ЗÆХХЫ ÆМÆ ФОСЫ КУЫСТ 4 страница

Хæххон ирон адæм фосæн цæхдарæнты луарæнтæ цы акодтаиккой искуыдæй-искуыдмæ, æндæр сæ хойрагæй нæ хастой. Æнтыд дæр лæвæрдтой хуытæн æмæ хуыскъаг стуртæн, æндæр зæддаг фос æнтыдæй кодтой хуыскъ рæстæгæй раздæр.

Уалдзæджы зæддаг фос цот кæнын райдайынц, æмæ ноггуырдтæм зылдысты уæлдай хуыздæр хицæн хатæнты. Сæныччытæ, уæрыччытæ æмæ родтæ сæ мадæлты дадтой мæйæ гæзæмæ фылдæр — 40 боны, стæй сæ иртæстой уалдзæджы кæрдæгарæхыл. Уæдмæ та хордтой лыстæгдæр хос. Зæддаг фосы цоты уалдзæджы кæрдæгмæ ауагътой хъæубæстæ, уæд сын хъуыди сæрмагонд гæстæ — уæлгæстæ, æмæ уæлгæс цыдысты лæппутæ фондзазыкконæй фæстæмæ.

Хæдзары фосæн йæ хъуын ивы афæдзмæ иу хатт, æмæ уыцы ивæн рæстæгæн ис дыууæ афоны: иу — уалдзæджы, иннæ — фæззæджы æмбисы, æмæ сæ фыдæлтæ хуыдтой фосæлвынæнтæ. Уалдзæджы цы хъуын æлвыдтой, уый уыди фист, фæззæджы æлвыд та — фæсм. Уыцы уагыл ноггуырд уæрыччыты фыццаг æлвыд кодтой фæззæджы æмбисы, фысты та æлвыдтой афæдз дыууæ хатты. Сæгътæн дæр ивта сæ хъуын, æмæ йæ калынафон фастой-хафтой сæрмагонд сæгъфасæн хъæдын сæрвасæнтæй уалдзæджы райдайæны, æмæ йæ хуыдтой тинтычъи.

Сæгъæн йæ тинтычъи фаст не ’рцыди, фысæн йæ фист æлвыд нæ баййæфта афоныл, уæд уыдысты фыдхуыздæр, фыдхастдæр, æмæ уый зынди се ’хсыры æркондыл æвзæрырдæм. Ногæлвыд фосы хъаггæдтой уалдзæджы уазæлттæй æмæ сæ хызтой хъарм хуссæртты, æхсæвиуат та кодтой зымæгон скъæтты, уалдзыгон байбын уæтæрты. Фос уалдзыгон сæрвæтты хизын райдыдтой бафсæдыны бæрц, уæд æрцыд сæ дуцын афон дæр, æмæ уымæй фæстæмæ сæрвæтты уыдысты фыййауы бар.

Уæрыччытæ, сæныччытæ æмæ родтæ сæ иртасын афонмæ — дыууиссæдз бонмæ дадтой сæ мадæлты æмæ сæ хуыдтой дæйгæтæ. Фосы дæйгæ цоты не ’ргæвстой сæ иртасыны размæ. Иугæр цотæн иртасын афон у, уæд сæ мадæлтæй хызтой, дардтой хибарæй.

Фосы цоты баиртасынæй фæстæмæ мадæлты дыгътой райсомæй æмæ изæрæй. Уæдæй фæстæмæ кодтой ирон адæм урсаджы куыст сæрмагонд фæткыл: лыстæг фосы æхсыр дæр ахстой хибарæй, стурфосы æхсыр дæр. Ам фиппаинаджы хуызы зæгъæм рагацау уалдзыгон æмæ сæрдыгон дуцгæ фосмæ уæлдай хуыздæр цæст дарыны тыххæй. Рынчынты дыгътой хибарæй, æмæ се ’хсыры фыхæй цы хардз кодтой, æндæр хомæй хæрынæн нæ бæззыд. Уыйадыл хъæнвæдæг фосы дыгътой зæхмæ, цæмæй хæрам буар тагъддæр ’гас кодтаид, уый тыххæй, стæй æхсыры дыгъд зынди фосы æппæт буарыл дæр: иуæй, рæстæгæй раздæр хуыскъ нæ кодта, иннæмæй, дуцгæ-дуцын кæрдæджы хæрд хуыздæр тади æмæ низты сæфта. Фосы низтæ та дзæвгар уыдысты афæдзы цыппар афоны. Уалдзæджырдæм æндарæны фос холлаг æмæ зылдхъуагæй рынчын кодтой гæбæрæй, уыдырнæй, хæрæгхæлмагæй, цæстыты чъиунизæй, æмæ сæ дзæбæх кодтой фæнычы, тамакойы, кæндысы, ацудасы, сондоны фыхдæттæй. Уалдзæджы кæрон æмæ сæрды райдайæны хъарм фæлмæн къæвдаты мæллæгдæр стурты рæгътыл-чъылдымтыл æвзæрдысты цармæй фыды астæу ставд урс къуыдыр кæлмытæ къухы æнгуылдзы алгъы йæстæ, æмæ сæ лæмæрстой, къахтой, æхсæстой цыргъ къæцæлтæй. Уыдон æвзæрдысты сусæны мæйы ставд галыбындзыты хæстытæй-къуырттытæй.

