ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ 3 страница

 

Æгъдауджын бинонтæй æнæуаг сывæллон нæ рацæудзæни.

Куырд куырдыл ахуыр кæны, сывæллæттæ — мад æмæ фыдыл.

Фыдгулы хæдзарæй æнæуаг сывæллон рацæуæд!

Сæгъæй сæныкк гуыры, фысæй — уæрыкк.

Цы тауинаг таут, уый æркæрдут.

Æнæрады, æгады цотæй æнæзæнæг — хуыздæр.

Сывæллоны галиу митыл куы ахуыр кæнай, уæд дзы æнæхъуаджы æппæл, æмæ æнцонæй дæ коммæ кæсдзæни.

Цы — хæдзары хистæрты æнæуаг, цы — сæ кæстæрты.

Ахæм æдзæлгъæд бинонтæ сты, æмæ кæрæдзимæ æнхъæлмæ кæсгæйæ бæрæгбонты дæр сæ артыл кувинаджы хардз афоныл не сфыцдзысты.

Уыдонæн æгъдауыл дзурын у бирæгъæн æмбисæндтæ хæссæгау.

Уый йæхæдæг бафсæдæд, æндæр æй бинонты мæт нæй.

Уыдон ахæм бинонтæ сты, æмæ сæрды аууæттæ агурынц, зымæджы — хъарм рæттæ.

Алы адæймагæн дæр йæ хорз зыны йæ хидарыны уагыл.

Хистæр æмæ дын кæстæр æгъдауыл хæдзары нæй, уæд сæ уынджы ма агур!

Фæлмæн къæрмæг — рыгтæсæрфæн, æмæ дæхицæн аргъ кæн бинонты астæу дæр, бынтон зæрдæзынд ма у!

Худ хæссынæн дæр фарн хъæуы, кæлмæрзæн хæссынæн дæр.

Цы — хæтаг сылгоймаджы уаг, цы — хæтаг нæлгоймаджы.

Уыдонæн сæ армæйдзаг бахæрынмæ нæ бæззы...

 

Тæхудиаджы, бæллиццаджы ныхæстæ. Хæлæджы цæстæй чи касти искæй хæрзтæм æмæ æнтыстытæм, уыдон рæстаг ирон æхсæнады кадджын нæ уыдысты. Хæлæг кодтой удæй мæгуыртæ, æдзæстуарзон адæймæгтæ. Хæлæджы хойраг бахæрынмæ нæ бæззыд. Бæллиццаджы æмæ тæхудиаджы цаутæ кæддæриддæр лæууыдысты ныхмæвæрдæй æдзæстуарзоны æмæ хæлæджы нысæнттæм, æмæ уымæн дзырдтой фыдæлтæ дывæлдахæй сæ хъуыдытæ.

 

Æдзæстуарзон искæй хæрзтæм, æнтыстытæм хæлæджы цæстæй кæсы, цæстуарзон та — тæхудиаджы цæстæй.

Цæстуарзон адæймаг хæлæг кæнын нæ зоны, æдзæстуарзон — тæхуды кæнын.

Тæхудыгæнæджы мад нæ куыдта, хæлæггæнæджы мад мæстджынæй йæ бонтæ æрвыста.

Тæхудиаг сты хæрзæгъдау сывæллæтты мад æмæ фыд, уыйбæрц хæрзтæм чи кæсы!

Куыстæгты цин æмæ фæллæйтты монцæн æмбал нæй тæхудиаджы равгæй, фæлæ удхъомысы сыгъдæгдæр хæрзтæ бæллиццагдæр сты.

Хуыцаумæ бирæ хæрзтæ ис кусæг-кувæг адæмæн, фæлæ æппæтæй тæхудиагдæр — сæрты сæрæгас æмæ удты æнæниз!

Тæхуды, æмæ — дæ къона, рæстæй цæрæг кусæг лæг!

Амондджын вæййынц мад æмæ фыд, сæ цоты маст-хæрам куынæ бавзарынц.

Тæхудиаджы куыстæгтæ æмæ бæллиццаджы фæллæйттæ æмдзу кæнынц.

Хæлæджы хойраг — тыппыргæнаг.

