ИРОН ХÆРИНÆГТЫ ХУЫЗТÆ ÆМÆ КОНД

Æхсызгоны куыстытæ цас иу кодтой бинонты, сыхты, хъæуты æмæ кæмтты адæмы иумæйаг номæй, уыйас сыл хæрзаудæнæй ахадыдтой хидвæллæйттæ бæркæдтæ æмзонд æмвæндæй, æмвæтк æмуагæй. Бинонтæ цасфæнды ма уыдаиккой, хæдзары куыстæгтыл æмхуызон райгондæй архайынц, уæд царды фыдуавæртæн æнцондæрæй быхсыдтой. Кæрæдзийы хъæр нæ æмбарынц, уæд куысты уæлхъус — хивæнд æмæ фæлывд, фынджы уæлхъус — зыд æмæ кæрæф. Фыдæлты заманты дæр уыди æвæтк-æдзыт бинонтæ, сыхтæ æмæ хъæутæ, фæлæ ирон фарны хæрзтæм ницы бар дардтой фæзминагæй, райгондæй, æмæ нæ дарддæры ныхасы сæрæвæрæн уыдзысты куыстуарзонæй æгъдауджын бинонты бæркæдтæ.

Хæдзары хистæртæ цас раст уынаффæ кодтой æрвылбоны царды, уый зынди æппæт куыстæгтыл иугъæдоны хæрзаудæнæй. Хистæрæй кæстæрмæ цыдысты фарны хæрзтæ ахуыры уагыл фæлтæрддзинад æмæ дæсныйады бындурыл. Зæххы æмæ фосы куысты æфтиæгтæй кæй цардысты, уый сæ рох нæ кодта. Зæххы раттинæгтæ — хор, фос æмæ хос æдзух кæрæдзийы фарсмæ лæууыдысты æртæ стырдæр хорзæхау, фæлæ сын сæрæвæрæныл нымадтой хоры, хойраджы. Хоры кад æмæ радыл баст цыдысты царды иннæ хæрзтæ-бæркæдтæ. Хоры аргъæй аргъ кодтой æппæт фæллæйттæн. Хуыцау æмæ зæххы фыдæхæй стырдæр нæ уыди ирон фæрнджын дзыл лæйæн æмæ сæ хордтой ард, тарстысты сæ фыдæхæй, фæлæ хорæй ард нæ хордтой, кастысты йæм иугъæдоны табуйаджы цæстæй йæ фыдæхæй тæрсгæйæ.

Хорæй кодтой хойраг, æмæ хойраджы хæрдæн, лæвæрдæн кад æмæ рады уагыл æмбал нæ уыди. Уыцы хъуыды Къоста хæрз цыбырæй загъта: «Алы куыстæн — рад, Дзидзидайæн — мад. Хоры кæндæн — зад, Хоры хæрдæн — кад».

Куыдфæндыйы архайд æмæ кондæй, æгады æмæ æбузны лæвæрдæй хоры хæрды нæдæр кад уыди, нæдæр рад фæрныг фыдæлтæн.

Нæ фыдæлтæ хоры куыст куыд кодтой, уый тыххæй дзырдтам байтауынæй æрыссыны æмæ хордæтты бафснайыны онг. Къаты æмæ бæрæгбоны хойрагæн дардтой хицæн æссаддонтæ. Уыди сын æссад барынæн, хæссынæн, æфстау дæттынæн сæрмагонд хъæдын къустæ æмæ тæбæгътæ, луарынæн — æнгомдæр æмæ гæзæмæ зыхъырдæр сасиртæ, хыссæ нæмынæн — егъау æмæ къаннæг арынгтæ. Æнхъизæндонæн — къæртатæ æмæ хъуырæуттæ. Æнхъизæнæн дардтой хуырх æмæ суар, кæнæ цырвы æмæ къуымæлы бынтæ хусгондæй.

Уæларынг балæууыны размæ сылгоймаг йæхи хæрзæхсад, хæрзæфснайд кодта сæрбæттæнæй дзабырты онг æмæ архайдта йæ армыконды сыгъдæгыл, аивыл. Йæ хойраджы адæн хуыздæр æвдисæн уыди хыссæйы бæстон над. Цавæр хорæй ма кодтаид кæрдзын,уæддæр æй нæмын хъуыди уымæлдзыдæй нуар сæвæрыны онг. Цалынмæ хыссæ уымæлбынæй нуар сæвæра, уæдмæ арынджы быныл хæцы æмæ къухтыл æндæдзы. Нуарджынæй бæстон над у хыссæ, уæд артыл дæр фыцы æнцондæрæй, аивдæрæй, æмæ фыдæлтæй уымæн баззад ныхас, кæрдзын фыццаг арынджы сфыцы, зæгъгæ. Гъемæ, раст дзырдтой нæ фыдæлтæ: сывæллон йæ мады æхсыры ад куыд кæны, хойраг-кæрдзын дæр афтæ кæны йе скæнæджы ад.

Хойраджы кондæн æргом æвдисæнтæ сты адæймаджы удыгъæды сыгъдæгдæр миниуджытæ. Куыдфæндыйæ, зивæгæй чи кæны хойраг, уый армæйдзаг вæййы бæрæг æнаддæрæй изгарды хос... Зæрдиагæй чи архайа хæринаджы кондыл, уый вæййы бæркадарм, куыдфæндыйæ чи архайа, уый хæринаджы бæркад нæ лæууы...

Донгонд хойраг. Æппæт хорты хуызты æссæдтæй дæр кодтой сыгъдæг донимæ тæнæг луаситæ, тымбыл бæзджын кæрдзынтæ та фыхтой нартхоры, сысчыйы æмæ хъæбæрхоры æссæдтæй. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид хуызæй хойраджы конд, уæддæр йæ бæстон фых нымадтой ирон æфсинтæ цардамондыл, бæркады сыгъдæгдæр нымдыл. Донгонд хойрагыл иутæ кодтой цæхх, иннæтæ нæ, æмæ æдзæххæй хуыздæр тади буарæн. Æнхъизæнджын хойраг кодтой æппæт хоры хуызты æссæдтæй, фæлæ уыдоны астæу хæрдахадæндæр уыдысты нартхоры æмæ хъæбæрхоры кæрдзынтæ. Ирон хойраджы хуызтæн дзæвгар фылдæр уыдысты сæ ахуыйæнтæ урсаг æмæ сойагæй, халсар æмæ дыргъæй фыцгæйæ, аразгæйæ. Урсаджы хуызтæ куыд кодтой ирон адæм, ууыл дзырдтам. Æхсыр æмæ мисын, хуырх æмæ сылы, уæлахсæг æмæ инджын цыхт, нæлхæ (гарачъи) æмæ сылыдзыхт, æхсырысæртæ æмæ царв уыдысты ирон фосыкуыстгæнæг бинонтæн æрвылбоны ахуыйæны хуызтæ сывæллонæй зæрондмæ. Кæм фыхæй, кæм хомæй урсаджы хæринæгтæн банымайæн дæр нæй, уыйас бирæ уыдысты.

Фыдызгъæлæй кодтой цæхджын фæхсынтæ, сдад фиутæ æмæ сой, ливыртæ æмæ тахынджытæ, сырхытæ æмæ зормæтæ. Уыдонимæ хæрзадæй фидыдтой халсартæ æмæ басгæрдджытæ.

Хæрыны кæрдæджытæй хус кодтой зымæгмæ пысыра æмæ хъоло, хуырхæг æмæ калакъода, лæджирттæг æмæ дзындзалæг, цайгæрдæг æмæ битъына, дугъысыф æмæ хуымы гæнгæлы. Уыдон фыхтой зымæг донгондæй, æссаддыхæй фиуимæ, соимæ, æмæ хæрзад ахуыйæнтæ уыдысты кæрдзынæн.

