ЗÆХХЫ ÆМÆ ФОСЫ КУЫСТ 3 страница

Уыгæрдæнты карстой хæснгай-хайгай æнцондæры æмæ хæрзкуыстдæры тыххæй, æмæ хæсны хосдзæуттæ лæууыдысты кæрæдзийы фæстæ ерысæй кæрдгæйæ. Æппæты разæй лæууыд дæсныдæр æмæ фæразондæр хосдзау-хæсндар, уый базарыдаид фыццаг, стæй — иннæтæ:

 

— Сау æндонæй — нæ хъæсдарæг,

— Нарæг фæлахс — цыргъ цæвджытæ!

— Бафæллади нæ хæсндарæг,—

Размæ цудынц йæ уæрджытæ!

Асурæм æй, лæппутæ!

— Ирд хъæдабæ — дæлвæз-уæлвæз,

Кæрдгæ-хуыйгæ — цъæх чызджытæ!

Рог хъæлæба — куыстæн фæрæз,

Разæй стахти æхсынджытæ!

Цырддæр, цырддæр, лæппутæ!

 

— Радымдта та цырд Галæгон.

Хъæуæй рахызт тæвд аходæн!

— Цæвæг дауы Куырдалæгон,

Даргъ хæсны дзы, цæй, саходæм!

Размæ, размæ, лæппутæ!

 

— Дондзауты ухсæн — тæппал уарди,—

Зæрдæ буцæй цæмæ ради!

— Усгур лæппу йæ риуъиъдæй

Уыгæрдæны бæрæг дары,

— Цы баззадтæ рохст-ауыгъдæй?—

Хæсндар «Гуылмæ!» дæуæн зары!

Гуылмæ, гуылмæ, лæппутæ!..

 

Зиуæй хос кæрдгæйæ зарыдысты «Чызгайы зарæг» дæр æмæ йæ амыдта хæсндар:

 

Уæддæр, чызгай,

Ме ’взонджы бонты цы уыдтæн!

Судзгæ катай, —

Æдзух дæ уындмæ бæллыдтæн!

 

Рог къахдзæфтæй

Мæ бадзурынмæ — дæ рахызт!

Буц уайдзæфтæй —

Дæ бафхæрд æмæ дæ ралгъыст!

 

Чызджыты ’хсæн —

Бæрæг ирддæр дæ къаба!

Удты тыхсæн,

Адджын митæ, хъæлæба!

 

Авæр-ма мын

Цыхцыры раз уæ дурын!

Сонты бæллын —

Мидбылхудгæ дæ дзурын!

Цæй адджын у

Хъæдын къусы дæ донхаст!

Къуызгæ уайсæст, уæздан митæ, фæлмæндзаст.

 

Уарзондзинады нымд, уæздан зарджытæн банымайæн дæр нæ уыди ирон æхсæнады, фæлæ ног цард аразджытæ ардуанæй ныххафтой ирон дзыллон удхъомысы хæрзты æнæуаг, æнæфсарм, æдзæсгом æнкъарæнтыл фидар хæцгæйæ, æмæ нæ фыдæлты фарны стырдæр хæрзтæй афтидæй аззадыстæм ныры уæгъдибары дуджы...

Мæйыдæргъы хос кæрдын, æссивын æмæ мæкъуылтæ амайын æнцон нæ уыди хæххон уавæрты. Хосы куыстимæ иу кодтой хуымгæрдæнтæ дæр, æмæ уыйбæрц куыстæгтыл æххæссынæн хъуыди къухты арæхстимæ уынаффæйы æрхъуыды хистæрæй кæстæрмæ. Уыцы фæрнджын миниуджытæй æххæст уыдысты нæ разагъды фыдæлтæ. Къæвда бонты кæрдгæ кодтой, мæйрухс æхсæвты æссивгæ, æмæ сын уымæн уыди «сæрд — худисæн, фæззæг — удисæн» иугæндзоны æнæвдæлонæй. Уыцы уавæры зиуы уагыл рохуаты нæ задысты æвæгæсæг рынчынты æмæ зæрæдты хосы куыстытæ дæр.

