ИРОН ФЫНГÆВÆРД 2 страница

Нæ рæстаг фыдæлтæм æппæлынтæй хъазын куыд æгад уыди, сæрыцæфтæй хъазынæн дæр уыйбæрц нæ быхсыдтой. Сæрбæрзондæй, гуыбынæфсæстæй æнæхъæн дзыллæйы фарны хæрзтыл былысчъилтæй бахудынæн нæдæр стыр тых хъæуы, нæдæр — стыр зонд. Гуыбындзæлæй сæрбæрзонды хæрдзтæ уыдысты кæддæриддæр удæй мæгуырты фæндиаг, паддзæхты бынаты куы бадтаиккой, уæддæр. Сæрыстыры хæрдзтæн та хъæуы фæрныг хæрзтæ цыфæнды мæгуырæй дæр. Кæуылты арф æмæ уæрæх сты ирон фынгæвæрды æгъдæуттæ, æмæ уыдонæн уæсхы сæйрагдæр æвдисæн уыди кусарты конд æмæ фыдызгъæлы фых бæрæг уæнгтæй, хæйттæй. Ахæм уаг фынгæвæрдæн дунейы адæмтæй никæмæ уыди æмæ ис.

Цины фынгыл дæр — сæр æмæ бæрзæй, зианы фынгыл дæр Хуыцауы дины-уырнынады кæнонты бындурыл. Сæр æмæ бæрзæимæ хистæрты раз цины фынгыл æвæрдтой æртыгай уæливыхтæ æмæ æртæдзыхæттæ, рахисфарсы базыг æмæ уæн, уæхстыл физонæг æмæ мурзæг æртæ фæрсчы. Æппæт уыцы кувинæгтæ уыдысты æртыгай бардуæгты зæдты, дунейы егъаудæр Уазы хицæутты номыл цины фынгыл. Зианы фынгыл та сæр æмæ бæрзæимæ æвæрдтой дыгай кæрдзынтæ æмæ дзидза хæйттæй-къæйттæй, уымæн æмæ уыдысты фыдохы хæрдзтæ марды фæдыл. Мардыл йæ Хуры хай аныгуылы, баталынг вæййы, æмæ ма йын баззайы Хуыцауы хаимæ сыджыты хай — Зæххы хай.

Цæмæн баззад цины æмæ зианы фынгыл хистæрты раз сæр æмæ бæрзæй æвæрын сыгъдæг, хæрзæфснайд фыхæй? Цы амонынц мидисæй, хуызæй æппæт фынгæвæрды хæрдзты раз? Сæр у буары æппæты ахъаззагдæр хъуыдыгæнæн хай канд адæймагæн нæ, фæлæ æппæт цæрæгойтæн дæр. Фыдæлтæ хорз æмбæрстой дунейы сконды ахаст: алцыппæтæн дæр ис райдайæн æмæ кæрон, уæллагварс æмæ дæллагварс куыд цæрæгойты, афтæ зайæгойты æмæ иннæ æрдзон буарыгъæдты астæу дæр. Суанг сын бардуæгтæ дæр уыдысты хистæртæ æмæ кæстæртæ. Фосы æмæ хоры сæртæй кодтой кувинæгтæ Хуыцау æмæ зæдтæн-дауджытæн, æмæ фынгыл уæлдай арфæйагæн куыннæ æвæрдтаиккой сæр? Сæримæ — бæрзæй. Æмткæй кусарт-нывондаг сæрæй къахы онг барст цыди кувинаджы фарнæй æртæ зæдæн æппынкъаддæр, æмæ йæ туджы æртæх дæр уыди табуйаг.

Сæры хæйттæй алцæмæндæр уыди бæрæг нысан куыд цины, афтæ зианы рæстæг дæр, æмæ сæ сæххæст кæнынæн хъуыди хистæры кад, кæстæры рад. Ныры ирæттæ кусарты сæр æмæ бæрзæй куыдфæндыйы архайдæй æрдæгфыхæй куыд ныууадзынц фæстæдæры ахæрынмæ æнæгъдауæй, уый у худинаджы гакк æппæт адæмæн...

