ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ 2 страница

Сылгоймаджы хидарыны уаг. Ирон сылгоймаг иугæр æфсармы кары бацыд (дæс-дыууадæс азæй фæстæмæ), уæд сыгъдæг намысы уагыл ирон фæрнджын хистæртæ уыдтой йæ алы уæнджы алы арфæйаг æгъдау. Сывæллонæй зæронды кармæ сылгоймаджы хидарыны уагæн аргъгонд цыди цумахъом æмæ чындздзон чызджы, ног чындзы æмæ сывæллæтты мады, хойы æмæ бинойнаджы, ходыгъды æмæ файнусты, фысымы æмæ уазæджы номæй. Алы кары сылгоймагæн дæр — йæхи сæрмагонд хидарыны домæнтæ æмæ хуызтæ, бæллиццаг æмæ фауинаг миниуджытæ. Нæлгоймæгты хуызæн сылгоймæгтæн дæр сæ кармæ кæсгæйæ, бартæ æмæ хæстæ хынцгæйæ, куысты хуызтæ æххæст кæнгæйæ, уæлæдарæс хæсгæйæ нымад цыдысты сæ хидарыны бирæ домæнтæ кæм комкоммæ хæрзтæм æмæ фыдæхтæм амонгæйæ, кæм та фæдзæхсгæйæ ахæм фæткыл:

— Чызгау дæхи дарын зон! Лæппуйы митæ ма кæн! Гаккырисæй ма хъаз уынгты! Фæндагыл цæуыс, уæд дæ развæндагмæ лæмбынæг кæс! Къæхтæй хъазын, сæпп-сæпп кæнын, чыр-чырæй худын, хъæлæсыдзагæй дзурын, уынгты чъиу æууилын, цæугæ-цæуын истытæ хæрын лæппуйæн дæр нæ фидауы, чызгæн дæр.

— Бадынæн æмæ лæууынæн, дзурынæн æмæ хъусынæн дæр æгъдау хъæуы. Дыууæ адæймаджы ныхас кæнынц — уæд радыгай, кæрæдзимæ лæмбынæг хъусгæйæ, кæрæдзийæн ныхасы бар дæтгæйæ. Хæргæйæ ма ныхас кæн. Хæргæйæ куыдз дæр нæ рæйы.

— Бандоныл аив æрбадынæн дæр уаг хъæуы, бандонæй аив фестынæн дæр. Хæдзары цæуай æви уынджы, уæддæр аивæй ис дæ къæхтæ. Къухты дард æмæ къæхты айстæй бæрæг у хидарыны уаг. Дæ къæхты фындзтæ ма къуыр, уæфстæ ма хаф, зæвæттæ ма хой!

— Хистæр дын «цу-ма» загъта, уæд æнæзивæгæй бакоммæ кæс. Хистæрты рæзты куыдфæндыйæ ма цу, зон рахис æмæ галиу фæрстæ, фæндаджы дæргъ æмæ уæрх!

— Дыууæ адæймаджы хибарæй лæууынц, ныхас кæныц, уæд сæм æваст ма цу æмæ дæ ныхас ма æппар! Худинаг у искæй сусæггаг ныхæстæм хъусын. Ардауын куыд æгад у, дзырдтæ хæссын дæр афтæ нæ фидауы æгъдауджын адæймагæн.

Конд æмæ уындыл дзургæйæ, арæхст æмæ дæсныйад хынцгæйæ, хæрзтæ æмæ фыдæхтæ нымайгæйæ æртхæрæны чындздзон чызджытæн æмбал нæ уыди хидарыны уагæй. Чындздзоны кармæ ирон чызг азтæй куыннæ хызти, фæлæ йын фарны бæрæггæнæнтæ уыдысты буары æнæнизимæ сыгъдæг намысæй æнæцам, æфсармæй — æнæлаз æмæ æууæнкæй — фæзминаг удхъомысы хæрзтæ.