Рагзаманты нæ фыдæлтæ хос карстой дала цæвджытæй, хуымтæ — дала æхсырфытæй, æмæ уыдысты уæззау, зынархайд. Дала цæвæгæн нæ уыди кæрдæгласæн. Йæ цыргъ кæнынæн, байдауынæн дардтой хъæдæй конд дæргъæццон джипп. Уый дойнаг змисæй дзаг кодтой æмæ дзы даудтой цæвæджы ком. Змис хæссынæн уыди хъæдын къæрта... Уыцы зынвадæттæй фервæзтысты XX æнусы райдайæнты: уæд фæзындысты цæвджытæн æфсæйнагæй кæрдæгласæнтæ æмæ дурæй конд дауæнтæ-цыргъгæнæнтæ.

Хуым кæнынæн куыд зыдтой бæрæг мадзæлттæ, хосгæрдынæн дæр афтæ. Бæстон хынцыдтой хуссар æмæ цæгат, рагкарст æмæ фæстиауы карст, хомхал æмæ æгæр хус хос. Хуссæртты карстой раздæр, цæгæтты фæстæдæр. Æнæ уарынтæй амад хостæ уыдысты хъæддыхдæр, бирæ уарын цы карстыл æрцыдаид, уый хусæй кодта рыг, æмæ дзы фос хуыфыдысты. Æмткæй хурбонты æссывтой райсомæй æмæ изæрæй, æмбисбæтты та кодтой амайгæ.

Хосæн йæ ныккæрдынæй бассивынмæ алы кæмтты хицæн уавæртæ уыди æнцон æмæ зынвадатæй. Уыйадыл хосы куысты хуызтæн нæй æвæрæн иу джиппы-фæлгæтты. Фæзуаты мæкъуылхос кæм амбырд уа, уым æй самай æнæ уæлдай тыхмитæй. Уæлвæйнæгты, æмкъул адæгты, æрхыты, нукауты æмæ кæфойауты уыди зындæр кæрдæн æмæ æссивæн. Ахæм фыдбынты хос карстой рæхсад фадыварцы кæнæ бæгъæмвадæй уымæл бонты. Уымыты карстой æмæ æссывтой дæсгай-фынддæсгай мæкъуылтæ. Уыйбæрц хосæн амайæны фæзуатмæ йæ раппарын æнцон нæ уыди, æмæ-иу æссивджытæ мæйрухс æхсæвты хосы уылæнты дæр афынæй кодтой боны цъæхтæм. Сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ бирæтæй иумæ æссивынц, уæд сæм хъазуаты архайдæй хъазæн ныхæстæ дæр рауадаид куыд барондæрæй:

— Лæугæйæ та куы баззадтæ, цыма донмыст федтай!

— Ды мын куырдадзы цæхæртæ калыс!

— Цæй, кæрæдзиуыл уæ маст цы калут, исты мын уæ дыууæмæ дæр усгуртæ саргъы бæхтыл нæ тындзынц?! — бацагайдтаид сын сæ сусæг хъуыдытæ мадæлтæй исчи.

— О! Сымахмæ дæр уæ лæгтæ саргъы бæхтыл тындзыдтой, æмæ уымæн бирæ цот ныккодтат.

— Гыццыл дæр не сты.

— Сæ бирæ цотæй, æвдгай лæппутæ чи схъомыл кодта, уыдон сих куы уой, уæд æмбæлы, фæлæ иу æмæ дыууæ сывæллоны мадæлтæ та сæхицæй цы раппæлынц!

— Ды нын моймæ куы фæцæуай, уæд дæ къалахъустæ зæнæгæй байдзаг уыдзысты.

— Æмæ цæрыс, уæд истæй номыл.

— Цæй, уыйбæрц зæнæгæн уал фыд ыссар!

— Фыд дæр сын зындзæни.

— Уæд чердыгæй?

— Цæгатварсæй.

— Бауырнæд уæ, ацы цъæхæй рæгъæд фыййауы уарзы!

Фыййауы коймæ цотджын сылгоймæгтæй исчи базарыдаид:

 

Хуыцауæй разы, фыййауы уарзы,

Фыййауы уарзы нæ цъæхæй рæгъæд!

Фыййауы мыздæй — фæткыл чындзæхсæв,

Фыййауы куыстæй — йæ чындздзон фæлыст!

