КУСАРТ КÆНЫНЫ УАГ ÆМÆ ФÆТК

Ирон фæрнджын хæдзары уыди бынæттон куырдадзы конд алыхуызы кæрдтæ, æмæ сæ дардтой цыргъæй, ифтонгæй бахъуыды рæстæгмæ. Цыргъаг бынаты дæр хъæуы æмæ фæндагыл дæр, æмæ нæлгоймæгтæ уæлгæс лæппуйæ фæстæмæ хастой фарсылдаргæ фæлахс кæрддзæмджын кæрдтæ. Куыстæгты хуызтæм комкоммæ амонгæйæ кæрдтæн уыди сæрмагонд нæмтæ: галыргæвдæн, хуыæргæвдæн, тъæнгтæгæнæн, æрдузæн, къонайы кард, къулгард. Æппæт цыргъæгтæн дæр, хъама æмæ æхсаргарды хуызæн, ирон æхсæнады фарнæй сæ нысан амыдта иу уавæрмæ — рæстаудæны хæрзудыбæстæмæ кадджынæй, нымдджынæй, иугъæдоны хиуылхæстæй. Хæдзары артдзæсты, тохынайы астæурæхысы æмæ æртыкъахыг тымбыл фынджы æмсæр лæууыд Бынатыхицауы номыл сыкъа фистонджын фæлахс кард, æмæ йæ дардтой ауыгъдæй къулыл...

Куыдфæндыйы митæй кæцыфæнды цыргъагæй дæр алыггæнæн уыди кусарты сæр, фæлæ ирон фарны уагыл нывондаджы аргæвдынмæ хъама райсын кадыл дзурæг нæ уыд. Кардæн цы аргъ кодтой ирон фæрныг адæм, уый зыны сæ мидисджын цыбыр ныхæстыл:

 

Кард кæмæ и, фыдызгъæл дæр уымæ и.

Сæрæн — худ, ронæн — кард.

Æнæкард лæг — æгад.

Кард æмæ кад иу не сты.

Карды фидыц — кад.

Кады фидыцæн — кард дæр.

Тыхфæлгъуыдæй кад нæй, тыхагуырдæй — кард.

Кард кæй хъæуы, уый йæ фарсыл дары.

Кард сыгъдæгæй фидауы.

Рæстæгтæм фæндаг — карды комыл.

Æнæсæрст кард — згæгæнаг.

Кард лæджы кадыл дзуры, фæлæ æнарæхст къухты у сæр æгадгæнæн.

Цины боны кусартæн дæр — сыгъдæг цыргъ кард, зианы боны кусартæн дæр...

 

Фиппаинаг. Нæ алыварсы цæрæг адæмтæ дæр дардтой фос, кодтой кусарт, фыхтой фыдызгъæл алыхуызты. Кусарт куыд кæнынц, уымæ бирæ хæттыты бакастæн, æмæ сын ирон адæмы кусарты кондимæ абарæн ницæмæй ис суанг чырыстон динылхæцæг æзнæмтæн дæр. Уыцы уавæрæн бирæ аххосæгтæ æмæ æфсæнттæ уыди рагзамантæй фæстæмæ, фæлæ сыл нæ дзурдзыстæм: алкæмæн дæр йе ’гъдау — йæ цæсгом, æмæ æгъдауыл дзургæйæ ирон адæмы кусарты кондæн æмбал нæ уыди рагæй-æрæгмæ. Хуыцауы сыгъдæг дины — уырнынады кæнонтæ, Æрфæны фæдау, ирдæй зынынц ирон адæмы кусарты кондыл æппæты разæй, стæй фынгæвæрды фæткыл, æмæ сæм бæстон æркæсæм, кæддæра цæуыл дзурæг уыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны ирæттæй ма кæд кæмтты цæргæйæ иугай лæгтæ зонынц кусарт кæнын сæ фыдæлты раст уагыл, æндæр фылдæр адæм карк рæстмæ аргæвдын дæр нал зонынц, æмæ уыдонæн фыдæлты фæткыл кусарт кæныны дæсныйад амонын у сыхырнайæ дон исæгау æмæ хæссæгау...

 

Хъæубæсты — нæ, фæлæ алы ирон лæгджын хæдзары дæр уыди дæсны кусартгæнджытæ куыдхистæрæй, æмæ сæ арæхстыл ахуыр кодтой кæстæрты иугъæдоны цæстуарзонæй, хæрзаудæнæй. Алы хæдзары дæр уыди сæрмагондæй кусартгæнæн дæргъæццон фæлахс фынгтæ цыппæргай къæхтыл лыстæг фос æргæвдынæн. Ставд стурфосы æргæвстой зымæг зæхбын цæрæнты фæйнæджытыл кæнæ хъæмпыл, сæрд та нæудзар кæрты кæнæ уынджы. Кувæндæтты æмæ дзуæртты бынты æвæрдтой гæзæмæ бæрзонддæрæй даргъ къæйдуртæ кусарт кæнынæн. Кусарт акæныны размæ цæттæ уыдысты дон æмæ цæхх, цыргъаг æмæ сыгъдæггæнæн дзаумæттæ, туггарз æмæ къухтæмæрзæн, æртдзых æмæ акувынæн — нозт, къæбæр. Алцыппæт дæр — фæткыл куыд цины, афтæ зианы номыл дæр æнæ уæлдай тыхст ныхæстæй, ракæ-бакæйæ...

Цины боны кусæрттагæн аргæвдыны размæ сдæрын кодтой цæхх, арыдтой судзгæ æхсидавæй галиуварсы хъуынтæ уæнмæ хæстæг, стæй кувæг хистæр рахизварсæй хурыскæсæнырдæм лæугæйæ гомсæрæй ардта Хуыцауы ном цины уагыл, æмæ кувæггагæй ахуыстой кæстæртæ. Зианы бон та кувæг лæууыд кусарты галиуварс æмæ йæ Хуыцауы ном аргæйæ æнæ уæлдай митæй хæлар кодта мардæн.

Марды кувæггагæй ахуыстой дыууæ кæстæры. Дыууæ хуызы кусарты дæр æргæвстой галиу фæрстыл фæлдæхтæй хурыскæсæнырдæм. Лыстæг фосы къæхтыл хæцыдысты æнæ бастæй дыууæ кæстæры фынгæн галиуварсæй лæугæйæ. Стурвосы къæхтæ дзуарæвæрдæй бастой фидар бæндæнæй æмæ сыл хæцыдысты кæстæртæ.