Хæлæджы хойраг — хæрæнхæлмаг.

Хæлæджы хойраджы бæркад нæй.

Хæлæггæнаг — дургом.

Хæлæггæнаг — комваст æмæ æрхæцаг.

 

Æдзух хорз æмæ æвзæр хатгæйæ дзырдтой сæ фæндæттæ:

 

Тæхудиаджы сывæллæттæ.

Тæхудиаджы бинонтæ.

Тæхудиаджы чындз. Тæхудиаджы æфсин.

Бæллиццаджы кæстæртæ. Бæллиццаджы хистæртæ.

Бæллиццаджы мыггаг. Бæллиццаджы хъæубæстæ.

Цыфæнды мæгуырæй дæр — бинонты цин! Иунæгæй халон дæр у мæгуыр...

ИРОН ХЪÆЗТЫТÆ

Куыд мидисæй, афтæ хуызæй дæр ирон фыдæлтыккон хъæзтытæ æнгом баст цыдысты афæдзы цыппар афоны æмæ куыстæгты хуызтимæ. Уыди иумæйаг хъæзтытæ нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæн гыццылæй стырмæ. Уыди сæрмагонд хъæзтытæ нæлгоймæгтæн æмæ сылгоймæгтæн, лæппутæ æмæ чызджытæн. Уыди хибарæй хъæзтытæ æфсæрмаджы уагыл куыд чызджытæн, афтæ лæппутæн дæр.

Сылгоймæгты хъæзтытæ. Сæрмагондæй сылгоймæгты хъæзтытæм хаудтой кыс-кысæй, тыччыйæ, херыйæ, донычызджытæй, къайæнæкъайæ, федтон — нæ федтонæй, уарзын — нæ уарзынæй, фæрдгуытæй æмæ дзыккутæй, дæснытæй æмæ куырысдзаутæй, уыци-уыцитæ æмæ базон-базонтæй, чындзытæй æмæ чызджытæй, æфсинтæ æмæ ходыгъдтæй, тынуафджытæй æмæ тынуафджытæй, хуымгæрдджытæ æмæ ссивджытæй, пирджытæ æмæ æлвисджытæй, фæзмæн æмæ мæстæймарæн кæфтытæй, хъарæггæнджытæ æмæ зарæггæнджыты хъæзтытæй. Æппæт куыстæгты хуызтæн дæр уыди фæзмæн хъæзтытæ æмæ кæфтытæ фæлхат кæнгæйæ.

Кыс-кысæй хъазыдысты æрыгондæр сылгоймæгтæ алы уавæрты: фосыл зилгæйæ, дон хæсгæйæ, уыгæрдæны ссивгæйæ, халсар тонгæйæ. Рауади-иу сæм ахæм ныхæстæ:

— Кыс-кыс, нæ хо, нæ чындз!

— Кыс кыс! Æмæ кæцæй дзурыс, кæцæй?! Æмæ кæм дæ кæм?!

— Мæнæ дæн, мæнæ — къæсæрæй дуары астæу, кауæй сисы æхсæн. Арв мæ сæрмæ, зæхх — мæ быны.

— Æмæ цытæ архайыс, цытæ?

— Уарзæттæ кæнын, мæйттæ агурын.

— Уæдæ бынтон æнæвдæлон куы дæ, бынтон.

— Омæ мæ фарсмæ æрбалæуу æмæ фенæвдæлон уай ды дæр.

— Гъемæ, кыс кыс!

Тыччытæй, дыччытæй хъазты уæлдай арæхстджындæрæй фидыдтой сылгоймæгты къухтæ. Алыхуызы лыстæг, тымбыл дойнаг дурты æвæрдтой бинаг нымæттыл æмæ сæ уæлæмæ æппаргæйæ ахстой иугæйттæй, дыгæйттæй, æртыгæйттæй куы армы тъæпæнæй, куы та йæ уæлармы тъæпæнæй. Иуæй дыууадæсмæ æнцон нæ уыди уыдон хæрдмæ æппарын æмæ ахсын куы иугæйттæй, куы къæйттæй æмæ фылдæртæй. Къухты арæхстимæ гыццыл чызджытæ ахуыр кодтой нымады хуызтыл. Æнæ фæкъуылымпыйæ, æнæ ферхæцгæйæ дыууадæс тыччыйæ чи арæхст хъазынмæ, ахæм сылгоймæгтæ дзæвгар уыди æмæ æмбылдтой бадзырды уагыл.

