтыдысты фæндаггæттæ кæм бæрæг уазæджы номæй, кæм та æнæзонгæйы уагæй.

Æнцайæнтæ арæзтой хæугæрæтты фæндæгты былты иугъæдоны байбынæй. Уыди сын гом фæрстæ сыджытсæрæй. Æртывæрсыг дурын систы рæбынты æвæрдтой бадæнтæ кæнæ иугуыр хъæдырмæгæй, кæнæ фаст къæйтæй. Æнцайæны фæндаггон улæфыди хурæй, къæвдайæ, стæй цыди дарддæр.

Уæлмæрдтæ æмæ зæппæдзты конд. Дзуæртты бынæттау, ирон адæм сæ мæрдты ныгæнынæн æвзæрстой æрдзон фыдбылызтæй æдасдæр, æрдзон хæрзтæй ифтонгдæр бынæттæ хъæутæм æввахсдæр æмæ сыгъдæгдæр, райдзастдæр рæтты. Мард ныгæнæн бынæттæ уыдысты æртæ хуызы: иу — зæххы бын ныгæнынæн хицæнтæй, цæстгай, иннæ — зæххы бын къордгай ныгæнынæн, æртыккаг — зæххы уæлæ гомвæрсты ныллæг æмæ бæрзонд амад зæппæдзты æвæрынæн. Æртæ хуызы ныгæныны уагæй кæцы рагондæр у, уый бæрæг нæй, фæлæ сæ кондæй, се ’рмæгæй дисы æфтауынц адæймаджы. Мардæн агуырдтой йæ райгуырæн зæххыл хуыздæр бынат баныгæнынæн, æмæ уыцы уаг дæр дзурæг уыди ирон дины, уырнынады домæнтыл, мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоны уавæртыл æууæндгæйæ. Фыццаг хуызы ныгæныны уаг, ингæнты арæзт æмæ æрмæгмæ кæсгæйæ, у бирæ æрыгондæр иннæ дыууæ хуызæй. Алы марды дæр ныгæдтой хибар ингæны лæгбæрц арфæй. Арæзтой йын æмбæрц табæтчырын хъæдæй кæнæ æмбæрзæны сæримæ, кæнæ æнæ уымæй. Табæты алывæрсты æмбæрзондæй ингæны æмкъул æвæрдтой æмхуызон æмраст дæргъæццон къæйтæ æмæ йæ уæле дæр æмбæрзтой фæтæн тæнæг къæйтæй, стæй йыл калдтой къахæн сыджыт, дæлфæдтæм та сагътой цырт кæнæ лæууæн хъæдæй-зазæй, кæнæ фидар айнæгдурæй. Хуыцауы уырнынадмæ амонгæйæ фыдæлтæ мард ныгæдтой хурырдæм...

