ЗÆХХЫ ÆМÆ ФОСЫ КУЫСТ 2 страница

Мусы наййаг хоры куыристæ æвæрдтой æнгом, хæлдтой сын сæ бæттæнтæ. Наййаг стуртæн иу лæппу уыди сæрбосыл хæцæг, иннæ — уисæй скъæрæг, æртыккаг — фæсуадзы къæрта хæссæг стурты æхсæдæнтæм бадарынæн. Фæсуадзы æхсæдæнгæрзтæ быдтой лыстæг уисæй дæр æмæ сæ бынты æвæрдтой асдæрды хос, кæрдæг, хъæмп. Наййаг хорыл фосы æхсæдæнтæ æркалдысты, уæд уыцы бынæтты куыристы æппæрстой иуварсмæ.

Наййаг стуртæн сыгъдæгдæры тыххæй лæвæрдтой холлаг æмæ дон фæскуыст, фæлæ сын хоры æфсиртæм æнæ февналгæ кæм уыди, æмæ сыл бастой цъуттатæ мæцъæй, гæнæй, гæрзæй.

Наййаг стурты сæрбосыл хæцæг æмæ уисæй скъæрæг лæппутæ куыннæ фæлладаиккой иугъæдоны цырддзастæй, къæрцхъусæй архайгæйæ, фæлæ быхсыдтой хистæрты аудæны куыстмæ кæсгæйæ. Чи сагойæ архайдта,чи — халамæрзæнæй, чи — уисойæ, афтæмæй стуртæ астæуы цæджындзы алыварс зылдысты дзæвгар рæстæг æмæ сæ къæхты бын цъæл кодтой хоры æвзартæ. Хоры куыристы бæзджын æфтыд цалдæр фæлдæхты фæуыдаид сагойæ, цъæлгонд æфсирты нæмгуытæ азгъæлдаиккой, фæлмæн хъæмп къæхты бын сыр-сырæй змæлыдаид, уæддæр наййаг стуртæ зылдысты цæджындзы алыварс æмæ куыннæ фæлладаиккой? Фæлæ æппæтæй зындæр уыди сабыр коммæгæс хъуццæгæн. Уымæн цæджындзы алыварс æмдымбылæй зилгæйæ сæр æндзыг кодта, цæстытæ — тартæ. Куы-иу суæгъд, уæддæр æмраст цæуынмæ нал арæхст цудтытæгæнгæ.

Фæлмæн найгонд хъæмпыл къуыллиццытæй æхсызгондæр цы уыди цумахъом лæппутæн, æмæ уыдонмæ кæсгæйæ хъуысти хистæрты хъæлдзæг хъæлæс:

— Гъе, мæ хуртæ, гъе! Райгонд куыстæгтæ — фæллад сафæн, æхсызгоны фæллæйттæ — зæрдæлæууæн, æмæ хъæзтытæ дæр сфидауынц. Æниу мах куы уаиккам уæ кары.

— Уæ кары æмæ уæ рады гомсæртæ, бæгъæмвæдтæй,— æрлæууыдысты-иу хистæрты зæрдыл сабийы бонтæ, æмæ арфæтæ хъуыстысты рагагъоммæйы хорырзады цинæй:

— Уæдмæ, нæ хур акæнат, фыццаг кæрийæ — æссинаг.

— Æссинагæй — хоры сæры куывд.

— Куывды адджындæр хæйттæ — æнæзивæгдæр кæстæрты.

— Ныр та уал, уæ хорз хорз у, æмæ æххæст фæллад наййæгты хизæнмæ баздахут...