Разагъды фæзминаг чындздзон ЦЫТЫ ЧЫЗГ цыфыддæр æгоммæгæс туджджынтæй арæзта цотхалы хъомысæй фарны хæстæджытæ æхсæнадон уагыл. Цыты чызджыты кад æмæ рады тыххæй баззад цæвиттонтæ, æмæ сæ зонын æмбæлы ныры ирон адæмæн:

 

Чындздзон чызджы бæллицтæ æмæ фæндæттæ.

Чындздзон чызджы сагъæстæ æмæ катæйттæ.

Чындздзон чызгæй — æфснайддæр.

Чындздзон чызгæй — уæздандæр.

Цыты чызг туджджынтæн — æрдхæрæн.

Цыты чызг — мыггæгты иугæнæн.

Цыты чызгæн — мыггæгты нымд...

 

Чындздзон чызджы хидарыны уагæн ирон æхсæнады уыди бæрæг арæнтæ æмæ барæнтæ. Чызг иугæр æхсæны хъазтмæ цæуын райдыдта чындздзоны сыгъдæг нымдæй, уæд зыдта йæ бынат, уыимæ йæ бартæ æмæ йæ хæстæ. Чызгæмбал лæппуты хæсыл нымадтой сылгоймаджы бартæ хъаггæнын, фæлæ иумæйаг фæткæн аргъ кæнгæйæ, намысы цæсгомæн лæггæдты цæугæйæ.

Чындздзон чызджы хидарыны уаг куыстæгты æмæ лæггæдты равгæй бæллиццаг æмæ тæхудиаг куыннæ уыди бинонтæн, хъæубæстæн, фæлæ йе ’ппæт фидыцæн сæрæвæрæн уыдысты уарзондзинады сусæг æнкъарæнтæ. Уыдонæн æргомæй зæгъынæн фадат лæвæрдта ирон хъазты фæтк. Тымбыл хъазты дыууæ фарсæй лæугæйæ, чызг æмæ лæппу фæсивæд фæндыры зæлтимæ зарыдысты ерысы уагыл сæ бæллиццаджы уæлмонцдæр фæндæттæ-сагъæстæ бæрæг ныхмæвæрдæй:

 

— Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы,

Уый, дам, уазалы тыххæй у.

Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы, —

Уый та уарзоны тыххæй у.

 

— Урс доны былыл — сау фæрдыг,

Бирæ дзы уымæн банызтон.

Урсцъар дæ, чызгай, сауæрфыг

Бирæ дæ уымæн бауарзтон.

***

— Дари быдæн кæй уафынц,

Уый мæ ронæн куы уаид!

Адæм се ’ппæт кæй уарзынц,

Уый мæ мойæн куы уаид!

 

— Æнгом сæхтæг чи дары,

Уый та ронæй цы кæны?!

Æппæт адæм кæй уарзынц,

Уый та мойæ цы кæны?!

***

— Хосдзауты астæу — сæ лалым,

Сæ лалым æмæ сæ дурын!

Æз дын, чызгай, цы уарзын, —

Дæ хъазын æмæ дæ худын!

 

— Хъазынтæ æмæ зарынтæй

Лæппу хæдзар нæ дары.

Райгонд куысты барæнтæй

Хæрзамæндтæ ссары.

***

— Далæ мын быдыры — дыууадæс цæды, ой!

Дыууадæс цæды — иу цæды хуызæн, ой!

Нæ хуымгæнджытæ — дыууадæс зæды, ой!

Дыууадæс зæды — иу зæды хуызæн, ой!

Куыстæгты цинтæй, фæллæйтты монцтæй, ой!

Удты бæллицтæн — сæ хуыздæр барæн, ой!

Усгур лæппутæн æрхъуыды зондæй, ой!

Æрхъуыды зондæй — сæ тыхæвзарæн, ой!

