ЧЫЗГÆРВЫСТЫ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТЫ ФