Рагон фидæртты конд æмæ арæзт

Æнусты дæргъы нæ фыдæлтæ цæрæн бæстыхæйттимæ хæхты фæцарæзтой фидæрттæ: чъырынтæ æмæ гæнæхтæ, мæсгуытæ æмæ галуантæ. Уыдон аразынæн стыр нымадæй хъуыди равзаргæ æрмæг, стæй армы дæсныйад. Цæгатæй Хуссармæ сыл лæмбынæгæй цæст куы рахæссæм, уæд æгомыгæй дзурæг сты фыдæлты зын æмæ дæргъвæтин цардвæндагыл йæ бирæ æрдзон æмæ æхсæнадон хуызивæнтимæ. Æппæт кæмтты дæр рагон фидæртты конд æмæ арæзтыл бæрæгæй зынынц нæ фыдæлты удыгъæд æмæ зондахаст, тых æмæ æрхъуыды, æрмтты дæсныйад æмæ æнусо фæлтæрдад, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад куыстхъом æмæ хæстхъомæй. Æппæт фидæртты хуызтæн дæр ис хæстон ахаст мидбæстаг æмæ æддагон тыхгæнджытæй хи бахизыны-бахъаггæныны уагыл куыд сабыр царды, афтæ хæстон уавæрты дæр, æмæ сæм комкоммæ хуызгай амонгæйæ бæстон æркæсæм.

Фидæртты хуызтæн дæр, цæрæн хæдзæртты хуызæн, сæ къултæ амадтой равзаргæ дурæй кæм чъырызмæстимæ, кæм та цъæхбын сыджытимæ дывæрсыгæй. Æддаг фæрстæ амад цыдысты лæгъздæр дуртæй, мидæггæгтæ — дæрзæгдæртæй. Быны дуртæн æвæрдтой стырдæрты рæгъгай, фæлтæргай, æмæ дыууæ фарсы дуртæ фæйнæрдыгæй кæрæдзийы ахстой куыд сæхи буарæй, афтæ æхсæны хылычъытæ æмæ калæн сыджытæй дæр. Цæрæн хæдзæртты систæ куыдбынмæ уæрæхдæр хастой амайгæйæ, куыдуæлæмæ — нарæгдæр-æлвæстдæр, æмæ уыцы сисамады дæсныйад фыдæлтæн бæрæгдæрæй зыны æддæгуæлæ бæрзонд фидæрттæ амайгæйæ. Фæлтæргай систы дуртæ æмбæрц-æмбуарæй афтæ раст æмæ æнгом æвæрд цыдысты кæрæдзийы сæрты, æмæ бæрцбарæнæй барæгау нæдæр фæрсты уыди уæлдай къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ, нæдæр тигътыл. Авд æддæгуæлæ мæсыгæн бынывæрдæй сæрмæ, сæрæй бынывæрдмæ нæдæр фæрсты, нæдæр тигъты уыди фенæн уæлдай зылынтæ. Æнæ тыхсастæй мæсыджы, гæнахы, чъырыны къултæй дур раппарæн нæ уыди нæдæр æддæрдыгæй, нæдæр мидæгырдыгæй. Фидæртты æддæгуæлæтæн сæ тыгуыр царты æмбæрзтой уæладзыг хæдзæртты хуызæн. Агъуындæны хъæдырмæг дæр систы къусчыты рагацау æвæрдтой къултæ амайгæйæ, æмæ хъæдырмæг æддæмæ нæ зынд, уарынты уымæл æм нæ хъардта, лæууыди æнæ уæлдай æмбыдæй æнусты.

Æппæт фидæрттæн дæр бинаг хатæнтæ уыдысты цæрæнбынæтты хуызæн конд зæхбынтæй, астæуы артдзæстытимæ. Уымыты æвæрдтой бадæнтæ, тæрхджытæ, артдзæсты рæхыстæ æмæ дзаумæттæ. Бинаг хатæнтæм бахизынæн арæзтой фæхсдуæрттæ æркъæу хъæдын гуыдыр æмæ рымгæнæны хъилимæ. Фидар цал уæладзыджы уыдаид, уал схизæны йын кодтой цыппæрдигъон хуынкъæй, æмæ алы схизæн хуынкъыл дæр уæле бынмæ фæлдæхтой фидар бæзджын къæйдур. Уымæн бынырдыгæй æнæ асины æххуысæй байгомгæнæн нæ уыди. Асины та бахъуыды заман истой уæллаг хатæнмæ. Фидæрттæн уыди кæм тъæпæн сыджытсæртæ кæм та зæппæдзты хуызæн цъупп тыгуыртæ. Цъупп тыгуыртыл æвæрдтой фæлтæргай уæлæндыгтæ къæйдуртæй чъырызмæстимæ, æмæ сæ хуылфытæ уымæл нæ кодтой цыфæнды уарынты дæр.

Чъырыны конд æмæ арæзт. Чъырын уыд хæххон уавæрты цæрæнхæцæн фидар уæладзыгонæй. Йæ къултæ амад цыдысты фидар дурæй чъырызмæстимæ æддæг-мидæгæй, æмæ йæ уымæн хуыдтой чъырын дæр. Чъырынтæ фылдæр амадтой дыууæ-, æртæуæладзыгонтæй, фæлæ хицæн кæмтты баззад бирæуæладзыгон мæсгуытæ дæр чъырызмæстимæ амадæй. Зæгъæм, Уæлладжыры комы Луары хъæуы фарсмæ айнæджы ныхыл лæууы Къадзаты чъырамад бæрзонд мæсыг гæзæмæ скъуыдтæй, фæстытæй. Чъырыны бинаг хатæны цардысты. Уыди дзы астæуарты сæрмæ ауыгъд къонайы рæхыс, стæй æрбадæн æмæ æрæвæрæн бынæттæ. Уыди йæм иунæг бахизæн бæрзонд æвæрд фæхсдуаримæ. Дуар æдде æхгæд цыди æркъæу гуыдырæй, мидæгæй — рымгæнæн хъилæй. Рухсдзонтæн æппæт цæрæн-хæцæн фидæртты дæр рудзгуытæ нæ уыди, арæзтой дзы нарæг зыхъыртæ-дымгæдзонтæ цыппар фарсæй кæрæдзийы ныхмæ. Уæллаг хатæнтæм хызтысты хъæдын асиныл бахъуыды бонты...

Гæнахы конд æмæ арæзт. Гæнах дæр уыд цæрæн-хæцæн фидар æддæгуæлæйæ. Куыдбынмæ йæ амадтой стырдæр дуртæй. Йæ систæ уыдысты фæтæндæр, æндæр аразæн æрмæгæй чъырынæй ницæмæй хицæн кодта. Æрмæст гæнахæн бинаг хатæны фарсмæ æмкъулæй арæзтой фæрсаг бынæттæ кæм цæрынæн, кæм та фос дарынæн, исты хæринаг æмæ дзаума æрæвæрынæн. Гæнæхтæн уæллаг хатæнты скæсæнварсы къултæ арæзтой хъæдырмæгæй гыццыл рухсдзон рудзынгтимæ. Сабыр царды уавæрты уым бинонтæн уыди удæнцой сæрды тæвды улæфгæйæ. Фæлæ тохы бонты хъæдын къултæ уыдысты фыдбылызы хос ссудзгæйæ.