Цъымилитæ æвæрдтой мигæнæнты цæхæрайы фыхæй, давон, скъуда æмæ къабускайы та цæхджын кодтой хомæй, æмæ диссаджы хæрзад уыдысты хойрæгты æппæт хуызтимæ.

Хойраджы ахуыйæнæн бирæ хъомыс лæвæрдтой гагадыргътæ: хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуы, бал æмæ æхсынцъы, цъуй æмæ къæбырттæг, мыртгæ æмæ æзныгъ, мæнæргъы æмæ хъæлæрдзы, æрыскъæф æмæ сыхсы, саунæмыг æмæ рагъысис, мæцкъуы æмæ хъалгъæн, къабузæг æмæ дзедæрæг, уагъылы æмæ кæркмисындзæг, хада æмæ æрсмыд, какон æмæ мугæ, цым æмæ тæрсыпп.

Алы комы дæр цы гагадыргътæ зади, уыдонæй сæ рæгъæды афон хордтой сæрддæргъы, стæй дзы хусгондæй æвæрдтой зымæгмæ æмæ сæ ссадтой куыройыл. Гагадыргъты æссадæй кодтой быламыхъ æмæ хъæбынтæ.

Æнхъизæнджын хойраг. Æнхъизæнджын хойраг кодтой ирон адæм æппæт хорты хуызты æссæдтæй куыд кæрдзынæн, афтæ дзаджджинæгты цъайрагæн дæр, æмæ бæрæг фæлмæндæрæй, хæмпусдæрæй уыди æнцондæр хæрæн, фæлæ йæм къаддæр тых хатыдтой фыдæлтæ æмæ уымæн кодтой æлутоны кæрдзынтæ æнæнхъызт æдзæхх хыссæйæ.

Хойраджы æнхъизæнæн суары дон нымадтой уæлдай хуыздæр, стæй доны бæсты хыссæ надтой сылы æмæ хуырхимæ, æмæ уыди бæрæг хæр заддæр, тайæндæр.

Нартхоры æмæ хъæбæрхоры кæрдзынтæн фæстагмæ æнхъизæн кæ нын райдыдтой картофы ссæстæй, æнтуанæй, æмæ сæ хойраг уыд фæлмæндæр, хæрзаддæр.

Дзаджджинæгты конд. Дзаджджинæгтæ кæнынæн æппæт хорты æссæдтæ дæр бæззыдысты. Нартхоры æссад цыфæнды бæстон ма нæм, ма æууæрд, уæддæр кæрæдзиуыл хорз нæ хæцы йæ хыссæ бæрæг дæрзæгдæрæй. Фæлæ дзы дæсны хойраггæнджытæ кодтой тæнæг цъæрттæ æппæт дзаджджынты хуызтæн. Нартхоры æссадæй конд хыссæйыл уагътой картофæй арæзт æнхъизæн, æмæ дзулладжы хуызæн хæцыд кæрæдзиуыл. Къухты арæхстимæ дзаджджынтæн нымадтой цъайраджы æмæ дзаджджинаджы хæрзгъæд куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Кодтой дзаджджынтæ алыхуызты царды уавæртæм комкоммæ амонгæйæ. Цинæн — цины хуызы, зианæн — фыдохы, æмæ уыди сыгъдæг цыхтæй уæливыхтæ, картофæй — картофджынтæ, дзидзайæ — фыдджынтæ, сойæ — сойджынтæ, хъæдурæй — хъæдурджынтæ, хъæдындзæй — хъæдындзджынтæ, скъудайæ — скъудаджынтæ, алыхуызы кæрдæджытæй — дзæхæраджынтæ, насæй — насджынтæ, фиуæй — фиуджынтæ, хуыскъæлæй — хуыскъæл джынтæ, мыдæй — мыдджынтæ, задæй — задынтæ, кæрдойæ — кæрдоджынтæ, балæй — балджынтæ, фæткъуыйæ — фæткъуыджынтæ.

Æппæт хуызты дзаджджынтæн дæр, куыд бафиппайдтам, афтæмæй кодтой æмхуызон хыссæтæй цъайраг, æмæ уыдысты иумæйаг фæткыл уæле фыцгæ, бынæй ахадгæ дзаджджын хойраг — уæливыхтæ. Æппæт хойрæгты-кæрдзынты дæр кодтой æмдымбыл Зæххы æмæ Хуры æнгæстæ. Æппæт дзаджджынты хуызтæн дæр сæ уæллаг цъæрттæ æссывтой æмгъуын астæуимæ, æмæ æмхуызон бур фыхæй уыдысты хурытынты æнгæстæ. Ахæм фæткыл-уагыл дзаджджынтæ кæнгæйæ уæливыхтæн се ссывд бæрæгæй зынди æнæ рафæлдах-бафæлдахæй. Æппæт дзаджджынты дæр кодтой æмæ фыхтой æнæ рафæлдах-бафæлдахæй Зæххы æмæ Хуры хуызæн æмдымбыл астæуы æмхуызон æссывд кæрæттимæ. Дзаджджынтæ бæстон сфыхтысты, уæд сæ фæлмæндæрæн сæрстой уæлцъарæй сойаджы сæрдæнтæй.

 

Фиппаинаг. Зæрдыл дарын хъæуы хойраг кæныны æмæ фыцыны мадзæлттæ фыдæлты царды уавæрты. Бынтон æрæджыты фæзындысты Ирыстоны цæнгæтæй конд лулæ пецтæ. Уыдоны агъоммæ æнусты дæргъы хойраг фыхтой нæ фыдæлтæ астæуарты сæрмæ ауыгъд æфсæйнагæй æмæ къæйдурæй конд тымбыл дзедангартыл. Уыдоныл æвæрдæй фыхтысты æппæт хуызты дзаджджынтæ дæр тæвд цæхæры æмæ фæнычы руаджы. Фæстагмæты базыдтой æлыджы змæстæй агуыридуртæ кæнын, æмæ уæд фæзындысты дурынпецтæ. Цæнгæт пецты фыдæлтæн хойраджы нуар сыгъди æмæ йæ хæрдыххуысы хъомыс кодта къаддæр. Æлыгæй æмæ агуыридурæй конд пецы хойраг фыхти бирæ тагъддæр æмæ йæ нуары хъару нæ састи бæрæг хæрзаддæрæй, хæрдыххуысдæрæй...

Сæрмагондæй зæгъын хъæуы рагацау, фиутæ куыд тыхтой æмæ тайын кодтой нæ фыдæлтæ, уый тыххæй. Хæрзхаст фос сæрдæй, зымæгæй уыдысты хæрзхуызæй нард. Сау фыдызгъæлы арæхимæ æвæрдтой фиу хуылфырдыгæй фæрстыл, тъæнгтыл, уыргтыл. Уæлдай нарддæр уыдысты, бæрæгбæттæм цы нывæндтæ хастой, уыдон: нæлсæгътæ æмæ фыстæ, хуыскъаг стуртæ. Уыдоны хуылфыты фиутæй сойтæ дæр тайын кодтой сæргай, фæлæ сæ тыхтой сæхи уæцъæфты фиутæ. Фиутæ тухынæн дардтой гыццылдæр æмæ егъаудæр хъæдын къуырф тæбæгътæ. Уым бынæй æвæрдтой хæрзæхсад уæцъæф æмхуызон тыгъдæй йæ дæрзæгдæр фарсыл. Лæгъздæр фарсыл фæлтæргай æнгом æвæрдтой фиуты кæрстытæ цæххимæ, æмæ куыдбынмæ дæр тыхт æййæфта нарæгдæр, куыдуæлæмæ дæр. Фиуыл йæ уæцъæфы æддаг цъар æнгом æлвæстæй кæрæдзиуыл фидар кодтой хъæдын лыстæг цыргъ къæбæлтæй, стæй йæ æмбисастæуыл сагътой уыцы хуылыдзæй, фæлмæнæй фиуауындзæн æлхуыйыл. Æлхуыйæн уыди бынæй дыууæ дзуарæвæрд къæбæлы, сæрæй та — бæттæн сауындзынæн. Фиуты ауыгътой ирон бинонтæ цæрæнхæдзары астæуккаг аххæрæгыл, æмæ-иу бабирæ сты афæдзмæ. Афтид стырдæр, кадджындæр бæрæгбæттæм цы нывæндтæ хастой, уыдоны фиутæ дæр авдæй фылдæр æййæфтой, стæй фысты дымджытæй-фæхсынтæй дæр тыхтой тæнæг фиуты цъæрттимæ цæхджынтæ. Дымгæдзонты цас фылдæр лæууыдысты фиутæ, уыйбæрц кодтой сдаддæр æмæ хъомысджындæр. Фиуджын хæринагмæ не ’внæлдтой ирон дингæнæг бинонтæ ком даргæйæ зымæджы дыууæ фæлтæрæн — гыццыл æмæ стыр комбæттæны. Иннæ бонты, стæм хæринæгтæй фæстæмæ, фиу кодтой куыд дзаджджынтыл, афтæ хъæрмхуыппытыл дæр, æмæ фиуджын хæринæгтæ уыдысты уæлдай хуыздæр æвдадзыхостæ адæймаджы буарæн, сæфтой бирæ низхæссæн зулчъыты... Фиуы ахадæны фæдыл ныффыста Къоста æмбисонд «Марходарæг».

