УРСАДЖЫ ХУЫЗТÆ ÆМÆ СÆ КОНД

Æмткæй фосы æхсырæй конд хæринæгты æмæ нуазинæгты хуыдтой ирон кусæг адæм урсаг, æмæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр æхсырæй конд бæркæдтæ уыдысты сæ номы аккаг сыгъдæг, хæрзад æмæ зæрдæисгæ æнæ уæлдай ахуырстытæй, хъулæттæй.

Хъугæн йе ’хсыр йе ’взагыл бады, зæгъгæ, ныхасæн баззад, фæлæ цыбырæй арф æмæ уæрæх уыди йæ хъуыды. Сæрдæй, зымæгæй фос цавæр холлæгтæ хордтой, уыдоны адæн уыди се ’ппæт буары хъомыс. Хибарæй фосы æхсыры, урсаджы æркондæн бæрæг æвдисæнтæ сты холлæгты хуызтæ сæрдæй, зымæгæй. Суанг иу комы сæрвæтты, уыгæрдæнты дæр æмхуызон æхсырджын, сойджын кæрдæджытæ нæ зайынц, æмæ алырæтты хизгæйæ фосæн се ’хсыр дæр вæййы алыхуызæттæ. Ис цалдæр кæрдæджы бæрæг æхсырдзыдæй, æмæ сæ куы тонай, уæд уыцы урсæй кæлы се ’хсыр. Уыдонæй иу у æхсæвæрæг — æхсыр æвæрæг. Калы дидинæг æмæ ногдзыдæй вæййы фæлмæн, хæрзад. Уый арæхæй кæм зайы, уым фосы æхсыры æрконд у бæрæг фылдæр æмæ сойджындæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсырыгъæдæн урсагæй уæлдай бирæ сты йе ’рдзон хъомысы бæрæггæнæнтæ. Алы кæрдæг дæр зæххæй цъиры æндæр æмæ æндæр сойæгтæ, æмæ æмткæй ахадынц фосы буарыл, фæлæ се ’хсыр та вæййы хицæн хуызты: къамбецæн — иу хуыз, хъугæн — иннæ хуыз. Лыстæг фосæн дæр сты хицæнтæ: фысы æхсыр у бæрæг сойджындæрæй бæзджындæр, сæгъы æхсыр — тæнæгдæр, фæлæ æнцондæрæй тайы буарæн æвдадзы хосау. Уæдæ сæгъæн йæ фыдызгъæл у хæрзадæй тайæндæр, йæ сой та — риугъæнджынты низтæ сафæн, уымæн æмæ сæгъ хизы сæрвæты къоппадзуанæй, хæры æвзаргæйæ дидинæгджын кæрдæджыты хъæды хихимæ...

Алы кæрдæджы хуызæн дæр ис æрдзон фадæтты рæзынæн æмæ цæттæ кæнынæн æртæ афоны — рæстæджы: уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг. Уалдзыгон кæрдæг хæрзад вæййы ногдзыдæй фосæн, фæлæ донджынæй у урсаджы, сойаджы буарыгъæдтæй мæгуыраудæр, лæмæгъдæр. Сæрдыгон кæрдæг йæ тыхы бацæуы дидинæг калгæйæ æмæ хъомысджынæй фæзыны фосы буарыл сæ урсаджы кондимæ суанг фæззæджы фыццаг халасмæ бæрæг бæркаддæрæй. Афæдзы афæтты æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, фосы холлæгты миниуджытæ нымайгæйæ дихтæ кодтой фыдæлтæн урсаджы куысты хуызтæ уалдзæджы, сæрды, фæззæджы æмæ зымæджы хæрдзтыл, æмæ æмткæй уыцы уаг дзурæг у ирон сылгоймæгты урсаджы куысты дæсныйад, фæлтæрддзинадыл...

Фыдæлтæ дуцгæ фосыл нымадтой зæддаг къамбецты æмæ стурты, фысты æмæ сæгъты, фæлæ уыдоны астæу бæрæг кадджындæр уыдысты фысты урсаджы хуызтæ. Фос дыгътой алы уавæрты афæдзы дæргъы, фæлæ урсаджы куысты сæрæвæрæныл нымад цыди уалдзæджы кæрон. Уæдмæ хизæнарæхæй фос æфсæстысты сæрвæтты фыййæутты хъусдардæй, æмæ сæ дыгътой бон иунæг хатт кæрдæгхæссæнмæ. Уæдмæ фосы цот дадтой сæ мадæлты æрдуцыны размæ, стæй иртæст цыдысты хибарæй хизгæйæ æмæ æхсæвиуат кæнгæйæ.

Ноггуырд фосы цотæн фыццаг бонты сæ мадæлты æхсыр хорз нæ тади: кæнæ дзы сæ гуыбынтæ рисгæйæ сур кодтой, кæнæ — тæнæг, æмæ сæм кастысты фых æхсыр сывæдæгæй дæйгæйæ. Фыццаг бонты хъуццыты æхсыр уыди бæрæг зындæр тайæн родтæн, æмæ сæ дыууæ хаттæн дыгътой родты бадæйыны размæ. Уыцы æхсыр уыди бæрæг бурдæрæй сойджын, æмæ йæ хуыдтой хъуымыз. Хъуымызы фыхтой, æмæ йæхигъæдæй кодта бæзджын. Хордтой йæ хæрзадæн сылгоймæгтæ...

Иугæр фосы цот иртæст æрцыдысты, уæд мадæлты дыгътой бон дыууæ хатты — райсомæй æмæ изæрæй. Æрдуцыны размæ хъуыдыйаг уыдысты дуцæнгæрзты хæрзæхсад, фосы сыгъдæг буар æмæ дуцæджы хæрзæфснайд. Дуцгæ фосы сыгъдæгыл архайдтой иугъæдоны хъусдардæй афæдзы алы афæтты. Æфснайд, хæрзмарзт æййæфтой зымæгон скъæттæ æмæ сæрдыгон уæтæртæ. Фосæн æхсæстой æрдуцыны размæ сæ цъыфтæ, сæ хъуыны уæлдай бæркъатæ, æхсадтой сын сæ фæдджытæ хъарм донæй бынаты уавæрты, æндарæны фадæтты. Сæрдыгон сæрвæтты хизгæйæ фосæн боны дæргъы хæххон дæтты æнæ балæгæрдгæ нæ уыди иу фарсæй иннæмæ, æмæ сæ буар сыгъдæг кодта...

Гыццыл фосæн иу дуцæг дæр фаг уыди. Бирæ фосæн хъуыди фылдæр дуцджытæ æххуысгæнджытимæ. Сабыр фысты æнцонæй дыгътой, фыдуæгты æрдуцынæн хъуыди сæрыл хæцджытæ, æмæ бинонтæ архайдтой æмхуызонæй. Фосы дуцыны æмæ урсаджы куыстытæ хаудтой æмткæй сылгоймæгтæм, фæлæ, бинонты царды уавæртæ хынцгæйæ, нæлгоймæгтæ дæр æвнæлдтой уыцы куыстытæм бахъуыды бонты.

Фос дыгътой алы уавæрты хæдзары æфсинтæ, ацæргæ мадæлтæ, ног чындзытæ, чындздзон чызджытæ æмæ дæс-дыууадæсазыккон чызджытæ дæр. Гыццыл фосы райсомы æхсырæй кæм изæры догъмæ æфтыдтой фылдæры тыххæй, кæм изæры æхсырæй æфтыдтой райсомы догъмæ. Æхсыр куы алæууа æнæ афоныл хардзæй, уæд йæ сойджын сæртæ уæле абадынц, æмæ уыдон хуыйнынц æхсырысæртæ. Хордтой сæ кæрдзынимæ хуыппагæн, нуæзтой сæ сыгъдæгæй дæр, кодтой сæ фыцгæ дæр æссадимæ, æмæ æссадимæ фыхæй сойдзæстытæй æвдылдысты дзыккайау, æмæ йæ хуыдтой æхсырысæртæй конд цæрвæхсидæн. Гыццыл æхсырæй дæр ахстой ахсæны фæрцы цыхт, æмæ уый æдзæххæй, фæлмæнæй уыди инджын цыхт. Инджын цыхты адджынæн хордтой хойрагимæ гыццылæй стырмæ, фыхтой дзы дзыкка, кодтой дзы уæливыхтæ, дзаджджынтæ алыхуызы хæрынæнбæзгæ кæрдæджытимæ-дзæхæратимæ.

