ЗÆХХЫ ÆМÆ ФОСЫ КУЫСТ 5 страница

Мыггагæн æнæрдызтæй цы нæлты уагътой цалдæргай азтæ, уыдон иумæйагæй уыдысты фыртонтæ, æмæ сæ зæддаг фосæй дардтой хибар. Фæззæджы æмбисмæ хызтысты хицæнæй, стæй сæ таугæрдæгыл уагътой зæддаг фосмæ. Сычъитæ, сагтæ, сæгуыттæ æмæ дзæбидырты куыртæ дæр тæрæн кæнын райдайынц æрæгвæззæджы æрдзон уагыл, цæмæй уалдзæджы сæ цоткæнын афон æрæййафа хъарм рæстæгмæ, уый сæрæн. Æппæт зæххы æмæ фосы куыстытæ дæр — æрдзон уагыл афон æмæ бынаты æууæлтæ нымайгæйæ, хынцгæйæ. Уалдзæджы цъæхæй фæстæмæ фосы дарæнтæ æмæ хизæнтæ бынæй-мидгæмттæй уæлæмæ ивгæ цыдысты, фæззæджы халасты та уæле — рæгътæй бынмæ ивтой дарæнтæ æмæ хизæнтæ. Дыууæ уагæн дæр Ирыстоны кæмтты бæрæгæй баззадысты уæтæрты бынæттæ, дарæнтæ кæм сисамадæй, кæм та тъæпæн мусуæттæй, æмæ сæрды сæ хъамылгæрдæджы азмæлæн нæ вæййы, уыйбæрц бæзджын æмæ бæрзонд æрзайы æнæхæрдæй, æнæкарстæй. Фыдæлтæ æрдзæминтæ лыстæг æмæ хъомвос цы сæрвæтты хызтой, уымыты бæрзæндты нæ, хъæутæм хæстæджыты дæр уæтæртæ нал фендзыстæм. Хуры Хъугомы сæрвæттыл фæзил сæрды тæвды, уæд дзы Арвыкомæй суанг Асыйы хæхтæм фосы уæтæр нал фениккам фыййæуттимæ. Куыд-иу загътой фыдæлтæ фæстаджы сæфтæн: Ирыстоны хæххон сæрвæтты фосы дарæнтæй фæстаг азты фыййауы куыдз ысрæйæг дæр нал и, æмæ нæ ныхасыл ныры ирон фæлтæртæ æууæндгæ дæр нæ бакæндзысты, уымæн æмæ бынтондæр фæиппæрд сты зæххы æмæ фосы куыстытæй, хæрынц æмæ дарынц æлхæнæггагæй. Нæ фыдæлтæн фосдарæн уæтæрты цас фарны хæрзтæ уыди, уымæн йæ дæсæм хай нæй ныры ирæтты уæладзыг фатерты хъæуæй сахармæ. Фæззыгон æмæ зымæгон уæтæрты фыхти ирон адæмы цард цæджджинагау. Хъæубæсты цы уаг æмæ фæтк уыди цæрынæн, кусынæн, уæвынæн, уый хастой фыййæуттæ семæ уæтæртæм хæринагæй дарæсмæ, куыстагæй бæстагмæ. Хъæуы куыд уыди, афтæ фосыл зылдысты, лæвæрдтой сын райсомы æмæ изæры хардз æндарæны кæнæ хосхæрæн бынаты. Сихорыл сын дардтой хъармдæр суадæтты дон. Бонысæрæн æртæ хатты кодтой хæринаг радыгай. Бæрæгбæтты кодтой нывонды кусæртытæ æмæ цыдысты уæтæрæй уæтæрмæ хуындты. Бирæ зымæгон уæтæртæм хæстæг уыди кувæндæттæ кæм лæгæтты байбынты, кæм та айнæг рындзтыл, æмæ уымыты баззадысты цæвиттонæн нывондæгты сæрты къуыдыртæ, физонæджы уæхстытæ, стæй фæттæ, фæлахс цæфхæдтæ æмæ зæгæлтæ...

Зымæгон мингай фыстæ кæм балæууыдаиккой хъармдæрæн, ахæм лæгæттæ уыди кæмтты. Уымыты фосæн амадтой дурæй хатæнтæ бахизæны дуæрттимæ. Кæройнаг хатæны фыййæуттæн уыди артдзæст æмæ хуыссæн тæрхджытæ кæм фастаг хъæдырмæгæй, кæм та каубыдæй. Хуыссæнæн — нымæттæ æмæ фæлмæн хус фæсал. Фадыварцæн — цæрмын æрчъитæ, хъарм дарæсæн — цæрмын æмæ фæсмын фæлыст. Цыргъагæй — кард, хырх æмæ фæрæт. Бæттынæн — гæрз æмæ гæнæй конд бæндæнтæ, хуыйæндагæн — къæскуы æмæ тæбын æндæхтæ. Арт скæнынæн — æрцъыккыхсон æмæ хъæдын цырæгътæ.