Фосæн сæрдæй, зымæгæй афоныл холлагимæ хъæуы сыгъдæг дон æмæ цæхх. Донцух, цæххъуаг сты, уæд фосмæ дзæвгар низтæ зыны. Уыйадыл фосæн сæрмагонд цæхдарæнты зæрстой цæхх мæй дыууæ хатты, дон та сын нуазын кодтой бон иу хатт зымæджы æндарæны. Цæххъуагæй фосыл хæцы комниз, æмæ кæнынц мæллæг, аргæвдгæйæ сæ царм зынтæй стыгъсы, стæй сæ фыдызгъæл дæр вæййы æнаддæр...

 

Фыййауы куысты уаг æмæ фæтк. Уалдзæгæй фæззæгмæ фосы æппæт куыстытæн хуыздæр æвдисæн вæййы фыййау. Уый цас арæхса йæ куысты, уымæй ахадæн вæййынц фосæн сæ урсаг, сæ фыдызгъæл, сæ къуымбил. Уыйадыл ирон хъæубæстæ агуырдтой сæ фосæн уалдзæджы хуымгæнæнты размæ æмбаргæ, куыстуарзон, коммæгæс фыййау кæнæ бынæттон цæрджытæй, науæд та — сыхаг адæмæй. Йæхи фосæн фыййау чи цыди, ахæм стыр бинонтæ уыди. Фæлæ æмткæй Ирыстоны хæхты хъæутæн сæ фосы рæгъæутты хызтой æххуырсты фыййæуттæ бадзырды уагыл бæрæг афон хынцгæйæ. Хъæуккаг хизы æххуырсты мыздыл фос, уæд хæринаг хаста йæхи хæдзарæй, æрцæуæг фыййау та фосы нымæцмæгæсгæ зылди хæдзаргай. Ахæм фæткыл хизгæйæ хъæуккаджы мызд уыди фылдæр йæхи хардзæй цæргæйæ, æмæ сæ афæдзы мызд истой бадзырды кæрон кæнæ хоры сæрæй, кæнæ фосы цотæй. Афтид гуыбыны хардзыл уæлгæс чи цыди дыууæ-æртæ мæйы, ахæм мæгуыр хæдзары æвзонг лæппутæ уыди. Фæлæ мыздыл уæлгæс лæппутæн хуыдтой дыууæйы фæлыст дзабыртæ, стæй уæлæдарæн кæнæ нымæтæй, кæнæ цармæй. Уæлгæстæн æвзæрстой коммæгæсæй хæрзæгъдау лæппуты. Фосы цот хизынæн æмбаргæ уæлгæс нæй, уæд фæткыл нæдæр хизын зонынц, нæдæр ривæд кæнын афоныл, æмæ куыдфæндыйæ уæгъдибарæй сахуыр вæййынц уæлдай рауай-бауайыл. Дæсны уæлгæсы ахуыр уæрыччытæ фыййауы фосимæ куы баиу вæййынц, уæд сæ хизын фыййауæн — удæнцой.