Цæрæн-хæцæн гæнæхтæн æрдæг пырхытæй ис фенæн Ирыстоны кæмтты кæм иугай лæгты, кæм та иугай мыггæгты нæмттыл: Дыгуры, Уæлладжыры, Куырттаты, Дæргъæвсы, Гæналы, Хъобаны, Туалгомы, стæй хуссарварсы ирон хъæуты.

Галуаны конд æмæ арæзт. Галуан у æнæхъæн фидар сабыр æмæ хæстон царды уавæрты йæ бирæ бæстыхæйтты хицæн хуызтимæ, æмæ ахста дзæвгар фылдæр бынат иннæ фидæртты раз. Галуанæн конд æмæ арæзтæй, аразæн æрмæг æмæ аразджытæй уыди æхсæнадон-социалон ахаст. Чъырын æмæ гæнахæн, мæсыг æмæ дуарауæн саразæн уыди иугай лæгты, бинонты къухæй нымад рæстæгмæ æмгъуыдæй æндæр цæрæнбынæттимæ, фæлæ галуаны зæххывæрд-бынат иу кодта фылдæр рæтты æппæт цæрæн æмæ хæцæн-хъаггæнæн арæзтадты. Уыдаид дзы цæрæнбынæттæ, æрмадзтæ, скъæттæ, хордæттæ, хосдæттæ, мæсгуытæ, чъырынтæ, гæнæхтæ иу бæрзонд æхгæды мидæг иу иумæйаг рахизæн æмæ бахизæнимæ. Галуаны алыварс амадтой фæтæн, бæрзонд дурын систæ чъырызмæстимæ тъæпæндæр фæзуаты. Айнæг хохыл æвæрдæй та йæ фезмæлæнтæ уыдысты къуындæгдæр æрдзон фидары уавæрты. Æвдгай æддæгуæлæтæ, æмных дурын къултæ, æмхæст хатæнтæ, тыргътæ æмæ уæлхæдзæрттæ, асинтæ æмæ дуæрттæ кæрæдзиуыл баст цыдысты астæурæхысы цæгтау стыр бинонты, фыдыфыртты, сыхты æмæ æнæхъæн хъæуты фарнæй. Уыдонæн уыдаид иунæг бацæуæн-бахизæн тохы бонты. Бахизæнты арæзт цыдысты фатæй, нæмыгæй хъавæн æхсæн нарæг рæдæнтæ. Уыцы сæйраг бахизæнты фидар фæхсдуæрттимæ æвæрдтой æруадзæны айнæг къæйтæ, æмæ тыхгæнджытæ исты амæлттæй хъæдын дуарыл куы бахызтаиккой галуаны хуылфмæ, уæддæр хаудтой къæппæджы: сæ фæстæмæ рахизæн сын æхгæдтой æруадзæны къæйдуртæ. Ахæм фидары-галуаны бынæттон адæм æмхуызонæй хæцыдысты æддагон тыхгæнджытимæ... Ирыстоны кæмтты ма галуанты фæдтæ æрдæгпырхытæй баззадысты куыдфæстагмæ хицæн мыггæгты номыл: Куырттаты комы Уырыхъæуы — Хъæрæцатæн, Дæргъæвсы — Дзебойтæ æмæ Мамсыратæн, Хъобаны — Хъаныхъуатæн, Уæлладжыры Урсдоны хъæуы — Айлартæн æмæ Дзугатæн, Цъæйы хъæуы — Дзалатæн, Туалгомы Æзгъилы хъæуы — Челдытæн, Зыруджы — Хозитæн, Дзасыхы — Хаситæн, Нары — Хетæггатæн, Тылийы — Къадзатæн...

Хæцæн-хъаггæнæн мæсгуыты арæзт. Хæцæн æмæ хъаггæнæн мæсгуытæ амадтой фыдæлтæ бæрзонддæр — фондз-, авд- æмæ фарастуæладзыгонтæй, æддæгуæлæтæй. Абоны ирæтты цæстæй кæсгæйæ ахæм бæрзонд мæсгуыты арæзты диссагæй ницы ис: дур дурыл æвæр, хъæд хъæдыл ныхас æмæ мæсыджы сæрæй райгондæй акæс... Фæлæ æнæ нырыккон аразæн æрмæгæй, техникон фæрæзтæй афтид дур, хъæд æмæ хуымæтæджы сыджытæй ахæм нарæг бæрзонд мæсгуытæ самайынæн хъуыди дзæвгар тыхимæ стыр æрхъуыды æмæ дæсныйад, фæлтæрдад. Уæлдæр ма дзырдтам хæцæн-цæрæн фидæртты арæзт æмæ кондыл куыд æрмæгæй, афтæ армы дасныйадæй дæр. Фæлæ хъаггæнæг-хæцæн мæсгуыты арæзтой хъæуты, кæмтты зынгæдæр бынæтты, алырдæмы зынæнты-фæлгæсæнты.

Мæсгуытæ хицæн лæгты, хæдзæртты номыл дæр уыди, æмæ дзæвгар рæстæг хъуыди сæ саразынæн, уыйадыл кæрæдзийæн æххуысты цыдысты зиуы куыстæй. Мæсыг сцæттæ, уæд йæ бинаг хатæны цæрæн хæдзары уагыл кодтой астæуарт, ауыгътой йæ сæрмæ къонайы рæхыс æмæ кодтой куывд. Мæсыгджын хæдзæрттæ, мыггæгтæ нымад цыдысты тыхджынтыл, бонджынтыл. Уыцы уавæры адæм ерысæй архайдтой мæсгуытæ амайыныл, æмæ куыдфæстагмæ дур дæр нал фаг кодтаид амайынæн. Бирæ рæтты дур ластой зымæг дзоныгъты, сæрд багалæг уæрдæтты суанг цъитирæбынтæй. Уæладзгуыты æвæрдтой иугуыр даргъ дуртæ тигъæй-тигъмæ, æмæ сæ раст сæвæрынæн хъуыди, иуæй, стыр хъару, иннæмæй — дæсныйад. Хæцæн-хъаггæнæн мæсгуытæн, куыд загътам, афтæмæй уыди иугай бахизæны дуæрттæ бинаг хатæнты. Уæллаг хатæнтæм хызтысты астæуты хуынчъытыл хъæдын асинтыл. Бахъуыды заман цæрджытæ асинтыл хызтысты уæллаг хатæнтæм хъæугæ дзаумæттимæ, истой уæлæмæ асинтæ, фæлдæхтой хуынчъытыл къæйтæ æмæ ирвæзтысты тыхгæнджытæй.

Уæллаг хатæнты къулты цыппарырдæм уыди кæсæнтæ-хъавæнтæ æмæ сæ хуыдтой рæдæнтæ. Уырдыгæй æхстой фатæй, нæмыгæй, æппæрстой дуртæ, калдтой фыцгæтæ лæбурджытыл. Хъаггæнæн мæсгуыты сæрты сыгътой фидиуджытæ фæдисмæ-æххуысмæ сидæн æртытæ.

 

Фиппаинаг. Æппæт цæрæн-хæцæн фидæртты аразынæн æфсон уыдаиккой æхсæнадон-социалон быцæутæ хицæн мыггæгты æмæ хъæуты астæу зианхæссæн тугисыны, чызгыскъæфыны æгъдæуттимæ. Фæлæ сæ сæйрагдæр нысан уыди райгуырæн зæххыл æддагон тыхгæнджытæй хи бахизын-бавæрын...