Хоры кæри сыгъдæггæнæн куыстытæ. Хоры æфтыд бæстон найгонд æрцыди, уæд йæ хъæмп цагътой сагæйттæй æмæ дзы мусы кæрон амадтой мæкъуыл. Халамæрзæнæй æмбырд кодтой зыгуымы муртæ иу ранмæ, стæй бæрзын фæлмæн уисойæ сæрфтой хоры нæмгуыты æдсыгтæ мусы астæумæ. Кæрийы дымгæмæ дарынæн уыди сæрмагонд дзаумæттæ: хъæдын рог къуырф фыййæгтæ, лыстæг уисæй быд кæфойтæ æмæ луарæнзилæн сыхырнатæ. Хъæдын фыййæгтæй архайдтой лæгтæ, кæфойтæ æмæ сыхырнатæй — сылгоймæгтæ, афтæмæй фæд-фæдыл хоры кæри дымгæмæ дардтой фыццаг фыййæгтæй, стæй кæфойтæй æмæ сыхырнатæй. Дымгæ улæфыдаид æви нæ, уæддæр хистæр нæлгоймаг фыййагыл хæцгæйæ куывта Хуыцаумæ, ардта Хоры Уациллайы ном, хатыртæ куырдта æрвнæрды æмæ тыхдымгæты бардуæгтæй, сидти рæгъты фæлмæн уахъæз æмæ рог Галæгонмæ, цæмæй аудæнæй раулæфой бæрзондæй ныллæгмæ. Дымгæ ничердыгæй змæлы, уæд хоры дымгæмæдарæг аив хъæлæсæй базарыдаид:

 

Уæдæй нырмæ Куырдалæгон

Æндон цæгъды йæ куырдадзы,

Уæд ма кæм и нæ Галæгон,—

Кæм бафæстиат, кæм афынæй?!

 

Куыдфæнды æхсызгонæй ма улæфыдаид Галæгон, цасфæнды ма кафыдаид рæгътыл Уахъæз, уæддæр мусы хоры кæритæ ссыгъдæг кæнынæн хъуыди кусæнгарзы рæвдзимæ армы дæсныйад, куысты фæлтæрдад, æмæ уыдонæй æмхуызон æххæст кæм уыдаиккой фыдæлтæ. Уыйадыл уыди кæри дымгæмæ сдарынæн, ссыгъдæг кæнынæн уæлдай дæсныдæртæ сылгоймагæй нæлгоймагмæ, æмæ кæстæртæ уыдоныл ахуыр кодтой иугъæдоны фæзминагæй, бæллиццагæй.

Цыхауигæнæн сыхырнатæ уыдысты æртæ хуызы: иутæ — зыхъырдæр, иннæтæ — æнгомдæртæ быны асдæрдæй. Зилгæ-луаргæйæ хоры рыг згъæлд бынмæ, сыгтæ æмæ цъæмæлтæ рогдæрæн æмбырд кодтой уæлцъармæ, стæй — кæрæттæм, æмæ сæ армæй иуварсмæ калдтой. Кæрийы сыгъдæг хор фæхицæн, уæд æй къæссаты барстæй æфснайдтой къутуты, хордæтты, гонты. Цъæмæлты æфснайдтой хибарæй, зыгуымы хастой тæсчъыты холлагдоны зыгуымдонмæ. Уыцы уагыл хорты куыристæй ницы сæфти уæгъды, дзæгъæлы æппæрстæй. Хъæмп æмæ зыгуым — фосы холлаг, цъæмæлтæ — хуытæ æмæ кæрчытæн хæринаг...

Хорыссыны фæтк æмæ уаг. Хорыссæн рæстæгыл нымадтой нæ фыдæлтæ дыууæ бæрæг афоны: иу — фæснайгæнæнты, иннæ — уалдзæджы райдайæны, Куадзæны размæ бонты. Фæззæджы æрыссыны размæ хорты хицæн мыггæгты æхсадтой донгуырæнты, стæй сæ хурмæ хус кодтой сæрмагонд хуртуæтты бинаг нымæттыл. Æнæ ныхсгæйæ, æнæ бæстон хусгондæй ыссинаг куыройыл нæ бавгæдтаиккой, уыйас сыгъдæг кодтой хойраджы куыстытæ, уæлдайдæр бæрæгбæтты кувинæгты цъайрагæн.

Хорты сæртæй ирон фæрнджын бинонтæ, хъæубæстæ ардтой зæдты, дзуæртты нæмттæ, хæлар кодтой хойраг æмæ нозт ног æмæ зæронд мæрдтæн. Уыцы уавæрты æваст февнæлдæй мидгай-тæпгай дæр ыссадтой хорты сæртæй, фæлæ афæдзваг хор бæстон нымадæй фыццаг цыди мустæй хордæттæм, стæй — куырæйттæм, уырдыгæй здæхти фæстæмæ хордæттæм. Конд хойраджы фæндаг дæр хаста дæргъвæтин: хордонæй — арынгмæ, арынгæй — пецмæ, стæй — фынгмæ.