Уæлгæсæй фыййауы онг фос хизынæн хъуыди стыр дæсныйад иугъæдоны куыстуарзонæй, æнæзивæгæй. Æдде бакæсгæйæ кæрдæгджын сæрвæтты хизынц фосы дзугтæ алырæтты. Фыййау тигъæй-тигъмæ цæуы кæм сæ разæй, кæм сæ фæстæ, фыййауы куыдз дæр зилы алывæрсты. Цы ис уым зынæй? Уæлдайдæр хур бонты: дæ зæрдæйы дзæбæхæн кæм уазал суадонæй аназ, кæм халсар ратон, кæм рог уддзæфмæ къуыбырыл абад. Уыцы æрдзон хæрзтимæ, Къостайы загъдау: «Фыййауæн — уæлæфтау, хæлынхуд, хызын, йæ къæбæр — æнæвгъау, — йæ куыст нæу уæд зын». Фæлæ фосы æмæ зæххы сæйрагдæр куыстытæй æппæты бæрнондæр æмæ зындæр уыд фыййауы куыст. Мидгомдæр хъæуты фыййæуттæ æххуырстой фæскуадзæнты, мит фылдæр кæм уарыд, уымыты та — фæстæдæр.

Бадзырды рæстæг æххæссыд æрæгвæззæгмæ, Уастырджийы бонтæм, стæй фыййауæн йæ мызд фыстой, æмæ фос цыдысты æндарæны уавæрмæ. Гъемæ райдайæнæй кæронмæ æххуырсты фыййауы куысты мидис дзурæг уыд фосдарыны дæсныйадыл, фæлтæрддзинадыл. Бирæ фос чи дардта, уыдонæй сæ иутæ сæхæдæг хызтой, иннæтæ æххуырстой фыййæуттæ суанг афæдзы æмæ фылдæры æмгъуыдæй. Бирæ фосджынтæн сæ дзугтæ сæрдыгон хызтысты хохы, стæй сæ дардтой быдыры хæстæг саухъæдты æмæ хосхæрæн рæгътыл. Уымыты фыййæуттæн уыди дзæвгар зындзинæдтæ æрæгвæззæгæй уалдзæджы цъæхмæ: иуæй, сæхицæн хæринаджы амал, иннæмæй, фосæн хизæны кой зымæгон уæтæрты-дарæнты. Истытæ хæссынæн сæм бæхтæ, хæрджытæ уыдаид, фæлæ фос хъаггæнинаг уыдысты кæм æрдзон фыдбылызтæй, кæм та тугдзых бирæгъты хуызæн дзугтæм æвзæргæнджытæ дæр лæбурдтой, æмæ-иу дзы фæдисы уадæй лæджы цæфтæ, мæрдтæ дæр æрцыд. Æххуырсты фыййауæн фосы мæрдтæ, сæфтытæ фиддон фесты, уæд хæсджын кодта фысымæй æмæ лæвар фæхызтаид искæй дзугты дыууæ-æртæ азы дæр.

Радæй фос хизгæйæ дæр дзæвгар зынтæ æййæфтой уæлгæстæ, фыййæуттæ хурæй, къæвдайæ: уаргæ бонты — дæтты ивылæнтæ æмæ дуртулæнтæ. Рагъыл уæлæуæз хизгæйæ фысæн уæрыкк райгуырдаид, сæгъæн — сæныкк, æмæ уыцы уавæры уыдысты фыййауæн хъæумæ хæссинаг. Мит уаргæйæ иу æмæ дыууæ хаттæн нæ фегæмттæ уыдаиккой фыййауы фадыварц, æмæ бæгъæмвадæй хызта уæддæр изæрмæ бæрнаг фосы...