 

Чъырамад дуараутæ æмæ илцы фидæртты арæзт. Уæсбæгъатырты заман (V–Х æнусты) арæзт чъырамад дуараутæй ма Уæлладжыры комы мах рæстæгмæ æнæхъæнæй баззад цыппар раны: иу — Бызыбыны цæгаты Субийы нарæджы, иннæ — Ныхасы Уастырджийы кувæндоны уæллагварс айнæгыл, æртыккаг — Дæллаг Мызуры нарæджы, цыппæрæм — Нузалы цæгаты. Къасарагомы уыди дыууæ дуарауы: иу — комы нарæджы Зылындуар, иннæ — Сидæны бынмæ. Уыдонæй ма æнæхъæн уыдысты Фыдыбæсты хæсты размæ æмæ уый фæстæ фондз азы дæргъы Субийы, Ныхасы Уастырджийы, Мызуры æмæ Къасарайы дуараутæ, стæй Ручъы фæндаг аразгæйæ фехæлдысты, æмæ ма дзы баззад Субийы, стæй Къасарайы зылын дуарау.

Чъырамады дуараутæн фенæн уыди Арвыкомы фæндагыл суанг Гурмæ айнæг хæхты бынты нарæг бахизæнты, Уæлладжыргомы фæндагыл та — суанг Куытауисмæ, фæлæ сæм бæстон æркæсæг нæ фæци ирон адæмы цардыуаг зонадон иртасджытæй, æмæ ныххæлæттаг сты кæм æрдзон фыдбылызтæй, кæм та фæндагаразджыты тыхмитæй.

Хæстон-æрдзон фидæртты арæзт. Ирыстоны сæйрагдæр кæмтты тыннывæндæгау кодтой цæгатæй хуссармæ æфцгуытыл хизгæйæ къахвæндæгтæ. Сабыр царды уавæрты сыл дыууæрдæм хастой хидгуысты бæркæдтæ кæм æккойæ, кæм та бæхтыл, скъæрдтой сыл фос. Фæдисы (хæсты) бонты сыл тырныдтой гæрзифтонгæй Иры хæстхъом фæсивæд. Æддагон тыхгæнджыты азарæй Ирыстоны зæххыл тыгъды зæйтæ-сахатæ цас фæцыдысты, уыдонæн банымайæн дæр нæй, фæлæ ирон дзыллæ саумылазон æнусты сæ бирæ знæгты ахæсты уынгæг хæхты фарнæй кæй ирвæзтысты, уый абоны ирон адæмæн дызæрдыггаг хъуамæ ма уа. Цæгатæй хуссармæ бæстон куы æркæсæм æрдзон уагыл Ирыстоны кæмттæм, уæд сты Хуыцауы сконд фидæрттæ сæ тæккæ нарæг бахизæнтæй суанг бæрзонд æфцгуытæм. Цæугæдæтты былты къæдзæхты байбынты баззадысты арты фæдтæ, айнæджы уæлтауты — лæгæттæ æддагварсы сисамæдтимæ. Уыдон уыдысты рагзаманты адæмæн цæрæн, хæцæн бынæттæ.

Æдасдæры, фидардæры уагыл арæзтой нæ рагфыдæлтæ кæмтты нарджыты цæрæн-хæцæн фидæрттæ чъырамадæй. Уæлладжыры комы Урсдоны æмæ Нузалы, Куырттаты комы Дзывгъисы чъырамад фидæрттæ айнæг хæхты байбынты зæрватыччыты ахстæттау æнгом нынныхæстысты æддæгуæлæтæй. Уыдон уыдысты фыдæлтæн сæ рагондæр фидæрттæ бирæ æмбæхст хатæнтимæ. Нæдæр сын хъæдæй конд дуæрттæ уыди, нæдæр рудзгуытæ. Хызтысты сæм кæнæ хъæдын даргъ асинтыл, кæнæ чъырызмæстæй ныхæст дуртыл. Урсдоны фидæрттæм лæмбынæг куы æркæсай, уæд гæзæмæ урсдæрæй-ирддæрæй зынынц айнæг фæхстыл чъырамады къæйтæ къахдзæфæй къахдзæфмæ, рындзæй рындзмæ. Уыдоныл æддагон тыхгæнæг æнцонтæй не сбырыдаид. Дыууæ комбæсты зæрæттæ куыд дзырдтой, афтæмæй айнæг фæхстыл амад фидæрттæ арæзт æрцыдысты æмхуызон царды тыхст уавæрты. Дзывгъисы фидæрттæй Урсдоны фидæрттæм амыдтой сусæг цæуæнтæ зæххы бынты, æмæ кæрæдзимæ æфтыдысты тыгъды заман хъæдын цырæгъты рухсы фæрцы.

Æмткæй рагон заманты хæххон ирон адæм хæстон уавæрты кæй цардысты, уымæн æвдисæнтæ сты Куырттаты æмæ Уæлладжыры кæмтты цæрæн-хæцæн фидæрттæ, æмæ дзы æфсæддон фидæртты уагыл баззад дыууæ Илцы фидары: иу — Къасарайы нарæджы, иннæ — Хиладжы нарæджы. Дыууæ раны дæр фидæртты чъырамад систæ æххæссыдысты доны иу фарсæй иннæмæ. Дыууæ раны дæр бадтысты æфсад æддæгуæлæ цæрæнты, хæцæнты. Уымæй дæр дзæвгар рæстæг, æмæ сын уыди чъырсудзæн, æрзæттайæн гарнатæ, кусæн æмæ хæцæнгæрзтæ аразæн æрмадзтæ, стæй сæ уæллагвæрсты — уæлмæрдтæ...

ИРОН ХÆДЗАРЫ ДЗАУМÆТТÆ

Хохаг ирæттæн уыди сæхи къухæй, армæй конд-арæзт хæдзары дзаумæттæ зæххы æмæ фосы куыстыты бындурыл бынæттон æрмæгæй, æмæ æмткæй дзурæг уыдысты дзыллон арæхстыл, дæсныйадыл, фæлтæрддзинадыл. Æргом куы дзурæм комкоммæ амонгæйæ, уæд фыдæлты конд ирон хæдзары дзаумæттæн сæ нæмттæ дæр нал зонынц ныры фæлтæртæ, æмæ уыцы уавæр раппæлинаг нæу.

Дзаумæтгæ аразæн æрмæг сын уыдысты дур æмæ хъæд, згъæр æмæ сыджыт, сгæг æмæ сыкъа, царм æмæ хъуын, тинтычъи æмæ хъис, гæн æмæ цъолопи (ерджен), фæсал æмæ цыллæ, чъыр æмæ алыхуызы бæлæсты зетитæ.

Æрбадæн, æрулæфæн дзаумæттæн арæзтой гыццыл æмæ стыр фæхсбандæттæ кæм æртыгай, кæм та цыппæргай къæхтыл. Кодтой хъæдын тъахтинтæ æмæ къæлæтджын бандæттæ зырнæйзылдæй, хъулджын сынтæджытæ æрхуыссынæн, авдæнтæ сывæллæтты бæттынæн.

Æнцондæр архайæн фидар хъæдæрмæгæй арæзтой тымбыл иугъæдон мигæнæнтæ: стыр цæхгæртæ æмæ къуыстилтæ, тъæпæнæгтæ æмæ къæртатæ, донхæссæнтæ æмæ царвцæгъдæнтæ, чъыбылатæ æмæ къуымæлыстонтæ, хуырхыстонтæ æмæ æхсырыстонтæ, хæндыгыстонтæ æмæ æнтыдыстонтæ, хорыстонтæ æмæ æссадыстонтæ, чыргъæдтæ æмæ чырвæзтæ, тынуафæн бандæттæ æмæ æргъæу чырынтæ.

