ХЪÆДЫ ÆМÆ АРТАДЖЫ КУЫСТ

Арæзтадон хъæдырмæг ракæнынæн ирон хъæдгуысты дæснытæ хуыздæр рæстæгыл нымадтой фæззæг сыфтæрæзгъæлæнтæй фæстæмæ. Мæйнæуæджы цы хъæдырмæг ракодтаиккой, уый сын лæууыд къаддæр, æмæ архайдтой хъæдырмæг кæныныл мæйы дыккаг æмбисы. Хъæдджын кæмтты æнцондæрæй амал кодтой хъæдырмæг, фæлæ хъæдæй мæгуырау бынæтты зынарæнæй хоры æмæ хосы æмсæр лæууыд. Хуымæн æмæ уыгæрдæнæн бæзгæ рæтты хъæд уыйас цагътой, æмæ фæстаг æртæ-цыппар æнусмæ хъæутæм хæстæджыты уисой цæмæй бабастаиккой, уый дæр нал уыд, æмæ артагæн дæр ластой, хастой фæсрæгътæй, арф кæмттæй æфцгуыты сæрты. Уыцы уавæры сарæх сты хъæдласæнтæ хæрдмæ-уырдыгмæтæй сæ бирæ зынвадæттимæ: кæм хъæдыргъæвæн рындзтæ æмæ нарджытæ-карст айнæгыл, кæм дуртулæн гæмæх лæбырдтæ æмæ сахадзон арф æрхытæ. Сæрдæй, зымæгæй хъæды куысты æмхæст кодтой кусæг фос æмæ кусæг адæм. Хоры хуызæн бирæ кæмтты артагæн сугтæ хастой лæгуаргъæй, бæхуаргъæй, хæрæгуаргъæй. Абоны ирæттæн фыдæлты фыддзарды уавæртыл дзурын у аргъæуттæгæнæгау, фæлæ нын сæ зонын æмбæлы, ныры царды фадæттимæ баргæйæ.

Хосы æмæ хоры куыст куыд кодтой, ууыл уæлдæр дзырдтам, æмæ алкæд хорыфсис нæ уыдысты. Хорырцыды хъуæгтæ æххæст кодтой урсаг æмæ сойагæй, хæрыны кæрдæджытæй æмæ дыргътæй. Бонгай зæгъон, æмæ къуыригай, мæйгай хойраджы хъæстæ нæ кодтой бирæ хъæуты цæрджытæ, фæлæ ирвæзтысты уæлæмхас æфтиæгты фæрцы. Сугæн, артагæн йæ куынæг уыди сæфты хъуыддаг, æмæ йæ цæмæй раивтаиккой хъуамæ? Быдырты ма хъæмп æмæ хъæллæгъ сыгътой хæринаг фыцынæн, фæлæ хæхбæсты æнæ артагæй цæрæн нæ уыди, æмæ архайдтой фæстауæрцæй æрвылбоны артагыл. Уыцы уавæры баззад бирæ æмбисæндтæ: «Хæрдгъуызæйæртгъуыз — хуыздæру», «Хъалæйхъарм — хуыздæр», «Мæгуырæй дæр — æртхуыз», «Мæгуырæй дæр — æртдзых», «Фыдгул — æнæ артдзæст», «Фыдгулæн йæ арт ахуыссæд».

Артдзæст æмæ арт, къона æмæ тохына, астæурæхыс æмæ сæрызæд уыдысты ирон царды бындуртæ, æмæ сæ кодтой сомы, хордтой ард. Уыйадыл адæймаджы номæй йæ цæрæнуаты æнæмæнгæй хъуамæ уыдаид, артæн, рухсæн цы хъæуы, уыдæттæ фæстауæрцæй: сугты хустæ æмæ æндзарæнтæ, æзных æмæ æрцъыккысхон, хъæдын цырагъ (нæзыйæ, назæй) æмæ бæрзы цъæрттæ. Уыцы уавæры фæндæгты байбынты, фыййæутты уæтæрты, цуанæтты æхсæвиуатгæнæн лæгæтты æфснайдæй, хусæй лæууыдысты бахъуыды бонмæ æваст æххуысы артаджы мадзæлттæ.