Æмткæй хъæуты фосæн сæрдыгон сæрвæтты хизынæн уыди æмхуызон фæтк райсомæй изæрмæ. Райсомы хурыскастмæ хæдзæрттæ сæ фос æздæхтой хъæуы иумæйаг лæгъзæрмæ. Фосы лæгъзæртæ уыдысты хъæуты кæрæтты. Уым фыййау рагагъоммæ лæууыд æмæ касти фосы нымæцмæ хæдзаргай. Лæгъзæрæй фосы æздæхта сæрвæтмæ. Гыццылдæр хъæуты лыстæг фос æмæ стуртæн хъуамæ уыдаид иу гæс, стырдæр хъæуты та сæ хызтой хибæрттæй фыййау æмæ хъомгæс. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид фосы нымæц, уæддæр хъæубæсты хизæнтæ дих кодтой рæстæджы нымадмæгæсгæ уалдзыгон, сæрдыгон æмæ фæззыгон сæрвæттыл боны дæргъы цæгат æмæ хуссары, райсомы æмæ изæры хизæнтæ хынцгæйæ. Хурбонты фос хызтысты цæгатварсы аууæтты æртæх кæрдæгыл райсомæй сихормæ. Сихорыл æфсæст фос ривæд кодтой донмæ хæстæгдæр бынæтты æмæ сынæр цагътой æнцад улæфгæйæ, лæугæйæ, хуысгæйæ. Фæссихæртты хызтысты хуссарварсы аууæтты: уæдмæ хур фæкъул вæййы изæрырдæм. Фосæн хизгæйæ кæнæ сæ разæй цыди фыййау, кæнæ сæ иувæрсты, æмæ уый хъусдардæй æмхуызонæй хызтысты сабыр. Хорз фыййауæн дзуджы уыди раздзог цæутæ æмæ уыдонмæ кæсгæйæ сæхи сабыр дардтой, дзæгъæл рауай-бауай нæ кодтой дзæгъæлхатт налат сæгътæ дæр. Райсомы уымæлыл фос бæстон нæ фæхызтысты, уæд æмбисбоны ривæдыл сынæр нæ цæгъдынц, æмæ уыцы уавæр зыны се ’хсыры æркондыл, æмæ уæд фыййау — хъæстаг, койаг.

Æххуырсты фыййауæн радæй зилгæйæ нымад цыди йæ хæринаг хæдзаргай. Зæгъæм, фондз фысы цы хæдзарæн хызтаид, уымæ фысым бакодтаид иу æхсæв, стæй йын æвæрдтой йæ боны хардз хызыны. Боны хардзæн — аходæны æмæ сихоры хæрдæн — кæрдзын исты ахуыйæнимæ — цыхт, дзидза, æхсыримæ. Æхсыр æрдуцынæн ын фадат уыди ривæдафон. Ривæдафон хордта фыййау сихоры хардз, стæй зылди йæ дарæсмæ. Дарæсмæ базилынæн фыййау хаста хуыйæндаг æмæ рæхсæн, судзин æмæ туас, сæрдæйнаг æмæ фæлахс цыргъ кард.

Æххуырсты фыййауæн æгъдауджын хъæубæстæ амал кодтой уæлæдарæн нымæт æмæ дыууæ фæлысты къахыдарæс. Бирæ фос кæмæ уыди, уыдонмæ фæстиат кодта цалдæргай æхсæвтæ, æмæ æхсæвæр хордта бинонтимæ сойаг, урсаг арæхæй. Уæдæ хъæубæстæй кусарт чи акодтаид, уый фыхта мæкъуыры хай, хуыдтой йæ бирæгъы хай дæр. Бæрæгбоны заман фыййауæн кæнæ йæ хызыны æвæрдтой кувæггаг, кæнæ йын æй хастой сæрвæтмæ цумахъом лæппутæ.

Хойрагæй мæгуыр азтæ куыннæ уыди, фæлæ сойаг æмæ урсагæй цух нæ уагътой фыййауы. Хъæубæсты уынаффæйы лæгты бæрны уыди фыййау, æмæ йæ зæрдæхудты чи цыдаид, уымæн цæстмæ дардтой. Бирæ ныхæстæ баззад фыййауы куысты тыххæй ирон адæммæ, æмæ дзурæг сты куыд зынтыл, афтæ райгонды цаутыл дæр:

 

Фыййау боныдæргъы иу каст йæ хызынмæ кæны, дыууæ — фосмæ, æртæ — хурмæ, уæдæ кæд баизæр уыдзæни, зæгъгæ.

Æххуырст мæгуыр у: хурæй-къæвдайæ, æхсæвæй-бонæй искæй дзуджы кæрон дæ бадт, дæ лæуд, дæ афынæй.

Фыййауæн йæ уæлæдарæн — йе ’хсæвы хуыссæн.

Зивæггæнаг фыййау йæ фосы дардæй æздахы.

Хорз фыййауæн йæ дзуг йæ фæдыл цæуынц.

 

Фыййауы куысты æмæ цардыуаджы фæдыл бирæ æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ баззад ирон адæмон сфæлдыстады, фæлæ сæ фылдæр хайæн мыхуыры бынат нæ разынд алы мысæггаг æфсæнттæй: кæм нæ мидбæстаг фарны хæрзтыл нал æввæрсыдыстæм коммунистон иумæйаг цард аразгæйæ, кæм та цуроны лæггæдтæ кодтам æндæрниан адæмты «ахуыргонд» минæвæрттæн æбузнæй, æгадæй.