Цины фынгыл кусарты сæрæй рахис хъус ралыг кæнын зын нæ вæййы, зианы фынгыл — галиу, фæлæ цæй æфсонæн æмæ цавæр сидтæн, рæгъæн, уый та нæ байрох вæййы, уымæн æмæ нал зонæм фыдæлты уагыл сидтыты, рæгъыты мидис, стæй рад.

Кусарты бæрзæй. Кусартæн сæрæй бæрзæйы астæу ис мæкъуыры стæг, хуыдтой ма йæ бирæгъы хай дæр, æмæ хаудта фыййаумæ æндæр хæйттимæ. Бæрзæй кæнгæйæ хынцинаг у нагъы хай — æфцæг, æмæ бирæ хæттыты уыдон бæрзæимæ ралыг кæнынц куыдфæндыйæ æргæвд-джытæ.

Уæны конд æмæ мидис. Хæдзары кусæртытæй цины фынгыл æвæрдтой рахисфарсы уæн æнæ уæлдай карды лыгтæ æмæ цæфтæй. Уый сыгъдæггондæй амыдта хæдзарвæндаджы цины æмæ масты цаутæм, æмæ сæ, рахатынæн хъуыди дæсны уæны кæсæг. Кастысты фысты æмæ сæгъты уæнтæм Фосы Фæлвæрайы номыл сидты фæстæ бадты хистæртæ æмæ амыдтой сæ дæсныйад кæстæртæн фидæны хуыздæрмæ бæлгæйæ. Æлхæнæггаг кусарты уæны цаутæ-диссæгтæ нæдæр хæдзары бинонты цардыуагмæ исты бар дардтой, нæдæр хъæубæсты æмæ комбæсты. Хъуыди кувинаджы номыл бынæттон фос, æмæ уыцы уаг иугъæдоны рæстаг адæмæн бирæ хæрзтыл дзуры: хæдзары бинонтæ æмæ хæдзары фосæн æрдзон уагыл иу сфæлдисæг уыди, иу хъысмæты фисынтыл амад цыдысты сæ царды бонтæ куыд райгонды, афтæ фыдæхы хæрдзтæй дæр...

Кусарты, нывонды сæр æмæ уæны тыххæй бирæ ныхæстæ баззад фыдæлтæй, æмæ дзы иу къорды зæрдыл æрлæууын кæнæм, кæддæра цæуыл дзурæг уыдысты.

Сæрæн — кад æмæ рад. Сæрæн — зонд æмæ æрхъуыды. Сæр — уæнгты хистæр. Сæр сæрæмсæртæ агуры. Сæрæмсæртæ ис, гуыбынæмсæртæ нæй. Сæрæн — сæры кад. Сæрыхсынæг йæхи дæр нæ уарзы. Кæмæндæр йæ сæр куывды фынгыл æвæрдæуыди æмæ зæхмæ тылди. Кусарты сæр — кувинаг. Алы фосы сæр кувынæн нæ бæззы. Хæдмæлы сæрæй кувæгау. Нывонды сæр — уæлдай зæрдиагдæрæй кувинаг.

Давæггаг кусарты уæны ничи кæсы. Уæныкæсæг — сонт. Халон йæ уæны кæсы. Уый халонау йæ уæны кæсы. Хæлæг æмæ фыдцæст уæны диссæгтæн ницы æмбарынц. Уæны кæсæгæн — рæстады тæраз.

Дæсны уæныкæсджытæ уыди алы хъæуы дæр, æмæ иу хаттæй ин нæмæ зæрдиагæй раст чи дзырдта, уыдоны адæм зыдтой æмæ сыл æууæндыдысты. Уæны хицæн бæрæггæнæнтæ хæццæтæ кæмæн кодтой, уый дзырдта фæдфæливæнтæй, æмæ йыл адæм не ’ууæндыдысты.