Хъыджы боны кусæрттагæн кувгæйæ ардтой Хуыцауы æмæ мæрдты Барастыры нæмттæ, фæдзæхстой сыл марды нуазæнæй хæлар кæнгæйæ. Цины боны кусæрттагæн кувгæйæ ардтой Хуыцау æмæ зæдты нæмттæ райгондæй.

Кусартгæнæгæн къæхтыл хæцджытимæ хъуыди туггарз бадарæг дæр, æмæ лæмбынæг касти æргæвдæджы архайдмæ, кусарты тугæй зæхмæ куыннæ калдаид, афтæ. Нæфæтчиагыл нымадтой кусарты туг зæхмæ куыдфæндыйæ пырхытæй калын. Кæнæ йын аргæвдыны размæ зæххы дзыхъ къахтой, науæд та йæ туггарзы æмбæрзтæй дардтой кусарты фæуынмæ, стæй йæ цæугæдоны сыгъдæгдæрæн, барстдæрæн калдтой.

Иугæр æргæвдæг кусæрттаджы сæрыл галиу къухæй фидар æрхæцыд фæрсылæй, рахисæй кард хурхыл æруагъта, уæд кусартгæн джытæн дзурын нал фæтчыд, æнæ уæлдай сыбырттæй архайдтой, цалынмæ сæ хистæр кусарты сæр артмæ бадардтаид æргæвдынырдæм, барст фæу, зæгъгæ, уæдмæ.

Кусартæн йæ аргæвдыны фæтк сæххæст æгъдауыл, уæд æй уæлгоммæ æвæрдтой æмæ кусартгæнæг цины нывондæн лыг кодта фыццаг рахис къæхтæ, зианы фосæн та — галиу, стæй царм бастигъынæн уыди сæрмагонд уаг хæрзæхсад къухтæй. Лыстæг фосы цæрмттæ стыгътой фылдæр къухæй, стуртæ зындæр стигъæн уыдысты æмæ сын фылдæр арæхстимæ хъуыди цыргъдæр кæрдтæ...

Кусарты царм æнæ уæлдай фыдтæ æмæ лыгтæй бæстон бастыгъ той, уæд бæрæг сыгъдæгдæрæй фыдызгъæл йæхи равдисы, æмæ йæ дарддæры бафснайдæн фылдæр сты кусартгæнджыты лæггæдтæ. Къубалæй къæдзилы, дымæджы онг гуыбыны цъар раст лыг æрцыд, хуылфы тæнæгцъар фиу æнæ карды лыггæй сыгъдæг тæбæгъмæ си стой, риуыгънæг раст ралыг кодтой æмæ йæ сиахсы номыл цæрæнхæдзары астæуккаг цæджындзыл баныхæстой, уæд хуылфы дзаумæттæ дыууæ дихæй сисынæн — уæлдай хъусдард: иуæй, раззаг хуылфыдзаумæттæ сты къубалæй бæстон фæхицæнгæнинаг, æмæ ласæггаджы хъæуы дывæрсыг къæрттæй æздухын æлхынцъгæнæгау, иннæмæй, игæры мастыдзæкъул — æппаринаг. Хуылфыдзаумæттыл куыдфæндыйæ архайгæйæ ласæггаг раст æлхынцъ не ’рцыди рагацау, уæд уæцъæфы удæст холлæгтæ цыхцырæй кæлæгау кусарты фыдызгъæл сахордзысты, æмæ — æнадгæнæнтæ. Масты дзæкъул куы фæкъæртт уа кардæй лыггæнгæйæ, уæддæр — масты хос. Уыйадыл фыццаджыдæр цыргъ кардæй лыг кодтой кусарты риуыгуыдыр, уагътой дыууæ фарсы фæрсчыты, стæй бастæй-æлхынцъæй ластой ласæггаджы æмæ хуылфыдзаумæтты дыууæ дихæй истой фæйнæ гарзмæ. Дыууæ хуызы хуылфыдзаумæттæ исгæйæ хынцыдтой астæуы саунагъ-хæлур æмæ йын уæгъд кодтой йæ кæрæтты кардæй. Хæрзхаст кусарты фæрстыл вæййы сæрмагонд фиутæ, æмæ сæ уыргтимæ истой хибар тæбæгъмæ. Раззаг хуылфыдзаумæтты сыгъдæг донæй æхсадтой, лыг кодтой зæрдæйы хъустæ æмæ сæ фиутимæ æвæрдтой хибарæй, стæй — кусарты уæнгтæ конд цыдысты бæрæг нæмттимæ, æмæ сæм алчи æмхуызон нæ арæхст фосыкуыстгæнджытæй дæр.

Стыр нымадæй кусартæн ис сæр æмæ бæрзæй, къæхтæ æмæ зæнгтæ, рагъы æмæ астæуыстæг къæдзилы онг, цыппар къабазы, хуылфыдзаумæттæ, царм. Цармыл уал цæхх луарæнтимæ айзæрстам æмхуызон æмæ йæ айтындзыны размæ тымбылтыхтæй фæсвæд æрæвæрдтам, фæлæ иннæ фыдызгъæл у ирон æгъдауыл уæнгтæ кæнинаг æнæ уæлдай сонт лыгтæ æмæ пырхытæй. Кусартгæнæгæн кард цыргъæй коммæ куынæ кæса, уæд æнарæхстæй æстджытыл къуымых кæны, уæнгты ысуадзæнтæ агургæйæ. Æмбисондæн баззад кусартгæнæг сиахсы фæлыгъд. Бæрæгбоны æгъдау æй æрцахста каисты хæдзары, æмæ уæнгтæ кæнгæйæ базыджы ысуадзæн нал ардта, гъемæ, зæгъы, фырæфсæрмæй фæлыгъд. Кусартгæнæджы арæхстыл дзæвгар ныхæстæ баззад фыдæлтæй, æмæ æмхуызонæй амонынц бæрнонæй Хуыцауы динылхæцæг адæмы дæсныйадмæ, фæлтæрддзинадмæ. Гал, зæгъы, бастыгъдæуыд нывондаджы уагыл, æмæ кард йæ дымæджы алгъыл асаст. Алы куыстæн дæр хъæуы ирон æгъдауы нымдæй рæстмæ райдайæн æмæ æхсызгоны кæрон.