 

Уыцы ныхæстæм чызг æргомæй загътаид: «Мæнæн уал фыййау лæг фæуæд, стæй цæрынæн дæр исты амæлттæ кæндзыстæм».

— Мæгуыры бонтæ! Нæ хъусут ацы налатмæ?! Гъы, дæ цæсгом дыл бампыла, æмæ уæдæ уымæй ныфсджын дæ?! Алæууын ма йæ кæнут астæуæй, æмæ æххæст йæ хæйрæджы хайы ном дæр зæгъа!— хосы уылæнтæ йыл фæйнæрдыгæй калдтой халамæрзæнтæй.

Мæкъуылтæ амайыны фæтк. Уавæртæм кæсгæйæ мæкъуылтæ сылгоймæгтæ дæр амадтой искуыдæй-искуыдмæ: кæм нæлгоймаг рынчын уыдаид, кæм ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл балцы ауадаид. Фæлæ æмткæй мæкъуылтæ амадтой нæлгоймæгтæ куыдарæхстджындæрæй. Самайы ны размæ хосæн æвзæрстой йæ хъæбæр хæтæлтæ, стыгътой сылгæндысы цъаргай, хурмæ тыдтой хомхал кæрдæг.

Алы мæкъуылæн дæр нымад цыди йæ бынывæрды æмæ сæрывæрды хос æмхуызон тъыфылтæй. Бынывæрд амадтой нæлгоймæгтæ, сæрывæрды тъыфылтæ гæзæмæ иуварсæй кодтой сылгоймæгтæ. Бынывæрды тъыфылтæ амад цыдысты мæхъийы æддаг фæлгуырты æмбæрцæй. Фæлтæр сæххæст, уæд астæуæй æвæрдтой-калдтой хусдæр хос, афтæмæй бынывæрды фæлтæртæ æййæфтой фондз кæрæдзиуыл æнгом амадæй. Бынывæрд цъуппамад æрцыд, уæд амайæг разæй, ныхырдыгæй мæхъийы дзыхы бын æвæрдта дур бæрзонддæрæн, хуыдтой йæ дзыхыдур. Уый фæрцы мæхъийы ных зæххыл нæ ныдзæвд æмæ бынывæрды хос уымæл нæ кодта. Бынывæрды амайæг бæстон надта халамæрзæнæй, стæй хызти мæкъуылы сæрмæ искæй æнцæйтты. Æнцойæн халамæрзæны хъæд бынывæрды тъыстой быцæуы хуызæн, науæд та дардтой æлхынцъæвæрдæй армытъæпæнтæ. Иугæр амайæг алæууыд бынывæрды астæу, уæд рæвдз архайы халамæрзæнæй. Фыццаг æм хъæдын сагойæ хос уæгъдкалд бакæнынц къæхты бын бæрзонддæрæн, стæй йæм иугай дæттынц хосы цæттæ тъыфылтæ. Сæрккагæн хосы тъыфылтæ дæр кодтой дæсныдæр сылгоймæгтæ халамæрзæнæй æмæ сæ халамæрзæны фæрцы лæвæрдтой амайæгмæ. Уый рахиз къахы æмæ халамæрзæны фисыны æнцойæ иста цæттæ тъыфылты æмæ сæ фæлтæргай æвæрдта кæрæдзимæ æнгом дæргъмæ цъуппæй. Ахæм тъыфылтæ хохаг мæкъуылæн хъуыди 32–33. Уыдон куыдуæлæмæ æнгомдæр æвæргæйæ цыдысты цъуппамад æмдымбылæй, æмæ уарыны дон лæдæрсти фæйнæрдæм, астæумæ нæ хъардта. Мæкъуыл амад фæци, уæд æй дыууæ фæсал бæндæнæй кодтой цъупбаст, фыццаг разырдæм, стæй — фæрсырдæм. Бæндæнты бастой мæхъийы æддаг фæлгуыртыл æмæ сæ æлвæстой æлхынцъæвæрдæй, стæй амайæг бæстон æрхостаид мæкъуылы фæрстæ халамæрзæнæй, уæгъд хосы хæлттæ æрхафтаид æмæ фæстæрдæм искæй æнцæйтты сабыргай æрхызтаид... Мæкъуылы хафæнтæ æмæ уæлдай хос кæнæ æрмамæдтæ кодтой, кæнæ сæ иннæ мæкъуылы амайæнмæ хастой, ластой пыхсыл.