 

Чындзы хидарыны уаг. Ирон æхсæнады чындзæн цас аргъ кодтой, уый тыххæй æрцæуæг æмæ бынæттон иртасджытæ фылдæр бахынцыдтой фауинаг-æппæрццæг миниуджыты, раппæлинагæй ницыбæрæг ыссардтой ног чындзы хидарыны уаджы. Гъемæ, æрцæуæг «иртасджытыл» зæрдæ цы худа: магусайæ æфсæст уыдысты кусæг адæмы фæллойæ æмæ сæрбæрзондæй кастысты хæххон сылгоймæгтæм. Фæлæ нæхи бынæттон «иртасджытæ» та куыннæ бамбæрстой уæды царды æцæг хъæр? Хетæггаты Къоста фыста йæ очерк «Особа»-йы бынтон мысæггаг æмæ æрыхъусæггаг ныхæстæй: «Никто не слышит ее голоса, никто не видит ее сидящей. Встает она раньше всех, везде подметет, уберет, всем прислуживает, ест наскоро и позже всех, ложится спать позже всех... На ее плечах все заботы о семье у домашнего очага, она должна всех обшить, напоить и накормить. Она полновластная хозяйка всех съестных продуктов и напитков». Цыппæрдæсаздзыды кой кодта Къоста, æмæ бинонтæй никæмæ дзырдта, йæ ныхас ын ничи хъуыста, ничи йæ уыдта бадгæ, афтæмæй райсомæй æппæты разæй стади, алыран марзта, æфснайдта, æппæтæн лæггæдтæ кодта, æппæты фæстæ цырд хордта æмæ хуыссыд уатыл. Уыцы уавæры уыди хицау æппæт хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæн. Бинонтæн — хæринаггæнæг, æфснайæг, хуыйæг, афтæмæй дыууæ мæйыдæргъы хъæубæстæм йæхи не ’вдыста... Ахæм уавæры уыди ног чындз, æвæццæгæн, «уæздан» Хетæггатæм, кæсгон кънйæзтыл сæхи баргæйæ, æндæр, фæрнджын ирон кусæг бинонтæ сæ ног чындзмæ кастысты æдзух æфсæрмаджы цæстæй.

Мысæггаг цауты ахæсты хуылыдз æвзаг дзырдæппарæнтæй хъазы æмæ алырдæмыты тасгæйæ цынæ зæгъдзæни! Чызг йæ фыды хæдзары цæуылты сахуыр уыдаид, уыдоны ныфсæй, фæлтæрдæй архайдтаид йæ лæджы хæдзары дæр, фæлæ райдайæнæй фæстæмæ бинонты иугъæдоны хъусдардæй куыд амоныны, афтæ армæй феххуысы уагыл. Кæцы фæрнджын ирон бинонтæ хастой сæ сæрмæ ног чындзыл уæлдай уæргътæ æвæрын?! Цавæр уаг æмæ фæткыл уыди гæнæн, æмæ æнахъом чызг чындзы номæй æфсиниуæг кæна æнæзонгæ бинонтæн хæринаг æмæ нуазинагæй?! Æппæт бæркæдтæн дæр æфсиниуæг кодта ирон æгъдауджын хæдзары сылгоймæгты хистæр — иу фæлтæры кæнæ цалдæр фæлтæры мад. Цыппæрдæсазыккон æфсиниуæг кодтаид æнæ ныййарæг мадæй, æнæ хистæр æфсинæй уавæрты ахæсты, æмæ уыцы æцæг царды хъæрмæ байхъусæн куыннæ æмбæлди Къостайæн?