Цалдæр фæлтæрæн армæй куынæ бавналай кусарты уæнгтæ кæнынмæ, уæд дзургæйæ амонгæйæ зын бахъуыды кæнæн у фыдæлты дæсныйад, æмæ цыбыр ныхасмæ лæмбынæг байхъусæм. Кувинаджы номыл кусарты уæнгтæй æнæхъæнæй уагътой сæр æмæ бæрзæй, уæнтæ æмæ сгуытæ, базыгтæ æмæ фысты фæхсынтæ. Иннæ фыдызгъæлы кодтой дихтæ хайгай, æмæ сын ис нæмттæ, сæрæй къæдзилы онг.

Сæры хæйттæ: тæрных, сæрыкъуыдыр, æфсæрыкъæдз-дзуака, дыууæ хъусы, дыууæ цæсты, æвзаг, магъз.

Нагъы æмæ астæуыстæджы хæйттæ: бæрзæй, мæкъуыр, æфцæг, рагъыстæг, чъылдымыстæг, къæдзил (стурæн), дымæг-фæхсын (фысæн), къæдзилы алгъ.

Æвдасæрмтты хæйттæ. Раззаг æгъдтæ фæрстимæ уыдысты иумæ дыууæ æвдасармы — рахис æмæ галиу. Уыдон дихгонд цыдысты æмхуызон уæнгтыл: фæрстæ, уæнтæ, мæкъуыстæгтæ, базыгтæ. Фæрсты фыхтой æртыгай фæрсчытæй æмбисастæутыл састæй, мæкъуыстæгты — дыгай дихтæй, уæнты — æнæхъæнтæй.

Фæстагырдæджы дыууæ хайы. Фæстаг æгъдты уыди æмхуы зон хæйттæ рахис æмæ галиу фарсæй: сины хай — сины стæг, æсгуы. Æсгуыты цины бон фыхтой æнæхъæнтæй, зианы бон — дыгай дихтæй.

Раззаг хуылфыдзаумæттæ: хъахъалæг, ласæггаг, хурхуадындзтæ, зæрдæ, игæртæ, рæуджытæ, масты дзæкъул, хæлур.

Фæстаг хуылфыдзаумæттæ: уæцъæф, зыныхсæн, ахсæн, æрмæчъытæ, фарсылæвзаг, уыргтæ, лыстæг тъæнгтæ, мизг, мæхсдæттæ (куыртæн), гуыбыны фиуыцъар, мисындзæг, суй.

Кусарты æппæт хæйттæ дæр хæрзæхсадæй сæ бынæттæ ссардтой, уæд кусартгæнджытæ арыдтой сæр æмæ къæхтæ, стæй хицæн кодтой сæрыкъуыдырæй æфсæрыкъæдз — дзуака æвзагимæ, æмæ сæр фыхтой астæуыл дæргъмæфастæй. Цæмæй цуайнаджы фыцгæйæ фаст сæры дзидза, магъз æмæ ныхы царм æнæхъæнтæй баззадаиккой, уый тыххæй йæ æнгом бастой бæхснæг æндахæй...

 

Фиппаинаг. Цалынмæ бæрæгбоны фынгæвæрды хæрзтæй бадты адæм æгъдауыл скуывтаиккой æмæ сахуыстаиккой, уæдмæ дзы куыдфæндыйæ комдзаг ничи скодтаид нæдæр цины, нæдæр марды бонты фыдæлты заман. Ныры ирæттæм уыцы бындурон æгъдау нымады дæр нал у, афтæмæй Хуыцаумæ кувынц æмæ дзы æнæуагæй курынц бирæ хæрзтæ, амæндтæ...

ИРОН НОЗТЫ ХУЫЗТÆ

Хистæртæ куыд амыдтой æмæ рагон таурæгъты, кадджыты куыд баззад цæвиттоны ныхасæн, афтæмæй ирон дингæнæг адæм карз нозты хуызтæй раздæр базыдтой ронг кæнын. Ронг фыхтой хъæддаг мыдæй алы хоргæрдджытимæ, стæй куыдфæстагмæ базыдтой нæмыгхортæй зад кæнын, хуымæллæгæй — æнтуан. Уæды заманты тархъæдты æвзæнтæй тахтысты мыдыбындзытæ, æмæ мыд уыди арæх... Ставд тæрс, кæрдо, сывылдз, кæрз æмæ тæгæр бæлæсты мæраты кодтой мыдыбындзытæ зымæгиуæг сæ мыды æвæрæнтимæ, æмæ сæ бæлæстæ калгæйæ ардтой адæм. Фыдыбæсты хæсты размæ нæ хъæубæсты лæгтæ æрæгвæззæджы фыййаггæгтæн ставд тæрс акалдтой Хуссары хъугомы, уæрдоны рæтæнæгъдтæн — сывылдз, æмæ сывылдзы астæуккаг тæгæлы разынд мæра мыдыбындзыты æвзæнимæ. Суанг уæлхох уыгæрдæнты дæр хос кæрдгæйæ ардтой мыды къусджытæ, æмæ æвдадзы хос уыдысты сæ хæрзгъæдæй.

Мыд бæласы мæрайы скодтаиккой бындзытæ æви зæххы бын, уæддæр кодта æрдзон сыгъдæг хъомысæй бæлæсты æмæ кæрдæджыты дидинджыты ад æнæ уæлдай аразæнтæй-æфтуантæй. Фыдæлтæй цы амындтæ баззад ронг фыцыны тыххæй, уыдонмæ бæстон куы байхъусæм, уæд йæ саразыны-сфыцыны уæлæмхас хæрзтæ уыдысты сыгъдæг дон, хæрздæф кæрдæджытæ, зад æмæ хуымæллæг. Ахæм дзурджытæ дæр уыди, ронгыл зад нæ кодтой, зæгъгæ, фæлæ æнæ задæй, æнæ хорыссадæй цы сахадыдтаид? Задыссад бæгæныйыл канд адджыны тыххæй нæ кодтой. Зады адимæ нуары хъомыс дæр уыди, æмæ мыдæн дæр æнæ задæй йæ хъомыс кодта къаддæр. Уыйадыл ронг фыцгæйæ дæр хъуыди зад, æрмæст бæрцыл гæзæмæ хуымæллæгимæ.

Фыхтой ронг дзæвгар. Йæ фых ын фæрсыгътой дыууæ фæлтæрæй, стæй йæ æнтыдтой æнхъизæнимæ дзæвгар рæстæг сæрмагонд мигæнæнты кæнæ æлыгæй конд хъуырæутты талынг бынаты. Сæнхъизыны фæстæ йæ фæрсыгътой нарæгхъуыр дурынтæм, æмæ æвæрдæй цас фылдæр алæууыдаид, уыйас кодта карздæр. Нуæзтой йæ хъæдын нуазæнтæй. Куывдты дзы ардтой зæдты нæмттæ зырнæйзылд кæхцытæй. Ронг нуазæн кæхцытæй кадджындæрæн баззад уацамонгæ. Уацамонгæ нуазæнтæ-кæхцытæ дардтой æфснайдæй мыггæгты номыл мæсгуыты, æмæ дзурæг уыдысты царды рæстадыл. Рæстыл чи дзырдта, уыдонæн уацамонгæ лæууыд æвдисæн, фæлывдæй чи архайдта, уыдоныл цыди комдзог...