Æхсыр дуцынæн дардтой сыгъдæгдæры, фидардæры, æнцондæр архайыны уагæй хъæдын гыццыл къæртатæ уæрдæхæй бæстимæ. Æхсыр фæрсудзынæн æмæ ахсынæн хъуыди уæрæхдæр æмæ бæрзонддæр хъæдын мигæнæнтæ: къæртатæ, тъæпæнæгтæ, къуыстилтæ, хонцатæ, цæхгæртæ. Уыдон хуыздæрæн, фидардæрæн, хæрзаддæрæн арæзтой бæрзы, тæгæры, тæрсы æмæ тулдзы лыггæгтæй дзагуыр сæртытæ æмæ тадзинты руаджы къахгæйæ.

Æхсыр фæрсудзыны фæтк. Æхсыры фæрсудзæнтæ уыдысты сыгъдæг, фидар хъæдырмæгæй конд кæм æмдымбылæй, кæм та гæзæмæ дæргъæццонæй. Уыди сын æмгуыр хæцæнтæ æмæ арæх æмдымбыл лыстæг хуынчъытæ бинаг фæрстыл. Уыцы хуынчъытыл æвæрдтой сыгъдæг фæлмæн фæсалæй уæласдæрд, æмæ уый фæрцы ногдыгъд æхсыр сыгъдæгæй фæрсыгътой цыхтахсæн мигæнæнмæ-гарзмæ.

Цыхт ахсыны фæтк. Цыхт бацахсынæн хъуыди суардзæхдон — ахсæн, æмæ йæ арæзтой фосы ахсæнты хуызтæй фых донимæ. Стурты, фысты, сæгъты, къамбецты сыгъдæг койгонд ахсæнты гæзæмæ цæхдзыдæй хус кодтой æмæ сæ хайгай удæстой хъæрмуст фых доны кæнæ ногахст цыхты сылыйы. Уый дыууæ-æртæ боны фæстæ уыди ахсæны фæрæз ногдыгъд æхсырæн. Цыхт ахсгæйæ æхсырыл цас калын хъуыди ахсæны донæй, уымæн зыдтой бæрц æмæ афон. Æгæр тæвдæй куы акодтаид дуцæг æхсырыл ахсæндон, уæд æваст фыхти, тымбылтæ кодта бæрæг хъæбæрдæртæй, æмæ уыди зындæр архайæн. Бæрцыл ахсæнимæ æнцонæй цыди цыхтахсыны уаг. Стыр цыхтахсæн тъæпæнæгты-къуыстилты цыди æртыгай æмæ фылдæр æхсыры къæртатæ уыцы иу афоныл дыгъдæй, æмæ йæ алыварс дыууæ, æртæйæ дæр æрбадтаиккой ныллæг бандæттыл хæдзары сылгоймæгтæ куыддæсныдæрæй æмæ хæрзæхсад, хæрзæфснайдæй уыдоны фидыцмæ, арæхстмæ æхсызгонæй куыннæ кастаиккой кæстæртæ чызгæй, лæппуйæ! Иуæй, фæзминаг — сæ дæсныйад, иннæмæй, сæ аудæны митæ æмæ ныхæстæ. Алы гуымбылæй дæр куыдфæстагмæ лæдæрсти бæзджын сойдзæст сылы, æмæ уымæй иу гыццыл къусыдзаг баназын уыди зæрдыл лæууæн уыцы хæрзадæй цæрæнбонты гыццылæй стырмæ, сывæллонæй карджынмæ. Ам ныхас афтид гуыбыны хардзыл нæ цæуы адæймаджы æхсызгæттæ æмæ монцтæ-бæллицтæ нымайгæйæ. Ам нæ фæрнджын фыдæлтæн сæ ныхыдзуары нысæнттыл цæуы ныхас дзыллæйы номæй, æмæ бæстон уымæн кæсæм сæ цардвæндаджы нæрæмон фæлгонцтæм, сæ удвæллæйты хæрзтæ æмæ фыдæхтæм. Царды куыд уыди, афтæ хæрзтæ æмæ фыдæхтæ, фæзминæгтæ æмæ фауинæгтæ æмдзу кодтой кæрæдзийы хынцмæ, æмæ дзы уæлдай сусæг митæн бынат нæ зади æнæ фенгæйæ, æнæ рахатгæйæ ирон диныл-уырнынадыл хæцæг дзыллæйы номæй.

Ахсæндæттæн дардтой сæрмагонд хъæдын къæртатæ æмæ сын рæстæгмæ ивтой сæ суардзæхтон. Сæрды тæвды суардзæхтон къуырийæ фылдæр æнæивдæй аззад, уæд кодта æвзæр смаг, æмæ цыхты адыл дæр зынди бæрæгæй.

Фос дуцгæйæ, æхсыр фæрсудзгæйæ, гуымбыл ахсгæйæ урсаджы гыццыл исты мур, æрду куы фæцадаид, уæддæр зынди бæрæг тардæрæй æнадæн, зæрдæхæссынæн. Урсаджы куыст сыгъдæгæй цы хæдзæрттæ кодтой, уыдон адæмæй дæр арфæгонд уыдысты æмæ Хуыцауæй дæр. Куыдфæндыйæ чи архайдта урсагимæ, уыдон уыдысты æгад, дзырддаг, æмæ æгъдауджын адæм зонгæ-зонын æлгъ кодтой сæ урсаджы кондыл.

 

Иумæйаг фиппаинаг. Ирон адæмы урсаджы куыстæн уыди йæхи сæрмагонд фæтк æмæ уаг куыд фос æрдуцынæн æмæ æхсыры хæринæгтæ, нуазинæгтæ кæнынæн, афтæ сæ бафснайынæн æмæ бахæрынæн дæр. Бирæ адæмтæ кодтой æмæ кæнынц фосы æмæ зæххы куыстытæ. Кусæнгарз æмæ кусæг фосæй æмхуызон уаг æмæ фæткыл хæцыдысты кæмдæрты: бынатмæ амонгæйæ зымæгон фос хордтой холлаг скъæтты, сæрдыгон хызтысты сæрвæтты, æмæ сын уыди дарæнтæ. Дыгътой фосы алы мыггæгтимæ иуæй-иу адæмтæ бæхты дæр. Нуæзтой æхсыр, ахстой цыхт, кодтой хъуымыз бæхты æхсырæй. Фæлæ нæ алыварсы адæмтæй искæцытæ раздæр бæстон æрлæууыдаиккой зæххы æмæ фосы куыстытыл, уый мæ нæ уырны. Кавказы цæрæг адæмтæй зæххы æмæ фосы куыстытæ чи нæ кодта, ахæм нæй, фæлæ сæм бæстон æркæс бынаты, уæд кæнæ фылдæр кусæнгæрзты хуызтæ кæрæдзийы хынцмæ арæзтой æнусты дæргъы, кæнæ сæм фæзындысты бынтон æрæджыты. Хъуымызæн сæрмагондæй бæхтæ цы адæмтæ дыгътой, уыдонмæ æгъдауæн баззад цæугæцардгæнæг рагон фыдæлтæй скæсæйнаг æзнæмты астæу. Фæлæ ирон адæмы фосдарыны куысты хъуымыз фæзынд бынтон æндæр уавæрты уынгæг кæмтты цæргæйæ, æмæ йæ абоны ирæттæй ничиуалбæрæг кæны æмæ зоны æлхæнгæ хоираг æмæ нуазинæгтæи цæргæйæ. Урсаджы иннæ хæринæгтæ æмæ нуазинæгты кондæй та ирон адæмæн ис сæхи сæрмагонд дæсныйад рагзамантæй рахæсгæ уаг æмæ фæткимæ. Цыхты куыст бирæ адæмтæ кодтой æмæ кæнынц, фæлæ йæ ирон адæмы хуызæн ахсæны доны фæрцы нæ ахсынц, кæнынц æй фæлвых, æмæ уыцы уавæры цæхджынæй лæууы фылдæр, æндæр йæ урсаджы æмæ сойаджы миниуджытæ кæнынц дзæвгар къаддæр, стæй лæмæгъдæр. Ирон цыхтæн ахсæны фæрцы йæ æрдзон буарыгъæдтæ сыгъдæгæй баззайынц, æмæ цы хæрынæн адджын, цы фынгæвæрдæн бæркаддæр йæ бирæ дзаджджинаджы хуызтимæ...