Куыдфæндыйæ чи ыссадта мыдгай, тæпгай, ахæм æнæуаг, æнæгъдау бинонтæ фыдæлты заманты дæр куыннæ уыдаид. Фæлæ æгъдауылхæст ирон фæрнджын бинонты æфсинæн нымад уыдысты боны, къуырийы, мæйы æмæ афæдзы хæрдзтæ хорырцыдæй. Фæстауæрцæй архайдтой хæдзары нæлгоймаг хистæр æмæ сылгоймаг æфсин афæдзы хосыконд æмæ хорыкондимæ. Æссады хуызтæн дæр хордæтты уыди хицæн цæстытæ. Æссадæн хъæуы хус бынат, уымæлы кæны æсмæры тæф, æмæ йæ хойраг вæййы маст. Уыйадыл æссады цæстгай тъыстой хус бæрзы уæхстытæ, нурыйы дæндæгтæ, æндон æфсæйнаджы цыргъæгтæ.

Хор куыройыл бавгæнынæн бирæ æрхъуыды нæ хъæуы, фæлæ йе ’рыссыны уаг æмæ фæтк уыдысты вазыгджын. Куыройы арæзт æмæ хицæн хæйттыл дзырдтам, фæлæ йæ алы хайæн дæр бæстон лæггад кæй хъуыди, уымæн æвдисæны цыдысты хорыссады алы хуызтæ. Æнæ куыройы фыдты ныссыгъдæгæй алы хорты хуызты фæд-фæдыл чи ыссадта, уыдоны хойраг уыди бæрæг тардæрæй æнаддæр. Гæркъæраджы баздухынмæ чи нæ арæхсти, уыдонæн куыройы фыдтæ кæнæ æгæр лæгъз ыссадтой хоры нæмгуыты, кæнæ æгæр дæрзæг. Æруадзæны æмæ æсхæцæны мадзæлттæм чи нæ арæхсти, уыдонæн куыройы æргъæсчъы сусæг митæ ницы давтой, æмæ хоры нæмгуытæ æнæхъæнæй донмæ ызгъæлдысты. Зад æрыссадта куырой, уæд уыди бæстон базилинаг æндæр ыссинаг бав гæныны размæ.

Зад æфтауыны фæтк. Зад скæнынæн хъуыди æххæст, цæттæ, æнæ исты сахъат хорты мыггæгтæ: хъæбæрхоры æмæ мæнæуы, хылепайы æмæ нартхоры æртыгай хуызтæ. Уыдонæй хибæрттæй кодтой зад. Задаг хоры æхсадтой сыгъдæг хъарм доны, стæй йæ æмбырдæй-æнгомæй æвæрдтой хъæдын арынджы, æмбæрзтой йæ хъæмпæй, фæсалæй, хосæй. Уæле сыл хъармдæрæн тыдтой бинаг нымæттæ, уыдоныл æвæрдтой уæззаудæрæн суджы къодæхтæ. Уыцы уавæры хор билцъ æфтыдта æртæ-цыппар бонмæ, æмæ йæ ног æвзардзыдæй хус кодтой хурмæ кæнæ искуы хъармдæр ран. Бахус, йе ’взар азгъæлд, уæд æй дардтой дымгæмæ, стæй бæззыд ыссынæн. Зад куыд нæмыгæй, афтæ æссадæй дæр лæууыд хордоны дзæвгар рæстæг бæстон æфснайдæй.

Афæдзы дæргъы ирон хæдзары задæн бирæ хор хъуыди кæм бæгæны æмæ къуымæлæн, кæм та задынтæн. Уыцы иугæндзонæй фæззæг дыууææртæ голладжы æвзæрст хортæй зад чи кодта, уыцы хæдзæрттæ уыдысты бæрæг æдыхстдæр, мыдгай-тæпгай чи фыхта, уыдонæй.