Бæгæныйы конд. Зад цы хорты хуызтæй арæзтой, ууыл дзырдтам. Бæгæны фыцынæн дардтой фыдæлтæ цæнгæт цуайнæгтæ æмæ æрхуы цæджджинæгтæ. Асмæ кæсгæйæ æрхуы цæджджинæгтæй стырдæртæ уыдысты цыппæрхъусджынтæ æлæттимæ, къанæгдæртæ та — дыхъусыгтæ. Уыдоны бæгæны фыхтой куывдты æмæ чындзæхсæвты заман. Иугæндзон артыл фыцгæйæ задыссады иу хайыл уагътой сыгъдæг дон æртæ хайы æмæ йæ фыхтой, цалынмæ доны æмбис байсыстаид, уæдмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ бæрæгбоны кувинаджы бæгæны фыцынмæ алчи нæ арæхсти карджындæртæй, йæ бæрны цыдысты дæсныдæр нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ æхсæнадон уагыл. Бирæ хъусдард æмæ дæсныйад хъуыди бæгæны сфыцынæн. Сæрмагонд сдуантæй йæ сдыдтой, цæмæй быныл ма хæцыдаид, уый тыххæй. Зæддон бынылхæцаг у фыцгæйæ æмæ йæ бæгæны фæкæны сыгъды ад, æмæ ахæм нозт, иуæй, кувынмæ нæ бæззы, иннæмæй, у бæрæгбон æнадгæнæн.

Зад бæстон сфыхти, уæд нæрсаг у, æмæ йын фæтæнæгдæр кæнынæн æндæр аджы дардтой фыхдон. Зæддон сойдзæстытæй къухыл æндæдзын райдыдта, уæд у фæрсудзинаг сæрмагонд лæдæрсæн тæсчъы. Уым æвæрдтой астæрдау бæзджын сыгъдæг фæсал кæнæ хъæмп иуырдæм къулæй. Лæдæрсæн тæсчъы æвæрдтой дæргъæццон хъæдын арынджы. Арынг та æнцади нарæг дыууæ фæлахс бандоныл гæзæмæ къулæвæрдæй. Арынджы къулварсы хуынкъыл фыцгæйы дон лæдæрсти агуайæнмæ — къæртамæ, дурын хъуыраумæ. Бæзджын фыцгæйы лæмæрстой тæсчъы асдæрд къултæм, æмæ сыгъдæг зæддон згъордта дзагыстонмæ. Фыцгæйæн йæ сыгъдæг ад рацыд, уæд æй кодтой дыккаг фых хуымæллæгимæ уæлдай фылдæр рæстæг, стæй йæ фæрсыгътой уæлæмхас мигæнæнтæм, уазалгæнæнтæм. Уырдыгæй бæгæныйы сыгъдæджы фæрсудзгæйæ уагътой иугуыр хъæдын стыр мигæнæнмæ, кодтой йыл цырвы æнтуан æнхъизынæн. Æмбæрзтой йыл сæрмагонд сæримæ хъармдæрæн нымæттæ, хъæмп, хос.

Дæсны бæгæныфыцджытæ бæгæны сыгъддонимæ нæ фыхтой, йæхигъæдæй уыди бурбын æмæ адджын. Сыгъддон бæгæныйæн уыди низы хос: хæцыд, æндæгъд хурхыуадындзтыл, улæфæнтыл æмæ хуыфын кодта адæймаджы.

Бæгæныйыл сыгъддон æмæ сæкæр кæнын æрхъуыды кодтой ирон æгъдаухалджытæ... Бæгæны æнхъызти æртæ бонæй фондзы онг алы уавæрты. Иугæр æнхъизын райдыдта, уæд хуымæллæджы цъæлтæ фынчытимæ иуварсмæ сæхи ласынц сæрыл бадгæйæ, æмæ сыгъдæг кувинаг йæ хуыз æвдисы. Æрсабыр йе ’нхъизынæй, уæд хуымæллæджы фынчыты истой æмæ фæрсыгътой бæгæны къаннæгдæр къæртатæм, дурынтæм. Цы бынтæ дзы баззад бæзджынæй, уыдон та хус кодтой цырвæн, æнхъизæнæн.

Къаматтаг. Бæгæны кæнгæйæ дыккаг фыхы фæстæ цы бæзджынтæцъæлтæ баззайынц, уыдон ногæй сфыцынц, ныффæрсудзынц сæ, æмæ хæрзынхъызтæй вæййы къаматтаг. Уæлдай хуымæллæгджынæй у мастдæр, стæй сæры цæуы тынгдæр. Къаматтагæй куывтой раздæр, æмæ бæрæг уыд бæгæныйы хæрзад дæр рагацау.

Къаматтаджы тыххæй баззад ныхæстæ, æмæ сæм байхъусæм: «Бæгæныйы хорз йæ къаматтагыл зыны», «Къаматтаг, зæгъы, бæгæныйæ фæраздæр, уæддæр фынгмæ нæ бахæццæ», «Къаматтаг лæугæйæ нуазынц», «Къаматтагæй фæстауæрц ничи кæны».

Æлутоны бæгæны. Æлутоны хойраг, æлутоны хортæ, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, хуссæртты цы хохаг хортæ зади, уыдоны тыллæгмæ. Æлутоны бæгæны дæр кодтой хуссарварсы хуымты хуыздæр хорты задæй хуымæллæгимæ, фæлæ йæ дыккаг æвæрдæн фыхтой кусарты фыдызгъæлимæ. Æлутоны кусартæн хуыздæрыл нымадтой хæрзхаст нæлсæгъы кæнæ нæлфысы. Кусартæн сæр æмæ къæхтæ, хуылфыдзаумæттæ æмæ царм фæхицæн кæн, сыгъдæг фыдызгъæл уæнггай бæгæныйы фæфыц, цалынмæ æстджытæй фæхицæн уа æмæ зæддонимæ батайа, уæдмæ. Бæстон фæфыхт, уæд æй фæрсыгътой, кодтой йыл æнтуан æмæ æнхъызти æнгом æмбæрзтæй. Ахæм бæгæныйæн цавæр хуыз æмæ ад уыдаид, уый зын рахатæн нæу. Нард кусарты басимæ зады дон цас хъомыс лæвæрдта, уый та — уæлдай ахадæн карз нозтæн, æмæ бæрцыл нуазгæйæ — кады хос, æнæ нымадæй — æгады.