Фосы æмæ хосы куыстытæ чи нæ бакодта, уымæн нæ бæстон ныхас у бонирхæфсæны аргъæуттæ кæнæгау. Фæлæ зæххы æмæ фосы куыстытимæ чи рацыди адæмы рæгъы кары бонтæм, уымæн æнцон бамбарæн у фыдæлты удуæлдай бæстон куыстыты фарн йæ бирæ цинтæ æмæ мæстытимæ, зынтæ æмæ æнцонтимæ. Хосæн хоры хуызæн йæ куыстæгтæ кæуылты уыдысты сæрдæй, зымæгæй, æмæ сын хъуыди адæймаджы æрвылбоны хъусдард иугъæдоны хæдзардзинæй, фæстауæрцæй, бонзонгæйæ. Мæкъуылтæ зынамайæнæй уыдысты зынласæн зымæджы арф миты. Хъуыди сын уæлдай лæгъздæрæй уæрæхдæр фæндаг. Мæкъуылтæй уæлдай хосхæрæн бынæтты æндарæны фосæн амадтой цъынатæ хъилтыл фæрсбыцæутимæ. Уырдæм уалдзыгон хурты боны тавсыл скъæрдтой лыстæг фос хос хæрынмæ. Хъилтыл амайгæйæ дæр хосæн хъуыди бынывæрды гыццыл мæхъи. Хосы хъилæн йæ дæргъ кодтой дыууæ ивазны æмæ дыууæ уыдисны. Сæрырдыгæй йæ цуркамадæй зылдтой бырауæй, уым къуырдтой цыбыр уисын хъæл, афтæмæй йæ сагътой зæххы. Хъилыл амайгæйæ мæкъуылы бынывæрд нарæгдæр хаста, стæй æнæ уæлдай сæрккаджы тъыфылтæй хос калдтой амайæгмæ сагæйттæй, æмæ рæвдздæр цыди куыст. Дыууæйæ-æртæйæ цалынмæ мæхъийыл æнæ хосы хъилæй иу мæкъуыл амадтаиккой, уæдмæ хосы хъилыл фæрсбыцæутимæ дыууæ самадтаиккой. Хос хъилтыл амадтой фылдæр хуссарварсы цæрджытæ гуырдзиаг адæммæ кæсгæйæ, æмæ бæрæг æнцондæрæй уыдысты йæ куыстытæ сæрдæй, зымæгæй. Хъилыл амад хосы мæкъуылты хуыдтой цъеритæ. Цъерийæн фæсал бæндæнтæ нæ хъуыди, йæ цъуппыл ын хъилы æмбуар æнгом тъыстой фæсалæй конд худ, æмæ дзы донæн ахъарæн нæ уыди, лæдæрсти йæ фæрстыл. Тыхдымгæтæн фидардæр уыдысты хъилтыл амад хостæ фæрсбыцæутимæ, фæлæ сæ быцæутæн хъуыди хъæдджын бæстæ, æмæ сæ дардæй дæр ластой...