Хæринаггæнæн, хæринагæвæрæн æмæ хæринагхæрæн дзаумæттæ: æртыкъахыг зырнæйзылд тымбыл фынгтæ æмæ тæбæгътæ, къустæ æмæ уидгуытæ, нуазæнтæ æмæ куысситæ, алгъæцтæ æмæ сдуантæ, хыссæ нæмæнтæ æмæ æвдулæнтæ, арынгтæ æмæ сивыртæ, сасиртæ æмæ æнхъизæндæттæ, цæхх æмæ цæкуы, дзæрнахойæн фæхтытæ.

Уисæй æмæ хъæды цъæрттæй быд дзаумæттæ: алыхуызы хорæфснайæн къутутæ, кæфой æмæ сыхырна, тæскъ æмæ куыф, мæхъи æмæ адæг, кæвдæс æмæ уисой, уæрдæх æмæ рæтæн, цыхтлæмарæн уæлæндыг каутæ, нымæт æмæ тынуæрдæн каутæ, чыргъæдтæ æмæ къалатитæ.

Фæсмы (къуымбилы) куыстгæнæн дзаумæттæ: æлхуый æмæ уæдæртт, уæфти æмæ цъæгъæдз, тынуафæн бандон æмæ сæрвасæн, хъæбысхъæд æмæ йæ лæдзæг, тынуафæн æрдтæ æмæ æрдты къæбæлтæ, уæфты хъæдынкард æмæ тынуафæны хъил, пирæн æмæ пирæнгомы бадæн фæйнæг, тыннывæндæн бандæттæ æмæ фатдзæгъдæнтæ.

Хуымы куысты дзаумæттæ: афсондз æмæ дзывыр (гутон), сæрбос æмæ рæтæн, бел æмæ къахæн, къæпи æмæ рувæн, фæсуадзгæнæн æмæ похци, тæскъ æмæ адæг, тауæн дзæкъултæ æмæ къæссатæ.

Хосы куысты дзаумæттæ: цæвæг æмæ дауæндур, цæвæджыхъæд æмæ кæрдæгласæн, цæвæджы гуырцъ æмæ цæг, цæвæгцæгъдæн дзæбуг æмæ хъæсдарæг, сагой æмæ халамæрзæн, фæсалбæндæн æмæ хадзонæг, мæхъи æмæ мæкъуылы быцæутæ, дзыхыдур æмæ фæсуадзы хъил.

Хуымгæрдæны дзаумæттæ: æхсырф æмæ куырисбæттæн, куыристæй хъиутæ амайынæн — хъилтæ æмæ быцæутæ.

Хъæдгуысты дзаумæттæ: хъæдлыггæнæн æмæ хъæдфадæн хырхытæ, джидæ фæрæттæ æмæ цъалдытæ, тъæпæн æмæ дзагуыр сæртытæ, бырæуттæ æмæ туæстæ, лæгъзгæнæнтæ æмæ пъæнæзтæ, мæцъистæ æмæ цурчытæ, рæтæнтæ æмæ рæхыстæ, хъæдласæн дзоныгътæ æмæ фæсуадзы дзуакатæ, æфсондзтæ æмæ тæбынгтæ, гæрзбæндæнтæ æмæ гæнæй конд артъæнгтæ, мысæлгътæ æмæ дзæккортæ.

Хæссæн æмæ ласæн дзаумæттæ: уæрдон æмæ дзоныгъ, саргъ æмæ чъиппа, æфтаугæ æмæ дымитонг, мæргъгæ æмæ нахæтбос, дзылар æмæ уидон, рохтæ æмæ сæрбос, арм æмæ рæтæн, æфсондз æмæ дада, дзæкъул æмæ голлаг, къæсса æмæ мæхæл, хордзен æмæ рифтаг, бæндæн æмæ артъæнг, æмæ уыдонимæ галы, бæхы ифтындзæн дзаумæттæ: тæбынг æмæ тæбынгбæстæ, æфтаугæтæ æмæ хъæдыргъæвæны дзуакатæ, мæцъистæ.

Цармæй конд дзаумæттæ: уæлдзарм худтæ æмæ кæрцытæ, цæрмын хæлæфтæ æмæ гуырты къандзолтæ, сæрак æмæ хæлын хæдбындзабыртæ, æрчъитæ æмæ къогъодзитæ, местæ æмæ гонсарыхътæ, зæнгæйттæ æмæ уæрагдарæнтæ, раздарæнтæ æмæ хæлынкæрцытæ, дзæкъултæ æмæ мæхæлтæ, алыхуызы гæрзытæ æмæ рæхсæнтæ, сератæ.

Къуымбилай конд дзаумæттæ: хæдæттæ æмæ хæлæфтæ, цъындатæ æмæ кæлмæрзæнтæ, æрмкъухтæ æмæ хъуырбæттæнтæ, худтæ æмæ басылыхъхъытæ, бинаг æмæ уæйлаг нымæттæ, гобæттæ æмæ хъæццултæ, гауызтæ æмæ мутакатæ, куырæттæ æмæ цухъатæ, æндæхтæ æмæ быдтæ, бæндæнтæ æмæ авдæнбæттæнтæ.

Цыллæйæ конд дзаумæттæ: æндæхтæ æмæ быдтæ, хауджын кæлмæрзæнтæ æмæ хуызджын гауызтæ, коцоратæ æмæ хъуымбылтæ, сæхтæджытæ æмæ сæхтæгуæттæ.

 

Фиппаинаг: хæдзары дзаумæттæ куыд æмæ цæмæйты арæзтой нæ фыдæлтæ, уыдон ныры фæлтæртæм хъуамæ зынгæ дæр ма кæной, фæлæ мидис æмæ хуызæй, конд æмæ арæзтæй æвдисынц уæды ирон дзыллæйы удхъомысы фæзминагдæр хæрзты иугъæдоны куыстуарзонæй, æрхъуыдыджынæй... Гъемæ сæм куыдахсджиагдæрæй æркæсæм...

 

Æфсæйнаг æмæ æндæр згъæртæй арæзт дзаумæттæ: кард æмæ хæсгард, фæрæт æмæ хырх, дзæбуг æмæ хъæсдарæг, аркъау æмæ сарт, бырау æмæ туас, судзин æмæ æнгуырстуан, цæвæг æмæ æхсырф, къахæн æмæ бел, къæпи æмæ рувæн, лæгъзгæнæн æмæ пъæнæз, тадзин æмæ духъ, æртыскæн æмæ цæхæрхафæн, аг æмæ суанцъы, цæгтæ æмæ æлæттæ, цæфхад æмæ зæгæл, цалхы чъилтæ æмæ сæмæнтæ, къонайы рæхыстæ æмæ дзедангартæ, гутоны æфсæнтæ æмæ дзыргъатæ, фыдистæ æмæ арынгхафæнтæ, æрхæгтæ æмæ хъуывгъантæ.

Æфсæйнаг æмæ згъæрты иннæ хуызтæй арæзтой хæцæнгæрзтæ: хъаматæ æмæ æхсаргæрдтæ, ерæдзыптæ æмæ хъыримæгтæ, фæттæ æмæ нæмгуытæ, уартытæ æмæ цирхъытæ, мыдзыратæ æмæ æрцытæ, згъæрхæдæттæ æмæ цъæттæ, тæсмæлтæ æмæ такъатæ.