Иугæр ногдыгъд æхсырыл ахсæн ныккодтой æмæ йæ бæстон сызмæстой, уæд уæлахсæгæй бæзджын кæнын райдайы, уæлдæр куыд бацамыдтам, афтæмæй, æмæ рæстæмбис цыхтахсæн къæртайы раз ныллæг бандоныл æрбадтаид иу цыхтахсæг сылгоймаг, фылдæр æхсырыстоны раз та æрбадтаиккой дыууæйæ, æртæйæ дæр. Гуымбылахсæг сылгоймаг дыстæтылдæй, хæрзæхсад къухтæй уæлахсджытыл æхсæнмæ æрбахæцыд, уæд цыхты фæзгъæртæ иумæ æмбырд кæнгæйæ кæрæдзиуыл æндæдзын райдайынц, æмæ сылы бурбынæй кæрæтты аззайы. Дзæвгар рæстæг хъæуы цыхты фæлмæн фæзгъæртæн иумæ бæстон æрбамбырд кæнынæн сабыргай, арæхстгай. Сонт митæй, уæлдай къухты змæлынтæй цыхты хæйттæ сылыйы пырх кæнынц, æмæ гуымбыл рауайы бæрæг къаддæрæй фыдуынддæр... Цыхты фæзгъæртæ армытъæпæнтæй æнгом кæрæдзийыл фæхæцыдысты, уæд æй ахсæг сабыргай сылыйæ иста, арæхстгай йæ бæстон æвæрдта гуымбылахсæн фæрсудзæны æмæ йæ æнгом кæрæдзимæ æлхъивгæйæ лæмæрста. Лæмаргæйæ цыхтахсæг æнгуылдзтæй æууæрдæгау-æссæндæгау кодта гуымбылы, æмæ дзы цы бæзджын сылы калди, уымæн дæр дардтой сæрмагонд хъæдын къус. Ногахст цыхты лæмарæнтæй адджындæрæн, æхсызгондæрæн ницы банызтаид æмæ бахордтаид сывæллон урсаджы хæринæгтæй, æмæ уый фæдыл баззад буцдæрæн, мæ ногахст цыхтыты лæдæрсæнтæй хаст чызджытæ æмæ лæппутæ, зæгъгæ.

Ногахст цыхтыл кодтой лыстæг цæхх цыхтахсæн фæрсудзæнмæ гæзæмæ къаддæрæй. Цæхх амал кодтой ирон адæм фылдæр Гуырдзыстонæй. Дурдзæхх, къæртдзæххы хостой сæрмагонд цæххойæн фæхты æмæ йын йæ дурты муртæ æвзæрстой гæзæмæ доны фæрцы. Сыгъдæг доны цæхх тади, æмæ дзы сæрстой ногахст гуымбылы, стæй йæ æвæрдтой сæрмагонд лæдæрсæныл-уæлæндыгыл кæнæ хурæргомæй, кæнæ аууоны.

Цыхт бацахсыны размæ ахсæнæй ахст æхсыры бæзджынтæ уыдысты уæлахсæг-уæлахсджытæ, æмæ сæ хордтой хæрзадæн бинонтæ æмхуызонæй кæрдзынимæ, сылыйы нуæзтой йæ уæлвæд, стæй дзы кодтой фыцгæ дæр, æмæ уыдон та уыдысты сылыдзыхт. Сылыйæ сфыцыны фæстæ зади хъæстæлы, æмæ йæ лæвæрдтой хъыбылæн, уæрыккæн, сæныккæн, стæй дзы сылгоймæгтæ æхсадтой сæ дзыккутæ.

Ногахст цыхтыл фæлмæнæй гæзæмæ цæхх кодтой рог ахæрынæн, æмæ йæ хуыдтой инджын цыхт. Инджын цыхтæй хордтой ссæстæй кæрдзынимæ, кодтой дзы дзаджджынтæ, дзыкка.

Гуымбылтæ лæдæрсæн каутыл, фæйнæгæй конд уæлæндыгтыл кæнæ хурмæ, кæнæ дымгæдзон аууоны лæууыдысты бонтæ, къуыритæ, æмæ сæ сабыргай сæрстой цæххæй, цæхджын донæй. Уый сæ хъардта æмæ бæстон хусæй бæззыдысты хæндыджы æвæрынмæ. Æдде бакæсгæйæ зынæй ницы уыди фыдæлты урсаджы куысты, фæлæ бавзаргæйæ бирæ цæуылдæрты дзурæг у иугъæдоны фæзминагæй ныры ирон æфсинтæн: сыгъдæгæй фос дуцыны уаг æмæ цыхт ахсыны фæтк, бæрцыл цæхджынæй гуымбылтæн уæлæндыгты сæ лæдæрсын æмæ хус кæнын, стæй бæрæг афоныл сæ хæндыджы æвæрын бæстон.

 

Хæндыг æмæ йæ урсаджы æвæрд. Хæндыгты конд æмæ арæзтыл фыццаг сæргæндты дзырдтам. Иугæр сæрды ахст цыхтытæ къордгæйттæй лæдæрсæнты, хусгæнæнты бæрæг афонмæ алæууыдысты, уæд сæ æвæрдтой хъæдын мигæнæнты, хæндыгысдæтты фæлтæргай фæрсæй-фæрстæм æнгом хæрдмæхъилæй. Алы фæлтæры дæр гуымбылты æхсæны зыхъырты сагътой садзæнтæ, хъæбæр цыхты кæрдихтæ, цæмæй гуымбылтæ суардзæхдоны уæгъдызмæлд ма кодтаиккой, уый тыххæй. Мигæнæныхæндыгысдоны цыхтытæ астæуы садзæнтимæ æвæрд фесты, уæд сыл уагътой сылыдзæхдон, суардзæхдон. Хæндыджы цæхдонæн хуыздæр уыди сойджын сылы.

 

Фиппаинаг. Хæндыгты æвæрдтой бæрæгбæтты номыл ахст сæрмагонд гуымбылтæ. Нывондæгтæ цы бæрæгбæттæм хастой нæ фыдæлтæ, уыдоны номыл ахстой фысты æхсырæй сæрмагонд гуымбылтæ æмæ сæ бæрæггæнæны бæрзын лыстæг къæбæлтæ тъыстой сыгъдæгдæрæн. Ахæм бæрæгбæттыл нымадтой Уастырджийы боны, Цыппурсы æмæ Ногбоны, Комахсæны æмæ Тутыры. Нывондæгты гуымбылтимæ уыди сойы-царвы гыццыл хъуыраутæ дæр.