Базыджы æвæрд æмæ мидис. Кусарты рахизварсы базыгæн хистæрты раз æрæвæрыны уагыл йæ нысан уыди: цины фынгæвæрды кæстæрты цæрæнбонты сæрмагонд сидт фæкæныны размæ нуазæнтæ авæрын æртæ кæройнаг кæстæрмæ иу хаимæ — кусарты рахисфарсы базыгимæ. Кæстæрты цæрæнбонты сидтысты сæрмагондæй æмæ сын рæгъ фæкæныны размæ лæвæрдтой æртæ нуазæны базыджы хаимæ. Уыдонæй иу — хистæр арфæ ракодтаид бадты хистæртæн цыбырæй, стæй нуазæнтæ лæугæйæ æгъдауыл банызтаиккой æмæ уырдыглæуджыты къухæй æртæ дзаг нуазæны баздæхтаиккой фæстæмæ æртæ хистæрмæ, æмæ уæд цыди кæстæрты цæрæнбонты сидт. Уыцы сидтыл бадты æртæ кæройнаг кæстæры, сæ нуазæнтæ нæма банызтаиккой, афтæмæй сæ цæрæнбонты гаджидауæй баздæхтаиккой æртæ хистæрмæ нуазæнтæ дзагдары къухæй, æмæ уыйадыл фæлтæрты бастдзинад тыхджындæр кодта иугъæдоны æгъдауылхæстæй. Кæстæрты рæгъ кæронмæ ахæццæ, уæд — базыджы æгъдау: æнæ кардæй бавналгæйæ хæрзвых фыдызгъæлæй фæйнæ карсты истой, æмæ æстæг ирдæй йæ хуыз æвдыста сæттын æввонгæй. Дыгай, æртыгай азтæ кæуыл цыди нывондаджы нæлсæгътæ æмæ фыстæй, уыдоны стæг у мæстæгæй тасаг æмæ асæттынæн æнцонæй ком нæ лæвæрдта цæнгдых кæстæртæн дæр. Хъуыди йын хъаруимæ арæхст дæр. Тыхджындæртæн нæ асастаид, лæмæгъдæртæй йæ исчи дыууæрдæм уæраджы бынмæ зæнджы рагъыл авæрдтаид, карды комыл æвæрæгау, æмæ фæсастаид. Базыг асæттæгæн бадты хистæр лæугæйæ арфæ ракодтаид, дæ ныфс нын ноджы фылдæр фæуæд æмæ дæ тых фæрнæй батон-бахæр, зæгъгæ, стæй йын лæвæрдта кады нуазæн, уый та уыди æппæт хæрзты сæрæвæрæн ирон царды. Арфæйы нуазæнæй базыг сæттæг фæткыл сидти дыууæ кæстæрмæ, æмæ фынгæвæрды æгъдау цыди дарддæр....

Кусарты сгуыйы мидис æмæ æгъдау. Сгуыйæн йæ нысан уыди сæрмагонд хайы номæй уæрагдыхы, æнæзивæджы, уæнгарæхсты, ныфсæвæрды иумæйаг хæрзтæм тырнын, уæлдайдæр кæстæр карты фæлтæртæн. Бадты хистæртæ йæ кады нуазæнимæ æрвыстой хъазты фæсивæдмæ. Сгуыйæ сæрмагонд нуазæнимæ буц кодтой мыггаджы хистæртæ сæ чындзхæссæг сиахсы кæнæ хæрæфырты.

Мурзæг фæрсджытæ. Æвæрдтой сæ хистæрты раз æртыгæйттæй æртæ нуазæнимæ авæрынæн. Уыдон фылдæр хаудтой хæдзары æмæ сыхбæсты, хъæубæсты хистæр æфсинтæм, стæй æфсæрмаг ног чындзытæм дæр. Хонгæ дæр сæ афтæ кодтой — сылгоймæгты циноны нуазæнтæ, зæгъгæ. Циноны нуазæнтæ уазджыты æмæ хъæубæсты хистæртæ чындзхасты заманты кæд сылгоймæгтæм комкоммæ лæвæрдтой, уæддæр сæ уыдоны номæй арфæ кодтой бадты кæстæртæ æмæ сæ нуæзтой лæугæйæ. Уыцы диссаджы аив æгъдау зонгæ дæр нал кæнынц ныры цардæфсæст ирæттæ, æмæ налдæр цинон нуазæны кой вæййы чындзхасты заман, налдæр карджын сылгоймæгтæн балæггады уаг сæхи хæдзары бæркæдтæй.