 

Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды

Гутоны фæстæ.

Рагæй нал фæци нæ гæды

Урсаджы хъæстæ.

Зæрдæ нал агуры хъазын,

Аргъæуттæй фæцух,

Удхæссæг ын фестад зарын,

Хъыг кæны æдзух.

Амар æй фæлтау фырнадæй,

Акъах ын йæ цæст,

Фесаф æй бынтон æгадæй,—

Бафсад æй æрмæст!

Йе стонгæн бæргæ ис цары

Иу нæртоны хос,

Фæлæ йæм фæндаг нæ ары,—

Аскъуыйа йæ бос!—

Галы фиу... Йæ бын мæхъийау

Фондз уæрдæхæй баст,—

Бур-бурид ысси фæткъуыйау,

Афæдзваг у раст!

 

Нард галтæй тыхтой дыгай фиутæ дæр, æмæ нæртон ахуыйæны хос уыдысты хæринæгты фылдæр хуызтимæ ирон бинонтæн. Стыр хъыгагæн, ныры ирон æфсинтæ хæринæгтыл фиу нал кæнынц бынтон æнæрхъуыдыйæ, æмæ уый хыгъд бæркæдтæ къаддæр фесты, хуылфы низтæ — фылдæр...

 

Уæливыхтæ. Уæливыхтæ кодтой цыхты æппæт хуызтæй: ногахст фæлмæнтæй æмæ зæрондахст хъæбæртæй. Ногахст æдзæххæй уыди инджын цыхт, æмæ гыццыл куы алæууыдаид, уæд гæзæмæ туагбынæй уæливыхæн — хæрзад. Фæлмæн цæхджын æмæ æдзæхх цыхтæй уæливыхтæ конд цыдысты, фос сæрвæтты куы хызтысты, уыцы афæтты, хъæбæр цæхджын цыхтæй та уæливыхтæ кодтой зымæджыдæргъы. Хъæбæр цыхт цæмæй æгæр цæхджын ма уыдаид дзаджджинæгтæн, уый тыххæй йæ удæстой хъарм доны æмæ йæ лыстæг карстой кардæй, кæнæ йæ хафтой насхафæнæй. Хъæбæр цыхтимæ-иу кодтой хæрзаддæрæн картофы ссæст фæлмæн фыхæй, æмæ иумæ уыдысты бæрæг тайæндæр, хæрдыххуысдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам ныхас цæуы хæрзконд сыгъдæг хойраг, урсаг æмæ сойагыл. Фиуимæ-сойагимæ урсаг диссаджы фидыд кодтой. Цæхджын фиуы дæр тæвд доны æхсадтой, стæй йæ лыстæг карстæй бæстон æвæрдтой дзаджджинагыл уæле, æмæ фыцгæйæ йæ ад хæлиу кодта фæйнæрдæм цъайраджы хуылфы. Уæливыхтæ кодтой сылыдзыхтæй дæр хуымæтæджы ахæрынæн гæзæмæ фиуимæ.

Картофджынтæ. Картофтæ фыхтой æдцъарæй æмæ сæ бæстон стыгъдæй æссæстой дзаджджинагæн. Дзаджджинаджы ыссæстыл æвæрдтой фиуы лыстæг кæрстытæ иу хуызы, иннæ хуызæн картофы ыссæстмæ æфтыдтой цыхт дæр. Афтид картофæй конд дзаджджынтæ уыдысты цъæхкартофджынтæ æмæ цæсты дæр нæ ахадыдтой æнæ урсагæй, сойагæй.

Хъæдурджынтæ. Хъил æмæ зæххы хъæдурты хуызтæ фыхтой æмæ сæ бæстон ыссæстæй æзмæстой стуры кæнæ хуыйы соимæ. Хъæдурджын тыл хæрзаддæрæн кодтой басгæрдджытæ, нурытæ æмæ судзагхал, æхсæры æмæ æнгузы карст æппытæ. Хъæдурджынтæ хордтой фылдæр зымæджы уазæлтты.

Хъæдындзджынтæ. Кодтой сæ хъæдындзы бынтæ æмæ сыфтæй цæхджын кæнæ æдзæхх фиуты кæрстытимæ. Лыстæг карстæй хъæдындзтæ хæрзад уыдысты тад сойтимæ дæр. Хъæдындзджынтыл хæрзаддæрæн æфтыдтой фæлмæн æмæ сылыдзыхт дæр.

Хæбизджынтæ. Хæбизджынтæ кодтой цымгæйы æмæ сойы хуызтæй. Цымгæйы хуызтæн хъуыди нартхоры, хъæбæрхоры, сысчыйы æссæдтæ, цъайрагæн та — мæнæуы, хылепайы æссæдтæ. Цымгæтæ фыхтой бæзджын æмæ сæ хъæрмустæй æссæстой хуыйы кæнæ стуры сдад сойтимæ. Хордтой сæ фылдæр уазал бонты. Кадджын хæринагыл нымад уыдысты уазæгæн, хуымгæрдæг, тынуæрдæг сылгоймæгтæн зиууæтты номæй.

Фиуджынтæ. Фиуджынтæ кодтой ног æмæ цæхдзыд, сдад фиутæй. Æфтыдтой сæм хъацæнтæ-басгæрдджытæ, нуры, хъæдындз. Фиуджынтæ донгондæй фыхтысты æмæ уагътой хæрзад бæзджын бас.

Кодтой сæ бæрæг къаддæртæй гуылгæндтæ къаты бонты хæрынæн.

Къабускаджынтæ. Къабускаджынтæн фылдæр карстой æдзæхх ног халсар гæзæмæ лыстæгдæрæй æмæ йæ фæлвыхæй хæццæ кодтой цыхтимæ, фиуимæ. Уыдоныл æфтыдтой басгæрдджытæ хæрзаддæрæн. Къабускаджынтæ уыдысты кусгæ æмæ бадæн бонты хæринаг.

Цæхæраджынтæ. Ныры ирон сылгоймæгтæ цæхæраджынтæ кæнынц иунæг халсары хуызæй — сырх цæхæрайы сыфтæй гæзæмæ цыхты муртимæ, æмæ уыдон дæр базары балхæнынц стыр аргъæй.