Херыйæ (хъеллауæй) хъазт. Херыгæнæнтæ, хъеллаугæнæнтæ арæзтой сывæллæттæн зымæг байбын агъуыстыты, сæрдыгон херы кодтой хъæдджын кæмтты бæлæстыл, стæй сæрмагонд хъæдын хъеллаугæнæнтыл хъазæн фæзты.

Донæй хъазт, донкалджытæй хъазт. Сыхы, хъæубæсты чызджытæ æмæ лæппутæ цыдысты сæрд халсар æмæ дыргъ тонынмæ æмæ хъазыдысты дыууæрдæм цæугæйæ донкалджытæй. Чызджытæй лæппуты астæу уыцы хъазт фидыдта æфсæрмаджы уагыл сыхаджы, хæстæджы, æмбалы баронæй. Донбылты цæугæйæ, суадæтты сæрты хизгæйæ сæ къухтæ ахсадтаиккой, армытъæпæнтæй дон анызтаиккой, стæй лæппу лæппуйыл бакалдтаид дон, чызг — чызгыл, æмæ сабыргай хъазыныл фæуыдаиккой кæрæдзийыл дон пырх кæнгæйæ. Æгæр баруагъдæй чи архайдтаид, уый æмхуызонæй доны арфы баудæстаиккой. Доны удæсты-иу фесты ног чындзытæ æмæ ног сиæхстæ дæр...

Къай-æнæкъайæ хъазт. Уыд æмбулæджы хъазт. Армытъæпæны æмбæхстой истытæ куы къæйттæй, куы æнæкъæйттæй, æмæ кæд базонай, уæд, бадзырды цал уой, уал хорзæхы рамбылдтай, науæд дæхæдæг уал ратт. Лæвæрдтой цæкуытæ, æхсæртæ, æнгузтæ, фæрдгуытæ.

Федтон — нæ федтоны хъазт. Ацы хъазт сывæллæтты ахуыр кодта зæрдæргъæвд æмæ къæрцхъусыл, цырддзаст æмæ æрхъуыдыджыныл. Хъазты иу къорд фарстой, иннæ къорд дзуапп лæвæрдтой. Зæгъæм, иу къорд фæрсы: «Карк æфтауæн агургæйæ куыд фæуасы, фæхъуыдатт кæны, уый чи фехъуыста?», «Æз», зæгъгæ, чи фæраздæр уыдаид, уымæн æй афæзмын кодтаиккой.

Уарзын æмæ нæ уарзынæй хъазт. Чызджытæ дидинджыты, кæрдæджыты æртыгай сыфтæ иугай тонгæйæ хъазыдысты уарзон лæппуты нæмттæ хинымæры дзургæйæ, æмæ фылдæр чердæм амыдта нымад, ууыл æу у æн дыдысты.

Донычызджытæй хъазт. Донычызджытæ хуыдтой халсасчъы дидинджыты. Фæзындысты-иу уымæл каурæбынты, донгæрæтты, суадæтты былтыл сæрды æмбисæй фæстæмæ. Ацы дидинджытæ æцæгæйдæр сты чындздзон чызджыты æнгæстæ сæ хъулон-мулон къабаты. Доны зилæнмæ сæ æппарыс, уæд дзы нæ ныгъуылынц, кафынц дымст фæдджитыл лæугæйæ йæ уылæнты къæбæлдзыг фынчытимæ.

Фæрдгуытæй æмæ дзыккутæй хъазт. Гагадыргъты рæгъæд афон гыццыл чызджытæ хæлттыл ластой. Хъазыдысты сæ фæрдгуытау хъуыртыл дарджытæй. Алыхуызы дидинджытæй быдтой даргъ дзыккутæ æмæ сæ сæрыхъуынтыл бастæй уагътой уæхсчыты сæрты риутыл, афтæмæй кафыдысты, зарыдысты, симдтой.