Арахъ кæныны уаг. Ирон адæм арахъ кæныныл фæцахуыр сты бынтон æрæджыты — фæстаг дыууæ-æртæ æнусы. Сæхи æрхъуыдыгонд кæй уыди, уый бæрæгæй зыны аргъæутты, кадджыты мидисыл. Карз нозты хуызтæй æвзæр никæцы хуыдтой фыдæлтæ, фæлæ бæрæг у иу хъуыддаг: кувинаджы номыл Стыр Хуыцау æмæ зæдтæ æввæрсыдысты ронг æмæ бæгæныйыл, арахъыл — нæ. Нымадтой йæ дæлимонты раттинагыл, фыдбылызы нуазинагыл. Фыдæлтæ куыд амыдтой, афтæмæй алы адæймагæн дæр ис зæды æмæ хæйрæджы хай. Йæ зæды хай у Хуыцауимæ æмвæнд, йæ хæйрæджы хай та — быцæу. Зæды хай адæймаджы æфтауы рæствæндæгтыл, хæйрæджы хай та — фыдвæндæгтыл. Цæмæй хæйрæг уæлахиз кæна адæймаджы рæстмæ зондыл, уый тыххæй йын æрхъуыды кодта æррагæнæн нуазинаг — арахъ. Гъемæ, раст зæгъгæйæ, фыдæлты ныхæсты ис царды рæстаг хъæр: арахъы уæлдай нозт куыд бæрæг кæны адæймаджы удыгъæды фидар æмæ лæмæгъ бынæттæ, афтæ ницы. Уыцы уаг бæрæгæй зыны фыдæлты зонды цыбыр ныхæстыл дæр: «Карз нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары», «Карз нозт — лæджыгъæд бæрæггæнæн», «Æгъдауыл нуазгæйæ нозтæн бæрц зоныс, уæд расыг нæ кæны», «Æнæуагæй нуазгæйæ иу сыкъа дæр фæцудыны фаг у», «Æрвонгæй сæры цы хъуыдытæ вæййы, уыдон нозтджынæй æвзагыл бадынц».

Куыдфæндыйæ, æнæнымадæй хæргæйæ æмæ нуазгæйæ нæдæр хæринæгты хуыздæртæ тайынц, нæдæр нуазинæгты. Бæрцыл, æгъдауыл та буарæн вæййынц мады æхсырау тайæн, æмæ рæстыл дзургæйæ царды талынг къуымтæм рæстаг цæстæнгасæй куы ’ркæсæм, уæд æппæт карз нозты æрхъуыдыгæнджытæй иунæг дæр фыдбылыз нæ уыди, уыдысты стыр зонды хицæуттæ, æвдадзыхосты аразæг дæснытæ. Бæстæн диссаджы ма: рæнгарз марг у, фæлæ æртахгай иннæ буарыгъæдтимæ та — æвдадзыхос. Æвдадзыхостæ сты æппæт карз нозты хуызтæ дæр, æрмæст сæ кæнын хъæуы сыгъдæг дон æмæ хорæй, дыргъæй, халсарæй æрдзон уагыл...

Ирон арахъ куыд æмæ цæмæй кодтой нæ мадæлтæ, уый у сæрмагонд ныхасы аккаг, æмæ сæм бæстон æркæсæм æнæ уæлдай мысæггаг даутæй, цаутæй. Æппæт нозты хуызтæ дæр ирон адæмæн хастой сыгъдæг æрдзон хъомысæй цыты, кувинаджы нысан. Алцæмæн дæр сын уыди цæрыны номыл бæрæг æфсон Хуыцау æмæ зæдтыл сæхи фæдзæхсгæйæ. Ирон фарныл хæцæг адæймаг хъæдбыны суадонæй дæр æнæ доны зæдты ном æссаргæйæ сонтæй нæ банызтаид. Арфæйы уагыл сыгъдæг дон нуазын æмбæлди куыдкæстæрæй раздæр, кувинаджы нозт та — куыдхистæрæй раздæр...

Сыгъдæг хорты æссæдтæй фыхтой ирон мадæлтæ-æфсинтæ кувинаджы арахъæгтæ бæрæгбæтты, дзуæртты номыл. Арахъагæн дæр хъуыди зад æмæ хуымæллæг бæрцыл кæнгæйæ, афон æмæ бынат хатгæйæ. Дардтой сæрмагонд дзаумæттæ арахъаг фыцынæн æмæ арахъ уадзынæн: цуайнæгтæ, милитæ, агæмбæрзæнтæ, агхафæнтæ, амæнтгæ уазалгæнæнтæ, бæлæгътæ, суанцъæтæ, агуайæнтæ. Цыбыр ныхасæй, арахъ скæнынæн дæр хъуыди сыгъдæг дон æмæ хор, фыцæн æмæ уадзæнгæрзтæ, стæй æрхъуыдыджын дæсныйад æнæзивæгæй, зæрдиагæй архайгæйæ. Арахъаг фыхтой гæзæмæ зад æмæ хуымæллæгимæ, стæй йæ хъæрмустæй æнхъизын кодтой æнтуаны фæрцы сæрмагонд хъæдын мигæнæнты. Нымад рæстæгмæ сæнхъызти, уæд æй аггай ногæй фыхтой æмæ дзы уагътой арахъ. Дзæбæх рафыхти арахъаг цуайнаджы, уæд ын æмбæрзтой йæ сæр кæнæ къæйæ, кæнæ хъæдырмæгæй къахт сæрмагонд дзаумайæ. Дыууæ хуызæн дæр æмбæрзæнтæ æнгом бадтысты аджы сæрыл, æмæ сын сæ фæлгуыртæ сæрстой æндæдзаг хыссæйæ, цæмæй фыцгæйы тæф макуыцæй хъардтаид милийæ уæлдай. Арахъуадзæн милийæн хъæдын бæлæгъы уыди дыууæ хуынчъы дæргъæлвæстæй, æмæ кæронмæ къулæй æнгом æвæрд цыди аджысæры тæфдзонмæ-хуынкъмæ. Тæфдзоныл æнгом æвæрдтой егъау хъæдын уидыг-къоппа æмæ йæ бæстон сæрстой амæнтгæйæ. Уыцы уагыл æнгомсæрстæй фыцгæйы тæнгъæд сой калди милимæ æмæ уазал доны астæуты уайгæйæ лæдæрсти агуайæнмæ, сæрмагонд дурынмæ. Иугæр арахъ иугъæдоны ныллæг арты тыхæй уайы дзагыстонмæ-агуайæнмæ, уæд ын йæ карз бæрæг кодтой уидыгæй артыл пырх кæнгæйæ. Куыд карздæр уыдаид, афтæ артыл сыгъди цырддæр цъæх æвзæгтæй... Цæмæй мили уазалæй лæууыдаид, уый тыххæй бæлæгъы дон ивтой рæстæгæй-рæстæгмæ уазалдæрæй. Цæмæй арахъ сыгъдæгæй, æнæ уæлдай къуылымпытæй уадаид агуиан дурынмæ, уый тыххæй хъуыди иугæндзон сабыр арт æндзарын. Артæн дардтой рæвдзæй хустимæ хуылыдзтæ. Æгæр тыхджын артæй аг йæ быныл сыгъди, æмæ арахъ уади æзмæстæй, стæй кодта сыгъды ад. Цæмæй арахъ сыгъдæг æмæ хæрзад уыдаид, уый тыххæй ирон дæсны мадæлтæ зыдтой фæрæзтæ. Уыдонæй иу уыди судзаг цывдзы, иннæ — хъæбæр хъæды æвзалы. Æвзалыйæн сыгътой фугæйы, бæрзы, тæрсы, кæрзы, тулдзы сугты, æмæ дзы гыццыл къæрттытæ æвæрдтой фæрсудзæны агуайæн дурыны сæр. Æвзалытыл уайгæйæ арахъ кодта сыгъдæг, йæ сойдзæстытæ задысты æвзалыйыл. Æртæ æмхуызон цывдзыйы та æнæхъæнтæй бастой бæхснæг æндахæй иумæ æмæ сæ агæн æппæрстой тæккæ фыцæны милийы сæрккаг дзыхмæ, æмæ уыдоны фæрцы арахъы сойдзæстытæ бадтысты аджы бын.