Фысы фæхсын-дымæг æвæрыны æгъдау. Нывонды фæхсын æнæхъæнæй кувинаджы фынгыл хистæрты раз æвæрдтой ирон дингæнæг адæм райгондæй. Ирон фысты мыггæгтæн уыди нард къæдзилтæ-дымджытæ-чъапæтæ-фæхсынтæ. Æппæт нæмтты уымæн нымайын, æмæ сæ алы кæмтты хуыдтой алыхуызæттæ. Гъемæ, куыдфæнды ма уæд нæмтты уаг, уæддæр фысы стыр нард фæхсынæй куыд фидауы цины фынгæвæрд бæстон койгонд æмæ хæрзвыхæй, афтæ никæцы уæнгæй. Фысы фæхсынимæ ма зымæджы бæрæгбæтты фысты æхсырæй ахст стыр гуымбылтæ æмæ царвы хъуыраутæ куы æрæвæрынц кувинæгтимæ, уæд фарн кæсы æмæ фæрнджынтæм, уымæн æмæ абоны хъулон-мулон æлхæнæггаг хæринæгты раз кæуылты ахадæндæр уаид сæ хъомыс...

Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæрайы номыл кодтой иунæг сидт, æмæ уый кæронмæ ахæццæ, уæд æгъдауджын бадты хистæр фæлахс кардæй нывонды фæхсынæй ралыг кодтаид иу карст, атылдтаид æй цæххы æмæ арфæгондæй загътаид: «Хорæфсис, фосарæхæй нæ Хуыцау æмæ зæдты хорзæх уæд!» — алæвæрдтаид фæхсын дæллагварсы бадты адæммæ, æмæ дзы алчидæр æгъдауыл бахордтаид райс-байсæй...

Физонæджы арæзт æмæ æгъдау. Дзырдтам ма йæ конд æмæ мидисыл. Уæхсты арæзт дæр дзурæг уыд кувинаджы мидис æмæ хуызыл, амадтой йæ æртæтигъон æртæ зæды æмæ дзуары номыл. Сæйраг карстæн — зæрдæйы хай, дыккагæн — роджы хай, æртыккагæн — игæры хай. Уыди æртыгай, фæндзгай, æвдгай æмæ фарæстгай хæйттæй конд физонджытæ. Уыдон уыдысты цины фынгты бæркæдты сæрæвæрæн скувыны уагыл. Хистæр иугæр кувæггаг нуазæн физонæгимæ алæвæрдта кæстæртæм, уæд уыдон нуазæнæй саходынц æртæйæ, кæнæ йæ сæ иу аназы фæстагмæ, стæй физонæгæн йæ зæрдæйы хай сæхи раз æрæвæрынц, иннæты фæстæмæ бадæттынц хистæртæн. Ахæм фæтк дзурæг у фæлтæрты бастдзинадыл кувинæгты фарнæй, æмæ ныры ирæттæм зынгæ дæр нал кæны, уыйас æнæуагæй архайынц. Æртæ стыр физонæджы куы адæттынц бадты хистæртæ сæ кæстæртæм æгъдауыл, уæддæр дзы иуы хъуыдыйы дæр нæ вæййы хистæртæн физонджытæй бахай кæнын: хæлæфæй сæ ахæрынц сæхæдæг æмæ кувинаджы уæхстыты искуы къуыммæ баппарынц. Гъемæ, стыр диссагæн, бадты хистæртæй иу афтæ нæ фæзæгъы, æгъдау ма халут, зæгъгæ...