Артагæн æмбырд кодтой æппæт бæлæсты æхсæдæнтæ, цъæрттæ, фугæйы æмæ залгъæды хустæ, фæззыгон æмæ уалдзыгон хæтæлтæ, хус хъуына, хырхæйфадæнтæ. Хъæдджын кæмтты дæр лыстæг фосы фаджысæй къахтой сæнар æмæ хус кодтой зыхъырамадæй байбынты, систы сæрты гæзæмæ æмбæрзтæй. Сæнарæн хъуыди хус суджы æндзарæнтæ, æмæ уыдоны фæрцы куы ссыгъдаид, уæд йæ арт сабыр судзгæйæ хаста бирæ — фæсахсæвæрæй райсомы боныцъæхмæ зымæг. Уыйадыл сæнары тыххæй баззад бæрæг æвдисæнтæ аивадон уацмысты дæр, æмæ Къоста хæрз цыбырæй бафиппайдта арт æмæ рухсхъуаг фыдæлтыккон адæмы царды уавæртæ:

 

Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы...

Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!

Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы,—

Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!

 

Лыстæг фосы фаджысæй сæнар кæныны-къахыны уæлдай, хъомы сæрдыгон фаджыс æрвылбон æмбырд кодтой æмæ йæ систы зыхъыртыл ныхасæгау цавтой хус кæнынмæ.

Хъæд цы кæмтты скуынæг, уым ма баззадысты кувæндæтты, дзуæртты номыл нæфæтчиаджы-табуйы бæлæсты къохтæ, æмæ бæрæг бæзджындæр, тардæрæй зындысты талаты астæу.

Куыдфæнды ма уыдаид хъæдырмæг æмæ суджы куысты уавæр, уæддæр хоры æмæ фосы хуызæн фæстауæрцæй, æфснайдæй дардтой сугдæттæ кæм æмбæрст байбынты, кæм та гом арвы бын. Сæрдыгон сугæн фылдæр хастой æмæ ластой хустæ, зымæгон сугæн хустимæ æндзæрстой хуылыдзтæ æмткæй райсгæйæ, фæлæ уыди сæрмагонд рæстæг суг кæнынæн хурхæтæн мæйы. Уæдмæ хъæды сыфтæр йæ тыхы бацæуы донджынæй, цъар æнцонæй стыхсы, æмæ зымæгмæ цæттæ кодтой суг алыхуызты. Уыйадыл уыди хицæн æмæ иумæйаг хъæдтæ хæдзæртты, хъæуты, мыггæгты номыл, хуымтæ æмæ уыгæрдæнты хуызæн. Хъæдты хæйттæм амыдтой мыггæгты нæмттæй суанг XX æм æнусы æмбисмæ, æмæ сæм фæстауæрцæй æвнæлдтой нæфæтчиаджы дзуары къохтау. Иунæг Туалгомы хъæуты хъæды æмæ суджы куысты уавæртæм бæстон æркæс, уæд æмбисондæн хæссинаг уыдысты иугæндзоны зынамæлттæй. Суггæнæнты цагътой пыхс æмæ дзы бастой куыристæ пацъитæ уæрдæхтæй. Уыдон кæнæ бынаты хус кодтой, кæнæ сæ хастой æккойæ, ластой галтыл хъæутæм. Уымæй уæлдай багалæг уæрдæтты, зæгъæм, Мамысоны рæбинагдæр цыппар-фондз хъæуы хызтысты сæрды æмæ фæззæджы æвдæлд бонты Булкъаты æмæ Мамысоны æфцгуытыл хуссарварсы саухъæдтæм æмæ ластой хъæдырмæг, суг. Фæстаг дыууæ-æртæ æнусы цы бæстыхæйттæ арæзтой Æзгъилы, Калачы, Къамыхцойы, Лисырийы, Хъылиаты æмæ Тылийы хъæуты, уыдонæн кодтой хъæдырмæг фæсыфцæджы хихджын тархъæдты Цъанцъахийы, Сугтыкомы æмæ Гъесчейы дæтты былты æмæ сæ ныллæг галуæрдæтты ластой Хæстон Ирон паддзахвæндагыл Мамысоны æфцæджы сæрты 28–30 версты дæрддзæфæй. Дыууæрдæм уыди æртæ-цыппар боны цыд дзæвгар хæрдтæ æмæ уырдгуытимæ, лæбырдты æмæ донивылæнты бауайæнтимæ. Лæгæй, галæй — тыхывзарæн фæндæгтæ... Фæндзгай, æхсæзгай æмæ æвдгай ивазны хуылыдз тымбыл хъæдтæ сыфцæй ласгæйæ дæр уырдгуыты размæ бырынц галты къæхтæ хойгæйæ, хæрдты фæстæмæ хæцынц, æмæ багалæг уæрдæттæн дардтой дзуакатæ уромынæн сæрмагонд фидар бæттæнтимæ æруадз-æсхæцæй. Хæрды тыххæстæй галтæ хуыдуг кодтой, уырдыджы тыхурæдæй састи уæрджыты хъару, æмæ дыууæ уавæры дæр хъæддзаутæн — уæлдай лæгæвзарæнтæ.