Дзæвгар уыдысты сыгъзæрин æмæ æвзистæй, æрхуы æмæ æндæр згъæртæй конд дзаумæттæ.

Хъæдын дзаумæттæ: арынг æмæ сивыр, тæбæгъ æмæ къæхц, къус æмæ уидыг, мигæнæнтæ цалдæр хуызы — тъæпæнæг, къуыстил, цæхгæр, чъыбыла, донхæссæн, царвцæгъдæн, гуымбылахсæн, хæндыгыстон, хуырхыстон, къуымæлыстон, цъымилистон, æхсыр фæрсудзæн æмæ цыхтахсæнтæ, цæхх æмæ дзæрна хойæн фæхтытæ, зырнæйзылд хъæдын нуазæнтæ, æртыкъахыг фынгтæ æмæ фæхсбандæттæ, цæхдарæн нуктæ æмæ доннуазæн бæлæгътæ, цыппæркъахыг бандæттæ æмæ тæрхджытæ, хъулджын сынтæджытæ æмæ авдæнтæ, сасиртæ æмæ сыхырнатæ, кæфойтæ æмæ къутутæ, нартхортонæн æмæ фосылзилæн тæсчъытæ, фаджысласæн æмæ дыргътæ хæссæн куыфтæ, чыргъæдтæ æмæ къалатитæ, нæрвытæ æмæ чъиматæ, адæгтæ æмæ похцитæ, мысæлгътæ æмæ дзæккортæ, мæцъистæ æмæ хосамайæн хъилтæ, фæрæты, дзæбуджы, цæвæджы æмæ халамæрзæны хъæдтæ, сагæйттæ, дзоныгътæ æмæ уæрдæттæ, сæргътæ æмæ æфсæндзтæ.

Æлыджы æмæ чъыры змæстытæй кодтой дурынтæ, хъуырæуттæ гарнаты-æрмадзты судзгæйæ.

Æрхуы æмæ къалайæ конд дзаумæттæ: цæджджинæгтæ (цыппархъусыг æрхæгтæ), хъуывгъантæ, тастæ æмæ милитæ. Æрхæгтæн куыдуæззаудæрæй, егъаудæрæй уыди цыппæргай хъустæ схæцынæн. Уыдонæн уыди æлæттæ-къæлæттæ фидардæрæн æмгъуын астæуты.

Æздыйæ конд дзаумæттæ: ерæдзыпп æмæ хъыримаг хæцæнгæрзтæн ставд æмæ лыстæг нæмгуытæ — сабантъытæ...

ИРОН БИНОНТЫ ЦАРДЫУАГ

Нæ разагъды фыдæлтæ цы хуыдтой бинонтæ? Чи уыдысты? Туг æмæ æгъдауы хæстæгадæй кæрæдзийæн цы бавæййынц? Дзæвгар фарстатæ æвзæры адæймаджы размæ ирон бинонты цардыуаг бæстон иртасгæйæ.

Бынтæ æмæ фæллæйттæ, бындуртæ æмæ бындартæ, биноныгтæ æмæ бинонтæ, ныййарджытæ æмæ схæсджытæ, цот æмæ зæнæг, мад æмæ фыд, ус æмæ лæг, хо æмæ æфсымæр, чындз æмæ сиахс, файнуст æмæ ходыгъд, тиу æмæ хæдзары хицау, æфсин æмæ чындз баззадысты дзырдбæстытæй ныхасæн рагзамантæй нырмæ ирон æхсæнады æмæ дзурæг сты куыд мидисæй, афтæ хуызæй-кондæй дæр иу фарны хъомысыл — бинонты иумæйаг цардыл.

Дзырдтæ бын, бындур, бинаг, биноныг, бинойнаг, бындар, бинонтæ равзæрдысты иу уидагæй, бындурæй. Алы адæймаг дæр райгуыры мад æмæ фыдæй. Лæг æмæ ус, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг хицæн мыггæгты минæвæртты номæй баиу вæййынц æнкъарæнты фæрцы хæстæгады тæгтæй, æмæ сын цот куы рацæуы, уæд свæййынц мад æмæ фыд туджы хæстæгады фарнæй. Лæг æмæ ус æнус куы фæцæрой иумæ хæларæй, уарзонæй, уæддæр æнæ зæнæджы ад бавзаргæйæ тугæй хæстæджытæ не свæййынц. Мад æмæ фыд, ус æмæ лæг цотимæ иумæ куы цæрой иу цары бын, иу къонайыл, уæд сты иу бинонтæ, хицæнтæй куы цæрой цыфæнды хæлар æмæ хъæздыгæй, уæддæр фæхæцынц фæйнæ уаг æмæ фæткыл хицæн бинонты номæй. Уыйадыл иу бинонты ном хæссынæн хъуыди фыдæлты заман туг æмæ æгъдауы хæрзтимæ иумæйаг царды фæтк бакусынæй бадарынмæ, бахæрынæй баулæфынмæ иу цары бын цæргæйæ, иу æгъдауыл хæцгæйæ, иу хæдзары номæй сыхбæсты, хъæубæсты рæгъы цæугæйæ.

Ус æмæ лæг, мад æмæ фыд уыдысты бинонты райдайæн, равзæрæн. Мад цотæн — ныййарæг, фыд — ысхæссæг. Мад бинонтæн — æфсин, фыд — хæдзары хицау, хистæр. Дыгай, æртыгай фæлтæртæ иумæ цардысты бинонтæй, æмæ сын уынаффæйы, æгъдауы хистæртæ уыдысты Стыр мад æмæ Стыр фыд.

Фыдæлты заманты дæр уыдаид æнæзæнæг устытæ æмæ лæгтæ æмæ бинонты номæй цардысты иумæ адæмы фæтк æмæ уагыл. Æнæзæнæг ус æмæ лæджы цардыуаджы фæдыл баззад бирæ таурæгътæ, æмбисæндтæ. Цотмæ бæлгæйæ цардысты, фæлæ кæрдзындæттон æмæ куыстуарзонæй, намысджын æмæ æууæнкджынæй цыдысты адæмы иумæйаг рæгъы, хастой гыццыл бинонты ном.

Бæрцæй, нымадæй уыди гыццыл, рæстæмбис æмæ стыр бинонтæ. Гыццыл бинонтыл нымад цыдысты дыууæйæ фондзмæ, рæстæмбис бинонтыл — фондзæй авдмæ, стыр бинонтыл — авдæй уæлæмæ. Æртæ хуызы бинонтæн дæр уыди мадæлтæ æмæ фыдæлтæ, уынаффæйы хистæртæ æмæ лæггады кæстæртæ, фæлæ стыр бинонты цард уыди уæлдай цымыдисагдæр. Бирæ бинонты цардыуаг ма æрæххæст ХХ æнусы фыццаг цыппæрæмхаймæ, стæй æмбалæдтæ-колхозтæ аразгæйæ мæцъбæндæнау сæ хал лæзæрын райдыдта. Туалгомы рæбинагдæр хъæуты ма æрæййæфтон стыр бинонтæ, фæндзгай æмæ æвдгай хуымгæрдджытæ, хосгæрдджытæ кæмæй рацыдаид цыргъисæнты, ахæмтæ, æмæ ирон фарны хæрзтæй уыдысты арфæйаг алыварсы адæмæн. Сæ бакуыст — æмхуызон райгондæй зиууæттау, сæ бахæрд хъæугуывдау — иумæ иу афоныл, сæ баулæфт — рæстæгыл. Гъемæ, цæй фæрцы? Хистæрæй кæстæрмæ кæрæдзийы хъæр кæй æмбæрстой æмæ кæрæдзимæ лæмбынæг кæй хъуыстой иугъæдоны æмвæнд-æмзондæй, уый фæрцы.