Ирон цины фынгæвæрды сидтытæ. Раззаг сæргæндты куыд бафиппайдтам, афтæмæй ныхас бындуронæй цæуы, ирон дины кæнонтæн аргъ кæнгæйæ, сидтыты иумæйаг хуыз æмæ мидисыл. Дунейы хицæн æвзæгтыл дзурæг адæмтæй иумæ дæр нæй фынгæвæрды æппæт сидтытæн æмæ рæгъытæн бæрæг фæтк нæдæр куыдсæйрагдæрæй, нæдæр куыдахсджиагдæрæй. Ирон фынгæвæрды сидтытæ та баст уыдысты фыдæй фыртмæ Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдты-дауджыты нæмттимæ фæд-фæдыл куыдсæйрагдæрæй, ахсджиагдæрæй, æмæ нымад цыдысты иумæйаг фæткыл куывдты, чындзæхсæвты уыцы иу уагыл сæрæй бынмæ: Стыр Хуыцауы, Уастырджийы, Мадизæны, Уациллайы, Фæлвæрайы, Алардыйы, Тутыры, Мыкалгабыры нæмттыл сидтытæ. Уыдонимæ æхсæнмæ-æхсæнты ардтой хицæн хæдзæртты æмæ хъæуты куывдты бынæттон зæдты нæмттæ. Иунæг комбæстæ æмæ хъæубæстæ дæр ахæм нæй Ирыстоны, йæхи сæрмагонд зæд-дуаг кæмæн нæ уыди фыдæлты заманты. Уыйадыл хистæр кувæглæг мидбæсты дзуæртты æмæ зæдты нæмттæ хъуамæ хорз зыдтаид сидгæйæ. Алы хæдзарæн куыд уыди Бынатыхицау æмæ Сæрызæд, афтæ алы хъæуæн, комæн дæр уыди сæрмагонд дзуæрттæ, кувæндæттæ. Гъемæ, уыцы уавæры æнæхъуаджы дæрдтыл кувынæй йæхицæн кад никуы ничи скодта, æгад цы фæуыдаид, æндæр. Уыцы бæрæг æгъдауыл дзурæг уыди нæ рæстаг фыдæлтæн куывды, чындзæхсæвы сæйраг ракуывд дæр. Уым æмткæй иу кодтой ирон фарны бардуæгтæ æмвæнд, æмзондæй сæ кусæгкувæг адæмимæ хидвæллойы сыгъдæгдæр бæркæдты хъомысæй-тавсæй, æмæ дзы иунæг хæддзу дуаг куы фæуыдаид, уæддæр — дзырддаг, койаг. Зæгъæм, Ирыстоны кæмтты æппæт хъæуты дæр куывтой Уастырджимæ, фæлæ йæ кувæндæттæм амыдтой алы хъæуты æмæ кæмтты сæрмагонд нæмттæй: Къобы Уастырджи, Ныхасы Уастырджи, Дзывгъисы Уастырджи, Рагъыдзуары Уастырджи, Хетæджы Уастырджи, Чесаны Уастырджи, Æфцæджы Уастырджи æмæ а. д. Рекомы, Мыкалгабыры æмæ Таранджелозы номыл кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ дæр дзæвгар сты, æмæ, стыр хъыгагæн, бирæ «дæсны кувæг лæгты» сæйраг ракуывды баиу вæййынц хохæй быдырмæ зæдты-дуæгты нæмттæ æнæхъуаджы нымайгæйæ, æмæ цины фынгæвæрд йæ тæккæ райдайæны фенад вæййы фырдзырдæй. Ахæм «кувæг» хистæртæ сæхицæй кæуылты разы вæййынц «бирæ зонагæй», фæлæ уый у æгады гакк ныры ирон хистæртæн, уымæн æмæ сæйраг ракуывды мидис дæр нал хатынц, кувын дæр нал зонынц. Гъемæ, нæ фыдæлтæн, куывды мидис æмæ хуыз нæ зонгæйæ, бирæ дзураг æмæ бирæ кураг уыди æгад...

Сæйраг ракуывды бадты хистæр хæрз цыбырæй ардта Хуыцау æмæ зæдты нæмттæ, фæдзæхста сыл кусæг, кувæг адæмы æмæ куырдта уыдоны номæй сæрты сæрæгас, удты æнæниз. Гъемæ уыцы иумæйаг фарны уагыл æртæ хистæры кувинæгтæ лæвæрдтой бадты æртæ кæстæрмæ уæлмонцдæр æгъдауæн æмхуызонæй уырдыг лæугæйæ. Сæйраг ракуывды уаг уыди фæлтæрты бастдзинадæн йæ сæрæвæрон ард хæрæгау, мах та дзы æппæлæны хъазæнгарз сарæзтам...