Фæндзгай фæлтæртæ кæм цыди равзаргæ цыхтæй, ахæм иугуыр тæлыджын мигæнæнтæ уыди ирон хæдзæртты бирæ фос даргæйæ, æмæ фысты æхсырæй ахст цыхтыты дæр хибарæй æвæрдтой, хъуццыты æхсырæй ахст цыхтыты дæр. Хæндыгæн арæзтой фаст къæйдурæй æмбæрзæн æмдымбылæй. Уый уæззауæй æнгом æнцад мигæнæны чъилтыл, æмæ йæм бындз дæр нæ бабырыдаид. Æмбæрзæн къæйы бын æвæрдтой тъæпæн, лæгъз дойнаг фидар дуртæ, цæмæй цыхтыты хæндыджы цæхдон уæлæмæ ма истаид, уый тыххæй. Ахæм бæстон æвæрдæй цыхтытæ лæууыдысты æнæ уæлдай пырхытæй афæдзæй фылдæр, æрмæст цæхдон куыд сысти, афтæ йыл рæстæгæй-рæстæгмæ кодтой ног дон, стæй дурты лæгъз фынчыты — æзгæты дæр æхсадтой, науæд сæ æвзæрди лыстæг урс цъиудзæстытæ.

Кувинаг гуымбылтæ æмæ сойы-царвы хъуырæуттæй уæлдай стырдæртæ уыдысты Ногбоны æртхуроны номыл гуымбыл æмæ царвы хъуырау...

 

Æхсырысæрты конд. Æхсыр æнæ уæлдай митæй куы алæууа хъармы райсомæй изæрмæ кæнæ изæрæй райсоммæ, уæд йæ сой уæле абады фæлгуыртæй-цъæрттæй, æмæ сæ истой уидыгæй исты гарзмæ. Уым дыууæ-æртæ бонмæ æнхъызтысты, æмæ сæ ахуыйæнæн хордтой. Æхсыры сæртæй кодтой нартхоры, дзулы æссæдтимæ дзыкка дæр, æмæ йæ хуыдтой æхсырысæрты дзыкка, фæлæ цыхтæй конды кад нæ тардта.

Æхсырысæртæй цагътой царв дæр дзæвгар бонты æмбырд кæнгæйæ, фæлæ кадаварæй зынархайд уыди.

Сылы æмæ сылыдзыхты конд. Æхсырæн йæ сæртæ чи иста, уыдоны сылы уыди сойцухæй бæрæг цъæхдæр æмæ æнаддæр. Фыхæй дзы æвзæрди гæзæмæ сылыдзыхтытæ, æмæ йæ хъæстæлыйы хъыбылтæ дæр зивæгæй нуæзтой.

Æхсырæн йæ сæртæ чи нæ иста, уыдонæн сæ сылы уыд сойджын, æмæ йæ ногæй адджынæн нуæзтой, хордтой йæ къæбæримæ. Ахæм сойджын сылыйæн йæ цыхтæй кодтой дзаджджынтæ, гæзæмæ æнхъызтæй йæ хордтой хæрзадæн. Сойджын сылы дыууæ-æртæ бонмæ æнхъызти, æмæ йæ нуæзтой, уыд ахуыйæн кæрдзынимæ. Хуырхæн дардтой хуырхыстон, æмæ дзы æвзæрди сабыргай хуырхы бынтæ. Уыдон фæрсыгътой æмæ сæ хордтой кæрдзынимæ. Сылы алæууыди æмæ йæ æнæнхъызтæй банызтай, уæд буары нæ тади, тыппыр дзы кодтой тъæнгтæ. Хуырх æгæр фæтуаг, уæд — изгарды хос. Уыйадыл æгъдауыл цæрæг бинонтæ сылыстонмæ дæр зылдысты сыгъдæг армæй, хуырхыстонмæ дæр æнæнизы хосæн.

Сылы æмæ хуырхы тыххæй бирæ ныхæстæ баззад, æмæ дзы иу къорды зæрдыл æрлæууын кæнæм: «Курæггаг сылыйæ — цъæхдæр», «Сылы æмæ хуырх кæрæдзийæн — ивæнтæ», «Хуырхы бынтæ — кæстæрæн».

Царв цæгъдыны фæтк. Сæрмагондæй царв цæгъдынæн уыди бæрæг рæстæг — фæсхосгæрдæнты. Уæд кæрдæг вæййы йæ тæккæ хъæддыхыл, сойджыныл. Фосы æхсыры æрконд бæрæг къаддæрæй вæййы сойджындæр, æмæ суанг мит æруарынмæ кодтой фылдæр царв цæгъдыны куыст. Райсомы æмæ изæры æхсырæй хæргæ дæр кодтой, цыхт дæр ахстой уавæртæ хынцгæйæ, фæлæ йæ фылдæр хай æмбырдгонд цыди сæрмагонд мигæнæнмæ, æмæ уым æнхъызти бæрæг рæстæгмæ, стæй йæ цагътой иутæ бæрдынджын хъуылæгты, иннæтæ — сераджын дæргъæццон мигæнæнты. Дыууæ хуызы царвцæгъдæны дæр арæзтой равзаргæ хъæды иугуыр лыггæгтæй. Хъуылæг гæзæмæ нарæгдæрæй уыд даргъдæр. Йæ бæрдыны хъæдыл-хъилыл конд — æмдымбыл зырны мигæнæны хуылфы æмхуызонæй. Зырныйы кæрæтты æмдымбылæй — лыстæг хуынчъытæ фæрсудзæны хуызæн. Уыцы хуынчъыты фæрцы бæрдын æнцонæй цагъта дыууæрдæм ласгæйæ цæгъдинаджы æнæ уæлдай къуылымпытæй, пырхытæй. Царв цæгъдгæйæ хъуылæджы æвæрдтой хæрдмæхъилæй æмраст, æмæ царвцæгъдæг галиу къухæй хъуылæджы сæрккаг фæлгуырыл-тæлыйыл хæцыд, рахисæй та бæрдыны хъæдыл. Дыууæ хуызы царвцæгъдæн мигæнæнæн дæр уыди фидар лæууæн хъæдæй бынтæ. Уыдон æнгом æвæрдтой æмдымбылæй мигæнæнты хуылфы уыгæрдты æмæ сæ æлвæстой æддæрдыгæй хъæдын хуылыдз тæлытæй. Сераджын царвцæгъдæнæн йæ уæллаг æмбисы сæрмæ уыди тæфдзæуæн хуынкъ. Уым цæгъдгæйæ æнгом тъыстой фæсалæй конд къæрмæг. Цæгъдæн мигæнæнæн уæллаг фæлгуырыл бастой лыстæг фидар синагæй сера. Сератæ кодтой сæгъты æмæ родты æлдыгъгонд цæрмттæй, æмæ сæ бастой хъуынæй æддæрдæм. Сераджын царвцæгъдæнты æвæрдтой фæрсылæй фæлмæн нывæрзæнимæ. Цæгъдинаг кодта уд иугæндзон змæлгæйæ, æмæ фæсалы къæрмæгæй уагътой йæ тæф рæстæгæй-рæстæгмæ. Фæсалы къæрмæгыл зынди царвы цæгъдыны уаг кæм тагъддæрæй, кæм та бæрæг фæстæдæрæй, æмæ уыцы дыууæ уавæрæн дæр уыди æфсæнттæ: æгæр æмæ гыццыл æнхъызт, уазал æмæ хъарм цæгъдинаг, хæццæ æмæ сæрист æхсыртæ, цæгъдæнгæрзты хæрзæфснайд, стæй царвцæгъдæджы зæрдиаг архайд. Зивæггæнагæн æрæгмæдæр æмбырд кодта цæгъдинаджы нæлхæ-гарачъи иу ранмæ, æнæзивæгæн — тагъддæр. Зыдтой фыдæлтæ удхъомысы хæрзты комкоммæ ахаст адæймагæн йæ алы фезмæлды дæр, æмæ-иу мад йæ цоты æнæзивæгдæрмæ фæдзырдта, ды цæгъдинаджы сæрты ахиз кæнæ йæ ацæгъд-анкъус, æмæ тагъддæр равзæра йæ нæлхæ, зæгъгæ...