Æнæ уæлдай мысæггаг цаутæй раст зæгъæм ирон чындзы хидарыны уаджы тыххæй, кæддæра цы хуыз равдисид. Дзырдтам ма ацы уагыл раздæры сæргæндты хайгай. Ирон чызг фæрнджын бинонты астæу байрæзти æмæ бахъомыл чындздзоны кармæ, уæд зыдта сылгоймаджы хидарыны æппæт сусæгдзинæдтæ дæр, æмæ йæ ног хæдзары дарддæры æгъдауæн æвдисæн уыдысты йæ цардæмбалы бинонтæ гыццылæй стырмæ. Бакусынæй баулæфынмæ ног чындзæн йе ’фсин æмæ йæ хицау, тиу æмæ ходыгъд, файнуст æмæ уыдоны цот цас æххуысты цыдысты, уымæй ахадыдта йæ хидарыны уаг. Æфсин царв цæгъда, хицау æрчъиаг æууæрда, файнустытæ тинаг æлвисой, тиутæ фосыл зилой, ходыгъдтæ хæдзары иннæ куыстытæ кæной, сывæллæттæ уыдоны цуматæм цырд лæууой, ног чындз та даргъ къах æмæ схъæл астæуæй пецы фарсмæ фæрсылæй бада æмæ йæ зæрдæйы дон уадза, уæд йæ кæцы хорз уагыл ис дзурæн?! Æмæ ахам æнæуаг, æдзæлгъæд чындзытæ уыди алы хъæуы дæр. Гъемæ нæ ныхасы сæрæвæрæн у ирон фæрнджын хæдзары ног чындзы хидарыны уаг. Ног чындз нымад цыди æгъдауæй лæггады кæстæрыл йæ цардæмбалы хæдзары, фæлæ æфсæрмаджы уагыл, намысы фæткыл. Бакусынæн ын куыд уыди афон æмæ бынат, баулæфынæн æмæ бахæрынæн дæр — афтæ. Йæ уайсæсты уагмæ дæр бинонты хистæртæ хæрзаудæнæй сæ хъус дардтой, æмæ кæм рæдыдаид, уым ын сабырæй амыдтой æнæ бустæ, тызмæг ныхасæй. Чындзы æфсармы уаг, уайсæсты фæткæн æвдисæнтæ уыдысты стыр нымадæй бинонтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ. Уыдон чындзы æфсармы раз сæхи цас раст дардтой уайсæстæй, уыйбæрц ахадыдта æхсæнадон хъомыс фæлтæрты бастдзинады фарныл. Уайсадыны уаг ирон æхсæнады дзыхæй нæдзурынтæй хъазт нæ уыди чындзытæй мыггаджы нæлгоймаг хистæрты астæу, æмæ уымæн æвдисæнтæ æмткæй — цардыуаджы цыбыр ныхæстæ, æмбисæндтæ:

 

Уайсадын дзыхæй нæдзурынтæй хъазт нæу.

Иуы уайсæстæй уайсæст нæй.

Æфсин куыд уайсада, чындз дæр — афтæ.

Хицау куыд уайсада, чындз дæр — афтæ.

Тиуты уайсæстæн — чындзы лæггад æвдисæн.

Хæдзары хицау æмæ æфсин цы уагыл уайсадой чындзмæ, чындз дæр — уыцы уагыл.

Чындз дæр йæ мойы хæдзармæ цæрынмæ æрцæуы.

Чындзæн дæр уд и.

Хорз æфсин йæ чындзы фыдгой уынджы нæ кæны.

Хорз æфсин æвзæр чындзы дæр схорз кæны.

Æфсинæн дæр æвзонджы бонтæ хъуыдыгæнинаг вæййынц.

Æфсины хорз чындзыл зыны, чындзы хорз — æфсиныл.

Иуы хорзæй хорз нæй, иуы æвзæрæй — æвзæр.

Хæрзтæ дæр адæмæн иумæ æвзаринаг сты, фыдæхтæ дæр.

Ног уисой — мæрзаг.

Ног чындз ног уисойæ уæлдай нæу.

Ног чындз — дзырдамонд.

Æнæрæвдыд чындз уæлгъæдæй фынæй кæны.

Фыдуд, фыдахуыр чындз нæдзæронтæй хъазы.

Æнæуаг чындз æнæдзургæйæ къустæ æмæ уидгуытæ кæрæдзиуыл хойы.

Чызгæй мой скæнынмæ чи нæ бæллы, чындзæй — цотмæ, уыдонæй макуы мацы загъдæуæд!

Æфсинæн йæ чындзы лæггæдтыл домын æмбæлы, фæлæ — бæрцыл, фырты сæр хъуыды кæнгæйæ.

Чындзæн дæр — цæрыны фадæттæ æмæ уавæртæ.

Чындз дæр æнæхæргæйæ нæ цæры.