Æфтауцгæнæнтæ. Хостæ ласынæн æмæ æфснайынæн алы кæмтты уыди хицæн уавæртæ æмæ мадзæлттæ. Æнцонвадат хъугæмтты хос ластой сауыл кæм фæлахс дзоныгъты, кæм та ныллæг багалæг уæрдæтты. Фыдбын нарæг кæмттæй хосæн сауыл раласыны мадзал нæ уыди, æмæ æнхъæлмæ кастысты миты æруарынмæ. Уыцы хицæн уавæрты хынцинаг уыдысты алыхуызы уæлæмхас æфтауцуæттæ фæззæг æмæ зымæг. Фæззыгон æфтауцытæм хостæ ластой уымæл бонты æрæгвæззæджы æмæ сæ æнгом æвæрдтой хæдзаргай кæрæдзийы фæрстæм мидæгырдæм къулæй. Сауыл ласгæйæ мæкъуылы мæхъи кæм цæуыл фæхæцыдаид хъилдурæй бæласы бындзæфхады онг, уый бæрæг нæ уыди, æмæ цы — галты тыххæст, цы — лæгты фыдæбон, уалдайдæр уарын бонты. Бырынцъаджы — фылдæр тыхстæгтæ. Кæм æваст уырдгуыты мæкъуыл размæ ирвæзти, кæм сонт къулты фæрсмæ ласгæйæ тулгæ кодта, æмæ æнцæйттæ, уромджытæ гал æмæ лæг. Иу æмæ дыууæ хаттæн нæ фæдæн æвдисæн фæззыгон æфтауцгæнæнты нæ хъæубæсты лæгты удуæлдай куыстæн цæдисы галты сæрбосыл хæцæгæй фыдбын кæмтты. Иуахæмы нæ Уæлбылы комы æфтауцгæнгæйæ митуард æрæййæфта æмæ æнæбæрæг фæндагæй зæхх ысбырынцъаг. Цæдисы галтæ бæргæ коммæгæсæй размæ тындзыдтой рæтæнæй мæкъуыл ласгæйæ, фæлæ фæрсмæ къулты тулгæ кодта, æваст уырдгуыты размæ хаудта æнæ хæцæгæй, æмæ алы мæкъуылыл дæр алырдыгæйты хæцгæйæ уромгæйæ лæгæй, галæй сæ хид калд. Мит бæстон уарыд уыцы сæлæфæй æмæ изæры талынгтæм уыдисны æрфæн рамбæрста, афтæмæй ныл æрталынг. Баззад ма цалдæр мæкъуылы æнæластæй, æмæ сфæнд кодтой æфтауцуаты хъæды æрдузы æхсæвиуат бакæнын: иуæй, уарынæн банцайын æнхъæлæй, мæйрухсы ласæн уыди мæкъуылтæн æфтауцмæ, иннæмæй та талынджы бырынцъаг уырдгуыты галтæн тарстысты хауынæй. Уыйадыл сугарæхæй æхсидæн арт бандзæрстам, галтæн фаг хос ныккалдтам сæ разы æмæ арты фарсмæ æрбадтыстæм æхсæвæры хардзыл. Уыцы афонмæ хъæды сыфтæр бæзджынæй зæххыл æрбады, фæлæ цъуйы æмæ хъæлæрдзыйы цупæлттæ уæлгъæдæй баззайынц æмæ ахæрынмæ — хæрзад. Куыдхæстæгдæрæй сыл кæстæртæ азылдысты, хистæртæ та алы диссæгтæ дзырдтой, æмбисæндтæ хастой æхсæвы даргъ цыбыр кæнгæйæ, фæлæ рæстæг æрдзон уагæй йæ кæнонтæ нæ уагъта. Æмбисæхсæвмæ зæнгбæттæнтæм рауарыд, стæй банцад æмæ ирдгæйы дымгæтæ цалдæр комæй улæфын райдыдтой. Арт разæй хъарм дары, фæлæ чъылдымы уазал судзинтæ сагъта дымгæ, æмæ боныцъæхыл ногæй æфтауц кæныныл фестæм, стæй хуры хъармыл ауырдыг кодтам хъæумæ...