Дыккаг хуызы ингæнтæн куыд сæ арæзт, афтæ се ’рмæг дæр уыди бæрæг вазыгджындæрæй цымыдисагдæр. Уыдысты иугай хатæнтæ кæм зæххы уæлцъар, кæм та зæххы бынты, фæлæ бæрæг уæрæхдæрæй. Амадтой сын систæ æвзаргæ къæйдуртæй чъыры æзмæстимæ. Мидæгæй сæ æвæрдтой лæууæн хъæдырмæгæй уæлæндыгтæ. Уыдоныл æвæрд цыдысты кæнæ табæттимæ, кæнæ æнæ уыдонæй мæрдтæ сæрмагонд фæлысты уыцы иу уагыл — хурыскæсæнырдæм уæлгоммæтæй. Сæ къултæ куыдуæлæмæ амад цыдысты тыгуырджын зæппæдзты хуызæн, æмæ сæ фæстагмæ æхгæдтой фидар къæйдуртæй сæрмагонд чъырызмæсты фæрцы æнгом.Кæй зæгъын æй хъæуы, иумæйаг ингæнтæ цæттæгонд цыдысты рагацау хицæн бинонты, сыхты, хъæуты æмæ кæмтты номыл. Уыдонæн æргом æвдисæнтæ сты стырдæр нымадæй Дæргъæвсы, Куырттаты, Уæлладжыры, Дыгуры зæппæдзтæ. Иу æмæ дыууæ азмæ амад нæ уыдаиккой уыйбæрц æддæгуæлæ зæппæдзтæ Ирыстоны зæххыл мæрдты сахартау. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид сæ чъырамады дæсныйад æрдзон æрмæгæй, уæддæр фæстаджы фæлтæртæн баззадысты диссагæн дзуринагæй, æмбисондæн хæссинагæй. Арæх уыди фехъусæн хистæр карты зæрæдтæй, царциаты диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ, зæгъгæ. Чи уыдысты Царциатæ? Цы бар дардтой ирон адæмы ныры бæстывæрдмæ? Уæлладжыры комы Уыналы хъæуы сæрмæ фæзуаты нæудзарыл ис иунæг æддæгуæлæ зæппадз Дæргъæвсы зæппæдзты халдих. Йæ алыварсы нæудзар тъæпæны хизынц фос сæрдæй, зымæгæй, æмæ дзы уæлдай дзыхъхъытæ, къуыбыртæ нæ фендзынæ, æрмæст дзы æмхуызон хурсыгъдæй зынынц тъæпæн къæйдуртæ нæухæстæй рæгъгай. Уыдон сты зæххы быны зæппæдзты сæрты æмбæрзæнтæ. Уыцы уæлмæрды Уыналы хъæуы хистæртæ хуыдтой Царциаты. Иу зæппадзы æмбæрзæн къæй дзы хъомы къæхтыбын ныссаст, æмæ йæ хуылфмæ куы ныккастæн, уæд дзы зынди иуырдыгæй æртæ уæлæндыджы фастаг хъæдырмæгæй конд, уыдоныл — мæрдты стæгдартæ æртхутæг дарæсы. Уæлæндыгты фарсмæ — хъæдын авдæны сывæллоны стæгдар... Ингæны къултæ уыдысты гæзæмæ бурбын æзмæстæй лæгъз сæрст, йæ бын — сыгъдæг æфснайд, фæлæ цы уавæрты ныгæд æрцыдысты мæрдтæ, уый зын бамбарæн у... Царциаты кæнæ тыгъды азар баййæфта, кæнæ хæцгæ-цæугæ рыны, æмæ ныгæд цыдысты дыууæ уавæрæн дæр цæттæ арæзт зæппæдзты. Рыны рæстæджы ’гасæй ничибæрæг ирвæзти, æмæ бинонтæ кæрæдзийы фæстæ мæлгæйæ удхар кодтой цæттæ зæппадзы æхгæды æнæ уæлдæфы цыдæй, æмæ-иу авдæныккон сывæллæтты дæр удæгасæй сæ фарсмæ æрæвæрдтой. Рынæй хъомыл адæм тагъддæр мæлынц, æмæ сывæллæттæ мард мадæлты раз уæлдай тæригъæддаг куыннæ уыдаиккой?!.

Гарнаты арæзт

Ирыстоны кæмтты цæугæдæтты былты фенæн ис чъырсудзæн æмæ æзгъæртайæн гарнаты сыгъдæтты фæдтæн. Уыдонимæ æрмадзты хæлддзаг бынæттæ бæрæгæй зынынц.

Фыдæлтæн, зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнгæйæ, хъæд æмæ дур, сыджыт æмæ дон, чъыр æмæ æзмис, хортæ æмæ халсартæ æнæ кæрæдзийы нæдæр лæугæ кодтой, нæдæр фидаугæ. Уыдонимæ архайгæйæ ирон кусæг адæймаджы хъуыдыйы иу кодтой арвы æмæ зæххы хæрзтæ — фыдæхтæ, хъыгтæ — æхсызгæттæ. Æзгъæртæ тайын кæнын базыдтой фыдæлтæ дон æмæ артаджы фæрцы. Стыр нымадæй дон æмæ арт, дур æмæ хъæд, кард æмæ фыд, фосы æмæ зæххы куысты æфтиæгтæ баиу сты иумæйаг фарны хъомысæй, æмæ зæххæй арвы астæу бастдзинæдтæн æвдисæны ныллæууыд астæуарты рæхыс — Сафайы рæхыс. Астæуарты рæхыс саразынæн хъуыди зæххон хæрзтимæ уæларвон æххуыс, æмæ Куырдалæгон æзгъæрты дæсныйады бардуаг уымæн ысси ирон адæмæн. Æхсырф æмæ дзæбуг, æфсондз æмæ дзывыр, цæвæг æмæ хъæсдарæг баиу сты куырдадзты æрмдæсныйады фарнæй. Фыццаджыдæр фæзындаид цæвæн æмæ лыггæнæн дзаумæттæ, стæй æрмадзты хицæн дæсныйæдтæ кæрæдзийы фæдыл, кæрæдзийы хынцмæ разæнгарды ныфсхастæй феххуысы уагыл. Донмæ хæстæгдæр хъæдбынты къахтой арф æмæ уæрæх дзыхъхъытæуæрмытæ. Уыдоны бынтæ æмæ къултæ асдæрдтой-амадтой лæгъз лыстæг дойнаг дуртæй. Уæрмыты къултæ амад цыдысты куыдуæлæмæ тыгуыргондæй дыууæ сардзины бæрзæндæн астæуы хуынкъимæ — фæздæгдзонимæ. Гарнайы систы æддæрдыгæй æнгом æхгæдтой сыджытæй. Мидæгæй дзы арæзтой астæуы артдзæст зынгæн фидар лæууæн дуртæй, цынадуртæй. Артдзæсты сæрмæ херыгондæй æнгом æвæрдтой чъыры дуртæ. Чъыры дуртæн хуыздæр уыдысты дзыгъадуртæ æмæ цынадуртæ. Дзæвгар суг басудзын хъуыди чъырæн, æмæ гарнайы æхсæвæй-бонæй арт æндзæрстой къуырийы бæрц, стæй йыл цæхæр зынгæй калдтой уазал дон, æмæ чъыр сыгъдæгæй кæрæдзиуыл æндæгъд фæлтæргай... Йæ басудзыны фæстæ чъыр гарнайы цас фылдæр алæууыдаид, уыйбæрц кодта æндæдзагдæр, фидардæр...