Дæсны фосдарджытæ нымад уыдысты алы кæмтты дæр фæрнджын-бæрнджын адæмыл, разагъды уынаффæйы лæгтыл. Бæрнон нымад фыййауæн йæ лæдзæджы дæр бирæ кад æмæ рад уыди. Дæсны фыййауæн æххуысгæнджытæ уыдысты дзуджы раздзог нæлсæгътæ, бодзтæ, стæй æмбаргæ куыдз æмæ хайуантæй хæрæг, бæх... Бæстон равзар фосдарджыты цардвæндаг рагзамантæй фæстæмæ, уæд хуымы-зæххы куыстгæнджытимæ уыдысты æппæт кусæн æмæ хæцæнгæрзты æрхъуыдыгæнджытæ, аразджытæ. Фыййаулæгæн йæ лæдзæг дæр уыди кусæнгарз æмæ хæцæнгарз. Иу æмæ дыууæ хаттæн не ’рлæууыди фыййаулæг лæдзæгимæ фосдавджыты раз, æмæ-иу куы мард фæци тыхгæнджыты къухæй, куы та-иу сæ лæдзæгæй цæвгæйæ сæ бæхтæй æриста-æрæппæрста æваст быцæуы. Саухохы фыййау дæр урсхохы фыййаумæ уымæн дзырдта заргæйæ, æнахуыр уазджытæ дæм фæцæуы, æмæ рæвдз фæлæуу, зæгъгæ. Фыййæуттæм цыргъ кæрдтæ æмæ бæрз лæдзджытимæ уыди хус топпыхос æмæ ерæдзыптæ дæр. Уыйадыл æхсызгоны уазджытæн уæтæры кусарт кодтой буцдæрæн, тыхгæнджытимæ та дзырдтой карды ком, фаты фындзæй.

Райгуырæн уæзæгыл фосы æмæ зæххы куыстытæ чи кодта, уыдон уыдысты иугъæдоны æнувыдæй Хуыцауы рæстаг дингæнджытæ. Уыдон куывтой сæ удты сыгъдæг фæллойæ Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæмдуæгтæм цæрæн хæдзæртты æмæ дзуæртты бынты.

Бæстон æркæс рæстаджы цæстæнгасæй æппæт зонадон-наукон хатдзæгтæм, уæд сæ бындуртæ, сæ уидæгтæ æнцайынц фосы æмæ зæххы куысты хъомысыл райдайæнæй кæронмæ, сæрæй бынмæ. Зæххы æмæ фосы куыстгæнджытæн вæййынц зынаргъ райгуырæн къонатæ, уæзæгтæ, æмæ уыдон фæхъаггæнынц фыдыбæсты арæнтæ æддагон лæбурджытæй, тыхгæнджытæй.

Кæцыфæнды дуг куы райсæм цæвиттонæн, уæддæр адæмты цæрыны уавæртæн сæйрагдæр мадзæлттæ уыдысты зæххы æмæ фосы куысты æфтиæгтæ. Уыдон бастой алы адæмты кæрæдзиуыл Хуыцауы диныл хæстæй. Зæххы æмæ фосы куыстытæй иппæрд адæмтæ уыдысты кæддæриддæр уæлæхох райгуырæн къонатыл æмæ ралидз-балидз кодтой хуыздæр царды фадæттæ агургæйæ. Цæугæцардгæнджытæн та фыдыуæзæг нæ вæййы, æмæ уыцы уавæры афæдзы цыппар афоны æрдзон хуызивæнты нæдæр хатгæ кæнынц, нæдæр æмбаргæ. Ирыстоны кæмтты цæрæг хæххон адæм мингай азты сфæлтæрдтой боныгъæды хуызивæнтыл æмæ систы райгуырæн æрдзы хæйттæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Уыйадыл æрдзон хъомысæй фесты Фыдызæххы æмхал, æмбуар сæ хоры æмæ фосы мыггæгтæ дæр. Фыдыбæсты Стыр хæсты фæстæ дæр ма Ирыстоны кæмтты уыди фенæн мæнæуы, хъæбæрхоры, хылепайы, тымбылхъæдуры æртыгай хуызтæн гыццыл хуымы гæппæлты. Сæрвæтты ма хызтысты хæххон фосы мыггæгтæ стурæй, фысæй, сæгъæй. Уыди сæрмагонд ирон фысты мыггаг: дæргъæлвæстæй — бæрзонд стыр фæхсынтимæ, зымæджы уазал æмæ сæрды тæвдæн — фæразон, хизынмæ æмæ цæуынмæ — бæрæг сæрæндæр. Митуарды дæр къахта къæхтæй холлаг. Æмткæй фосы хуызтæн æрдз радта 26 фæрсчы, ирон фыстæн уыди 28 фæрсчы. Ирон фысты мыггаг уыдысты гæзæмæ тарбынæй саутæ, буртæ, цъæхтæ, хорасантæ, æмæ ивд æрцыдысты гугын фосæй, табырджантæй фæстагмæ фылдæр цот кæныны, фыдызгъæл æмæ куымбил дæттыны æфсонæй, фæлæ уыдон сты хуытæй зынæфсисдæр æмæ чъизидæр, стæй уазалæн — лæмæгъ æмæ урсагæн æнæпайда. Ирон фысты къуымбил уыди даргъ, сыгъдæг æмæ фæлмæнæй лæууæн. Сæ цæрмттæй хуыдтой кæрцытæ æмæ цы сæ аив, цы сæ лæууæн æмæ хъарм. Ирон фысты æхсырæй конд урсаджы хуызтæн æмбал нæ уыди царвæй, цыхтæй, мисынæй, хуырхæй, сылыйæ.