Царв бацахста сылгоймаг, уæд æмдымбылæй иста нæлхæ хъæдын сыгъдæг исты гарзмæ, стæй бæстон фæрсыгъта мисын фæрсудзæнæй сæрмагонд мисындонмæ. Мисын фæрсудзынæн дардтой гыццыл къуырф сасиртæ, æмæ уым бæзджынæй æмбырд кодта мисындзыхт. Мисындзыхтæй хæрзаддæр урсаджы хуызтæй ницы уыди, æмæ йæ бинонтæ æмхуызон зæрдиагæй хордтой кæрдзынимæ.

Ногцагъд нæлхæйы æвæрдтой уазал доны гыццыл фæхъæбæрæн. Цалдæр цагъды нæлхæтæ бабирæ сты, уæд сæ сæрмагонд гыццыл цуайнаджы фыхтой, æмæ сæ сыгъдæг царв куыд æвзæрди, афтæ йæ уагътой сæрмагонд царвы хъуырæуттæм гæзæмæ цæхджынæй. Цы бынтæ дзы баззадаид фынкæргомæй, уыдоны нартхоры æмæ хъæбæрхоры æссадимæ змæнтгæйæ, сдаугæйæ сабыр артыл фыхтой, æмæ уый та хуынди цæрвæхсидæн.

Къæпыты мисыны конд. Урсаджы нуазинæгтæй, хæринæгтæй, æвæццæгæн, къæпыты мисын у æппæты рагондæртæй иу, æмæ адæймаджы дисы æфтауы куыд йæ хуымæтæг кондæй-арæзтæй, афтæ йæ хæрзад æмæ æвдадзы хосæй. Уыцы дæсныйад æмæ фæлтæрдад фыдæлтæн уыди æргом æвдисæн сæ цардвæндаджы дæргъвæтинæн, мидисджынæн. Зонадоннаукон иртасджытæ куыдахуыргонддæрæй алы диссæгтæ фæмысыдысты, фæхъуыды кодтой æвзæгты кæрæдзиуыл баргæйæ, фæлæ куыдæй равзæрдысты дзырдтæ «ахсæн», «æхсыр», «къæпы», «мисын», уыцы хъуыдымæ æввахс дæр нæ бацыдысты, уымæн æмæ нæ зыдтой зæххы æмæ фосы куысты дæсныйæдтæ фыдæлты фарны ахæсты, уырнынады кæнонты фæлгæтты æвæрдæй æрдзон фæтк æмæ уагæн дзуапп дæтгæйæ.

Фосы æмæ зæххы куыстытæ чи бакодта хæххон æмæ быдырон уавæрты, уыдонæн нæ цыбыр афæлгæсты хъуыдытæ-хатдзæгтæ зын бамбарæн хъуамæ ма уой. Фосæн сæ цотхалы фæндаг цæуы мадæлтæй. Уæрыкк цалынмæ райгуыры, уæдмæ дæр мады æхсырæй цæры. Дæйгæроды куы аргæвдай, уæд йæ ахсæны мады æхсыр ахстæй баззайы, æмæ уыцы æрдзон уавæрмæ кæсгæйæ базыдтой нæ фосдарæг фыдæлтæ ахсæны миниуджытæ. Кусарт цы фосы хуызтæй кодтой, уыдоны ахсæнтæ цæхдзыдæй тыгътой хурмæ кæнæ дымгæдзон аууоны цыхтытæ ахсынæн, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй. Уымæй уæлдай, фосы дзугты иу ранæй иннæмæ скъæргæйæ, цæрмынгæрзты — сылыхъты хастой æхсыр дæр, æмæ хъармы йæ сойдзæстытæ æндæгъдысты тымбыл къуыбæрттæй цармыл. Уыдон кардæй хафтой æмæ сæ хурмæ хусгондæй æппæрстой ногдыгъд æхсырыл сæнхъизынæн. Уыцы æнхъизæны хус цыхты къуыбæртты хуыдтой фыдæлтæ къæпытæ. Къæпыты фæрцы ирон фыййæуттæ сæрдыгон уæтæрты райдыдтой кæнын къæпыты мисын, цæгъдгæ та йæ кодтой лалымты-къуприты. Уыйадыл ирон къæпыты мисын сси дунейы адæмтæн æмбисондæн хæссинаг нуазинаг кефир, ног ирæттæ йын йæ фæзынды уавæр дæр ферох кодтой, æндæрниан адæмты æвзæгтыл дзæнгæда цæгъдгæйæ...

 

Цыбыр фиппаинаг. Абоны ирон æфсинтæ урсаджы куыстытæй цыдæртæ кæнынц фыдæлты фæзмгæйæ, фæлæ, искуы иугæйттæй фæстæмæ, налдæр фос æрдуцын зонынц, налдæр — цыхт бацахсын, царв бацæгъдын. Уæливыхтæ куы скæной, уæддæр гæзæмæ дзаджджинагимæ сæ хурынгæс æссывдтытæ нал разынынц дыууæрдæм рафæлдах-бафæлдахæй, рауил-бауилæй. Цыхт фосы ахсæнæй нал ахсынц, фæлæ йыл кæнынц нырыккон мадзæлттæ, æмæ уыцы рæсугъдæй нæрсы, кæлы йæ хъæстæлы, стæй дзы фырцæхджынæй ахæрæн нæй сой цухæй. Дзæвгар аиппытæ ныры урсаджы куысты, æмæ сæудæджерады ахæсты байрох сты нæ рухсаггаг мадæлты сыгъдæг удты фæллæйттæ, афтæмæй нал арынг ис ирон хæдзары, нал — сасир. Уæливыхгæндты ма сæудæджер сылгоймæгтæ се ’нæхсад къухтæй тæнæг кæнынц, æмæ сæ хуырым нæлгоймæгтæ æхсызгонæн æлхæнынц сыкъадзæфтæй. Уæливыхæн йæ ном йæ уæлæ и куыд мидисæй, афтæ кондæй дæр. Кæнгæйæ дæр ирон динылхæцæг сылгоймаг дзаджджыны фæлдахгæ нæ кодта, æмæ йæ уæллаг цъары ыссывдтытæ бæрæгæй зындысты хуры тынтау, уымæн æмæ фыхти къæйыл-дзедангарыл уæлцъарæй тæвд цæхæры бын.

КЪУЫМБИЛЫ-ФÆСМЫ КУЫСТЫТÆ

Ирон адæмæн сæ фосæлвынæнтæ уыдысты афæдзы дæргъы бæрæг дыууæ афоныл — уалдзæг æмæ фæззæджы фæстаг æмбисты. Уалдзыгон æлвыд къуымбилы хуыдтой фист, фæззæджы æлвыды та — фæсм. Фистæй фæсмы нымадтой хуыздæрыл, æмæ йæ куыстæгтæ дæр уыдысты уæлдай мидисджынæй фылдæр, уымæгæсгæ къуымбилы æппæт куыст баззад фæсмы куыстæй, фæсмымиагæй.

Уалдзæджы фосæн уазалæй тæрсгæйæ доны найæн нæ уыди, æмæ сæ æлвыдтой æнæхсадæй. Сæрды фосы къуымбил уыди сыгъдæгдæр, фæлæ сæ æлвыныны размæ надтой цæугæдæтты дыууæрдæм раздах-баздахæй. Дыууæ рæстæджы дæр фос куыд æлвыдтой фыдæлтæ, ууыл дзырдтам раззагдæр сæргæндты. Дзырдтам, фист æмæ фæсмæй цы дарæс кодтой, ууыл дæр. Фæлæ къуымбилыл йæ сылвынынæй дарæсы кондмæ уыди бирæ архайд, æмæ сыл хуызгай æрлæууæм.