Чъырсудзæн гарнаты кондæн уыдаиккой æрзæт тайæн гарнатæ дæр. Уыдоны хынцмæ фæзындысты фæстагмæ æлыгæй конд агуыридуртæ æмæ хæдзары мигæнæнгæрзтæ. Агуыридуртæ æмæ дурынтæ судзынæн фылдæр хардз кодтой хорты хъæмпытæ.

Куырдадзтæ æмæ æрмадзты арæзт. Æппæт æрмадзтæй рагондæрыл нымадтой фыдæлтæ æрзæттæ тайынгæнæн гарнаты æмæ æфсæйнаджы куыстытæ кæнæн куырдадзты. Куырдадзтæ дæр хъæдджын бæсты арæзтой цъупсæр тыгуыртимæ, хъæдæй мæгуыраудæр рæтты уыдысты сыджытсæртæ. Куырдадзæн сæйрагдæр уыд артдзæст. Уымæн амадтой æмгъуынастæу адылийы бæрзæндæн сис, уый фæзуат дзаг кодтой сыджытæй æмæ йæ уымæлбынæй æнгом надтой. Артдзæсты сæрмæ уæлæндыг хъилыл фидаргон уыд æфсæйнаг къæндзы, ууыл бастой куынцдымæны хъæл æрхæцæн босимæ, æмæ уый фæрцы куынц æзмæлыд, улæфыди арты цæхæрмæ, æмæ æвзалытæ зынгæй сыгъдысты, æфсæйнаг тæвд кодта.

Тæвд æфсæйнагимæ архайынæн хъуыди дзаумæттæ: цæхæрхафæн æмæ æртыскæн, хъæсдарæг æмæ дзæбуг, хæсгард æмæ хуынкъгæнæн, бæлда æмæ цалдæр хуызы æфсæйнаг хуынкъгæнæнтæ, лыггæнæнтæ. Уыдонимæ куырдадзы куысты æрмæгæн хъуыди хъæдырмæг æмæ æфсæйнаг, æвзалы æмæ дон, стæй æндонæй арæзт дзаумæттæн сæрæн мадзæлттæ, æндадзæн фæрæзтæ. Куырдадзы иу кодтой хъæды, дуры æмæ æфсæйнаджы куыстыты дæсныйæдтæ, фæлтæрддзинад æхсæнады номæй.Куырдадзы куыстæгтæ уыдысты иугæндзоны уæззауæй бæрнджын, нымдджын. Алы дзаумайы арæзтæй-кондæй дæр куырд дзуапп лæвæрдта адæмы раз, æмæ аив конд дзаумæттæй уыд адæмæн арфæйаг, лæмæгъ æмæ фыдуынд дзаумæттæй — дзырддаг, койаг.

Ирыстоны кæмтты æппæт хъæутæн куырдадзтæ нæ уыдаид фыдæлты заман, фæлæ хохæй быдырмæ стырдæр фæндæгты былты фылдæр хъæутæн уыди куырдадзтæ дæсны куырдтимæ. Суанг XX æнусы фыццаг æмбисмæ дæр ма кæмтты хъуыстгонд уыдысты дæсныдæр куырдты куырдадзтæ. Уæдæ Советон Цæдисы азты алы колхозæн дæр уыди куырдадз æхсæнадон уагыл...