Æхсæнадон хъомысæн фидар уæвæн нæй æнæ хицæн бинонты æмуд, æнгом царды уавæртæй. Цалфæнды ма уæд бинонтæ иу цары бын цæргæйæ, уæддæр сæ иугæнæг у æхсæны уагæвæрд хистæрæй кæстæрмæ, нæлгоймагæй сылгоймагмæ æрвылбоны куыстæгты цин æмæ фæллæйтты æхсызгонæй. Æнæ уыцы бындурон хæрзтæй ус æмæ лæджы иумæ цард у дзæгъæлы. Æнæ иумæйаг фарны хæрзтæй иу цары бын цыфыддæр знæгтæ дæр фæцæрынц...

Хицæнтæй цæрæг бинонты, хæдзæртты цардыуаг æмæ куыстæгты тавсæй хъомысджын свæййы стыр нымадæй æхсæнад. Рæстæй цæрæг æмæ кусæг бинонты бындуртыл цалынмæ æнцайа æхсæнадон мæсыг, уæдмæ лæууы фидар. Хицæн бинонтæ рæстаг царды домæнтыл сайдæй цæуын куы райдайынц, уæд æхсæнадон мæсыг хæлы йæхи дуртæй...

Фыдæлты цардыуагæй æнæхъуаджы æппæлæм, уыцы хæс ныл нæй. Мысæггаг ныхæстæй нæ дзыллæйы ивгъуыд дугтыл тугтæ мысæм, уыцы бартæ дæр нын ничи ратдзæни. Ахæм уавæры нæ дарддæры ныхасæн сæрывæрæн у æнусты рæстад, æмæ уымæй ирон бинонты цардмæ цы хауы, уый раст зæгъæм фыдæлтыккон уагыл, фæткыл. Æрмæст, иумæйагæй ирон бинонты цардыуагыл дзургæйæ, бахынцæм дыууæ цауы бæрæг ныхмæвæрдæй: раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, уарзт æмæ фыдæх, хæлæг æмæ тæхуды. Науæд фыдæлтæй цы æмбисæндтæ баззад, уыдон адæм æмбарынц дыууæ хуызы дыууæ бæрæг къордæй сæхи пайдайæн, æргом рæдыдтæ æмбæхсгæйæ. Зæгъæм, ис ахæм æмбисонд: «Хæдзарæн — фæтк, хъæуæн — æгъдау». Фæлæ уый æмткæй дзурæг у иумæйаг фарны хæрзтыл, уыдонæн та алы хъæутæ æмæ хæдзæрттæ æмхуызон аргъ нæ кæнынц. Фыдæлты заманты дæр уыди æвæтк хæдзæрттæ, æнæгъдау, æнæуаг хъæутæ, æмæ уыдысты æнæхъæн кæмтты æгад, æнæнымад. Ныры фыдгæнды дуджы фыдвæтк хæдзæрттæ (бинонтæ) æмæ æнæгъдау хъæутæ дзæвгар фылдæр фесты, æмæ тæрынц сæхи фæнд, халынц рæсугъд æмæ мидисджын фыдæлтыккон æгъдæутты. Уыцы уавæры хынцæм бинонты цардыуаг хистæрæй кæстæрмæ, нæлгоймагæй сылгоймагмæ ивгъуыд æмæ ныры дугты ахæсты, æрдзон æмæ æхсæнадон фæлгæтты æвæрдæй...

Ирон бинонтæ номæй-номмæ уыдысты мад æмæ фыд, ус æмæ лæг, чызг æмæ лæппу, хо æмæ æфсымæр, чындз æмæ тиу, ходыгъд æмæ файнуст, хæдзары хицау æмæ æфсин кæм иугай, кæм та дыгай æмæ фылдæр къæйттæй. Уыдонимæ хæстæгады тæгтæ æххæссыдысты сыхтæм, мыггæгтæм. Хæрзæгъдау бинонтæн куыд хъуыстысты дардыл сæ арфæйаг хъуыддæгтæ, фæзминаг рæсугъд æгъдæуттæ, афтæ сусæг нæ кодтой фыдвæтк бинонты фауинаг æгъдæуттæ дæр. Гъемæ фыдвæтк бинонтæ цыфæнды бирæйæ дæр цæсты нæ ахадынц, афтæмæй хъуамæ сæхицæй æппæлгæ дæр ракæной. Алы кæмтты, хъæуты дæр уыди бирæйæ æнæгъдау, æнæуаг бинонтæ. Куысты рæстæг кæрæдзиуыл сайдæй цæугæйæ аууæттæ æмæ æнцæйттæ агуырдтой, фынджы уæлхъус та æвзæрстой хæринаг æмæ нуазинаджы дзæбæхдæртæ. Магусайæ цæлуарзаг бинонтæн цы сæ куыстæгты æдзæлгъæд, цы сæхи æнæуаг хистæрæй кæстæрмæ, æмæ фæлгъуыды кодтой сæ хуымты æмæ уыгæрдæнты тыллæг дæр зивæджы архайдæй, афтæмæй зылдысты хъæубæстыл æфстæуттæ исгæйæ, кургæйæ...

Хæрзæгъдау бинонтæ цасфæнды ма уыдаиккой, уæддæр уынаффæйы рохтыл хæцыдысты нæлгоймаг хистæр æмæ сылгоймаг æфсин кæцыфæнды кары дæр. Бирæ бинонты сæргъы Стыр фыд æмæ Стыр мад кæд лæууыдысты, уæддæр лæмбынæг хъуыстой сæ кæстæрты хъæлæсмæ, рæстаудæнæй кастысты сæ архайдмæ, фарстой сæ фæндонæй, æрхъуыдыйæ. Стыр фыд æмæ Стыр мад кады-рады хистæртæ цы уыдысты бирæ бинонтæн, æндæр царды уæз æнцад бауынаффæйæ бакуысты онг дыккаг æмæ æртыккаг фæлтæры хистæртыл налгоймагæй сылгоймагмæ. Стыр фыдæн йæ уынаффæйыл лæуд уыдысты фыццаг йæхи фырттæ, стæй уыдоны лæппутæ фæлтæргай. Стыр мадæн фыццаг хæдивæг æфсины номæй — хистæр чындз, стæй — уый кæстæртæ. Алы уавæрты бирæ бинонтæн æфсиниуæг кодтой куыдхистæрæй файнустытæ — чындзытæ æмæ ходыгъдтæчызджытæ.