Хорты хуызтæй фыцгæтæ кæныны уаг. Зад скæныны фæстæ ирон хæдзары мæтаг уыдысты хорты фыцгæтæ. Дзæрнатæ фыхтой сфæлмæны, апырхы онг нартхор æмæ хъæбæрхорæй, мæнæу æмæ хылепайæ, сысджы æмæ тымбыл хъæдурæй. Фæлæ уыдонæй æрдæгфых кодтой быламыхъ æмæ къæлуайæн. Æрдæгфых хорты хус кодтой, стæй сæ хибæрттæй ссадтой куыройыл, æмæ уыцы ссадæй кодтой къæлуа, быламыхъ. Къæлуа кодтой, ызмæстой хъарм фыхдоныл хъæбæр цыхты лыстæг хафæнтимæ, быламыхъ та — къуымæлы, сылыйы, хуырхы змæстой.

Къæлуайаг куы ссадтаид куырой, уæд йæ адджын хусысмаг гас комыл æнхъæвзта, æмæ йæм комыдæттæ уадысты фырмондагæй. Афтæмæй Къоста ирон хæринæгты астæу тынг бафаудта хорты фыцгæтæй конд задыны, хомысы, быламыхъы йæ æмбисонд «Булкъ æмæ мыд»-ы:

 

Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! —

Уазæг дæр сæ буц у,

Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, —

’Гайтма дæ хæрынц, — ныхъхъус у!

 

Æмбисæндтæй иутæ царды хъæрмæ амонынц комкоммæ номæй дзургæйæ, иннæтæ та — фæсномыгæй, фæлхатæгæй дзургæйæ, æмæ куыдфæнды ма уæд, уæддæр æнæ царды рæстаг хъæрæй аивадæн уæвæн нæй. Адæймаджы буары рæзт æмæ хъомысæн физонæджы, хæбизджыны фаг хæрд ракодта стыр зынтæ æмæ фыдтæ. Задын, хомыс, быламыхъ та уыдысты æмæ абон дæр сты адæймаджы буары рæзтæн æвдадзы хостæ, фæлæ сæ аразын дæр ничиуал зоны. Иугæр зондджын Къоста афтæ фыста, уæд æнæмæтæй, æнæрхъуыдыйæ цæрæг абоны ирæттæн уый амындмæ цæй æнæ байхъусгæ уыди, æмæ стыр лæгæн йæ рæдыдтæ дæр стыртæ вæййынц, æгæргæнæг та куыдфæстагмæ æгæр кæны бындары бынхорау. Алцæмæн дæр ис бæрц, рæстæг æмæ бынат стыр нымадæй. Нæ рæстæйцæрæг фыдæлтæ исбакусæг, исзæххытæй мæгуыры къæбæртæ никуы хордтой. Чи куыста, уымæн хæхбæсты кадавар хуымтæ стыр бæркæдтæ лæвæрдтой, æмæ уыцы диссаджы уавæр цыбырæй бафиппайдта Къоста æмдзæвгæ «Фæззæджы»:

 

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы...

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы!..

 

Афтæмæй «Мæгуыры зарæджы» тæригъæддагæй равдыста бынтон мæгуыр ирæтты:

 

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ

Царæй фæныкмæ тæдзынц,

Махмæ та хæлынбыттыртæ

Цары ахстæттæ кæнынц...

 

Иугай мæгуырты тыххæй ис афтæ хъуыды кæнæн, фæлæ æппæт мæгуырты цардыуаг уыди дзæвгар вазыгджындæр, мидисджындæр. Хæлынбыттыртæ раджы дæр æмæ ныр дæр ахстæттæ кæнынц мæгуырты цæртты нæ, фæлæ аууондæр бынæтты. Уæдæ, рог уæлмонц ныхæстæ куынæ кæнæм дзыхарæхстæй, уæд ирон биноныг хæдзæрттæй фылдæр цæхджынтæ ауыгъд никæй аххæрджытыл уыди рагзаманты. Цæхджынтимæ — нывондæгты сдад фиутæ. Фæрнджын ирон бинонтæ къæбицты сыгъдæгдæрæн æвæрдтой цыхтыты хæндыгтæ, царвы хъуырæуттæ, цъымилийы мигæнæнтæ, булчъытæ æмæ цæхæратæн, картофтæ æмæ уырыдзытæн та къахтой уæрмытæ æвæрынæн æмæ сæ тыгуыр æмбæрзт сæрты уагътой тæфдзонтæ сыгъдæг уæлдæфæн.