Дæснытæй, куырысдзаутæй хъазт. Дæснытыл, моллотыл, сауджынтыл ирон адæм тынг не ’ууæндыдысты, уымæн æмæ фылдæр фæлывдæй архайдтой адæмимæ. Сæ митæ фæзмгæйæ баззад бирæ хъæзтытæ фæзмыны хуызты, худæджы уагыл. Ахæм хъæзтытæй хъазыдысты фылдæр рæзгæ сабитæ мæйрухс æмæ мæйдар æхсæвты. Дæснытæ æмæ куырысдзаутæн уыди иу афон — зæдыхæйттæ æмæ хæйрæджыхæйттимæ дзурæн, тæрхонгæнæн рæстæг, æмæ уæд дзæгъæл цыдысты, адæмы ныхасмæ нæ хъуыстой, суртæ кодтой, мæйрухсмæ кафыдысты, стæй уæд боны адæмæн дзырдтой «диссæгтæ».

Æнæзæгъинæгты — зинты, дæлимонты, каджиты, иблисты, хæйрæджыты хуызы-иу бацыдысты чызджытæ æмæ лæппутæ къордæй, сæ астæу сурæй-дæргъæй лæууыдаид дæсны — куырысдзау æмæ хъуыста уыцы æнæзмæлгæйæ дæлзæйхæгты амындмæ, зарджытæм, къæхты хъæр æмæ къухты рог æмдзæгъдмæ. Йæ зæрдæ æмуд куы æрцыдаид, уæд, сабыргай цалынмæ стадаид, уæдмæ æнæзæгъинæгтæ фæтары уыдаиккой.

Дæсныфæрсæг сылгоймæгты сæ дзæгъæлцæуын афон хуыдтой куырысдзаутæ, ома куырысмæ цæуджытæ. Куырыс та у нæлгоймаг хæйрæджыхай сылгоймагæн æмæ зилы йæ фæдыл куыры хуызы. Куыр — богъ, цæу, фыр.

Куырыстæ-хæйрæджытæ сæ фæдыл тынгдæр сайдтой коммæгæсæй чындздзон чызджытæ æмæ ног чындзыты, афтæмæй-иу сæ рауад хæйрæджджынтæ, куырысдзаутæ, мæйрухсмæкафджытæ. Уымæн баззад æгъдау дæр: изæрдалынгты чындздзон чызджыты æмæ ног чындзыты иунæгæй нæдæр донмæ уагътой, нæдæр куыроймæ, семæ æмбалæн цыдысты лæппутæ, лæгтæ.

Уыци-уыцитæ æмæ базон-базонтæ. Ацы хъæзтыты мидис цыбырæй уыди вазыгджын æмæ амыдта царды æппæт къабæзтæм. Хуры хъарм тынтæй уæлдай нæ уыдысты, кæдæм нæ баххæссыдаид æргомæй сæ комулæфт, уым аууонæй аззадаид. Æмæ дзы цы ’мбæхст уыди, уый рахатынæн хъуыди зонд, æрхъуыды.

Уыци-уыцитæ æмæ базон-базонтæ уæлдай æхсызгондæр уыдысты сабитæн, æмæ сæ хъазыдысты зæрдиагæй. Фæлæ хистæр фæлтæрты минæвæрттимæ хъазгæйæ хуыздæр фидыдтой. Уæлдайдæр — изæрыгæтты æмæ улæфты рæстæг.

Нæ хæргæ кæны, нæ даргæ, афтæмæй æппæтæй — цымыдисдæр æмæ æнæфсисдæр (цæст).

Нæдæр ын цæстытæ и, нæдæр хъустæ, къæхтæ æмæ къухтæ, афтæмæй æнæрынцойæ хъусы æмæ кæсы, цæуы æмæ кусы (зæрдæ).

Æрæгвæззæджы бæрзонд рæгътæй арф кæмттæм æрцæйхъуызы, уалдзæджы та ныллæг кæмттæй лидзын байдайы бæрзонд рæгътæм (мит).

Райсомæй цæгатмæ лидзы, изæрæй — хуссармæ (хуры аууон).

Æхсæвæй-бонæй зилы, хæры æмæ æууилы, уæддæр æфсис нæ зоны (куырой).