Уæдæ бæрæгбæтты кувинагæн хуыздæрыл нымадтой ирон фысы фыдызгъæл...

Бæлдæрæнæй фæстæмæ сæрдыгон сæрвæтты фосы дарæнтæ ивгæ цыдысты бынæй уæлæмæ, майрæмтæй фæстæмæ та — уæле бынмæ фæззыгон хизæнтæ хынцгæйæ, æмæ сæрвæтты суанг бæрзонд рæгътæм æнæ фосы фæхизгæ-бахæргæйæ иунæг гæппæл дæр нæ баззадаид.

Сæрдыгон сæрвæтты фосы дарæнтæ иугæндзонæй сур не сты, цъыфы лæууынц, улæфынц, уæд сын фаднизæй æнæ фæрынчын нæй, æмæ йæ дзæбæх кодтой райсомы æртæхы фæрцы дæсны фыййæуттæ. Райсомы æртæхы миниуджытæ чи нæ зыдта, уыцы фыййæуттæ та фосæн тарстысты уымæлы фаднизæй æмæ сæ боны фæсурмæ, фæхъарммæ цъыф уæтæрты дардтой.

Раздæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй фосæн уыди дыууæ афоны сæ алвынынæн: иу — уалдзæджы кæрдæджы цъæхыл, иннæ — фæззæджы хосгæрдæнты фæстæ. Уæдмæ уæрыччыты хъуын дæр радаргъ вæййы, æмæ сæ мадæлтимæ иумæ надтой цæугæдæтты дыууæрдæм раздах-баздах кæнгæйæ хъарм хур бонты, æмæ сæ хъуын куыд хус кодта, афтæ сæ æлвыдтой сæрмагонд фосылвынæн хæсгæрдтæй, хуыдтой сæ хъандзал хæсгæрдтæ. Фос æлвыдтой бинонтæ нæлгоймагæй сылгоймагмæ. Бирæ фос кæмæ уыди, уыдон æлвыдтой зиуæй дæр, æмæ зиууæттæн кодтой кусарт дæр. Æнцон нæ уыди фыстæ æлвынын, æмæ-иу куыдарæхстджындæрæй ерысы дæр бацыдысты. Боныдæргъы дæс-фынддæс фысы чи алвыдтаид, ахæм дæснытæ уыди сылгоймæгтæй дæр æмæ нæлгоймæгтæй дæр. Алы фысæн дæр йæ къуымбил тымбылздыхтæй тыхтой хибарæй, æмæ уæрыччыты хъуынты хуыдтой уæргъуынтæ, фысты хъуынты та — фæсмы тыхтæттæ. Уыцы уагыл фыдæлтæн уалдзыгон фосы къуымбил уыди — фист, фæззыгон къуымбил — фæсм. Уæргъуынтæ æмæ фæсмæй кодтой фæлмæндæр тынтæ ирон сылгоймæгтæ. Фистæй та фылдæр уæрстой бинаг æмæ уæйлаг нымæттæ, стæй дзы кодтой гобæттæ æмæ мутакатæ.