Хосы зымæгон куыстытæ. Мит фылдæр цы кæмтты уарыд, уымыты зымæгон хосты æфтауцтæ уыдысты хъæутæм хæстæгдæр бынæтты. Уыдонмæ фæззыгон хосты æфтауцтæй мæкъуылты ластой Цыппурсы кæнæ Ногазы размæйы митуарды. Уæдмæ арф мит æмбæрзта фыдбын кæмтты, æмæ арæзтой митвæндæгтæ хъæутæй суанг æруадзæнтæм. Бастой къæхтыл митыл цæуæн рæхсад къæлæттæ, истой семæ цъалды фæрæттæ, даргъхъæдджын фыййæгтæ, лыстæг фидар бæндæнтæ хæдзарæн лæгæй æмæ цыдысты æмхуызонæй фæндаг нæмынмæ кæм галтимæ, кæм та бæхтимæ. Иутæ къæлæттæй надтой мит разæй цæугæйæ, иннæтæ цыргъ цъалдытæй кодтой хъæды пыхс, æртыккæгтæ пыхс ластой астæувæдмæ æмæ йæ бæзджынæй æвæрдтой доны бауайæнты. Пыхсыл уымæлæй калдтой мит фæлтæргай æмæ йæ сабыргай надтой къахæй дон пырх кæнгæйæ. Уымæл бæзджын мит æндæгъд кæрæдзиуыл æмæ салди дæвдæг ихау. Ахæм ихын хидтæ бирæ кæмтты хъуыди саразын дæс-фынддæс райсомæй изæрмæ. Уæдмæ æруадзæны сæрмæ чи сфæд кодта, уыдон цалдæрæй æфтауцы раззаг мæкъуылтæй цыппар-фондз скъахтаиккой арф миты бынæй, иугай сæ раластаиккой æруадзæны былмæ, бæндæнтæй сæ цъупбаст бакодтаиккой хицæнтæй, сæвæрдтаиккой сæ кæрæдзийы фæсчъылдымтыл æнгом, стæй сæ бабастаиккой даргъ фидар артъæнгтæй. Ахæм æнгом бастæй сæ азмæлын кодтаиккой æмхуызонæй хæцгæйæ уырдыг ласæны хурхаумæ, стæй сæхæдæг бырыдысты коммæ мит сæ разæй æмбырдгæнгæйæ. Комы сæ бырæны бынмæ дæр рагацау арæзтой пыхсыты фæрцы митын-ихын хид бæрæг фæтæндæрæй, науæд мæкъуылтæ доны дæр смидæг уыдаиккой, æмæ уæлдай фылдæр фыдæбон æвзæрстой уыдоны райхалыныл æмæ донæй сæппарыныл... Уыцы уагыл æмхуызонæй архайгæйæ хъæубæсты лæгтæ фыццаг рафæдæн-мæкъуыл кодтой дыууæ дихы æмæ йæ иугай галтыл ластой зымæгон æфтауцмæ, стæй уыцы фæд фæлæгъздæр, фæхъæбæрдæр уыдаид дыккаг, æртыккаг ластæн, æмæ фæндаг срæвдз æмхуызонæй ласынмæ суанг мæйрухсы дæр стыр æхсæвæртæм дыккаг боны дæргъы...

Хостæ ласт фесты, уæд кодтой бæрзы рæхснæджытæ сугæн, хосы хъилтæн, стæй ставд бæрзы лыггæгтæй арæзтой алыхуызы мигæнæнтæ дон хæссынæн, фос дуцынæн, царв цæгъдынæн, къуымæл æмæ сылыстонæн, цыхты хæндгуытæ æмæ халсарты цъымилитæ цæхджын кæнынæн...

Афтæ æнæ фæкъуылымпыйæ рæвдз ацыдысты зымæгон хосласæн куыстытæ, уæд уыйас тыхстагæй ницы уыди хъæубæстæн. Фæлæ зымæджы миты уарынтæн уыди йæхи хуызивæнтæ бæстывæрдмæ амонгæйæ. Фыццаг æруардæн зæйтæ кæм цыди, ахæм уыгæрдæнтæ æмæ хосласæн бынæттæ уыди, æмæ сæ чи зыдта, уыдон рагацау сæ хос ластой æдасдæр рæттæм. Бирæ кæмтты рыг æмæ сæлæфы зæйтæ цыдысты æваст суанг рæгътæй бынмæ зымæджы бæрæг афæтты. Кардæй лыджы хуызæн фескъуыдаиккой, æмæ уынгæг нарæг кæмтты ныббынæй кодтаиккой хидæй æмбæрзтау, уæлдайдæр уалдзæджырдæм комахсæнты. Уæдмæ алы хъæубæстæ дæр архайдта хосы мæкъуылты зымæгон æфтауцмæ ласыныл. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудтой хосласджытæ зæйты бынмæ. Уыди ахæм хивæнд лæгтæ дæр, хъæубæсты иумæйаг уагыл æхсæны куыстытæм чи нæ цыди, хинæй чи архайдта, æмæ иунæгæй æруадзæны рындзыл мæкъуылтæ нæ бабæтдзынæ. Куы сæ бабæттай, уæддæр æнгом нæ хæцдзысты кæрæдзиуыл, æмæ-иу уæгъдбастæй быргæйæ ныппырх сты. Пырх мæкъуылты æрæмбырдæн, раласынæн та хъæуы дзæвгар рæстæг, æмæ уæдмæ фыдбылызтæ дæр æййæфтой хивæнд хæдзæрттæ, бинонтæ, фесты-иу æдхостæ зæйты амæттаг...