Æхсыны уаг. Фысты къуымбил у сойджынæй чъизигæнаг, рыггæнаг, æмæ хусæй йемæ архайгæйæ улæфæнтæ æхгæны йæ рыг, у тæссаг улæфæнтыл низ бафтауынæй, уымæгæсгæ йæ хъарм доны бæстон æхсадтой алы æхсæн фæрæзтæй: гæрзæхсæнæй, фæныкджын донæй, сапонæй, æлыгæй, стæй йæ хус кодтой тæнæг тыдæй тыхтгай, уæргъуынгай, фистыты тыхтонты дæр хицæнæй, фæсмыты тыхтонты дæр. Хусæй къуымбилты тыхтонты æвæрдтой уисæй быд чырвæзты, сахъари фæйнæгæй конд чыргъæдты, цæрмын мæхæлты.

Къуымбил æхсынын, æхсæдын. Цыфæнды æхсадæй æмæ хусæй дæр къуымбилы баззайы къæмдзыгтæ-ичъитæ алыхуызы хус кæрдджыты æмæ пыхсыты хустæй, æмæ сæ бæстон æхсæстой, æхсныдтой æнгуылдзтæй бындзыггай, æмæ къæмдзыг æзгъæлд. Къæмдзыг цавæрфæнды дарæсы куы фæуа, уæддæр буарыл дæрзæгæй ныдзæвы æмæ йæ фæхæрамы онг æвдæрзы, хæры. Уыцы лыстæг сусæгдзинæдтæ зонгæйæ ирон сылгоймæгтæ къуымбил æнæхсыдæй, æнæхсæстæй нæдæр пиргæ бакодтаиккой, нæдæр цæгъдгæ æмæ æлвисгæ.

Къуымбил пирыны фæтк. Пирæнтæ арæзтой алыхуызты алы хъæ дырмæгæй, æмæ æппæтæй хуыздæртæ уыдысты зырнæй зылдæй тæгæр æмæ тæрсæй конд иугуыртæ. Уыдоны цыргъ темантæ æнгом сагъд цыдысты пирæны гоппы дæндагуæтты бæхснæг гæнæй быд фидар æндæхтимæ. Пирæнæн дардтой сæрмагонд цыбыр æмæ фæтæн æртыкъахыг бандон астæуы даргъгомау тæнæг лæгъз фæйнæгимæ, æмæ уый руаджы уæлдай змæлд нæ кодта пиргæйæ. Стыр дæсныйад хъуыди пирынæн тагъд архайгæйæ. Дыууæ къухæй архайгæйæ æнгуылдзтæ судзинтыл кæм аныдзæвдаиккой, уым сæ туг акалдаид, æмæ ныхасæн баззад, цыргъ пирæнæй хатыр курæгау, зæгъгæ. Уыцы уавæры чызджытæм сæ хъус дардтой мадæлтæ, хистæртæ æмæ сын амыдтой сæ дæсныйад. Уыди уæлдай дæсныдæр пирджытæй ахæмтæ, æмæ пирæнмæ нæ касти, афтæмæй рæвдз архайдта дыууæ къухы армуæттæй.

Дæсны хуымгæрдджытау пирджытæ дæр уарзтой ерысæй архайын æмæ иу бавнæлдтой дзыхуагджынæй царды талынг къуымтæм алы диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ дзургæйæ, æмæ сæм æхсызгонæй куыннæ кастаиккой, хъуыстаиккой рæзгæ сывæллæттæ. Къуымбил пирыны фæдыл дзæвгар ныхæстæ баззад фыдæлтæй, æмæ амыдтой царды рæстаг хъæрмæ комкоммæ: «Ногпырд къуымбилæй — фæлмæндæр», «Гæды пырдтытæй кæсы», «Кæмдæр арвыл — пирæнгæмттæ», «Иу пирæнгомæй тинаг ничи æлвисы».

Хуыссæнгарзæй уæлæдарæсы онг цыдæриддæр кодтой арæзтой фосы хъуынæй, уыдон цыдысты бæстон пырдгонд æмæ цагъдгонд...

Къуымбил цæгъдыны уаг. Пирыны фæстæ къуымбилты цагътой фæтдзæгъдæнæй. Фæтдзæгъдæн арæзт уыд дыууæ хайæ — æрдын æмæ æрдынбосæй. Æрдынтæ кодтой фидар тасаг уистæй, æрдынбостæ та — синагæй. Пырд къуымбилты æвæрдтой бинаг нымæтыл æмæ сæ цагътой фæтдзæгъдæнæй. Фæтдзæгъдæны хъæдыл хæцыдысты иу къухæй, иннæмæй та ивæзтой æрдынбос, цæвгæ-ивазгæйæ пырд къуымбыл синагыл тыхсти-æмбæлди æмæ бындзыггай хæмпус кодта. Цагъд къуымбилæй æлвисынæн кодтой цæнгтæ. Къуымбилы иу хайæ æнæ цæнгтæ кондæй уæрстой нымæтхудтæ, бинаг (хуыссæн) æмæ уæйлаг нымæттæ, гобæттæ æмæ мутакатæ.

Къуымбил æлвисыны фæтк. Ирон адæм къуымбил æлвыстой æлхуый æмæ уæдæртты фæрцы. Æлхуыйтæ арæзтой уæззау лæгъз хъæдæрмæгæй. Алы æлхуыйæн дæр уыди дыууæ уæдæртты — сæрккаг æмæ кæройнаг. Сæрккаг уæдæртт æнгом ахста æлхуыйы угарды, кæройнаг уæдæртты фæрцы æлхуый зылди рогдæр æмæ растдæр. Æлвисынæн хъуыди стыр арæхст æмæ фæлтæрддзинад. Æлвыстой алы уавæрты æмæ рæстæджыты æхсæвæй-бонæй, сæрдæй, зымæгæй сылгоймæгтæ цумахъом чызгæй карджынмæ кæм бадгæйæ, кæм та лæугæйæ. Бадгæйæ æлвисæг уагъта цыбырдæр хæлттæ, лæугæйæ æлвисæг та — даргъдæртæ. Цыбырдæр хæлттæн се ’лвисын дæр уыди æнцондæр, сæ. тухын дæр. Даргъдæр хæлттæ æлвисынæн æмæ тухынæн хъуыди фылдæр арæхст, æмæ-иу æлвисгæйæ тæбыны хал скъуынгæ дæр акодта, æмæ уыцы уавæры бæрзонд уæлхæдзæртты сæрты лæугæйæ цумайы чызджытæ æмæ лæппутæ æххуысты цыдысты мадæлтæн. Дæс-фынддæс æлмæрины уыцы иугæндзонæй чи æлвыста, ахæм дæсны сылгоймæгтæ уыди алы хъæуы дæр. Уыдоны дæсныйад æрхæццæ мах дуджы æмбисмæ, стæй аргъæутты мысинаг æмæ дзуринаг фæци.

Æлвыстой хицæнтæй цъындайаг æмæ кæлмæрзæйнаг, хæдойнаг æмæ хæлайфаг кæм сывæллæттæн, кæм та — хъомылтæн. Æлвыстой рагагъоммæ тинæгтæ алыхуызы къуымбилтæй. Æлвыст тæбынæй арæзтой гауызтæ æмæ ламаздыхътæ, æлдымбыдтæ æмæ сæхтæджытæ, коцоратæ æмæ астæубостæ, авдæнбæттæнтæ æмæ æрмкъухтæ.