Нæ рухсаггаг мадæлтæ та дзæхæраджынтæ кодтой иунæг цæхæрайы сыфтæй нæ, фæлæ цалдæргай хæрыны кæрдæджытæй: футæг æмæ лебæдайæ, хъысхъысаг æмæ цæвæгхосæй, дзындзалæг æмæ лæджирттæгæй, тæрхъусгæрдæг æмæ дудагæй, пысыра æмæ хуырхæгæй, хуычъыйысæр æмæ уалдзыгæнд хорты ног æвзартæй фæлмæн цыхт æмæ фиуимæ. Уыдонмæ ма æфтыдтой хæрздæф басгæрдджытæ, æмæ уыйбæрц дзаджджи нæгтæн сæ ад зæрдæйыл æхсызгонæй æмбæлди.

Дзæхæраджынтæ зымæгон дæр кодтой хусгонд кæрдæджытæй: хуырхæг æмæ хъолойæ, калакъода æмæ пысырайæ, цæхæрайы сыфтæ æмæ хуычъыйысæртæй.

Давонджынтæ æмæ скъудаджынтæ. Судзагхæлттæй скъуда æмæ давонæй ахадæндæр нæ уыди ирон царды. Уалдзæджы сæ рацъæхæй сæрды дидинæг калын афонмæ сæ тыдтой æмæ хордтой хомæй кæрдзынимæ, цыхтимæ, фыдызгъæлимæ. Зымæгмæ дзы цæхджын кодтой лыстæг карстæй мигæнæнты, æмæ гæзæмæ туагбынæй уыдысты хæрзад. Дыууæ хуызы судзаг кæрдæджы-халсары дæр æмхуызон арæхæй зайынц Ирыстоны зæххыл: давон зайы ныллæгдæр бынæтты, скъуда та бæрзæндты. Гъемæ нæ мадæлтæ сæрдæй, зымæгæй давонæй давонджынтæ кодтой, скъудайæ — скъудаджынтæ. Дыууæ дзаджджинагмæ дæр хæрзаддæрæн, хæлардæрæн æфтыдтой сдад фиу, цыхт æмæ фых картофы æссæст...

Битъынаджынтæ. Сæрды битъына дидинæг калын афон хус кодтой зымæджы задыссадимæ змæстæй дзаджджинаг дæргъæццон гуылтæ кæнынæн. Задынты хордтой тад соимæ. Æнæ царвæй, сойæ битъынаджынты хордтой Комахсæны мæрдты номыл. Ныры ирон æфсинтæ йæ ном дæр нал зонынц.

Хъæбынтæ. Алыхуызы хъæбынтæ кодтой тæнæг цъайрагимæ цыхтæй, гагадыргътæ æмæ фыдызгъæлæй. Фыхтой сæ доны æмæ сæ хордтой æхсырысæртимæ, царвимæ.

Хæнкъæлтæ. Хыссæйæ конд луаситы лыстæг уадздзæгты фыхтой доны, басы æмæ сæ хордтой урсаджы, сойаджы хуызтимæ сывæллонæй зæрондмæ æхсызгонæн. Буцдæр ныхасæн баззад ирон адæммæ, мæ хæнкъæлæй хаст чызджытæ, зæгъгæ.

Хæлтъамæтæ. Алы хыссæтæй конд гыццыл гуылты гæзæмæ дзаджджинæгтимæ фыхтой цуайнаджы æмæ сæ хордтой хуыппагимæ къаты бонты.

Æртхуроны конд. Бæрæгбæтты кувинæгтæн цы хойраг кодтой ирон дингæнæг адæм, уыдоны æхсæн бæрæг кадджындæр уыд æртхурон. Æртæхурон дзаджджын стыр уæливыхæн йæ цъайраг уыди æлутоны хорты ссæдтæй конд. Æлутоны хортæ задысты хæхбæсты хуссарварс хъугæмтты æртыгай хуызтæй, æмæ сæ хуыдтой æртæхурон хортæ. Æртæхурон хортыл нымад цыдысты хъæбæрхоры, сырх мæнæуы æртыгай хуызтæ, æмæ задысты хургом хъугæмтты, Хуыцау æмæ зæдты нæмттыл конд хуыздæр хуымты. Сырх мæнæуы æссадæй кондæн æвдулæн уыд хъæбæрхоры æссад, хъæбæрхорæй конд хыссæйæн та æвдулæн дардтой мæнæуы æссадæй нуарджындæры æмæ хæрзаддæры тыххæй. Æртхуроны дзаджджинагæн ахстой сæрд сæрмагонд цыхт-гуымбыл фысты æхсырæй æмæ йæ хæндыджы æвæрдтой бæрзы къæбæлимæ Ногбонмæ. Хъæбæр цыхт хафтой кардæй, насхафæнæй æмæ йæ хæрзаддæрæн æссæстой нартхоры кæнæ хъæбæрхоры æссадæй фых цымгæимæ. Æртхуроны дзаджджинагмæ æфтыдтой хæрзаддæрæн нывондаг кусартæй конд сдад фиуы лыстæг кæрстытæ, æхсæры æппыты лыстæг хост æмæ цъамалæджы мыггæгтæ. Æртхуронæн арынджы йе скæнынæй артыл йе сфыцынмæ хъуыди фылдæр хъусдард æмæ арæхст. Æвзаргæ сугтæй йын кодтой иугæндзоны сабыр арт, æмæ фыхти æнæ уæлдай сыгъдтæй, хъулæттæй бур-бурид, стæй йæ сæрстой бæрæгбоны сæрмагонд царвæй фæлмæндæрæн, адджындæрæн.

Гуыдынты конд. Кувинаджы дзаджджын гуыдынтæ кодтой æртæ уавæры: иу уавæрæн — фæззæджы хорты сæртæй кувгæйæ, иннæмæн — чызгæрвыст æмæ чындзхасты, æртыккагæн — лæппуйы куывды. Хуыдтой сæ хурыгуыдынтæ бæрæг хæрзфых æмæ дзаджджынæй. Хурыгуыдынты цъайрагмæ æфтыдтой æйчытæ дæр.

Æхсырдæйæны — æхсырдайæны уæливых. Иугай дзаджджын стыр уæливыхтæ æмæ дзæхæраджынтæ кодтой фыййауы номыл Фæлвæрайы боны алы хъæубæсты хæдзæрттæ дæр, æмæ сæ цумахъом лæппутæ хастой сæрвæтмæ бæрæг æгъдауыл. Уыцы рæстæг уыд тæккæ фосдуцæн æмæ урсаджы куыстыты райдайæн. Кæрдæг арæхæй фосы дыгътой бон дыууæ хатты — райсомæй æмæ изæрæй. Фыййауæн æхсæвæры æмæ сихоры хардз — йæ рады фысымтæй, стæй сæрвæты дæр дыгъта кæнæ фысы, кæнæ сæгъы фысымты амындæй.

Дзæрнайы хæринæгтæ. Дзæрна фыхтой аджы сыгъдæггонд цæттæ хорты æмæ хъæдурты мыггæгтæй. Уыди афтид нартхоры, хъæдуры, мæнæуы, хылепайы, сысчыйы, цъойы, еууы дзæрнатæ кæм хъацæнтимæ фыхæй, кæм та æнæ уыдонæй. Уыди нартхоры æмæ хъæдуры иумæйаг дзæрнатæ кæм фыдызгъæлимæ фыхæй, кæм та æнæ фыдызгъæлæй. Гъемæ, алы хуызты хæццæ фыхтæй кодтой фæйнæ ад. Æппæт дзæрнаты хуызтæ дæр адæймаджы буарæн уыдысты æвдадзы хостæ, æрмæст куыдфæндыйы фыхтæй нæ ахадыдтой, хъуыди сын сæрмагонд рæстæг, бынат æмæ бæрц зонын. Куыд хъомысæй, афтæ хæрзадæй дæр иумæ хорз фидыдтой нартхоры æмæ хъæдуры хуызтæ фыдызгъæлимæ фыхæй. Хъуыди ма сыл хæрзаддæрæн картоф æмæ басгæрдджытæ кæнын. Мæнæуы, хылепайы, хъæбæрхоры, сысчыйы хортæ хæццæтæй нæ фидыдтой, фыхтой сæ хицæнтæй хъацæнтимæ кæм доныл, кæм та æхсырыл. Зæххы æмæ хъилы хъæдуртæ фыхтой хибæрттæй нартхоримæ. Нартхор уыди хусæй зын фыцæн, æмæ йыл æмбисфыхæй кодтой хъæдур, стæй хъацæнтæн судзаг хæлттæ æмæ басгæрдджытæ. Зæххы æмæ хъилы хъæдурты фых хæрзаддæр у картофы лыстæг кæрстытимæ, цывзы æмæ нурыимæ.