Фосы куысты уаг æмæ фæтк. Хуыцауы диныл хæцæг ирон рæстаг адæмæн сæ удхъомысы æппæт хæрзтæ æмæ фыдæхтæ баст уыдысты æнусты дæргъы зæххы æмæ фосы куыстæгтыл сæрдæй, зымæгæй. Зæххы æмæ фосы куысты бындуртыл хъомыл æмæ ахуыр кодтой фæлтæрты. Зæххы æмæ фосы куысты сыгъдæг бæркæдтæй-фæллæйттæй куывтой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм. Зæххы æмæ фосы куысты дæсныйадæй, фæлтæрддзинадæй агуырдтой алыварсы дунейы сусæг æвæрæнтæ. Зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнгæйæ хъомылгонд цыдысты рæзгæ фæлтæртæ райгуырæн уæзæг уарзыныл, алыварсы æрдзон хæрзтыл ауæрдгæйæ.

Зæххы æмæ фосы куыстытæн афæдзы цыппар афонæй сæрæвæрæн уыди уалдзæг, гуырдзты райдайæн цотхалы бындурыл. Уалдзæгмæ ауæрстой ирон адæм сæ афæдзы хæрдзтыл хорæй хосмæ. Цасфæнды хос ма ныккарстаиккой сæрд, уæддæр уалдзæджы хуымгæнæнтæм алы хæдзар дæр æфснайдæй дардта дыууæ-æртæ мæкъуылы хос. Цоткæнын рæстæг зæддаг фос холлагхъуаг фесты, уæд ноггуырдтæм рæзын æнхъæлмæ ма кæс. Уалдзæджы дзугъом фосыл сæрд фыд дæр къаддæр хæцы, се ’хсыры конд дæр у цухдæр, къуымбил — цыбырдæр. Уыцы æрдзон уавæртæ хынцгæйæ фосыл зылдысты бæрæг уаг æмæ фæткыл æрвылбон.

Фосы куыстытæ уалдзæг. Зæронд нымадæй тæргайгæнаг мæйы æмбисмæ бон фæдаргъ вæййы, зæхх фæтæвсы, мит тайын райдайы хуры хъарммæ æмæ æхсæвы ирдгæты ныхъхъæбæр, ныдздзода вæййы. Æндарæны фосæн зымæгон талынг скъæтты сæ цæстытæ тартæ кæнынц, сæ зæрдæ æддæмæ æхсайы, æмæ сын хурмæ алæууын вæййы хæрдæххуысау æхсызгон. Уыцы уавæртæ нымайгæйæ фосы скъæрдтой хосхæрæн бынæттæм. Уымыты, куыд дзырдтам, афтæмæй æрæгвæззæджы амадтой хосы цъынатæ, æмæ сын лæвæрдтой райсомы хардз хуры тавсмæ, стæй сын цагътой хъæды хих дæр къуыбыр афон. Хосхæрæн бынæттæм скъæрдтой фылдæр лыстæг фосы, стæй хуыскъаг стурты хибæрттæй.

 

Фиппаинаг. Алы кæмтты зымæг æмхуызон дæргъвæтин æмæ митджын нæ хаста. Зæгъæм, Дыгуры хъугæмтты, Уæлладжыры, Куырттаты, Дæргъæвсы, Хъобаны, Гæналы хуссæртты фос хизынмæ цыдысты зымæджы мæйты дæр боны хъармыл, тавсыл, æмæ сын изæры хардз лæвæрдтой скъæтты. Уыйадыл уымы мæкъуылтæ уыдысты бæрæг къаддæртæ. Къуыдаргомы, Туалгомы, Чеселты, Ручъы мит уарыд фылдæр, зымæг хаста дæргъвæтин, æмæ амадтой стыр мæкъуылтæ.