Æгæргæнæг æгæр кæны, зæгъгæ, амыдтой нæ куырыхон фыдæлтæ, æмæ сæм алы рæстæджы ирон фæлтæртæн дæр фæхъæуы лæмбынæг хъусын, стæй хидвæллойы бæркæдтæй Хуыцау æмæ зæдты æвдисæны дарын. Æндæр, хуылыдз æвзаг чердæмыты нæ тасы, уæлдайдæр магусатæ æмæ цæлуарзджытæн!..

Хосы куысты уаг æмæ фæтк. Хор æмæ хос фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты. Хоры æмæ хосы бæркæдтæй цардысты адæм, æмæ сæ куыстæгтæ афæдзы цыппар афоныл æфтыдæй кæрæдзийы æййæфтой. Хоры æмæ хосы куыстæгты сæрæвæрæнтæ уыдысты ирон адæмæн дыууæ цыргъисæны: фыццаг — уалдзæджы хуымгæнæнты, дыккаг — сæрды хуымгæрдæны æмæ хосгæрдæны. Хуымтæм куыд бæстон зылдысты ирон хохаг адæм, уыгæрдæнтæм дæр афтæ. Æхсæстой сын сæ хуыр, уагътой сæм хус заманты донхорджытæ, къæвдаты сæ хъаггæдтой сахатæй. Уалдзыгон æмæ фæззыгон таугæрдæгыл фосты дзугтæ хызтой дзæвгар рæстæг уыгæрдæнты, æмæ сæ къæхтыбын надтой уырыты кæлдтыты. Сæ багатæ æмæ сæ мизынцъаг уыдысты æргом хъацæнтæ-мадзæлттæ кæрдæджы рæзтæн. Уыгæрдæнты кæрдæг дидинæг калынхъус фæци, уæд хъаггæд цыдысты фосы къахæй фыййæутты хъусдардæй, уæлгæсты бæрнæй.

Алы кæмтты дæр зади фæтæнсыф, бæзгубакк кæндыс дыууæ хуызæй, иу — сылгæндыс, иннæ — нæлгæндыс. Сылгæндысы сыфтæ хусæй уыдысты æвдадзыхос фосæн гæбæры низтæ дзæбæх кæнынæн. Фæлæ нæлгæндысæн йæ хъæбæр ставд зæнг цыргъ цæвæгæн лыг кæнын нæ куымдта, стæй фæззæг калдта дзæвгар мыггаг æмæ афтæмæй пырх кодта уыгæрдæнтыл. Йæ фесафынæн ардтой хæххон адæм иунæг хос — туаг хуырх. Уый лалымты хастой уыгæрдæнтæм æмæ йæ цыргъ лæдзджыты фæрцы уагътой кæндысы губæктыл, æмæ бындзарæй хуыскъ кодта, сæфти.

Фæрсаггæнæнтæ. Ирыстоны кæмтты цæгатæй хуссармæ хосгæрдæнтæ æййæфтой алы афæтты кæм бæрæг раздæр, кæм та бæрæг фæстæдæр æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, кæрдæджы цæттæмæ кæсгæйæ. Мидгомдæр бынæтты раздæр цыдысты хосмæ, бæрзонддæрты — фæстæдæр, æмæ куыдфæнды ма уыдаиккой афæттæ, уæддæр хосгæрдæнтæм цæттæ кодтой рагацау: цæвæг æмæ халамæрзæн, сагой æмæ цъалды, дзæбуг æмæ хъæсдарæг, дауæндур æмæ кæрддзæм, хосы хъилтæ æмæ быцæутæ, мæхъитæ æмæ фæсал бæндæнтæ, хадзонæг æмæ фидар рог бæндæн. Хъæдджын кæмтты хос амадтой хъилтыл æмæ сæм æвæрдтой фæрсбыцæутæ. Хъæдæй мæгуыраудæр кæмтты амадтой мæкъуылтæ мæхъитыл, æмæ сын уистæфæрсæгтæ кодтой бæрзы талатæй. Иу мæхъи сбийынæн хъуыди фынддæсссæдз уисы, æмæ куыдфæстагмæ бæрзджын хъæдтæ ихсыдысты. Уыйадыл мæхъиаг уистæ ласын райдыдтой фæсыфцæджы æнæхæрд хъæдтæй. Зæгъæм, Мамысонгомы рæбинагдæр фондз-æхсæз хъæуы цæрджытæ суг æмæ мæхъиаг уистæ ласын райдыдтой Мамысоны æфцæгыл Хъæдысæры тархъæдæй ссæдзæм æнусы райдайæнæй фæстæмæ, уыйбæрц сихсыдысты Туалгомы хъæдтæ зынг æмæ фæрæты ахæсты.