Хъæдæй мæгуыраудæр кæмтты бæстыхæйттæ уыдысты тъæпæн сыджытсæртæ, стæй хуымæтæгдæр конд дуарæй, рудзынгæй. Уæдæ æмткæй райсгæйæ хъæдæй цухдæр кæмтты хъæдгуысты дæснытæ уыди бирæ къаддæр, уæддæр ирон адæмы хъæды куыстæн ис йæхи сæрмагонд фæтк æмæ уаг куыд мидисæй, афтæ хуызæй дæр. Зыдтой бæлæсты æрдзон буарыгъæд сæ бирæ нæмттæ æмæ миниуджытимæ. Уыди сын сыфтæрджын бæлæстæн дæр сæрмагонд нæмттæ, хихджын бæлæстæн дæр, æмæ се ’ппæт нæдæр артагæн æмхуызон хорз уыдысты, нæдæр хъæдырмæгæн. Хицæнтæй дыууæ-æртæ бæласы хуызты æрдзон миниуджытыл дзу рынæн бахъæуид дзæвгар рæстæг, фыдæлтæ сæ цас хорз зыдтой æмæ æмбæрстой, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Фæлæ цæвиттонæн зæгъæм бæлæсты хуызты зайыны, рæзыны æмæ уæвыны тыххæй. Уыди æмæ ныр дæр ис зæххы æвæрдæн иу комы цæгат æмæ хуссар, скæсæн æмæ ныгуылæн, бæрзонд æмæ ныллæг, саумæр æмæ æлыг, хуырджын æмæ æзмисджын, сур æмæ уымæл, дымгæгæнаг æмæ уадымс сабыр бынæттæ афæдзы афонтæ бæстон хынцгæйæ, зонгæйæ. Нæзы бæлæстæ бирæ рæтты зайы уыцы æмраст æмæ ставдæй, фæлæ сæ бæстыхайы кæм сæвæрай, уым æмхуызон бирæ нæ лæууынц. Зæгъæм, Уæлладжыры комы зайы нæзы бæлæстæ бирæ рæтты, фæлæ Бызыбынæй Нузалмæ нæзы хъæдтæ хъæдырмæгæн нæ лæууынц цыфæнды хус ран дæр, уайтагъд сæ рыг акæлы рæмпæгæй. Æппæт бæлæсты хуызтæ куыдфæндыйæ иумæты нæ зайынц. Ис хицæн къохтæ бæрзытæн, нæзытæн, тулдзытæн, тæрсытæн, фæрвæн, æхсæрæн, залгъæдæн, фугæйæн, фæлæ сæ æппæт ныллæджыты æмæ бæрзæндты нæ фендзынæ, нæзы, бæрз, цъуй, æхсæр æмæ фугæ куыд зайынц, афтæ. Уыцы хицæн бынæтты уавæрæй уæлдай бæлæстæн сæ буарыгъæд дæр æвзæрстой куыд артагæн-сугæн, афтæ арæзтадон æрмæгæн дæр. Фæрвæй бæстон хусгондæй æвæрдтой агъуысты хъæдырмæг: рæфтæ, цæджындзтæ, уæладзæнтæ, бынгъæдтæ, фастой дзы фæйнæг, арæзтой дзы мигæнæнтæ, фæлæ гыццыл уымæлæн дæр нæ фæрæзта æмæ æмбыди уыцы хырызæй. Лæууæн хъæдырмæгыл нымадтой нæ фыдæлтæ хихджын бæлæстæй зазы æмæ назы, нæзыйы æмæ чъиуназы, сыфтæрджын бæлæстæй — тæрсы æмæ сывылдзы, тæгæры æмæ уисхъæды, тулдзы æмæ кæрзы, æнгуз бæласы æмæ бал бæласы, фатхъæды æмæ бæрзы, сусхъæды æмæ акъацийы. Уыдонæй бæрæг сыгъдæгдæрыл нымадтой ирон дины кæнонты ахæсты бæрз бæласы, æмæ йæ къалиутæй кодтой кувинаджы физонджытæн æртæтигъон уæхстытæ. Бæрз бæлæстæ аивдæрæн, сыгъдæгдæрæн сагътой хæстæгдæр дзуæртты бынты, бæрзы цъындытæ æвæрдтой рæстады ард хæргæйæ кувæндæтты. Бæрзæй конд гыццыл къæбæлтæ тъыстой хæндыджы æвæрд нывондæгты гуымбылты. Бæрзæй къахтой дзагуыр сæртыты æмæ тадзинты фæрцы чъыбылатæ, къæртатæ, царвцæгъдæнтæ, донхæссæнтæ. Тæгæрæй кодтой зырнæйзылд къустæ æмæ уидгуытæ, тæбæгътæ æмæ цæххойæн фæхтытæ, тынуафæн цъæгъæдзтæ æмæ къуымбил æлвисæн уæдæрттытæ æлхуыйтимæ. Кæрдо æмæ æнгуз бæлæсты хусгонд æрмæгæй кодтой хъулджын авдæнтæ, къæлæтджын бандæттæ, хъæдын сынтæджытæ, бадæн сæргъты къуыдыртæ. Хихджын бæлæстæй фастой алыхуызы фæйнæг хæдзараразæн хъæдырмæгæн. Цыппæрваст сывылдзæй арæзтой уæрдоны рæтæнæгъдтæ, гуыффæйы фæрсчытæ æмæ сæргъæдтæ. Уæрдоны цæлхыты хъæдын чъилтæн, дæндæгтæн, къуыдырæн, сæмæнæн æвзæрстой фидардæр, лæууæндæр æмæ æнцондæр архайæн сыфтæрджын бæлæсты хъæдырмæг, хихджын бæлæсты хъæдырмæг сын нæ бæззыди. Галты æфсондзæн, æфсондзы тæбынгтæн, дзывыры æппæт хæйттæн хъуыди фидар хъæдырмæг. Дзоныгъы хъустæн æвзæрстой тæрсы, тæгæры, уисхъæды, фатхъæды талаты æмæ сын æлхуыйтæ, сæргъæдтæ, къæхтæ арæзтой фæлмæндæр æрмæгæй...