Хæдзары æфсины хидарыны уаг. Ирон бинонтæн алы уавæрты æфси ниуæг кодтой алы карты сылгоймæгтæ. Бирæ бинонтæн хъуыди фылдæр лæггад, æмæ сын æфсиниуæг кодтой алы карты сылгоймæгтæ, кæрæдзийы ивгæйæ. Кары уагыл уыди хистæр æмæ кæстæр æфсинтæ, æгъдауы уагыл — сывæллæтты мад, чындз, ходыгъд, хистæр файнуст. Æппæты хистæрыл нымадтой æртæ, цыппар фæлтæры мады — Стыр мады. Стыр мадæн зæронды кары куыстæгтæм цæуын æмæ æвналын хæс нал уыди, уæддæр æфсиниуæг уый кодта æгъдауæй, æмæ кæстæртæ йæ амындмæ хъуыстой, уый æвастæй нæдæр хойраджы, нæдæр урсаджы æмæ сойаджы бæркæдтæм æвнæлдтой баруагъдæй. Æфсинтæм дзырдтой æмæ амыдтой хæдзары бинонтæ кæм номæй, кæм та фæсномыгæй: мад, фыдыхо, Нана, Гыцци, Бæбу, Стыр мад. Æппæт карты æфсинты хидарыны уагæн бæрæггæнæнтæ уыдысты æмткæй адæймаджы хуыздæр миниуджытæ: нымд æмæ æфсарм, намыс æмæ цæсгом, кæрдзындæттон æмæ хæрзаудæн, рæстæй цæрын æмæ рæстыл дзурын...

Алы уавæрты æфсинтæ фыдæбон хъуаг нæ уыдысты. Бæгънæджытæ æмæ æххормæгтæ æййæфтой, æмпъызт дарæсты цыдысты, фæлæ удхъомысы бæллиццагдæр хæрзтæй хæцыдысты бинонты уынаффæйы рохтыл кад æмæ радæй. Уыди сын кæстæрты хъусдардæй лæггады хуызтæ, хистæрты бынæттæ. Карæй æмæ æгъдауæй хистæрты, æфсинты сæ кæстæртæ фарстой зондæй, куыдхуыздæр, куыдрастдæр бакæнæмæй. Карджын мадæлтæ æмæ фыдæлтæ цинты, зианты фынгтыл æрбадынæн нал фæразынц, уæддæр ирон фынгæвæрды бæркæдтæй хайджын уыдысты хæдзармæ хæсгæйæ. Ныры «ахуыргонд» ирæттæн сæ уатон рынчын хистæртæ чындзæхсæвы кувинæгтæй дæр æрхъуыдыйы фыдæй æнæхайæ баззайынц, нывондаджы сæр дæр кæстæртæ сæхæдæг бахæрынц цæлгæнæнты...

Фæрнджын фыдæлты заманты ирон адæм ныййарджытæм цы цæстæй кастысты æмæ сын цас аргъ кодтой, уый зыны сæ цардыуаджы рагон ныхæстыл:

Мад — ныййарæг, фыд — ысхæссæг.

Мад æмæ фыды хæрзтæн, фыдæбæттæн банымайæн дæр нæй.

Мад æмæ фыды хæрзтæ цот уазал донæй дæр нæ бафиддзысты.

Мад æмæ фыд сæ фæстаг комдзаг дæр цотæн ауæрдынц.

Хæдзары хистæртæ сæ кæстæрты цæрайæ цæрынц.

Стыр мад æмæ Стыр фыд — бæстæгты бæстæттæ.

Стыр мад æмæ Стыр фыдæн — стырдæр лæггæдтæ.

Ныййарджытæ æмæ схæсджытæ цал сывæллоны схъомыл кæнынц, уал удыбæстæйы сын банымайы Стыр Хуыцау.

Хорз æфсинæн йæ армæй сой тæдзы.

Кæрдзындæттон æфсин «дзаг у»-йæ дзуры, чъынды æфсин — «нæйæ».

Æгъатырæй æнæгъдау æфсин, зæгъы, йæ къæйных чындзы куыдзы къахæй надта, налат чындз та йе ’фсины — хæрæджы къахæй.

Адæймаджы хидарыны уагæн алы карты æвдисæн уыдысты арфæтæ æмæ уайдзæфтæ, сомыйы æмæ ард хæрыны хуызтæ, æмæ сæм байхъусæм сæргай-хайгай.