Тын нывæндын æмæ уафын. Хæдзары сылгоймæгтæ иугæр тыны фаг къуымбил балвыстой, уæд æй нывæзтой бæрæг афæтты: зымæгон митуарды — сыджытсæр уæлхæдзæртты, сæрды сауыл та — уынджы лæгъзы, нæудзар фæзты. Тын бауафынæн хъуыди дæргъаг æмæ уæфтаг бæрæг нымадæй, æмæ нывæзтой дæргъаг æртыкъахыг бандæттыл уæлгоммæ æвæрдæй. Бандæтты æвæрдтой дыууæ кæроны æмæ астæуæй уыцы иувæрсыгæй раст хаххыл. Цæмæй ма змæлыдаиккой, уый тыххæй бандæтты къуырфытыл æвæрдтой дуртæ кæнæ къуыдыртæ. Кæройнаг бандæттæй иуы къахыл тыннывæндджыты хистæр-амонæг баста æлвысты-тæбыны сæрккаг къæппылхынцъæй, стæй æлхуыйы кæрæттыл армытъæпæнтæй хæцыди æмæ рахисырдæм зилгæйæ нывæзта бандæтты алыварс тыны дæргъаг. Ахæм уагыл дыууæ тыннывæндæджы кæрæдзийы фæдыл зылдысты. Амонæг бандоны къахыл тæбыны сæрккаг бабаста, уæд куывта: «Лæгтыдзуар, рæстмæ фæкæн нæ нывæзт! Сыгъдæг Мадизæн, нæ тыны дæргъаг фидар халæй фæлмæн нывæзт фæкæн!»

Тыннывæндæг æлхуыйы кæрæттыл æмхуызонæй раст нæ хæцы, уæд тæбын скъуыди, æмæ йæ арæх æлхынцъытæ уыдысты уафгæйæ къуылымпыйы хос. Тинаг нывæзт фæци, уæд ын йæ дыууæ кæроны хицæнтæй æнгом бастой фидар синагæй, стæй сæрккаг кæроныл хæцыд амонæг, кæройнагыл — æххуысгæнæг æмæ фæйнæрдæм ивазгæйæ кодтой тыны хъултæ æлмæрины дæрддзæгæй...

Тынуафынæн хъуыди стыр дæсныйад къухты арæхстимæ, æмæ алы сылгоймагæн лæвæрд нæ уыди уыцы фарн. Тынтæ уæфтой алы афæтты сæрдæй, зымæгæй. Тынуафынæн ирон хæдзары дардтой хиконд дзаумæттæ — тынуафæн бандон æмæ хъæбысхъæд, æргъæвæны хъæл æмæ цармæ баст ауындзæны даргъ хъил, цъæгъæдз æмæ уæфти, сæрвасæн æмæ æрдтæ. Уыдоны арæзт æмæ аразæн æрмæг у сæрмагонд дзырддаг, фæлæ сæ куысты уагæн æнæ фенгæйæ аргъ скæнæн нæй. Тыны нывæст хæлтты кæрæттæ баст цыдысты æмхуызонæй хæдзары астæуцæджындзыл, сæрккаг кæрæтты та халгай ластой фыццаг тынуафæн æрдты хауты астæуты, стæй хъæдын сæрвасæны дæндæгты æхсæнты, æмæ сын хъæбысхъæдыл бабæттыны онг хъуыди æнæхъæн бон. Уымæй фæстæмæ — цæстыты рухс æмæ уæнгты иугъæдоны змæлд. Иу бонмæ дыууæ-æртæ æлмæрины куы бауæфтаид сылгоймаг, уæд рæстмæгæнæг зæдтæ æмæ дауджытæй — арфæгонд. Уæфтаг æлвыст уæфтийыл тыхтæй цъæгъæдзы æнцонæй куыд зылди зырнау, афтæ къæхты æмæ къухты архайдæй иу кодтой. Алы уæфты хал аласынæн дæргъы хæлтты астæуты хъуыди къæхты æмæ къухты æмхуызон архайд уыцы иу афоныл. Гыццыл фæстиат фæнды къæхтæ фæуыдаиккой æрдтыл бынмæ-хæрдмæ хæцгæйæ, фæнды къухтæ цъæгъæдзы уæфт дыууæрдæм дæргъы хæлтты æхсæнты ласгæйæ, уæддæр лыстæг æлвыст скъуыдтæ кодта, æмæ, иуæй, сæ бæттын, иннæмæй, сæ басты арæх тымбылтæ, уæлдай дæрзæгтæ уыдысты тынæн фыдуынды хос.

Уæфтой къуымбилты хуызты хибæрттæй, стæй хæццæтæй дæр. Фистæй уæфт тынтæ уыдысты дæрзæгдæр, фæсмæй уæфтытæ — фæлмæндæр. Æппæтæй хуыздæрыл нымад цыдысты уæргъуынтæй конд тынтæ. Уыди сау æмæ урс, бур æмæ цъæх къуымбилæй хицæн тынтæ, кодтой сæ хæццæ дæр.

Тынтæ уæфтой сæгъты хъуынтæй дæр дыууæ хуызæн: иу — сæхъисæй, сæгъты хъæбæр хъуынæй — фистæй, иннæ — тинтычъийæ. Сæхъисæй тынтæ бæззыдысты кусæн дарæсæн, хордзентæн, пæлæзтæн. Тинтычъийы тынтæй хуыдтой басылыхътæ, цухъатæ, куырæттæ, кодтой дзы кæлмæрзæнтæ.

Тынуæрдыны уаг. Тынтæ уæрстой алы афæтты, фæлæ сын хуыздæрыл нымадтой хъарм рæстæг æмæ бынат. Уыди Ирыстоны кæмтты уæлдай хъармдæр суадæттæ æмæ суæрттæ. Уыдонæй иуы ном æрхæццæ мах заманмæ, æмæ йæ хуыдтой Тынуæрдæн хъæрмæдон — Дæллаг хъæрмæдон Санибагомы. Уым чысбын зæххы фахсæй лæдæрсынц хъарм суадæттæ, æмæ дзы рагзаманты бынæттон цæрджытæ уæрстой тынтæ сæрмагонд каутыл цæттæ хъарм донæй.

Зынуæрдæн уыди тын. Хъуыди йын арæх хъарм донимæ дзæвгар лæггæдтæ: цæнгдыхæй — арæхст æмæ фæразон, коммæгæс æмæ быхсаг. Иунæгæй тын ничи уæрста. Зиуты цыдысты алы кары сылгоймæгтæ, æмæ ерысы уагыл се ’хсæнты æрлæууын кодтаиккой нæлгоймæгты дæр, хуымгæрдæнты æмæ æссивæнты куыд хъазуатæй куыстой, афтæ. Тынуæрдæг зиууæттæн дæр уыди сылгоймаг амонæг. Уый хорз зыдта куысты уаг æмæ тынуæрдæг зиууæтты ахаст. Уыйадыл цырддзаст æмæ къæрцхъусæй æххæст кодтой зиууæттæ разамонæджы фæндæттæ, амындтæ. Ерысы уагыл сылгоймæгтæ дзырдтой чызджыты æвзагæй — фæлхатæгæй æмæ архайдтой æмвæндæй, нæлгоймæгты сынæгæй схойгæйæ, дон пырхгæнгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынуæрдыны архайд сылгоймæгтæй нæлгоймæгты астæу ирон æфсармы арæнтæй нæ хызти, нымды уаг æмæ намысы равг нæ хæлдтой, дзырдтой къуызгæ уайсæстæй куысты монц, фæллойы бæркадыл.

Хуылыдз тын æрмттæй — фистæгцæнгтæй уæрдгæйæ дзырдтой разæнгарды ныхæстæ æмбисæндтæ хæсгæйæ, царды цинтæ æмæ мæстытæм амонгæйæ, бæллицтæ нымайгæйæ. Дзæвгар рæстæджы тæвд дон пырх кæнгæйæ тын ивæзтой уæрхмæ-дæргъмæ рафæлдах-бафæлдахæй. Иу кæроныл æрхæцыдаиккой сылгоймæгтæ, иннæуыл — нæлгоймæгтæ тыхæвзарæнæй, æмæ чи рамбылдтаид, уыдонæн зиуы фынгæвæрды — уæлдай арфæтæ нуазæнтимæ. Зиууæттæн кодтой кусарт, фыхтой дзаджджынтæ, бæзджын къуымæл нуазинагæн, æмæ арфæгонды монцæй æвзæрдысты зарджыты хуызтæ дæр, æмæ дзы цæвиттонæн, нæ фыдæлты рухс цæсгæмтты нымдæн иу зарæг уæддæр равдисæм ныры магусайæ цæлуарзаг фæлтæртæн:

 

ТЫНУÆРДДЖЫТЫ ЗАРÆГ

— Онай, зæгъæм, мæ хуртæ, онай,—

Тынуæрдæг зиууæтты онай!