Зымæг — бæгънæг, сæрд — фæлыст (бæлас).

Иу уæладзыгæн — иунæг дуар æмæ æхсæз рудзынджы (сæр).

Хъуынджын лæгыл — хъуынджын кæрц (арс).

Нæлгоймæгты хъæзтытæ. Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй фыдæлтæ царды æппæт хæрзтæм кастысты бæрцы æмæ æууæнчы, рæстæг æмæ бынаты, амал æмæ уавæрты цæстæй. Алцыппæт дæр — бæрноны, сæрибары уагыл. Æбæрнæй, уæгъдибарæй сын фосы хизын дæр хаста зæрдæхудт æмæ маст.

Мæ заманмæ дæр ма уыцы фæтк æрæххæссыд, æмæ арæх хъуыстон æмбаргæ хистæртæй: «Уæ рынтæ бахæрон, куыстытæ дæр зæрдæрухсæн, удæнцойæн сты æмæ хъæзтытæ дæр. Хъазынæй ма æхсызгондæр цы уа, фæлæ бæрц, бынат æмæ афон зонгæйæ. Сыхбæсты зиан куы вæййы, уæд йæ сывæллæттæ хъуамæ гаккырисæй ма хъазой. Æфсарм иу æфсарм у æмæ алкæмæ дæр хауы сыхбæсты, хъæубæсты. Æнæгъдауæй, æнæфсармæй хъæзтытæ мастыхос сты, мæ хуртæ...»

Хъæзтытæн, ахæм æгъдауæй кæсгæйæ, фæрнджын сыхты, хъæуты сывæллæттæ зыдтой афон, бынат, бæрц æмæ æгъдау. Сабырæй хъазыдысты бæстыхæйтты мидæг, тыргъты, хъæуты астæуы уынгты, уæлхæдзæртты, хъæрæй — фæсхъæу фæзты, фæндæгтыл, къуыбыртыл.

Хæдзарæй æнæуаджы, æнæгъдауы цъæлхъæр райхъуысын кæд худинагыл нымадтой, уæд сыхбæсты, хъæубæсты сывæллæтты, фæсивæды хъомпал ололи æмæ цъæхахст та уыдысты фидиссаг.

Хъæл æмæ лæдзæгæй хъæзтытæ. Хъазыдысты хъæл æмæ лæдзæгæй нæлгоймæгты æппæт карты фæлтæртæ искуы иугай зæрæдтæй фæстæмæ. Хъазт фидыдта сауыл — уалдзæджы цъæхæй фæззæджы хъарм бонтæм. Хъазыдысты нæухæст фæзты, хуымты уалдзæг сæ бакæныны размæ, фæззæг фæллой бафснайыны фæстæ. Хъæл æмæ лæдзæгæй фосы ривæдафон хъазыдысты уæлыгæстæ, фыййæуттæ дæр райдзаст хурбонты. Хъазты уаг цыди æмбулджытæй, иуæй-иумæ кæнæ дыгай æмæ фылдæр къæйттæй.

Хъазæн лæдзджытæ сывæллæттæн арæзтой цыбырдæр æмæ лыстæгдæр уистæй, хъомыл лæппутæн та даргъдæр æмæ ставддæртæй — телыгтæй. Хъæлты арæзт дæр уыди лæдзджытæмгæсгæ цыбырдæртæ æмæ даргъдæртæ, цæхгæрлыгтæ æмæ иуæрдæмы кæнæ дыууæрдæмы гудатæ.

Хъæлæй хъазтæн дардтой арæн — ивар, уым кæнæ æвæрдтой цыппæрдигъон дур бæрæгдæрæн, кæнæ дзы сагътой хъæлæвæрæн хъил дыууæ адыли бæрзæндæнæй.