Хæххон къуындæг царды уавæрты хæрзæгъдау бирæ бинонтæ цыдысты кæрæдзийы æууæнчы, зыдтой хистæрæй кæстæрмæ сæ царды фадæттæ. Тæразыл æвæрдау сын нымад уыдысты хистæр æмæ кæстæр, хæринаг æмæ дарæсы конд, куысты уаг æмæ улæфты фæтк... Æмткæй ирон бинонты фарны хæрзтæ лæууыдысты æнусты дæргъы æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтыл, æмæ æппæт æфсæрмаджы хуызтæ-лæггæдтæ ахадыдтой дыууæрдæмы хæстæгады хъомысæй. Ахæм цардыуагыл иннæ æзнæмтæйадæмыхæттытæй искæцытæ хæцыдысты, уый зын зæгъæн у. Цы бавæййаг сты кæрæдзийæн ирон бинонтæ хистæрæй кæстæрмæ, нæлгоймагæй сылгоймагмæ? Кæцытæ дзы сты тугæй æмæ æгъдауæй хæстæджытæ? Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй æнæзæнæг ус æмæ лæг нæ фыдæлтæн нымад цыдысты æгъдауæй хæстæджытыл. Ус æмæ лæджы тугæй хæстæджытæ кодтой сæ цот. Уыйадыл дыууæ мыггаджы минæвæрттæн дæр æнæзæнæг ус æмæ лæг уыдысты æгъдауæй хæстæджытæ. Мыггагæй чызгæн йæ лæджы хæдзары цот рацыд, уæд уыди тугæй хæстæг дыууæ мыггаджы минæвæрттæн. Уыйадыл чызджы цот уыдысты йæ мыггагæн хæрæфырттæ, уыдоны цот та — хæрæфырты хæрæфырттæ. Ахæм тугæй хæстæгады уагыл уыди мадырвад, мадырвадæлтæ, стæй стыр мадырвадæлтæ лæппу æмæ чызг хæрæфыртты уагæй дзургæйæ. Тугæй хæстæджытæ æййæфтой æмхæрæфырт чызджытæ æмæ лæппутæ, устытæ æмæ лæгтæ. Чындзæн йæ тиутæ æмæ йæ файнустытæ уыдысты æгъдауæй хæстæг, тугæй хæстæг не ’ййæфтой. Уыцы æрдзон уагыл дыууæ хойы моймæ цыдысты æндæр мыггаджы дыууæ æфсымæрмæ. Хæрæфырттæн та æртæ, цыппар фæлтæрмæ дæр туджы хæстæгад бакайын нымад цыд худинагыл.

Хистæрæй кæстæрмæ, нæлгоймагæй сылгоймагмæ ирон бинонты цардыуагæн, тæразыл æвæрдау, барæнтæ æмæ арæнтæ уыдысты æфсармы, æууæнчы, хæрзудыбæсты æмæ рæстады нысæнттæ. Хистæртæ цас аудыдтой кæстæртыл, уыйбæрц лæггæдты сын цыдысты кæстæртæ. Хистæр цы хæрзтæ амыдта кæстæрæн, уыдонæй фыста йæ хæстæ. Æдзæлгъæд, æнæуаг хистæртæн æгъдауджын кæстæртæ никæд уыди, чызгæфсинтæ æмæ лæппу уынаффæгæнæгтæ фæлгъуыдтой цард.

Хæдзары бинонтæ хистæрæй кæстæрмæ цас уайсæстæй, нымдæй æмæ аудæнæй дзырдтой сæ чындзмæ, уый дæр уыйбæрц уайсæста се ’ппæтмæ дæр æфсæрмаг кæстæры бынаты...

Бинонты хæрзæгъдауыл цас архайдтой хæдзары хистæртæ, уыйбæрц тыхстысты фосы хæрзхаст æмæ уагыл дæр. Фæрнджын ирон бинонтæн сæ цардыуаг æргомæй зынди куыд сывæллæтты, афтæ фосы уынгмæ рацыдыл. Ныхасæн баззад: «Хæдзары фæтк æмæ дæ бинонты æгъдау базонын фæнды, уæд сын уынджы æркæс сæ сывæллон æмæ сæ куыдзы уагмæ». Гъемæ раст хъуыды кодтой фыдæлтæ: хæрзвæтк хæдзары куыдз дзæгъæлрæйд нæ кæны, сывæллон — дзæгъæлхъæр афонæй, æнафонæй...

Ирон хæдзармæ бахъуаджы уысм дзырдтой нæлгоймаджы номæй, æмæ хицæн хæдзæрттæ хастой нæлгоймæгты нæмттæ. Хæдзармæ сылгоймаджы номæй бадзурын уыди æлгъысты хуызæн æгад, æнæрад. Бирæ хæдзæрттæ хастой, æгас чи нал уыди, ахæм кадджындæр лæгты нæмттæ...

Æгъдауæй æмæ тугæй хæстæджыты куыд хуыдтой фыдæлтæ, уый зонын æмбæлы ныры ирон адæмæн, науæд æндæр æвзæгтыл дзургæйæ ныссуйтæ кæнынц дзырдты нысæнттæ, мидис.

Иу хæдзары, иу бинонты астæу: ус æмæ лæг, мад æмæ фыд, Стыр мад æмæ Стыр фыд, хо æмæ æфсымæр, хæдзары хицау æмæ æфсин, хæдзары хицау æмæ чындз, хæдзары æфсин æмæ чындз, ходыгъд æмæ чындз, тиу æмæ чындз, файнустытæ æмæ ходыгъдтæ, иу мады зæнæг, иу фыды цот, мадæй иу, фыдæй хицæн хотæ, æфсымæртæ, æфсымæры цот, хойы цот, дыууæ æфсымæры цот, дыууæ хойы цот, æмхæрæфыртты бинонтæ, æмсиæхсты цот, стыр мадырвадæлтæ фыды æмæ мадырдыгæй, хæрæфыртты цот, хæрæфыртты хæрæфырттæ...

Иу мыггаджы астæу: иу фыдыфырттæ, иу мыггаджы чызджытæ æмæ лæппутæ, æрвадæлтæ, æрвадæлты цот, æмхæрæфырттæ, æмсиæхстæ, иу артæй байуаргæтæ, дард æрвадæлтæ, хæстæг æрвадæлтæ, мыггаджы хистæртæ, мыггаджы кæстæртæ, мыггаджы лæгтæ, мыггаджы бонджынтæ, мыггаджы мæгуыртæ, мыггаджы сидзæртæ, мыггаджы худинаггæнджытæ, мыггаджы минæвæрттæ, мыггаджы уазджытæ...

Стыр нымадæй алы адæймаг дæр райгуыры мад æмæ фыдæй, æмæ æхсæнадон фæлгæтты æвæрдæй йæ ном ис йæ уæлæ дзыллон фарны сæйрагдæр хъомысæй: у йæ адæмы иумæйаг уаг æмæ фæткыл цæрæг. Алы адæймаг дæр йæ мады гуыбынæй рахæссы куыд фæзминаг, афтæ фауинаг удыгъæды миниуджытæ, æмæ уыдонæн йæ дарддæры цардвæндагыл цавæр аудджытæ разыны, уымæй ахадæн свæййы йæ фидæн...

Нæ рæстылдзурæг æмæ рæстæйцæрæг фыдæлтæ хорз æмбæрстой сывæллоны æрдзон-гуырдзон сыгъдæг удыгъæды хæрзтæ. Мады ад сын кодта райгуырæн бонæй фæстæмæ, ныхыдзуар сын хаста ныййарджытæй. Мад æмæ фыды туг хъазыди йæ рæзгæ уæнгты бындуронæй. Мады æмæ фыды мыггæгты ахаст зынди йæ хуызыл, æмæ уымæн дзырдтой хæрзаудæнæй æнусты дæргъы: «Сæгъæй сæныкк гуыры, фысæй — уæрыкк», «Сау хохæй урс дур нæ хауы, урс хохæй — сау дур», «Кæрцæн йе ’мпъузæн — йæхицæй», «Туг хæссы, мыггаг ахады авд фæлтæрмæ». Ахæм бæлвырд æрдзон домæнты ахæсты фæрнджын ирон мад æмæ фыд агуырдтой æгъдауы, туджы хæстæгæн хæрзмыггагæй æмсæр бинонты.