Фосы куысты уæлдай уæтæрты фыййæуттæ кодтой æрмадзты куысты дæсныйæдтæ: арæзтой дур æмæ хъæдæй кусæн дзаумæттæ, къустæ æмæ тæбæгътæ, бадæн æмæ уаргъхæссæн саргъы къуыдыртæ, тынуафæны дзаумæттæ, надтой нæрвæй гæрзытæ æмæ æрчъиæгтæ. Цыдысты цуаны дæр.

Зымæгон фосыл зилыны уаг. Æндарæны фосыл хæххон ирон адæм æмхуызон нæ зылдаиккой. Уыди уæлдай магусайæ æдзæллаг хæдзæрттæ, бинонтæ, æмæ сæ кадавар фосы муртæ дæр цагъды кодтой зымæджы холлаг хъуагæй, зылдцухæй. Фыдæлтæ Комахсæны нымадтой æмбис зымæгыл, æмæ уæдмæ æнæхæрд, æнæвнæлд хъуамæ уыдаиккой сæ афæдзы хоры, хосы рæстæмбистæ тæразыл æвæрдау. Уымæн баззад ирон адæммæ ныхасæн: «Комахсæн мын зæгъ, æмæ дын зымæг зæгъон». Уыцы уавæры зыдтой бæрц боны хардзæн æмæ дардтой сæрмагонд хосхæссæн тæсчъытæ фосыл зилынæн. Фосæн та холлаг лæвæрдтой бон дыууæ хатты — райсомæй хурыскастыл, изæрæй хурныгуылдыл. Дон нуазынмæ та сæ здæхтой сихорыл.

Стурты æмæ бæхты фаджыс калдтой фаджысдонмæ. Лыстæг фосы бынтæ-фæлхæрдтæ æмбырд кодтой халамæрзæнæй æмæ сæ калдтой фаджысдонмæ, æндæр сæ фаджыс над цыди къæхтыбын гæзæмæ уымæлæй. Уымæлы тыххæй та фосдоны пырх кодтой мит искуыдæй-искуыдмæ. Фосы сæнар зымæджы дыууæ фæлтæрæн къахтой цыппæрдигъон лыгтæй æмæ йæ амадтой фæскъулты, байбынты гæзæмæ зыхъыртæй хус кæнынмæ артагæн. Суанг хъæдджын кæмтты дæр артагæн сæнар кодтой, уыйбæрц ахадыдта артагæн даргъ зымæджы уазæлтты.

Зымæджы фосы холлагæн хардзгонд цыдысты хъæмп æмæ зыгуым дæр. Хъæмп æмæ хос иумæ хæццæйæ-арвистонæй лæвæрдтой стуртæн. Зыгуымыл дæр пырх кодтой цæхдон, æмæ йæ хордтой стуртæ. Æссивинаг уарынты æгæр алæууыд, уæд йæ хос кодта рыг, æмæ дзы хуыфыдысты фос, уыйадыл рыггæнаг хосы цагътой, стæй йыл пырх кодтой дон фосæн раттыны размæ.

Æндарæны фосыл зымæг дзæвгар низтæ хæцыди: гæбæр, уыдырн, хæрæнхæлмаг, цæстниз, махъа, саси, æмæ сын кодтой хостæ æрдзон уагыл фæнык æмæ тамакойæ, кæндыс æмæ хъолойæ, хъæндæл æмæ дисийæ, халсаскъ æмæ дугъысыфæй, сондон æмæ топпыхосæй, цъæххос æмæ сæгæй...

Фосы нæмттæ кар хынцгæйæ. Фос æмткæй дихтæ кодтой нæлтæ æмæ сылтыл, хуыскъæгтæ æмæ зæддæгтыл. Уыди сын нæмттæ кармæгæсгæ: бондзыд, къуыридзыд, мæйдзыд, дыууæмæйдзыд, афæдздзыд сæныкк, уæрыкк, род. Дыууæ мæймæ дадтой мадæлты, стæй цыдысты иртæстгонд. Дыууæ мæйæ къаддæр кæуыл цыдаид, уый æргæвдынмæ нæ бæззыд. Уыди иртæст уæрыччытæ, сæныччытæ, родтæ, уыдоны фæззæджы хуыдтой хæтæлы родтæ, сæныччытæ, уæрыччытæ, стæй уыдысты афæдздзыд сæныччытæ, уæрыччытæ, родтæ. Афæдзæй уæлæмæ уыдысты далыстæ, дæрчъытæ, дыгæрдгуытæ, уæнгуытæ, фыркъатæ æмæ цæукъатæ, рагзад далыстæ æмæ дæрчъытæ, дыууæаздзыд дыгæрдыг æмæ уæныг, æртæаздзыд байраг æмæ уæныг, фыццагзæддаг, цъынæр фыстæ æмæ сæгътæ, куист фос, æрдызт æмæ æнæрдызт фос, нæлсæгътæ æмæ нæлфыстæ, фыртæ æмæ фыркъатæ, цæутæ æмæ цæукъатæ. Дзæвгар нæмттæ уыди фосæн фыдæлты хъусдардæй, æмæ сæ ныры ирæттæ зонгæ дæр нал кæнынц стыр хъыгагæн...