Хъазты ныхмæвæрд къордтæй иу уыди къуырæг, иннæ — ахсæг, æппарæг, судзæг. Æппарæг къорд цырд лæууыдысты æмæ хъæл ахстой къухæй, науæд худæй, судзгæ та йæ кодтой пыхсджын уистæй. Мæнæ хъæл къуыргæ-къуырын нæдæр ахсгæ æркодтой, нæдæр судзгæ, уæд æй æппарын хъуыди арæнмæ — ивары дурмæ, æмæ, кæд ивары хаххы мидзылды абадтаид æнæ фæстæмæ ракъуыргæйæ, уæд — сыгъд, æмбылд. Кæд хъазæг æппарæн хъæлы фæстæмæ ныкъкъуырдтаид æппаргæ-æппарын, уæд, кæдæм фесхъиудтаид, уырдыгæй телыгæй-лæдзæгæй нымадтой арæны хахмæ. Ахæм нымадæн уыди кæрон-бæрц бадзырдмæ гæсгæ. Уыцы бæрцмæ куы схæццæ уыдаид лæдзæгæй нымад къорды æмбæлттæн, уæд амбылдтой. Кæд сæ æппарæг къорд иугай басыгътаиккой, уæд та къуырæг къорды уæнгтæ æрлæууыдаиккой ахсджыты-æппарджыты бынаты. Уыцы уагыл хъазт куы цыбыр хаста, куы дæргъвæтин. Фæлæ, амбулгæйæ ныхасгонд цæуыл уыдысты, уый уыди хъазты дыккаг хай уæлдай диссагдæрæн. Хъуамæ бадзырдтаиккой æккойæ хæсджытыл, уымæй дæр хъазты уагыл хъæргæнгæйæ.

Хъæргæнгæйæ æккойæ хæсджыты хъазт хуыдтой лекко, куыд хъæр кодтой, уый номæй. Ацы хъазты чи фембылды уыдаид, уыдонæн се ’ккойæ хæссæнвæндаг кæнæ бæрæг цыбырдæр рауадаид, кæнæ бæрæг даргъдæр, амбулæг къорд куыд сарæхстаид, уымæгæсгæ. Чи амбылдтаид, уыцы къорды уæнгтæй алчидæр арæны разæй хъæл къуырдта фондз хуызæн, æртæ хатты. Уыцы уавæры-иу дæсны хъазджытæн хъазт арæнæй адард дзæвгар дæрддзæфмæ. Уым бадзырдмæ гæсгæ сбадтаиккой иннæты æккæйтты. Æккæйтты бадтысты ас æмæ кар хынцгæйæ: лæмæгъдæртыл — рогдæртæ, хъæддыхдæртыл — уæззаудæртæ. Æккойæ хæссæг къорды згъорагдæр æмæ фæразондæр уади разæй лекко хъæргæнгæйæ æмæ, кæдæм бафæрæзтаид æнæ ферхæцгæйæ, уырдæм йæ фæдыл иннæ æмбæлттæ дæр хастой сæ «уæргътæ», стæй уым æрлæууыдаиккой æмæ та, леккогæнæгыл чи бадти, уый «уæлбæхæй» æртæ хатты иунæг къухæй фæстæрдæм къуырдта хъæл. Цас ын бантыстаид фæстæмæ ракъуырын, уыйас та раздæхтаиккой хæсджытæ, æмæ ногæй — лекко.

Æнæ æрулæфгæйæ, ферхæцгæйæ лекко хъæр кæнын бирæ нæ фæрæзта хъазæг згъоргæйæ, æккойæ хæсгæйæ, æмæ-иу тынг дæргъвæтин хаста хъазт. Арæнмæ куы бауыдаид сæ бон, уæд хъæл къуырдтой уыдон, науæд сæ фæллады уæлдай — худинаг, дзырддаг. Бирæ хæттыты æрдæгвæндагыл бафæлладаиккой, аппæрстаиккой уæлгоммæтæй сæхи нæууыл, æмæ худынимæ — мæстæймарæн ныхæстæ.

Леккойæ, æз цас æрæййæфтон уымæй, фылдæр хъазыдысты Къуыдаргомы æмæ Туалгомы фæсивæд.

Гудайæ хъазт. Гуда у цыбыр, лæдзæджы стæвдæн хъæл. Цæхгæрмæ йын йæ кæрæттæ кæнæ иуæрдыгæй цыргъ кодтой, кæнæ дыууæрдыгæй. Кæнæ зæххы æмбуар тулгæйæ уæлæмæ æппæрстой гудайы лæдзæджы цуркамад кæронæй, кæнæ мæнггæрæтты бынмæ цæвгæйæ фесхъиудтаид хæрдмæ. Уыцы схъиуæггагæй, хæрдмæ æппарæггагæй пайда кодта лæдзæгджын æмæ йæ уæхскуæзæй къуырдта алырдæмыты.