Туг куыннæ хæссы, мыггаг куыннæ зоны фæлтæрты хъомылады, фæлæ райгуырæн бонæй фæстæмæ адæймаг бинонты æххуыс æмæ хъусдардæй раст уагыл хъомылгæнинаг кæй уыди, уый дæр хорз æмбæрстой фыдæлтæ æмæ царды уавæртæм лæмбынæг кæсгæйæ агуырдтой мадзæлттæ сывæллоны æнæниз, фидар æмæ райгонды рæзтæн. Уыцы мадзæлттæфæрæзтæ та уыдысты дзæвгар, æмæ сыл æрлæууæм бæстон æвзаргæйæ райдайæнæй кæронмæ куыдсæйрагдæрæй...

Æппæты разæй зæрдæхсайгæ чындзмæ — аудæны хъусдард бинонтæн хистæрæй кæстæрмæ, нæлгоймагæй сылгоймагмæ. Нæ йын уагътой уæззæуттæ хæссын, хъаггæдтой йæ уазалæй, хæрын ын кодтой сойаджы, урсаджы хæринæгтæ, халсартæ æмæ дыргътæ, хызтой йæ æнæхъуаджы мæстытæ æмæ тыхныхæстæй. Уыцы уавæрты сывæллон мады гуырдзы рæзти æнæнизæй æмæ гуырди цæрдхъомдæрæй.

Чындзæн фыццаг зæнæг ныййарын уыди зындæр æфсæрмаджы уагыл, æмæ амал уæвгæйæ цыди йæ цæгатмæ. Уыйадыл æгъдауæн баззад ног чындзытæн фыццаг хаттæн цæгаты арын... Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаиккой уавæртæ, уæддæр æвгъæдыбадæг чындзæн-сылгоймагæн арæзтой сæрмагонд фадæттæ дæсны æвгъæдгæс устыты амындæй: сыгъдæг æмæ хъармæй — хибар бынат, хæрзад нуазинаг æмæ хæринаг...

Кæй зæгъын æй хъæуы, фыдуавæрты ног чындзытæй æвгъæды бонты иугæйттæ мардысты, фæлæ æмткæй уыцы уавæр иумæйаг æгъдаумæ нæ хаудта. Фадат уæвгæйæ æгъдауджын бинонтæ, сыхбæстæ цыдысты аудæны æххуысты æвгъæдыбадæг сылгоймагæн къуырийы дæргъы: хæрын ын кодтой задын хæринæгтæ урсаг æмæ сойагимæ...

Ирон адæмы цардыуаг иртасджытæй иунæг дæр нæ байхъуыста уæды царды æцæг хъæрмæ, афтæмæй æмхъæлæсæй фæдзырдтой æвгъæдыбадæг сылгоймаджы æвæгастыл уазал скъæтты рахау-бахауæй, ратулбатулæй. Гъемæ, уыдоны мысæггаг цъыфкалæн дзæнгæдатæ кæсгæйæ, хæддзуйæ æрбафтæг «ахуыргæндтыл» зæрдæ уыйбæрц нæ худы, нæхи гуымыдза уæрæседзаутыл цас худы. Сæ дзæнгæда фыстытæ сын иумæ куы æрæвæрæм, уæд сæ чъизи дон лæдæрсы фаджысы чъылыхдонау Иры сыгъдæг уæзæгыл, æмæ стыр диссагæн ныры мыхуыры кусджытæ дæр сæ кой скæнын нæ уадзынц, æвæццæгæн, уæйгæнæг хицауады зæрдæхудтæй тæрсгæйæ, æнахуырæй «стыр ахуыргæндтæн» тыхфæлгъуыдæй кæнгæ кад кæнгæйæ, куысты мыздыл тыхсгæйæ. Гъемæ ацы мæнгард дуджы æз хъыгылдзырд не Сфæлдисæг Хуыцауимæ дæр нæ дæн, æмæ зæгъæм царды рæстаг хъæр.

Авдæнбæттæны æгъдау. Æвгъæдыбадæг, къæсыбадæг сылгоймаджы æгъдауимæ æнгом баст уыди авдæнбæттæны æгъдау дæр, æмæ йын цыбырæй зæгъæм йæ мидис, йæ нысан. Ирон адæммæ æппæт нымæцты астæу уæлдай кадджындæр, уæлмонцдæр æмæ амондджындæр уыдысты ÆРТÆ æмæ АВД. Кувинаджы физонæгæн хуыздæрыл нымадтой æртæ фыдызгъæлы карсты, тымбыл фынгæн арæзтой æртæ къахы, цины бонты кувинагæн фыхтой æртæ кæрдзыны... Нымæц АВДÆН дæр уыди цалдæр мидисы хицæн нысæнттимæ: авд зæды, авд дзуары, авд лæппуйы æмæ иу чызг, авд авды бæркæдтæ æмæ амæндтæ, авд фæлтæры, авд карстæй физонæг, авд барæджы. Уыдонимæ, ноггуырды кæм бастой, уыцы хъæдырмæгæй арæзт сынтæг дæр хуыдтой авдæн, ома — авд ноггуырды бæттæнхуыссæн цотхалы фарны мидисæй, нысанæй. Нæ фыдæлтæн Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ-дауджытæ уыдысты æвдгæйттæ. Ног чындзы Сæрзæды бын куы балæууын кодтаиккой, уæд ын бæллыдысты авд лæппуйы æмæ иу чызгмæ. Уыди ахæм авдæнтæ, æртæ æмæ цыппар фæлтæры сывæллæтты кæм ауызтаиккой, æмæ сæ æфснайдæй дардтой хæзнатау.

Авдæнбæттæны æгъдау хаудта сывæллоны райгуырды къуырийы бонмæ, æмæ йæм лæгтæ ницы бар дардтой. Хæдзары æфсины хъусдардæй сылгоймæгтæ цæттæ кодтой сывæллонæн дарæс æмæ хуыссæны фæлыст, фыхтой æртæ уæливыхы, къуымæл. Уыдонæй куывта сылгоймæгты хистæр. Кувинæгтæй ахуыста цумахъом сабитæй исчи, стæй ноггуырдмæ хæстæгдæр сылгоймаг авдæны рахизварс æрбадтаид ныллæг æртыкъахыг фæхсбандоныл скæсæнырдæм. Райстаид сывæллоны йæ хъæбысмæ, бафтыдтаид йæхиуыл дзуæрттæ, ссардтаид Сæрзæды, Бынатыхицауы æмæ Мадизæны нæмттæ, бафæдзæхстаид сыл сывæллоны, стæй йæ авдæны бæстон бабастаид æмæ æртæ хатты тутæгæнæгау загътаид: «Пу, пу, пу! Амондджын боны баст фæу! Фылдæр дæ чи уарзы, уыдоны фæндиаг байрæз! Нæ хуысджытæ, нæ нæрсджытæ — дæ хай!»

Ахæм фæткыл авдæнбæттæг сылгоймаг галиу къухæй уызта ноггуырды авдæны зарæг кæнгæйæ.

Авдæны зарджытæ Ирыстоны алы кæмтты кодтаиккой хицæн хуызты, фæлæ сæ нысан уыди зарæджы аив зæлтимæ рæзгæ сывæллæттæн царды хъæр хуыздæр æмбарын кæнын...