Сæйраг ракуывды бадты хистæры хæс уый нæ уыди, æмæ Ирыстоны æппæт дзуæртты-кувæндæтты нæмттæ кæрæй-кæронмæ нымайа. Кувыны сæйрагдæр хæсыл нымадтой нæ разагъды фыдæлтæ ирон фынгæвæрды уагæн нымд æмæ кад кæнын иумæйаг бардуæгтæм комкоммæ амонгæйæ. Хицæн бинонты, хъæуты æмæ кæмтты фæндæттæ-бæллицтæ куыннæ нывæзтой кувæг хистæртæ, фæлæ уыдонæн сæйраг хъомыс-мидис лæвæрдта Ирыстоны иумæйаг фарн, куыд иу диныл уырнынадыл хæцæг дзыллæйы намыс, афтæ.

 

Иумæйаг фиппаинаг. Сæйраг ракуывды фæстæ, ныры хуызæн, уæды æгъдауджын куывддонтæ фынджы бæркадæй нæма ахуыстой, фæлæ лæмбынæг кастысты хистæры æмæ уырдыглæууæджы æмвæнд архайдмæ æнæ уæлдай раст-бастæй, хъæлæбайæ...

 

Фыццаг сидт Стыр Хуыцауы номыл. Бадты хистæр Хуыцауы ном аргæйæ куывды, чындзæхсæвы сæйраг мидис баста йæ хæрзтимæ, фæдзæхста йыл кусæг-кувæг адæмы æмæ уыдоны номæй куырдта царды сæйрагдæр хæрзтæн сæрты сæрæгас æмæ удты æнæнизимæ рæстаг зонд, сыгъдæг бæллицтæ, куысты цин æмæ фæллойы монц. Рæгъы-сидты сæйраг мидисæн джиппы уагъдау уыцы иу хуызы зæгъæн нæ уыди, æмæ йæ домгæ дæр ничи кодта. Чи куыд арæхсти, афтæ дзырдта æмæ куывта, фæлæ — æнæ уæлдай æфтуантæй. Хистæр цы загъта, уымæй уæлдай фылдæр дзурын йæ дæллагварсы бадджытæй кад никæмæн кодта. Уыцы уагыл хистæры куывдæн «оммен» кодтой рæстæгæй-рæстæгмæ, æххæст хъуыдыйæ æххæст хъуыдымæ уыцы иугъуызон уагæй, æнæ уæлдай хъæртæй. Алы куывддонæн дæр хæс уыди йæ дæллагварсы бадджытæй дыууæмæ сидын, Хуыцауы арфæ — сымахмæ, зæгъгæ. Хуыцауы номыл сидты нуæзтой бадгæйæ куыдхистæрæй, стæй уæд уагыл лыг кодтой кувинаджы æртыгай уæливыхты æмæ фыдызгъæлы хæйтты æмæ сæ æгъдауыл ахуыстой хордтой рахис къухæй исгæйæ...

Рагацау æй зæгъын: уырдыглæууæгæн бадты уыди йæхи сæрмагонд бартæ æмæ хæстæ, æмæ сæ халыны-кайыны барлæвæрд никæмæ уыди уæлдай аразгæ митæй. Хуыцауы номыл сидты фæстæ йын физонæджы хай лæвæрдтой, стæй кæстæрты рæгъы фæстæ — нуазæн, кæд уыцы кары бацыдаид, уæд. Æртыккаг кады уагæн иста бадты хистæры къухæй арфæйы нуазæн, бæркады сидт кæронмæ куы ахæццæ уыдаид, уæд. «Дæ тых фæрнæй бахæр, цы банызтам æмæ бахордтам, уыдон нын фæхæлар кæн, æмæ иу баназ мах тыххæй!» — лæвæрдта йæм кады нуазæн хистæр.