Фылдæр мит цы кæмтты уарыд, уымыты зымæг хаста дæргъвæтин, æмæ фондз-æхсæз мæймæ æндарæны фосæн хъуыди бирæ холлаг: æртæ фысæн-иу стыр мæкъуыл, 20–25 путы уæзæн, гал æмæ бæхæн — фæйнæ æхсæз мæкъуылы кусæгфосы номыл, иннæ стуртæй алкæмæн дæр — фондз мæкъуылы. Рæстæмбис цæрæг хæдзары уыдаид кусæг фосимæ стуртæ фондз, фыстæ — дæс, хъæздыгдæр хæдзæртты лыстæг фос хæццæ кодтой сæдæйæ уæлæмæ, стуртæ — 20-æй уæлæмæ, æмæ уыдонæн цас хос хъуыди, уый зын банымайæн нæу мæкъуылтæй. Фæлæ цас куыст домдтой, уый у зындæр бамбарæн ныры магуса ирæттæн дардæй кæсгæйæ. Уыди хæххон ирон адæмæн сæрмагонд рæстæг хосгæрдæнты размæ мæхъиæгтæ — фæрсæгтæ кæнынæн, æмæ йæ хуыдтой фæрсаггæнæн. Уыди сæрды хурхæтæны фæстæ халсар тонæнты. Уæдмæ хъæдыл сыфтæр рахæцы, донджынæй йæ цъар стыгъсын райдайы, йæ хихтæ свæййынц тасаг, æмæ дыууæ-æртæ бонмæ алы хæдзары бинонтæ дæр ракæнынц фæрсæгтæ, бахсæдынц сын сæ сыфтæ, бабæттынц сæ пацъигай-æргомгай уæрдæхтæй æмæ сæ кæнæ æккойæ æрхæссынц æвæндаг ранæй, кæнæ сæ æрласынц галæй. Мæхъиаг уисты лæгтæ иугай бахсæдынц, урсхъулæттæй сын сæ цъар сæры ’рдыгæй бастигъынц, стæй сæ сбийынц мæхъитæ. Дæсны бийæг бонмæ быдта дæс-дыууадæс мæхъийы. Цæттæйæ сæ кæрæдзиуыл амадтой байбын аууоны, стæй сæ æссивæнты хастой уыгæрдæнтæм.

Алы мæкъуылæн дæр хъуыди дыууæ фæсалбæндæны бæттынæн. Уыдонæй мæкъуылы цъупбаст кодтой хос ыссивджытæ æмæ амайджытæ. Амайæг — нæлгоймаг, хосы тъыфылтæ дæттæг — сылгоймаг. Ног амадæй мæкъуыл фæсалбæндæнтæй бæстон æлвæст не ’рцыди, уæд æй æнæ астæуы хъилæй æмæ фæрсбыцæутæй гыццыл дымгæ дæр афæлдæхтаид, акалдтаид. Ахæм уавæрты хæххон адæмæн уыди’ цыргъисæнты размæ фыццаг фæсалтонæнтæ фæсалбæндæнты фаг, дыккаг фæсалтонæнтæ та уыдысты фæсхосгæрдæнты зымæгмæ æвæрынæн.

Фæсал æргъомгай хастой хъæумæ æмæ дзы здыхтой бæндæнтæ хъæдын хадзонæгтæй.