Тымбыл хохаг хъæдурæй фых дзæрна уыди уæлдай хæрзаддæр цъæхæй æхсыримæ, цæттæйæ — цæхджын фыдимæ, фæлæ фæстагмæ йæ мыггаг дæр фесæфт, хæхбæсты цæрджытæ быдырмæ куы ралыгъдысты, уæд.

Задынтæ. Зад æфтыдтой æппæт хорты хуызтæй дæр, æмæ уыдоны æссæдтæй хицæнæй кодтой задынтæ. Задынæн нæдæр уæлдай цъайраг хъуыди, нæдæр дзаджджинаг. Донгондæй йæ фыхтой, æмæ æдде æвæрдта цъар бæрæг сурдæрæй, мидæгæй та фыхти лæхъирæй сойджын дзаджджинаджы хуызæн. Задынæн хуыздæр уыдысты сырх мæнæуы, хылепайы æмæ хæбæрхоры æссæдтæ. Задынты хордтой хъармæй сойагимæ. Хуыздæр фидыдтой стуры сой æмæ царвимæ. Задынтæ кодтой фылдæр зиууон сылгоймæгтæн алы куыстытæ кæнгæйæ. Сæхи гъæдæй адджын задынтæ уыдысты æвдадзы хос адæмæн, фæлæ цотхал сылгоймæгтæн лæвæрдтой уæлдай фылдæр гуырдзон хъомыс.

Уæлкъæйдзыкка. Нымад цыди урсаджы æмæ хойраджы хæринæгты фидыцыл иугæндзоны æнцон кæнæн, фыцæнæй. Кодтой йæ адджындæрæн нартхоры æмæ хъæбæрхоры æссæдтæй цыхтимæ. Æссад æмæ цыхт донгондæй иумæ бæстон сызмæнт хуыссæгæнæгау æмæ йæ сур æссадæй зæрст тæвд къæйыл æртъæпæн кæн тымбыл дзулы хуызæн. Сойджын фæлмæн цыхтæй конд у, уæд фыцы æнæ уæлдай сыгъдæй бур-бурид, æмæ æддаг цъар æвæры, мидæгæй бæзджын дзаджджынау сойдзæстæй аззайы. Хордтой уæлкъæйдзыкка хъармæй кусгæ æмæ бадгæ бонты. Хæрзадæй у уæззау хæринаг. Дзыккайæн цас хъуыди цыхт æмæ æссад, уæлкъæйдзыккайæн дæр уыйас. Фæлæ дзыккайы фыхтой цуайнаджы донимæ, уæлкъæйдзыккайы та — къæйыл, æмæ уымæн афтæ хуынди. Уæлкъæйдзыкка хастой хосдзæуттæн, æссивджытæн уыгæрдæнмæ, æмæ йыл хъармдæры тыххæй æвардтой дзыккайы сыфтæ лæгъзырдæм. Иугъæдоны царвджынæй сойджынæй æлгъæдгæнаг уыди уæлкъæйдзыкка, æмæ дзы бирæ хæрын нæ фæрæзта адæймаг. Уæливыхыйас уæлкъæйдзыкка фаг кодта дыууæ-æртæ хосдзауæн. Уæлкъæйдзыккатæ бæрæгбæтты нæ кодтой. Фыхтой иугай, дыгай æмæ æртыгай рæстæмбис уæлкъæйдзыккатæ бинонты, уазджыты нымæцмæ кæсгæйæ, фæлæ нæдæр кувинаджы уаг хастой, нæдæр ныххæлары... Уæлкъæйдзыккатæ кодтой фæлмæн цыхтæй сæрды бонты фылдæр...

Дзыкка. Ирон хæдзары уыди дзыккагæнæн гыццыл цуайнаг, æмæ æрвылбоны райс-бавæрдæй цæттæйæ лæууыд ауыгъдæй кæнæ астæуы рæхысыл, кæнæ къонайы рагъыныл. Уым рæвдз артыл дзыкка уæлдай æнцондæрæй фыхти æмæ æвдылди. Дзыкка кодтой нæ кæрдзындæттаг, уазæгуарзон мадæлтæ æртæ хуызы: иу — сыгъдæг цыхтæй, иннæ — æхсырысæртæй, æртыккаг — нæлхæйæ (гарачъийæ) царв фыцгæйæ. Уыдонæн хуыздæрыл нымадтой нартхоры æмæ хъæбæрхоры æссæдтæ. Хуыздæр дзыккайыл нымадтой сойджын фæлмæн цыхтæй конды. Цыхт ахсгæйæ æхсырысæртæ ист не ’рцыдысты, уæд йæ дзыкка æнцонæй фыхти, луарæны æссадимæ рогæй хæццæ кодта æмæ райгæйæ æвдылд, царв йæ сæрыл сыгъдæгæй бадти. Сæртæист æхсырæй ахст цыхты дзыкка зынтæй æвдылд, къуыбæрттæй фыхти æссадимæ, хæцыди сыгъдæй цуайнаджы быныл, домдта уæлæмхас сойаг, цымгæйы хуызæн кодта сур. Дзыкка сойджын цыхтæй рæстмæ конд æрцыд, уæд хæрзфыхæй æнцонтæй æвдылд, æмæ йын йæ уæлдай сой (царв) истой хъæдын уидыгæй сæрмагонд царвы хъуыраумæ. Дзыккайы царвæй сæрстой барстдæрæн, табуйагдæрæн кувинæгты æртыгай кæрдзынты-чъириты. Нæлхæтæ (гарачъитæ) амбырд сты царв цæгъдгæйæ, уæд сæ фыхтой сæрмагондæй гæзæмæ æссад зæргæйæ, æмæ царв сыгъдæгæй æвзæрди, йæ бæзджын бынтæй та кодтой æссадимæ цæрвæхсыдæн дзыкка. Æртæхуызы дзыккайы кондæн дæр хъуыди хæрзгъæд урсаг æмæ хойрагимæ сылгоймаджы æнæзивæг æмæ хæрзудыбæстæ. Зивæггæнаг æмæ чъынды æфсинæн дзыкка сыгъди йæ быныл æнæ равдылгæйæ. Дзыкка зымæджы дæр кодтой хæндыджы хъæбæр цыхтытæй. Цæмæй æгæр цæхджын ма уыдаид, уый тыххæй цыхт удæстой тæвд доны æмæ йæ лыстæг карстæй змæстой фых картофты æссæстимæ. Уый цалынмæ сыгъдæг доны рафыхтаид бæстон сдаугæйæ, уæдмæ йыл æссад нæ зæрстой. Æссад бæрцыл зæрынæн дæр хъуыди арæхст, науæд куыдфæндыйæ бирæтæ калгæйæ кодта къуыбæрттæ, æмæ не’вдылди. Сойджын фæлмæн цыхтыты дзыккатæ уыдысты уæлдай ивæзагдæр, æмæ хæргæйæ нæуæндагæн, æнарæхстæн — къуылымпыйы хос. Дзыкка хордтой нæ фыдæлтæ æнæ уидыгæй кæрдзынимæ. Адджындæр уыди нартхоры æмæ хъæбæрхоры кæрдзынтимæ.