Хъæдджын кæмтты уыди сæрмагонд суггæнæнтæ, хырхæйфадæнтæ, хъæдласæнвæндæгтæ, æфцгуытæ. Суггæнæнты архайдтой зымæджы фаг сцæттæ кæныныл æмæ сæ амадтой рæдзæгъдтæй хус кæнынмæ кæм æдпыхсытæй, кæм та æхсæстæй, гæрæмæй. Ставддæр бæлæсты тæгæлтæй цыппæрваст кодтой æмæ сæ сардзинтæй амадтой ласæнвæдтæм хæстæгдæрты. Сардзин сугтæн цыппар фарсæй къуырдтой михтæ æмæ сæ фæсамад кæрæдзимæ бастой уæрдæхтæй æфснайддæрæн. Рæстæмбис нымадæй алы хæдзарæн дæр суг хъуыди зымæджы фаг дыууæ-æртæ сардзины. Сардзин сугæн йæ цыппар фарсы дæр уыдысты æртыгай адылитæ, дыгай метыртæ, æмæ уыйбæрц сугæн гыццыл нæ хъуыди хæдзаргай, хъæугай, комгай...

Артаджы мадзæлттимæ — рухсы, цырагъы кой. Фæтæген æрæджыты фæзынд, æмæ цырагъæн пайда кодтой хихджын бæлæсты сой-зети, писи. Уыдон уæлдай фылдæрæй зындысты нæзы æмæ чъиуназы бæлæсты куыдставддæрæй, рагондæрæй. Нæзы æмæ чъиуназы бæлæстæ фæрæтдзæфтæ фесты, уæд сæ зети-сой тæдзы æмæ чъиуæй фæлгуыртæ æвæры. Уæдæ дур æмæ æрвдзæф бæлæстæ дæр чъиугæнаг сты, æмæ цырагъæн — бирæ мадзæлттæ. Афæдзæй-афæдзмæ хъуыди дзæвгар цырагъ хæдзары, æмæ йæ амал кодтой хоры æмæ цæххы хуызæн фæстауæрцæй...

Æппæт цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæн сæ цæрыны, уæвыны мадзæлттæ доны æмæ хъæды фæстиуджытыл баст кæй сты, уый фыдæлтæ хорз хатыдтой сæхи удты фыдæбон æмæ хæрзæбонæй æмæ фæстагмæ ауæрдын райдыдтой дыууæ æвдадзы хосыл дæр. Уыйадыл уыди алы комбæстæн дæр хъæугай зæхгæстимæ хъæдгæстæ дæр. Ныры Ирыстоны æрдзон хæрзтæн налдæр зæхгæстæ и ауæрдæг, налдæр хъæдгæстæ, афтæмæй куынæгмæ цæуынц стыр æхцатыл гæбазгай уæйгæнгæйæ, хъæды æмæ артаджы сæдæгай куыстытæ та рохуаты баззадысты æрдзон газты маргхъæстæ фæздæгмæ смудгæйæ...