Цыргъисæны размæ алы хъæубæстæ дæр бæстон касти уыгæрдæны зæххытæм æмæ сæ хæдзаргай уæрстой æрнæджыты онг. Быцæуагæй ницыуал ис æхсæны лыггæнинаг фарстатæй, уæд сæхи цæттæ кодтой цыргъисæны хъæубæсты куывдмæ — хуыцаубонмæ. Кусæрттаг æмæ бæгæны — æхсæны хардзæй, кувинаджы æртыгай уæливыхтæ та — хæдзæртты номыл, афтæмæй хъæубæстæ кодта цыргъисæны куывд Атынæджы фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Куывды æвзæрстой фыццаг хæсндары, æмæ уый цæвæгдзæф кодта къуырисæры бæрæг уыгæрдæны, стæй дыццæджы хурыскастыл алы хæдзар дæр цыди кæрдынмæ сæрмагондæй йæхи хаймæ...

Фыццаг хосы боны хъарм кувинæгты уыгæрдæнтæм хастой сихормæ æввахс аходæны номыл. Уæдмæ хосдзæуттæ æркарстаиккой цалдæр хæсны уыгæрдæнтæй æмæ, хæдзæрттæй чи кæмæ хæстæгдæр куыста, афтæ иумæты куывтой аходæны æртыгай уæливыхтæй. Хосдзæуттæ сæ цæвджыты æрсагътаиккой иуварс ногкарстыл, кæнæ сæ æрцауыгътаиккой бæлæсты цæнгтыл, ныхсадтаиккой сæ къухтæ, æмæ куыдхистæрæй — фыццаг хосыбоны аходæны æгъдау. Фæтчыгъæдæн уыгæрдæнмæ уыцы бон гыццыл гоцъобиты карз нозт дæр хастой акувынæн, æмæ уымæй хистæртæ банызтаиккой фæйнæ сыкъайы æгъдаумæгæсгæ.

 

Фиппаинаг. Фыццаг хосы боны алы хæдзар дæр хаста уыгæрдæнмæ кувинаджы æртæ дзаджджыны æмæ къуымæл, иунæг хосдзау куы карстаид бинонты номыл, уæддæр. Æмткæй хъæубæсты кувинæгты уыгæрдæнтæм хастой цумахъом лаппутæ æмæ чызджытæ ног чындзытимæ. Фыццаг хатт цæвæг кæмæн ныссагътой, ахæм лæппутæ куы уыдаид уыгæрдæнты, уæд сын сæрмагонд дзаджджын гуылтæ хастой кувинæгтимæ, æмæ уыцы æгъдауы фæдыл баззад зарæг «Гуылмæ, лæппутæ, гуылмæ!». Лæппуйæн йæ фыццаг хосы бон сæрмагонд уæливых-гуыл хæссыны æгъдау дзурæг уыд дарддæры рæзты фæндагыл: уыцы бонæй фæстæмæ нымад цыди хосдзауыл, хæдзардарæгыл, ныфсы лæгыл. Лæппуйæн йæ фыццаг цæвæг ныссадзæн боны уыгæрдæнмæ сæрмагонд гуыл нæ рахаста хæдзарвæндаг, уæд æгады бынаты дзырддаг кодта...

 

Фыццаг хуымы боны хуызæн, фыццаг хосы боны дæр сывæллæттæн уыгæрдæны ногкарст уистыл бæгъæмвæдтæй аразгъорбазгъорæй æхсызгондæр ницы уыди. Коммæгæсæй байхъуыстаиккой хосдзæутты хъæлæсмæ, стæй адджынæн хордтой сæ уыгæрдæны кувинæгты кæрдихтæ, æмæ уыцы уаг дæр дзурæг уыди ирон æхсæнады цæрæддзаг фæлтæрты бастдзинадыл куыстæгты æмæ фæллæйтты кад æмæ радæй. Æхсæнадон хъомысæй зиуы куыстытæм ирон адæм цас зæрдиагæй цыдысты æмæ æхсызгонæй кæрæдзимæ хъуыстой хистæрæй кæстæрмæ, уымæн хуыздæр æвдисæн у зиууон хосдзæутты зарæг «Гуылмæ, гуылмæ, лæппутæ!».