Дзыккайы конды æмæ хæрды фæдыл баззад ирон адæммæ дзæвгар ныхæстæ: «Чидæр, зæгъы, сир кæнын нæ зыдта æмæ кæмæндæр дзыкка кæнын амыдта», «Дзыккайы хæрд фæсхохмæйы фаг, цымгæйы хæрд — фæсхъæумæ», «Дзыккайыл — царвгæнæгау», «Дзыккайы агхафæнтæй — хæрзаддæр», «Агхаф усгурæн йæ дыккаг гуырæнбон — уарынджын».

Сир. Сир у бæзджын цымгæ мæнæуы, хъæбæрхоры æссæдтæй æмæ йæ фыхтой доныл, хуырхыл, сылыйыл гæзæмæ цæхдзыдæй. Хордтой йæ сдад сойтимæ фылдæр уазал бонты. Задын æмæ хъуымызы хуызæн нымад цыди сылгоймæгты хæринагыл, фæлæ йæ нæлгоймæгтæ дæр хæрзадæн хордтой.

Цымгæты хуызтæ. Дзырд «цымгæ» равзæрд архайды хуызæй — «цымын»-æй, æмæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр дзурæг у фыдæлты дæсны хæринаджы кондыл йæ бирæ ахъаззаг миниуджытимæ. Æнцонгæнæн æмæ æнцонхæрæн тагъд бахъуыды хъарм хæринаг, уазалæй буарæн нæ тади, кодта изгард. Цымгæтæ кодтой æппæт хорты æссæдтæй дæр доныл, æхсырыл, хуырхыл, æмæ сæ хуыдтой дыгай нæмттæй: доныл конд нартхорыссадæй цымгæ, æхсырыл фых мæнæуыссадæй цымгæ. Ахæм фæткыл кæнгæйæ ирон цымгæты хуызтæн банымайæн дæр нæй, уыйбæрц бирæ уыдысты. Сылыйыл, хуырхыл, æхсырыл конд цымгæтæ кодтой урсаджы ад, æмæ сæ уæлдай сойæгтимæ нæ хордтой. Доныл конд цымгæты хордтой алыхуызы сойæгтимæ. Гъемæ æппæт цымгæты хуызтæ дæр рогæн ивтой бинонты аходæн, сихор æмæ æхсæвæры хæрдзтæ алы ахуыйæнтимæ. Хынцыдтой каримæ алыхуызы низты ахаст афæдзы цыппар афоны, æмæ цымгæйы хæринæгтæн хус кодтой кæрдæджыты, гагадыргъты хуызтæ дæр. Уыдон æссадтой куыройыл цымгæйагæн. Цымгæйы хуызтæ æмткæй ахадыдтой бинонты æнæниздзинадыл, куыстхъомыл, цотхалыл.

Хъæбæрхоры фыцгæ. Хохаг хъæбæрхорты æртæ хуызæй — хъуыдалы, сискъ æмæ кæрвæзæй — фыхтой цуайнæгты гæзæмæ рæстæг, сæ цъар куыннæ райхæлдаид, афтæ, стæй сæ хус кодтой хурмæ æмæ сæ бæстон æссадтой къадакуырæйттыл. Уыцы фых æссадæй кодтой быламынхъ æмæ къæлуа.

Быламынхъæн фых æссад кодтой хъæдын къуырф къусы иуырдыгæй, инæрдыгæй та — мисын, хуырх кæнæ къуымæл, æмæ сæ змæстой уидыгæй, куыд хордтой, афтæ сабыргай. Чи тæнæг быламынхъ уарзта, чи та бæзджын, куы мисынцух кодта быламынхъ, куы — æссад, бæрц чи нæ зыдта хæргæйæ, уыдонæн, æмæ баззад ныхасæн: «Фыдгуыбыны быламынхъау йе ’хсыры æссæст куы æгæр бæзджын рауайы, куы æгæр тæнæг».

Къæлуайæн дæр фых æссад змæстой мисыныл, хуырхыл, къуымæлыл хыссæйы хуызæн æмæ йæм æфтыдтой хæрзаддæрæн хъæбæр цыхты лыстæг кæрстытæ, стæй дзы армыдзаггай дæргъæццон хынцъытæ кодтой æфсинтæ фынгыл æрæвæрын æввонгæй. Къæлуа дæр хордтой хуыппагимæ. Рог æмæ тайæн хæринагæй уыдысты хæрзад æмæ ахадæн. Хорты фыцгæтæй æссад кæмæ нæ уыди, уыцы бинонтæ æгады гакк хастой æгъдауджын хъæубæсты астæу, фæлæ куыдфæстагмæ быламынхъ æмæ къæлуа нæ, фæлæ хохаг æвзæрст æлутон хорты мыггæгтæ дæр фесæфтысты ирон фарны хæрзтыл былысчъилтæ кæнгæйæ, æндæрниан адæмты арæзт хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæм къубæлттæ ивазгæйæ. Чи цы нæ уарзы, чи — цы, æмæ уарзæттæй хъазгæйæ бирæ фæлтæртæ фесæфтысты сонты монцты фæдыл цæугæйæ. Хетæггаты Къостайы зæрдæмæ дæр нæ цыдысты тарбын хъæбæрхоры фыцгæтæй конд быламынхъ æмæ къæлуа æмæ уымæн фыста дзыхуагджынæй:

 

Физонæг ма, йе хæбизджын

Дзурæд! — Уазæг дæр сæ буц у,

Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ,—

’Гайтма дæ хæрынц,— ныхъхъус у!

(«Булкъ æмæ мыд»)

 

Гъемæ, хъус — нæ, фæлæ бынтондæр фесæфтысты, афтæмæй ирон адæмы буары æнæнизæн уыдысты æвдадзы хостæ æнцонгæнæн æмæ æнцон хæрæнæй. Физонджытæ æмæ хæбизджынты фырхæрдæй та ирон фæсивæд алы афæтты зæрдæдзæфтæ, игæрхæлдтæ кодтой карз нозт нуазгæйæ. Къоста рæстыл бæргæ дзырдта, фæлæ уарзта æнæ бындурæй стыр ныхæстæ кæнын, æмæ уыцы низ ирон адæмæн у æппæты рагондæр. Гъемæ, царды рæстаг хъæрæн дзуапп цы поэтикон рæнхъытæ нæ фæдæттынц, уым аивад агурæн дæр нæй...

Цæкуыты конд. Цæкуытæ кодтой нартхоры, тымбыл хъæдуры æмæ хъæбæрхоры æппæт хуызтæй. Иугæндзоны артыл цуайнаг сурæй дзæбæх стæвд, уæд дзы къусгай калдтой цæкуыйаг хор, æхгæдтой йын хъæдын фæйнæгæй йæ сæр æмæ, куыд фыхтысты цæкуытæ, афтæ сæ сдуанæй змæстой искуыдæй-искуыдмæ. Нартхоры цæкуытæ фыхтысты таппузтæй æмæ сæ истой гæзæмæ æрæгмæдæр. Хъæдуры æмæ хъæбæрхоры цæкуытæ фыхтысты тагъддæр. Æмхуызон хæрзадæн сæ хордтой бинонтæ куыд бынаты, афтæ фæндагыл дæр, æмæ сæ хæрд хаста бирæ. Уæды адæмæн æрдзон уагыл раст цæргæйæ сæ дæндæгтæ уыдысты фидардæр æмæ цæкуытæ хордтой гыццылæй стырмæ.

Цæкуытæ сæрмагондæй кодтой мæрдты номыл æмæ сæ хуыдтой цæкуыгæнæнтæ гыццыл æмæ стыр комбæттæны — мархойы.

Цæкуытæ лæвæрдтой нывондаг фосæн зымæджы мæйты нарддæры тыххæй, стæй цæкуыйæ хаст кусарты фыдызгъæл уыди бæрæг хæрзаддæр.