Гудайæ хъазынæн агуырдтой фæзуат бынæттæ хъæугæрæтты сæрвæтты. Хъæлæн тæссаг уыди алырдæмыты къуыргæйæ искæуыл сæмбæлынæй. Йæ арæн — зиллакк хахх, хаххы астæу дзыхъхъ, æмæ «судзджытæ» — ахсджытæ, æппарджытæ хъавыдысты гудайæ уыцы дзыхъмæ. Уым куы ныххаудтаид, уæд гуда къуырдта йæ баппарæг.

Арæхстджынæй рæвдз хъазын хъуыди гудайæ, æмæ æнæсæрæнтæм къуырды бар дæр нæ хаудта бирæ хæттыты.

Гæрныйæ хъазт. Хъазыдысты фæзты, нæудзæртты. Къахтой дзыхъхъ чысыл цуайнаджы фæтæнæй, æрфæнæй. Уыцы дзыхъхъы алыварс къахдзæфы дæрддзæфæй кодтой æмдымбыл хахх, хаххыл та — къахæвæрæн чысыл дзыхъхъытæ. Уыцы къахæвæрæн дзыхъхъытыл хъазты лæппутæ æдлæдзджытæ лæууыдысты галиу зæвæттæй æмæ хъаггæдтой гæрныйы, къонайы астæуартау, фыдæлты стыр хæзнайау æддагон лæбурæгæй — хъæл æппарæгæй.

Хъазтæн ис иу амидингæнæг — амонæг. Уый фыццаг хъæл ныппары гæрныйы æмæ йæ уырдыгæй, лæдзæджы бырынкъыл фелвасгæйæ, иуварс акъуыры, уым та цырд лæууы æппарæг æмæ йæ кæнæ ахсгæ ракæны, кæнæ йæ баппары гæрнымæ. Гæрныйы ныххаудта хъæл, уæд тымбыл зиллаччы лæппутæ, галиумæ зилгæйæ, кæрæдзийы бынæттæ ахсынц. Уыцы уысм хъæлæппарæг хъавы искæй бынаты йæ къах авæрынмæ. Сарæхсти, уæд æнæ бынатæй чи аззайа, уый — æппарæг.

Гæрныйæ хъазт домы арæхстимæ рæвдз лæууын, цырд кæсын, стæй иугæндзоны хиуылхæст æмæ æнæхæрам. Мæнæ хæрæмттæ кæныс, уæд дæ бынаты хъазтхалæджы номæй æндæр алæууыд. Масты фæдыл цæуыс, уæд хъæлæппарæгæй баззадтæ.

Æмбæхсджытæй хъазт. Æмбæхсджытæй хъазыдысты æвдæлон афон сæрдæй, зымæгæй. Уæлдай хуыздæр фидыдтой ацы хъæзтытæ алыхуызы карты минæвæртты астæу, уымæн.æмæ куыдхистæрæй, æмбаргæдæрæй зыдтой хъазты уагæвæрд йæ бирæ цымыдисаг ныхæстимæ. Сывæллон бамбæхсти, уæд амонæг дзырдта:

«Гъыгъы, уæдæ, гъыгъы! Æмæ, зæгъыс, бамбæхстæ? Цымæ цы ран, чердыгæй? — агуры йæ, сабыргай цæугæйæ. — Фæсдуары дæр куынæ и, гайлайы дæр нæ зыны. Уæрммæ, мыййаг, ныххызти? Диссаг æмæ æмбисонд, нæ арвыл и, нæ зæххыл... Уæууи, кæм дæ, цы фæдæ?! Авд æфцæгыл кæд ахызт, уæд мæ хъæуы æмбæлттæ. Цæллаг рувас — хъуызынæн, бирæгъ — дардмæ кæсынæн, хъуынджын арс та — хæссынæн, бæндæн — къухтæ бæттынæн, фæрæт — уистæ цæгъдынæн...»