Арфæйы хуызтæ. Сывæллæттæм дзырдтой иу уагыл, хъомылтæм — иннæ уагыл: Дæ ныййарджыты фæндиаг байрæз! Дзæбæхæй схъомыл у! Дынджыр чызг ау! Дынджыр лæг ысу! Дæ ныййарæг дæ хуртæй бафсæдæд! Фылдæр дæ чи уарзы, уый фæндиаг фæу! Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд! Хæрзныхыдзуар фæхæсс! Амондджын у! Зæрдæрухсæй фæцæр! Фæндаграст фæу! Хорзыл амбæл! Æгас нæм цу! Хорз хабæрттæ хæссæг дæ Хуыцау фæкæнæд! Уастырджи — де ’мбал! Зæрдæрай у! Дæ кæстæрты маст-хæрам ма фен!

Арфæты хуызтæ дæр нæлгоймæгты дзыхæй хъуыстыты иу уагыл, сылгоймæгты хъæлæсæй — иннæ уагыл: Уастырджи уæ фæндаграст фæкæнæд! Лæгтыдзуар уæ фæндаграст фæкæнæд!

Табуйы хуызтæ. Табу сфæлдисæг Хуыцауæн! Табу зæдтæ æмæ дауджытæн! Нæ кæстæртæ — Уастырджийы фæдзæхст! Ахсæвы бардуаг, хæрзфынтæ нын фенын кæн! Мах — Хуыцауы фæдзæхст! Боны бардуаг, нæ бон ныл дзæбæхæй сырайын кæн!

Ард хæрыны, сомы кæныны ныхæстæ. Ард бахæрын æмæ сомы бакæнынæн уыди ирон æхсæнады сæрмагонд фæтк æмæ уаг куыд бинонты астæу хицæнтæй, афтæ хъæубæсты æмæ комбæсты цæрджыты раз дæр æмткæй. Ард бахæрыны æмæ сомыгонды нысæнттæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æнгом баст уыдысты ирон дины, уырнынады, дунеæмбарынады æрдзон-гуырдзон кæнонтимæ. Куысты монц æмæ фæллойы цинæй цардысты ирон дингæнæг адæм бинонты, сыхты, хъæуты æмæ кæмтты нæмттæ хæсгæйæ. Рæстæй цæрын, рæстыл дзурын, рæстыл кусын нымадтой фæрнджын ирон адæм сæ фарны уæлмонцдæр хæрзтыл, æмæ уыцы æртæ хорзæхыл фидар хæцгæйæ хордтой кувæндæтты-дзуæртты бынты рæстæгты ард, кодтой рæстаг удты сомы. Ард бахæрынæн æппæты карздæрæн ардтой Хуыцауы æмæ Зæххы нæмттæ, сомы бакæнынæн — тугæй æмæ зæрдæйæ хæстæгдæрты нæмттæ. Зæххы æмсæр лæууыд рæстаг ирон адæмæн хидгуысты сыгъдæг фæллæйтæй хойраг, цæхх æмæ кæрдзын, æмæ сæ сæрыстырæй æвдисæны дардтой ард хæргæйæ...

Кæй зæгъын æй хъæуы, фыдæлты заманты дæр адæймаджы монцтæ æмæ бæллицтæн кæрон нæ уыди. Уыдоны ахæсты раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, уарзт æмæ фыдæх, цин æмæ маст сæхи кæнонтыл хæцыдысты, æмæ æгæр хиуарзонтæ, фыдæхзæрдæтæ хордтой сæ мæгуыр удты тасы адæргæй мæнг ард, кодтой мæнг сомытæ. Уыйадыл æхсæнад дихтæй касти царды рæстаг хъæрмæ, фæлæ рæстæгтæ уыдысты дзæвгар фылдæр мæнгæрдтæй. Мæнг сомы чи бакодтаид, мæнгард чи бахордтаид, уыдоны иумæйаг фарны хъомыс фæсте сырдта ирон хæсау, æмæ дзы фæдфæливæн митæй нæдæр хи срастгæнæн уыди, нæдæр басусæггæнæн. Куыдфæстагмæ мæнгард хæрджытæ æмæ мæнг сомыгæнджытæ сæхиуыл цыдысты комдзог. Мæнгдингæнæгæн бæрæгбоны æртæ кæрдзыны уагыл не сфыхтысты, сыгъдтæ-хъулæттæ сты, уæд сæ мæнг сомыйы азарæй зæрдæмæ хаста æмæ уыцы дызæрдыджы катæйттæй цæугæйæ кæлгæ дæр фæкодтаид, исты дæр дзы асастаид, æмæ уыцы дызæрдыджы, æнæууæнчы фæлтæрæнтæ бæрæгæй зынынц ардхæрды, сомыгонды ныхæстыл.