Алы агæй дæр иугъуызон сыгъдæг карз нозт цас рацæудзæни, уый зыдтой, æмæ агуайæн дурынтæ уыдысты барст. Кæронмæ хæстæг артыл калдтой нозты æртæхтæ, æмæ лæмæгъдæр куы сыгъдаиккой, уæд дзагыстон ивтой, хорз судзынц, уæд æй уагътой байдзаджы онг.

Ногуагъд арахъ æхсызгонæн ничи нуæзта, уымæн æмæ риссын кодта сæр. Цас фылдæр алæууыдаид æнгом сæрыхгæдæй, уыйбæрц уыди тайæндæр æмæ хæрзаддæр. Æгъдауыл карз нозтæй иу сыкъа баназынæн дæр хъуыди бæрæг æфсон. Æнæфсонæй, æнæгъдауæй нуазгæйæ кад нæ кодта нæдæр бинонтæн, нæдæр уазæгæн...

Æгъдæуттæ аразæг æмæ æххæстгæнæг дæр адæм уыдысты, халæг дæр, æмæ уыйадыл хохæй быдырмæ кæнын райдыдтой алыхуызты арахъ. Мæ рæстæджы фæзындысты карз нозты хуызты тагъд кæныны мадзæлттæ, стæй сæ карздæры æфтиæгтæ: чъыр, карчы фаджыс, алы хъылма ахорæнтæ, æмбийæццæгтæ, æнхъизæнтæ. Банымайæн дæр нал и ныры карз нозты хуызты кæнæн фæлхæрттæн. Æрдзон сыгъдæгдзинад иуварс аззад, кæнгæ ахорæнтæ æмæ хъацæнтæн банымайæн дæр нал и. Сау дзулыссадæй урс дзултæ кæнын райдыдтой, æмæ хойраджы тых нал и, фесæфт йæ хъаймагъ, басыгъд йæ нуар...

Фыдæлты заманты дæр уыди магусайæ цæлуарзджытæ, æмæ хæринæгтæ, нуазинæгтæ æгуыстæй къуымты ракæл-бакæл кæм кодтаиккой. Гъемæ, алы заманты дæр магусайæ гуыбындзæлтæ архайдтой фæрнджын цыбыр æгъдæутты халыныл æмæ мысыдысты ног цыдæртæ æнæ нымадæй фылдæр хæрын æмæ ныуазынæн. Ныры ирон адæм сæ къух систой фыдæлты кад æмæ радыл хæрын æмæ нуазын æмæ цæрынц æлхæнæггагæй, хиконд хойраг æмæ нозтыл нал æввæрсынц. Ацы рæнхъытæ фыссæг магусатæй нæу, цæуыл дзуры, уыдæттæ йæхæдæг бавзæрста, æмæ йæм æвгъау кæсынц фыдæлты фарны хæрзтæ бынтон фесафынæн, рохуаты баззайынæн. Æндæр ныры ирон адæмы фылдæр хаймæ йæ ныхæстæ нымады дæр не сты. Гъемæ, мæ бон зæгъын у æргомæй: мæн фылдæр ныфс ис не ’дзард намысджын фыдæлтæй ныры гуыбынæй æфсæст, удæй мæгуыр ирæтты раз...

Къуымæлы хуызты арæзт. Æппæт къуымæлты хуызты дæр фыхтой æмæ кодтой ирон сылгоймæгтæ сæрдæй, зымæгæй хидгуысты æфтиæгтæй, сыгъдæг æрдзы зайæгхæлттæй æмæ дыргътæй. Фыцгæ къуымæлтæн хъуыди сыгъдæг хорты æссæдтæ, фæрæктæ, луарæнтæ зад æмæ хуымæллæгимæ. Фыхтой сæ куыд цины, афтæ зианы хардзæн дæр. Уыйадыл уыди тæнæг цъæх къуымæлтæ алы хорты хуызтæй цырд сæнхъизыны мадзæлттимæ, стæй бæзджын къуымæлтæ — бæрæгбæтты номыл. Къуымæл кæнгæйæ хынцыдтой хойрæгты хуызтæ, хорты зæдтæ. Нартхоры æссады фыхимæ хæццæ кодтой хъæбæрхоры зад, хъæбæрхоры æссадимæ — нартхоры зад хæрзаддæрæн, хуызджындæрæн, æмæ бæзджынæй куыд æнхъызтысты, афтæ сæ фынк хæрдмæ цыди, æмæ сæ хуыдтой махцымæ.