Дыстæтылдæй, цæнгтæргъæвдæй —

Бæстон онай, уæззау онай!

 

Нæ ног тынæн дæргъæй уæфтмæ

Йе ’лвисинаг — фæсмкъуымбилæй.

Хæрзæхсадæй, хæрзæхсныстæй

Йæ пирджытæ — Уæзæфтауты

Ацырухстæ, Айсанатæ.

Йæ балвисæг Насыран уыд

Æддæгуæлæ мæсыджы сæр.

 

Æз амæлон, сымах цæрат,—

Кæд уый Тоцца нæ нывæзта!..

— Æцæг зæгъы, æцæг дзуры

Нæ буц æфсин — нæ амонæг!

Æмæ онай, рæвдздæр онай

Дыстæтылдæй, цæнгтæргъæвдæй! —

Кæд фидæны нæ чызджытæ

Лæг-амæндтæ ыссариккой,

Нæ файнусттæ, нæ чындзытæ

Тырынгуырдтæ ныййариккой!

 

Тын уæрст фæци, уæд æй бæстон æхсадтой сапондоны, ивæзтой йæ дæргъмæ-уæрхмæ æмæ йæ ауыгътой хус кæнынмæ сыгъдæг дымгæдзоны. Хусгонд тыны дæргъмæ-уæрхмæ ивазгæйæ лæгъз кодтой уæззау тымбыл хъæды лыггагæй æмæ йæ æнгом тыхтой хъæдын къæбæлыл.

Нымæт уæрдыны фæтк. Ирон хæдзары бинаг æмæ уæйлаг нымæттæ æхсызгонæн хъуыдысты æрвылбон сæрдæй, зымæгæй, æддæйы куыстæй хæдзары змæлдмæ. Уæйлаг нымæттæн хуыздæрыл нымадтой фæсмы даргъ къуымбил, бинаг нымæттæн — фисты къуымбил. Дыууæ хуызы нымæттæн дæр хъуыди сыгъдæг æхсæст æмæ æхсад пырдгонд æмæ цагъдгонд къуымбилтæ. Нымæттæ уæрдынæн дардтой тæнæг уæрæх кæттæгтæ-ерджентæ. Уыдоныл фæлтæргай тъæпæн æвæрдтой къуымбил хъарм дон кæнæ хуырх пырх кæнгæйæ æмæ сæ æнгом милтыхт кодтой ердженты уæрдын æввонгæй. Уæрдынæн та уыди тæрхджытæ кæм кауæй, кæм фæйнæгæй. Нымæттаг уымæлы уæрдгæйæ кæрæдзиуыл куы фæхæцыдаид, уæд æй райхæлдтаиккой æмæ йæ тæнæгдæр бынæтты æвæрдтой уæлæмхас къуымбил, афтæмæй йæ тыхтой æмæ уæрстой æнæ уæлдай тæнджытæй, зыхъыртæй.

Уæйлаг нымæтты кодтой дыууæ хуызы: иуæн уыди æмхуызон лæгъз буар, бинаг нымæты хуызæн, иннæмæн æддагварс хаста бæрæг хъуынджындæр даргъ къуымбилы уадздзæгтимæ. Æддæгырдæм хъуынджындæр нымæттæ уыдысты кадджындæр, æмæ сæ хастой барджытæ саргъы бæхтыл балцы цæугæйæ. Хъуынджын уæйлаг нымæттæ уæрдынæн хъуыди уæлдай фылдæр арæхстимæ хуыздæр къуымбил, æмæ йæ уæрстой дыууæ фæлтæрæн. Фыццаг фæлтæр уæрстой бинаг нымæты хуызæн, фæлæ тæнæгдæр æвæрдæй æнгом. Дыккаг фæлтæры къуымбил бындзыггай æвæрдтой фыццагыл æлвынæнырдæм, æмæ бæрæг фæлмæндæрæй ныхæстысты уæрдгæйæ иумæ, сæ даргъ кæрæттæ та задысты пыхцылæй. Пыхцыл хъуынты уыцы ногуæрстæй къахтой сыкъайæ конд туасæй, фастой сæ сæрвасæнтæй, æмæ хъуынджынæй лæгъз бадтысты. Ахæм бæстон уæрст уæйлаг нымæты уарыны дон нæ хъардта цыфæнды къæвдайы дæр...

Нымæтхудты конд. Нымæтхудтæ кодтой ирон адæм фосы алыхуызы къуымбилтæй, фæлæ уæлдай хуыздæр уыдысты фæсмы сау, цъæх, донгъуыз æмæ урс къуымбилтæ. Ны мæт куыд уæрстой, афтæ худæн дæр хъуыди сыгъдæг койгонд къуымбил, æмæ йæ тæнæг æвæрдæй уæрстой бæстон кæнæ кæттаджы, кæнæ ерджены тыхтæй иугъæдоны уымæлæй. Уымæлæн та хуыздæр уыди хъарм дон кæнæ хуырх. Нымæтхудты уæрстой бæстон дыууæ фæлтæрæн дыууæ хуызы: фыццагæн уæрст цыди æмвæтæнæй æнæ уæлдай бæзджынтæ æмæ тæнæгтæй æнгом, æмхуызон. Дыккаг уæрст æй кодтой æмбисастæуыл цыппар дыдагъæй, стæй йæ бæрæг тенкадзыдæй æнгом тыгътой худыкъуыдырыл бынастæрды уымæл кæттагимæ. Бæстон тыгъдæй, æнгом бастæй худ басур, уæд ын æмдымбылæй йæ кæрæтты зылдтой хæсгардæй æмæ сыл хуыдтой быд — чъилтæ фидардæр æмæ фидыцджындæрæн. Цæмæй сæрыл æнгомдæр бада, уый тыххæй дзы ластой астæубос фидар æндахæй æмæ йæ бастой къæппæлхынцъæй...

 

Фиппаинаг. Ирон нымæтхудты алы кæмтты кодтой кæм бæстон иумæйаг фæткыл, кæм та хицæн уагыл. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаиккой хуызæй æмæ кондæй, уæддæр аргъгæнæг уыдысты лæджы сæрæн иугæндзоны рог æмæ æнцонархайдæй, фидыцджынæй. Æппын ницы, фæлæ хураууонæй къæвда кæй урæдтой, уымæй диссагæн хæссинаг уыдысты. Уæдæ тæвд боны нымæтхуды къусчы цыхцыры уазал донмæ бадар æмæ дзы донызæдты ном ыссар, уæд кæуылты райгонд фæдæ райгуырæн бæсты хæрзтæй!

Ныры ирон сылгоймæгтæй ма нымæтхудтæ чи кæны, уыдон дæр нал зонынц фæсмы куысты дæсныйад, афтæмæй куыдфæндытæй ауæрдынц цыдæр худгæндтæ æмæ сæ стыр аргъыл уæй кæнынц...

 

Хуыссæнгæрзты конд. Къуымбилæй кодтой рогдæр, хъармдæр æмæ æнæниздæрæн хуыссæнтæ дæр: гобæттæ, хъæццултæ, базтæ æмæ мутакатæ. Гобæттæ æмæ хъæццулты рæтыдтой кæм уæлæмхас тæнæг цъæрттимæ, кæм та æнæ уыдонæй.