 

Иумæйаг фиппаинаг. Уæлон дунейы цыдæриддæр ис фенынæн, байхъусынæн, банкъарынæн, уыдонæй æнæсæфгæ, æнæмæлгæ, æнæивгæ ницы зайы, æмæ адæймаг уыцы иумæйаг æрдзон уавæры домæнты йæхи дарын хъуамæ зона. Йæхи чи нæ уарзы, уый амæлæд, кæддæра чи амæлид, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, æмæ раст уыдысты. Алы адæймаг дæр фыццаг йæхи хъуамæ уарза æмæ нымайа бæрц зонгæйæ, бынат æмæ рæстæджы ахасты уавæртæ хынцгæйæ, стæй та — алыварсы цæрджыты. Йæхицæн аккаг аргъ чи кæны æхсæнадон уавæрты, уый æнæхъуаджы рæстаг лæджы тæригъæды нæ бацæудзæни, мæнг ард нæ бахæрдзæни. Царды уыцы æргом хъæр нæ рæстаг фыдæлтæ хорз æмбæрстой æмæ архайдтой æдзух рæстаудæнæй. Рæстаг лæг æвдисæны дардта Хуыцауы æмæ Зæххы йæ раст уды хъомысæй, æмæ рæстæгты тæригъæдтæ фидинаг уыдысты авд фæлтæры онг мæнгæрдтæн, рæстаг адæймæгты тæригъæды чи цыди, уыдонæн. Хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй, уарзтæй-фыдæхæй цыдæриддæр арæзтой алы адæмтæ, уыдон хаудтой æппæты фыццаг сæхимæ. Рæстаг адæмты тæригъæды чи цыди, уыдоны тæригъæд сæ фæдыл зылди фæстаджы бонмæ. Фыдылгъысты фыдылгъыст æййæфта, арфæйагыл æмбæлд Хуыцауы хорзæх.

Хуыцауæй дын ард хæрын, зæххæй — сомы.

Уæд мæ Хуыцауы фыдæх уæд, кæд исты мæнгæй зæгъын!

Ацы зæххы фыдæх мæ уæд, кæд исты æвзæрæй фехъуыстон!

Мæ мад, мæ фыдысдæн!

Мæ судзаг мæрдтысдæн!

Дзуары фыдæх мæ уæд, кæд зæрдиагæй нæ зæгъын!

Мæнгардыл мын æууæндыс?

Мæнгардæн йе ’ууæнк — йæ къæдзилы бын.

Мæнгард лæгыл æууæнкæй цæуы.

Мæнгард — мæрдтæм хуынхæссæг.

Мæнгардæй — мæнгсомыгæнæг.

Мæнгардæн мæнг ныхас зæгъын хъæл акъуырынæй — æнцондæр.

 

Уайдзæфы ныхæстæ. Ирон фарны хæрзтыл аудгæйæ хъуыстысты уайдзæфы цæстуарзон ныхæстæ дæр фæлтæрты астæу хистæр æмæ кæстæр, нæлгоймаг æмæ сылгоймаг, æрыгон æмæ карджын нымайгæйæ, бынат æмæ афон хынцгæйæ, æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады арæнтæ зæрдыл даргæйæ, æфсæрмаджы хæрзтæн нымд кæнгæйæ, æхсæнадон æфсармæн лæггæдты цæугæйæ, адæймаджы бартæ æмæ хæстæ æвдисæны даргæйæ.