Къуымæл кодтой хæдзарон æмæ хъæддаг дыргътæй дæр кæм фыцгæйæ, кæм та — æнæфыхæй. Дардтой сæрмагонд хъæдын мигæнæнтæ зæхбын хæдзæртты фæззыгон дыргъæй къуымæлæн. Иу хуызы — хæдзарон, иннæ хуызы — хъæддаг кæрдотæй. Сыгъдæгæй сæ мигæнæнты æвæрдтой хомæй, стæй сыл хъæрмустæй уагътой фыхдон æнæ уæлдай цæххытæй, æмæ куыд æнхъызтысты, афтæ сæ дойныйæн нуæзтой. Дыргъты дон куыд хардзгонд цыди, афтæ сыл кодтой ног фыхдон, æмæ æххæссыди сæ ад суанг уалдзæгмæ...

***

Ирыстоны хæххон дæтты æмæ суæртты сыгъдæгæн, хæрзадæн æмбал нæ уыд нуазынæн, дойны басæттынæн. Уæдæ æхсыр æмæ мисын, сылы æмæ хуырх дæр ногæй-ногмæ дойны сæфтой, фæлæ уыдоны уæлдай кодтой ирон фæрнджын бинонтæ къуымæл зымæджы æмæ уалдзæджы дæргъы. Æнæ урсаджы æмæ хойраджы нуазинæгтæй кусæг адæймаг донзоныг кæны, зæгъгæ, амыдтой не ’нахуыргонд фыдæлтæ. Гъемæ, сыгъдæг дон æмæ хойрагæй конд къуымæл хуымæллæгимæ фыхæй бæстон сæнхъызт, уæд иугъæдоны хъомысджынæй карз нозтау сæры цыди. Уыйадыл баззад ныхæстæ царды рæстаг хъæрмæ комкоммæ амонгæйæ:

 

Фыййаумæ тæнæг къуымæл агурæгау.

Тæнæг къуымæл — дойнысæттæн, бæзджын — хæрдæххуыс.

Къуымæлдзæфæй — дзураг.

Къуымæлдзæфыл худæг бахæцы.

 

Сыкъадзæф фæци, зæгъгæ, дзырдтой хъазæнæмхасæнтæй хъæубæсты ныхасы бадгæйæ ирон æгъдауджын лæгтæ, исчи сæ æнæбæрæг æфсонæй нозтджын куы уыдаид, уæд. Бæрæг æфсон — сыгъдæг дон баназынæн куыд æхсæнадон, афтæ æрдзон уавæрты дæр. Сæхи уды фыдæбон æмæ хæрзæбонæй цы бавзæрстой æмæ федтой нæ куыстдзагъд рæстаг фыдæлтæ, уыдоны бындуртыл æнцайгæйæ хатдзæгтæ кодтой сæ алыварсы дунейы æгæрон цаутæн дæр бон зонгæйæ, фадæттæ хынцгæйæ, хорз æмæ æвзæр æмбаргæйæ, цæттæ фæллæйттæн нымд кæнгæйæ. Иу æмбисонд сæм сагъæссаг хъæлæсæй дзургæйæ ахæм уыди: «Чи ницы федта, уымæн сонтæй йæ къухы хуыйы сус (хордзоны кæрон) авæр, æмæ йæ стыр бузныггадæн галдзарм хона». Галдзæрмттæм — цæттæ фæллæйттæм цыбæлæй ирон фолклор æмбырдгæнджытæ нал рахатыдтой таурæгъгæнджыты ныхасы уафсхор цармы гæппæлты, дзабырты уæлфæдты хæлын æмæ сæрак аразæнты, æмæ нæ адæмон сфæлдыстад мадæлон æвзагимæ фæстаг æнусы æмбисмæ бæгънæгæй аззадысты. Уыдоны азар басыгъта нозты хуызтимæ баст зарджыты дæр, æмæ афтид зыгуымдоны гыццыл дымгæ дæр æхситтæй зары. Мысинæгты хуызы ма зæрдыл цы лæууы, уыдонæй — гыццыл цыдæртæ цæвиттонæн, æмæ сæм рæстаудæнæй æркæсæм, кæддæра цæуыл дзурæг уыдысты фыдæлтæн. Æнæ уæлдай дызæрдыгæй зæгъæн ис: фыдæлты карз нозты хуызты арæзтæн ницæмæй и абарæн ныры нозты хуызты кондимæ. Фыдæлтæ нозты хуызтæ арæзтой æрдзон уагыл сыгъдæг дон æмæ хойрагæй. Ныры карз нозты хуызтæн æндæр у сæ ахаст: иуæй, сыгъдæг дон æмæ хорæй конд нал цæуынц æмæ се ’рдзон хъомыс ыслæмæгъ, иннæмæй, алыхуызы фæрсаг мадзæлттæй æмæ ахорæнтæй фæкарздæр сты уæлдай расыджы хосæн, буар риссынæн æмæ низтæ æфтауынæн. Уыцы уавæры ныры карз нозты хуызтæ кувинагæн нæ бæззынц...

Ирон нозты хуызтыл куыстæгты райгондæй фыдæлтæ кодтой кады зарджытæ цины уагыл æмæ сæ ардтой хидвæллæйтты монцæй Стыр Хуыцауы æмæ йе сконд зæдты-дуæгты нæмттæ. Хистæртæ куыд амыдтой, афтæмæй бæгæныйы зарджытæ фæзындысты фæстæдæр ронг æмæ æлутоны зарджытæй. Фæлæ ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмбырдгæнджытæ ронджы æмæ æлутоны зарджыты ныффыссын хæсыл нæ банымадтой æрмæстдæр уымæн, æмæ «зæронд царды» хæрзтыл не ’ууæндыдысты, нымадтой сæ зианхæссæгыл. Къусбары куывды (кодтой йæ хæххон ирон хъæутæ Уастырджийы бонты фæстæ) фехъуыстон ахæм рæнхъытæ заргæйæ: «Æвронгæй нын æрвонг хæссæд, нæ буц хистæртæ! Æрвонг бадтæн — кæстæрты ныфс, буцæй цæрат!» Дзырд «æвронг» уыцы хъуыдыйы амоны комкоммæ карз нозты хуызмæ — ронгмæ, ома ронг нуазгæйæ сæры цæуы, фæлæ дзы расыг ма кæнут, æрвонгæй куывдты, чындзæхсæвты бадут! Æмæ бадты хистæртæ дæр арфæгондæй зæгъынц: «Цæмæй хистæртæ ронджы нозтæй расыг ма кæной, уый тыххæй сын хъæуы иугæндзонæй кæстæрты ныфс, æмæ бирæ фæцæрæд нæ кæстæртæ сæ хистæрты фæндиаг!»