Дугътæм саргъы бæхты цæттæ кæнгæйæ кодтой цæкуытæ сæрмагондæй, æмæ тынг ахадыдтой бæхты фæразоныл, рогдæрыл, арæхстыл...

Хъæрмхуыппы хæринæгты конд. Бирæ цæмæйдæрты фыхтой ирон адæм хъæрмхуыппы хæринæгтæ, æмæ сын кæронмæ банымайæн дæр нæй. Куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр конд цыдысты сыгъдæгæй æрдзон уагыл урсаг æмæ сойагæй, фыдызгъæл æмæ хойрагæй, халсар æмæ гагадыргътæй, судзаг æмæ хæрздæф кæрдæджытæй...

Æппæт æссæдты хуызтæй дæр фыхтой хъæрмхуыппытæ доныл, æхсырыл, хуырхыл, сылыйыл æмæ сæ хуыдтой ахæм нæмттæй: доныл фых, æхсырыл фых, хуырхыл фых, сылыйыл фых хъæрмхуыппытæ. Уыдоныл ма уæлæмхасæнæй кодтой фиу, судзаг хæлттæ æмæ цæхх, æмæ уыдысты хъарм хуыппаджы ахуыйæнтæ сур къæбæрæн-кæрдзынæн.

Сылгоймæгтæ кодтой задыссадæй тæнæг æмæ бæзджын хъæрмхуыппытæ сæрмагондæй цотхалы уагыл, æмæ уæлдай ахъаззагдæр уыдысты хъæстбойнон чындзытæн, æвгъæдыбадæг устытæн, дзидзидай сывæллонджын мадæлтæн. Задыссадæй конд хъæрмхуыппытыл кодтой сдад фиуы кæрстытæ кæнæ тад сой.

Фыдызгъæлы хъæрмхуыппытыл кодтой хæрздæф басгæрдджытæ æмæ судзаг хæлттæ. Æппæт фыдызгъæлты хуызты бастæ дæр нымад цыдысты хуыздæр хуыппаг ахуыйæныл, æмæ бас акалын нымадтой тæригъæдыл, æзнаггадыл Хуыцауы раз. Цины боны нæ, фæлæ зианы боны фыдызгъæл фыцгæйæ басæй зæхмæ уæгъды акалын нымадтой фыдæлтæ дыккаг мардырцыдыл. Уыйадыл бас цымдтой фынгтыл æрбадыны агъоммæ бæрæг æгъдауыл. Цы ма дзы баззадаид, уый уæрстой хæдзæрттыл.

Зымæг хъæрмхуыппытæ фыхтой хæрыны кæрдæджыты æмæ гагадыргъты хустæй дæр æссадимæ, фиуимæ.

Фыдызгъæлæй конд хæринæгтæ. Урсаг æмæ хойрагимæ куыд бæстонæй, сыгъдæгæй архайдтой фыдæлтæ, фыдызгъæлимæ дæр афтæ. Кусарт куыд кодтой нæ фыдæлтæ, уый тыххæй ныхас цæудзæн сæрмагондæй фæстæдæр, ам та æххæст æркæсæм дзидзайæ арæзт хæринæгтæм. Æппæт кусарты хуызтæй дæр фыхтой доны фыдызгъæл кæнæ стыр хæйттæй, кæнæ лыстæг кæрстытæй. Стыр хæйттæй фых фыдызгъæлы хуыдтой къуыдырфых, лыстæг карстæй та уыди дзидзайы хъæрмхуыпп, кæнæ — лывдзæ. Къуыдырфых дзидзайы басыл хъацæнтæ кодтой, истой йын фыцгæ-фыцын йæ фынчытæ æмæ йæ цымдтой гæзæмæ цæхдзыдæй куыд цины, афтæ зианы бонты дæр. Лыстæг карст дзидзайыл фыцгæйæ кодтой хъацæнтæ картофимæ æмæ басджынæй уыди фыдызгъæлы хъæрмхуыпп, гæзæмæ сурдæрæй — лывдзæ. Бынтон æнæ донæй тебæйы фых дзидза картоф æмæ хъацæнтимæ у йæхигъæдæй сурфых.

Кусарты сæр æмæ бæрзæй, къæхтæ æмæ фыццаг хуылфыдзаумæттæ фæуагътаиккой хибæрттæй фыцынæн, æндæр иннæ фыдызгъæлæй хуыздæрæн кодтой хъæрмхуыппы хæринæгтæ басгæрдджытимæ, халсарты хуызтимæ. Фыдызгъæл ногæргæвст уыдаид æви цæхджын, доны рафыхти, уæд ын йæ фынчытæ (чъизитæ) бæстон истой фынкисæнæй. Фынчытæ ист не ’рцыдысты афоныл, уæд сæ фыцгæ сыгъдæг бас аджы бынмæ бæзджынæй ласта, æмæ хæргæйæ уыдысты изгарды хос адæймаджы буарæн. Уыцы æрдзон уаг нæ фыдæлтæ хорз зыдтой æмæ сæрмагондæй архайдтой фыдызгъæл фыцгæйæ йæ фынчытæ исыныл бæстон фицаугæйæ. Æнахуырæй зондамонджытæн та фыцгæ фыдызгъæлы фынчытæ (чъизитæ) сты сойаджы хуыздæр хъаймагъ, æмæ æхсæнадон хæрæндæтты дæр уыцы зондахастæй вæййынц фыдызгъæлы хъæрмхуыппытæ бæрæг æнаддæр æмæ тардæр,— къусы быны баззайынц чъизитæ.

Стыр зонадон æмæ куыстадон фæлтæрддзинад уыди нæ фыдæлтæм æмæ архайдтой, амал уæвгæйæ, фыдызгъæлæй хъæрмхуыппы хæринæгтæ кæныныл куыд ногæргæвстæй, афтæ цæхджынæй дæр. Бæрæгбоны кусарты раззаг хуылфыдзаумæттæй кувинаджы физонæг цы кодтой уæхстыл фыцынæн, æндæр, ныры ирæтты хуызæн, куыдфæндыйæ, æнæ бæрæг æфсонæй бахæрыны фыдæй физонджытæ фыцын сæрмæ нæ хастой не ’нахуыргонд фыдæлтæ, æмæ уымæн баззад ныхасæн: «Æнæуаг бинонтæ цал вæййынц, уалæй — физонæггæнджытæ».

Зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнæг фыдæлтæ хорз зыдтой куыд зæххы, афтæ фосы æрдзон конд. Æнæниз æмæ хæрзхуыз фосы хуызтæй æвзæрстой кусæрттагæн, кувинагæн. Кусарт уымæн кусарт уыди, æмæ дзы цины бон дæр кувгæ кодтой, зианы бон дæр. Фосы æнæбары дæр æргæв стой алы æфсæнттæй: кæм — уæнгсастæй, кæм — рынчынæй, кæм — сырды хæстæй. Гъемæ, куыдфæнды ма уыдаид аргæвдыны æфсон, уæддæр рынчынты, уæнгцухты фыдызгъæл кувынæн нæ бæззыд. Æнæниз фосы аргæвдын та æнæ бæрæг æфсонæй, æнæ зæрдиагæй скувгæйæ нымадтой ирон дингæнæг адæм Хуыцауы раз тæригъæдыл.

Уыди хуылфыдзаумæттæй конд хъæрмхуыппытæ æмæ лывдзæтæ, æмæ сæ нымадтой тайæндæр хæринæгтыл сывæллонæй зæрондмæ. Хæрзарыдæй, хæрзфыхæй сæртæ æмæ къæхтæ уагътой адджын бас æмæ йæ цымдтой фыдызгъæлы бахæрды фæстæ.

Цыфæнды тæвд сæрды дæр кусарты фыдызгъæл æфснайын зыдтой. Иу хуызæн æй уæнггай цæхджын кодтой фæлтæргай пысыратимæ боны дæргъы, стæй йæ дардтой фæздæгмæ, æмæ дымгæдзоны ауыгъдæй хус кодта. Иннæ хуызы йæ цæхджын кодтой судзагхæлттимæ. Фыййæутты уæтæрты ног фыдызгъæл хъæдын къæртайы цæхджынæй æвæрдтой цъити доны дæр.