Ирон фынгæвæрды æгъдæуттæн æппæт бадты адæм дæр дзуапп лæвæрдтой æмхуызонæй, фæлæ бадты хистæртæ æмæ кæстæртыл, уырдыглæуджытæ æмæ æфсинтыл фылдæр уæз æнцади. Æнæ уыдоны æгъдау æмæ аудæны хъусдардæй фынгты бæркæдтæ сты арвистонау хæрд æмæ нозты хардз.

Бадты хистæр æмæ уырдыглæууæг æмзонд, æмвæндæй æххæст кодтой ирон фынгæвæрды æгъдау райдайæнæй кæронмæ. Уырдыглæууæг канд дзагдар нæ уыд, фæткыл домдта алы куывддонæй дæр æгъдауыл бадын æмæ цин кæнын. Уазæгæн дæр йæ бон уыди зæгъын, фынджы æгъдау ма хал, зæгъгæ. Уæлдай митæ кæны, уæд æй фынгæй стын дæр фæкодтаид, ивары уæлдай нуазæн дæр æм авæрдтаид. Ахæм домæнты æвджид алы цумахъом лæппу уырдыглæууæгæн нæ фидыдта. Чындзхасты заман уырдыг лæууыдысты фæткыл фидар хæцæг усгур лæппутæ, стæй усджын лæгтæ дæр.

Уастырджийы номыл сидт. Уастырджи ирон адæмæн уыд Стыр Хуыцауы сæйрагдæр минæвар Зæхмæ — кусæг, кувæг адæммæ, æмæ йæ хуыдтой уазы стырдæр, кадджындæр нæмттæй иугæндзоны рай гонд æмæ ныфсæвæрдæй: Бæрзондылбадæг сыгъзæрин Уастырджи, Цæхæрцæст Уастырджи, Фæндагсар Уастырджи, Къæсæры Уастыр джи, Хæрзæмбæлæг Уастырджи, Хъуыддæгтæ рæстмæгæнæг Уастырджи, Лæппуйы лæггæнæг, байраджы бæхгæнæг Уастырджи. Цы буц дæр, уæлмонцдæр нæмттæй йæм дзырдтой адæм, уыцы мидисыл æмæ хуызыл куывта бадты хистæр лæугæйæ. «Оммен» ын кодтой, стæй хистæр йæ гаджидау нуæзта, æмæ кæстæртæ радыгай кодтой Уастырджийы зарæг. Йæ райдайæн хаудта рахисфарсы дыккаг хистæрмæ. Уастырджийы зарæг алы кæмтты зарыдысты алы хуызты, фæлæ мидисæй амыдта иу нысанмæ: иугъæдоны цæрдхъомæй, ныфсæвæрдæй фидæны хуыздæрмæ тырнын, куыстуарзонæй æмæ хæларæй ирон фарны хæрзтæн цины сыгъдæг монцæй нымд кæнын. Уыйадыл зарæджы ныхæстæ истой кæрæдзийы дзыхæй ерысы уагыл, дзырдарæхстдæр чи уыди, уыдон фынджы иу фарсæй иннæмæ дзуарæвæрдæй кæрæдзимæ сидгæйæ.

 

Фыццаг хъæлæс:

Табу дæхицæн, табу, Сыгъзæрин Уастырджи!—

Мæнæ рæстæй цæрæг, рæстыл кусæг адæм

Дæумæ кувынц, æмæ нæм, дæ хорзæхæй,

Бæрзондæй ныллæгмæ ракæс рафæлгæс!..

 

Дыккаг хъæлæс:

 

Хъуыддæгтæ-митæ рæстмæгæнæг Уастырджи,

Хуыцауы фæдзæхстæй мах — де уазæг!—

Нæ нывæндтæ дын барст фæуæд, нæ кувинæгтæ адджын,

Æмæ дæм нæ зæрдиаг куывдтытæ дзæбæхæй фехъуысæд!

 

Фыццаг хъæлæс:

Фæндагсары рæстæмбæлæг Уастырджи,

Хохæй быдырмæ нæ бæлццæттæ де уазæг!—

Размæ кæм тындзой, уым сын ныфсæвæрæг фæу,

Фæсте кæм лæууой, уым сæ дæ базыры бын бакæн!

 

Дыккаг хъæлæс:

Лæппуты лæггæнæг, байрæгты бæхгæнæг