«Æрвонг» æмæ «æвронг» нæ разагъды фыдæлтæн уыдысты сæрмагонд дзырдтæ фæйнæ хицæн хъуыдыимæ, æмæ уыцы уагыл баззад цæвиттоны ныхæстæ: «Æрвонгæй лæджы сæры цы хъуыды вæййы, уый расыгæй (нозтджынæй) йе ’взагыл бады», «Нозтджынæй иу рæдыд фæкæныны бæсты æрвонгæй (æнæ нозтджынæй) дыууæ рæдыды фæкæн», «Лæгæй сылгоймаджы коммæгæс æмæ нозты коммæгæс иу сты», «Нозтæн дæр — бæрц æмæ хæрдæн дæр», «Нозтæн йæ гыццыл — хос, йæ бирæ — низ», «Карз нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары», «Карз нозт — ладжыгъæд бæрæггæнæн», «Чи нозтджынæй — æрвонг, чи та — æнæ нозтæй æвронг», «Карз нозтæн фидар лæг хъæуы», «Ронгæн æрвонг лæг — бæстаг», «Æрвонгæй — æвронджы митæ».

Ирон нозты хуызтæ цавæр дон æмæ хорæй конд æрцæуынц, уыдоны ад фæкæнынц, фæлæ сыл бæрæгæй фæзыны сæ кæнджыты удыгъæд кæм фауинагæй, кæм та раппæлинагæй. Уыйадыл уыди хæлары æмæ хæрамы нозтытæ. Хæлары нозт тайæн уыди, хæрамы нозт нæ тади, æмæ уымæн баззад цæвиттоны ныхасæн, фыдгулы хæдзарæй нозтджын лæг расыгæй, æнæуагæй рацæуæд, зæгъгæ. Æнæнымд — æнæрымд, зæгъгæ, хæрз цыбырæй аргъ кодтой фыдæлтæ ирон фарны хæрзты æнад, æгадгæнджытæн. Сæрмæ хæссинаг нæ уыди æнæ бæрæг æфсонæй, æгъдауæй лæгау лæгæн иунæг сыкъа баназын дæр. Æгъдауыл, кад æмæ радыл карз нозтæй иугай нуазæнтæ истой карджын сылгоймæгтæ дæр. Чызг æмæ лæппу фæсивæд хæсыл нымадтой раст-равджы хъæубæсты тымбыл хъазты æрвонгæй балæууын æмæ лæггад бакæнын...

Карз нозты хуызтимæ баст зарджытæй ма, тыхыскъуыдтау, хицæн фæлгонцтæ-хъуыдытæ зæрдыл æрлæууынц ивгъуыд азты фæзминаг цауты мысгæйæ, æмæ сæм байхъусæм, кæддæра цæуыл дзурæг уыдысты.

 

Сæрæй бынмæ нæ куыстæгтæ,

Нæ куыстæгтæ, нæ фæллæйттæ —

Бæркад æфсис зæрдæрайдæй.

Хурты Хурæн йæ кувинаг —

Сыгъдæг хорæй, сыгъдæг донæй

Бæстагдæрæнрæстагдæрæн...

Нæ ронджы конд — нæртон мыдæй,

Хæдынхъизгæ — йæ мигæнæн,

Хуымæллæгæй — йæ æнтуан,

Йæ фыцæг та — Рухс Мадизæн...

Ронгæй æрвонг — сæрæй æрвонг,

Сæрæй æвронг — ронгæй æвронг...

 

Ронг кæныны дæсныйад куыд байрох ирон адæмæй, йæ зарджытæ дæр афтæ иуварс аззадысты. Ронджы хъысмæтæй хуыздæр нæ рауад æлутон бæгæныйы хъуыддаг дæр, æмæ уыцы уавæр зыны бæгæныйы конды тыххæй зарджыты гæбазгай.

 

Мыддонæй нын зæддон уыди,—

Хорз мын фенагп, хорз!

Зæддонимæ — нард фыды бас,—

Хорз мын фенат, хорз!

Йæ фыцæг уыд Бур Уацилла,—

Хорз мын фенат, хорз! Йæ фицауæг —

Фос-Фæлвæра,—

Хорз мын фенат, хорз!

 

***

Фарны ’фсис нын — мыдгай, мыдгай

Сой æрцыди, сой!

Уациллайæ — хорты æфсис

Сой æрцыди, сой!

Фæлвæрайæ — фосы æфсис,—

О, мæ хуртæ, о!

Æрныголæй — бындзыты ’взæн,—

О, мæ хуртæ, о!

 

Уаддымгæ хосы мæкъуылы бындзыггай куы фæхæссы алырдæмыты, уæд ма дзы фос халгай цыдæртæ куыд уидзой, афтæ рауад нæ адæмон зарджыты хъуыддаг дæр, æмæ дзæгъæл фосау агуринаг фесты, афтæмæй фидæны хуыздæрмæ тырнæм афтид армæй. Æппæт куыстæгтæ æмæ фæллæйттæн сæрæвæрæн уыдысты удхъомысы бæркæдтæ арвæй зæххы астæу. Уыдонæн æсфæлдисæг — Хуыцау, бардуæгтæ — зæдтæ, дауджытæ. Бардуæгтæ сæ кувæг адæмимæ куыстой æмæ æфтыдтой иумæйаг фарны бæркæдтыл иугъæдоны хæрзаудæнæй.

 

Фарн æрцыди, цыт æрцыди, —

Фарн, хъæубæстæ, фарн!

Фарнæн мæнæ фæрнджын бынат,—

О, мæ хуртæ, о!

Стыр Хуыцау, дæ разыйæ,—

Табу дын фæуæд!

Дæ разыйæ, Ьæ фæндонæй —

Цины фынгты ’вæрд.

Нæ бæркæдтæ — æртæхурон, —

Сой æрцыди, сой!

Æртæхурон — æртæ фарнон,—

Сой æрцыди, сой!

Сау бæгæны сæрсæргæнгæ,—

Сау бæгæны, сау!

Бур физонæг цъысцъысгæнгæ,—

Бур физонæг, бур!

Уациллайæ — хуымилиаг,—

Хор æрцыди, хор!

Фæлвæрайæ — нæлгусæрттаг,

Фос æрцыди, фос!