Сæрдыгон æмæ фæззыгон фосы куыстытæ иу кодтой хъæуты скъæттæй сæрвæтты дарæнты астæу æрвылбоны архайдæй. Сæрды хурхæтæнæй фæсмайрæмтæм хуыскъаг фосæй галтæ æмæ уæнгуытæн, бæхтæн уыди цъититæм хæстæг рæгъаудæттæ. Уымыты æнæ сæрмагонд гæстæй хызтысты, æмæ сын искуыдæй-искуыдмæ цæххы къæрттытæ хастой бæрæг бынæттæм — сдæрæнтæм. Фосæн цæхдарыны уаг хаста æрдзон фæткыл зымæгæй, сæрдæй иумæйаг хуыз: уыди алы кæмтты дæр суæрттæ, суадæттæ, цынатæ бæрæг хъармдæрæй æмæ кодтой цæххы, сондоны, ацудасы ад. Ахæм рæттæм хæдзары фос нæ, фæлæ сæфтæгджын сырдтæ дæр цыдысты нуазынмæ, сдæрынмæ.

Сæрдыгон дарæнты зæддаг фосæн æнæ дуцгæйæ се ’рдзон гуырдз лæмæгъдæр кодта, æмæ сæ дыгътой бон дыууæ хатты фыййæуттæ сæхæдæг. Æхсырæй хæрынæн, нуазынæн цы хардз кодтой, иннæмæй ахстой цыхт, цагътой царв, кодтой къæпыты мисын. Сылы лæвæрдтой куыйтæн, фыхтой дзы сылыдзыхт дæр. Фыййаулæгтæ дæсны уыдысты хойраджы æмæ урсаджы куыстытæм. Уæтæрты урсаджы кондæн æрæвæрæнтæ куыннæ уыди, фæлæ сæ бæстон æфснайдæй хастой бæхтыл, хæрджытыл хъæутæм, æмæ дзы февналыны фыдæй ницы сæфти, хæцыдысты фæстауæрцæй иумæйаг бæркадыл...

Фос æрдузыны фæтк. Хорты хæрзмыггæгты куыд æвзæрстой нæ фыдæлтæ тауинагæн, афтæ архайдтой фосы хæрзмыггагыл. Фосы хæрзмыггæгты тыххæй уæлдæр дзырдтам, æмæ сæ бындуртæ, сæ уидæгтæ æнцадысты гуырдзон хъомысæй, адæмы хуызæн, мадæлтæ æмæ фыдæлты иумæйаг тугыл, буары тавсыл. Адæмæн куыд хаста туг æмæ гуырдзы хъомыс авд фæлтæрмæ, фосæн дæр афтæ арф уыдысты сæ мыггæгты равзæрæн уидæгтæ. Уыцы бындурон уавæр хорз æмбæрстой ирон фосдарджытæ æмæ архайдтой фосы хæрзмыггагыл сылæй нæлмæ.

Алы уалдзæг дæр фосы цотæй нæлтæ æвзæрстой мыггагæн иу-дыууæ, иннæты сæрды райдайæны дзæбæх кодтой, æрдызтой. Æвзонг уæрыччытæ, сæныччытæ æмæ родтæ уыдысты æнцондæр æрдузæн. Хъуыди сын хъарм хур боны цыргъ кард, сыгъдæгæй — бæхсныг æндах, суджы фæнык æмæ къæхтылхæцæг. Уыдон хъарм донимæ цæттæ сты, уæд дæсны æрдузæг сахатмæ дыууæ-æртæ сæры æрдызта. Фæззæгмæ æнæрдызтæй баззадысты фосы цоты нæлтæ, уæд уыдысты зындæр æрдузæн. Уæлдай зындæр архайд уыдысты, афæдзæй фылдæр чи баззадаид æнæ бадзæбæхæй, уыдон, уымæн æмæ гуырдзон уагæй сæ тыхы цыдысты, кодтой тæрæн, æмæ ахæм æнæрдызт сæгътæ, фыстæ, стуртæ уыдысты куыртæ, хуытæ — джиртæ, бæхтæ — уырсытæ. Уымæн баззад ныхасæн, сæгъ куырмæ цæуы, хуы — джирмæ, бæх — уырсмæ, зæгъгæ.