Сырхыты — тахынджыты конд. Сырхытæ (къалбæстæ) кодтой, зымæджы бæрæгбæттæм цы нывондæгты хастой мидæг холлагæй, уыцы нæлсæгътæ æмæ нæлфыстæй. Хъуыди сын фæлмæн сау æмæ урс фыдызгъæлимæ гæзæмæ туг дæр, стæй нурытæ æмæ цъамалæг цывдзыимæ. Фыдызгъæл кардæй лыстæг карстой æмæ йæ хæццæ кодтой хъацæнтимæ фыдджыны дзаджджинагау. Уый сæрмагонд сыкъайы фæрцы надтой кусарты лыстæг тъæнгты. Тъæнгты дæргъ хæццæ кодта дыууææртæ æлмæринмæ, æмæ хайгай сæ кæрæттæ баст цыдысты цыргъгонд лыстæг къæбæлтимæ бæхсныг æндахæй. Уыцы хуызы сæ ауыгътой хус кæнынмæ.

Кусарты уæцъæф æмæ зыныхсæн сыгъдæггондæй дæргъмæ нарæг лыгтæ кодтой æмæ сыл тъæнгты æнгом тыхтой, стæй сын бастой сæ кæрæтты. Уыдон уыдысты зормæтæ, æмæ сæ цæхджынæй ауыгътой хус кæнынмæ. Фыхтой сæ дзæрнаимæ, хъæдуримæ зымæджы, æмæ уыдысты басдзыдæй хæрзад.

Цæхджын фыдтæ. Афæдзы дæргъы фосдарæг ирон хæдзарвæндаг дæс-фынддæс кусартæй къаддæр нæ акодтаид фыдæлты заман, æмæ уыдонæй фæд-фæдыл цы фыхтой, иннæ фыдызгъæл хайгай, уæнггай цæхджын кодтой æмæ сæ хуыдтой цæхджын фæхсынтæ. Хуытæ дæр хастой зымæгмæ нарддæрæн, фыдджындæрæн хорæй, халсартæй æмæ сæ дзидза цæхджын кодтой дыууæ дихæй фæхсгай, стæй йæ ауыгътой хус кæнынмæ сæрмагонд бынæтты. «Физонæг фæхъæбæр, фæхсынтæ нæрсынц»,— зæгъы Къоста «Æфсатийы», æмæ «фæхсынтæ» сты сырды фыдтæ уæнггайхайгай фыцгæйæ, æндæр чъапæ къæдзилтæ-фæхсынтæ нæдæр сагтæн ис, нæдæр дзæбидыртæ æмæ сычъитæн. Чъапæ стыр фæхсынтæ уыди ирон фысты хуызтæн, фæлæ сæ æнæдымæг гугын фыстæй баивтой нæ бынхор бынæттон хицауад, æмæ сæ мыггаг фесæфт.

Нард цæхджын фыдызгъæлæн кодтой ирон фосдарæг адæм уæлдай аргъ куыд бинонты, афтæ уазæджы хардзæн дæр. Цæхджын фæхсынтæй фæрсчыты хæйттæ кадджындæрæн фыхтой ирон фæрнджын бинонтæ хуымгæнджытæн, рувджытæн, хъæддзаутæн, хосдзаутæн, æмæ зиуы куыстыты заман уыдысты уæлдай арфæйагдæр.

Ам ныхас цæуы ирон фæрнджын адæмы цардыуагыл иугъæдоны куыстхъом æмæ куыстуарзонæй. Алы хъæубæсты æмæ комбæсты дæр иумæйаг æрдзон уавæрты, куысты фадæтты адæм æмхуызон никæд цардысты. Фæрсæй-фæрстæм уыдаид дыгай хæйттæ хуымæн, уыгæрдæнæн сыхаг бинонты номыл, æмæ иуварсы хæйтты тыллæг дæр хуыздæр зади, кæрдæг дæр уымæн, æмæ иу фарсы бинонтæ сæ куыстæгты æмхуызонæй кодтой, иннæ фарсы бинонтæ та алырдæмыты хæцыдысты куыстафон, хæрын та уарзтой æнæ нымадæй, æвæлмонæй. Фылдæр мæгуыртæн раджы заманты дæр æмæ ныры дуджы дæр мæгуырдзинад у сæхи æдзæлладжы аххосæй. Гъемæ, дæнцæгтæн, цæвиттонтæн æфсæнттæ агургæйæ дардыл куынæ зилæм, уæд Ирыстоны зæххыл хидгуыстæй фаг къæбæр хæрынæн ис æппæт фадæттæ дæр. Сæрмæ хæссинаг нæ уыди ирон зæххы, фосы куыстытæ кæнæгæн мæгуыры хъуын-хъис хæрын æмæ мæгуыры хъарджытæ кæнын. Чи куыста, уыдонмæ уыди кæрдзын дæр æмæ цæхджын фыдтæ дæр. Чи нæ куыста, уыдон уыдысты фыццаг удæй мæгуыртæ, стæй та — гуыбынæй æмæ рагъæй. Уыцы уавæры мæгуыртæн тæригъæд кæнын нæ хъæуы, хъæздыджытæм та — мæсты кæнын. Цард куыстæй у, æмæ ды дæр æргуыбыр кæн куыстмæ, кал дæ хид, æмæ дын райдзаст хæдзар дæр уа, цæхджын фыд дæр. Царды æцæг хъæрмæ Къоста дæр иувæрсыгæй байхъуыста, æмæ хæрæгсаст фесты йæ хъуыдытæ бæрæг ныхмæвæрдæй. Иуæй афтæ зæгъы:

 

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ

Царæй фæныкмæ тæдзынц,

Махæн та хæлынбыттыртæ

Цары ахсдæттæ кæнынц...

 

Адæмæн сæ фæззæджы куыст

Не ссы афæдзмæ куырой,

Махæн та нæ афæдзы мызд —

’Гасæй иу хоры кæфой!..

(«Мæгуыры зарæг»)

 

Иннæмæй та:

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ, нæ хос...

Чи кусы йæ мусы,

Чи ’лвыны йæ фос...

 

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы...

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы!

(«Фæззæг»)

 

Æрдзон уагæй алкæмæн дæр мæгуырæй, хъæздыгæй сæрд вæййы тæвд, зымæг — уазал. Æхсæнадон уагæй та адæм дих кæнынц удыгъæды миниуджытæй рæстæгтæ æмæ зылынтыл, куыстуарзонтæ æмæ магусатыл, хæрзгæнджытæ æмæ фыдгæнджытыл, намысджынтæ æмæ æнæнамыстыл, цæстуарзонтæ æмæ æдзæстуарзонтыл. Къостайы æмдзæвгæты ныхас цæуы комкоммæ ирон адæмыл, æмæ сæ иутæ — мæгуыр, иннæтæм — бирæ хор æмæ фос «Хуыцауы фæрцы»... Гъемæ, кæд бирæ хор æмæ фос Хуыцауы фæрцы уыдысты ирон адæмæн æмткæй, уæд рæдау Хуыцау мæгуыры цæмæн фæхъулон кодта йæ лæвæрттæй, худинаг ын нæу?! Нæу, æвæццæгæн, уымæн æмæ адæммæ фæллой æфтыди сæхи куысты фæрцы, Хуыцау та æххуыс кодта кæддæриддæр, йæхи рæстаг уды фæллойæ цæрын чи уарзта, уыдонæн, æмæ цæстмæхъус ныхæстæ куыд хастой фыдбылыз, стыр æнæууылд ныхæстæ дæр афтæ сты фыдбылызы хос, фæлæ нæхи ма сайæм.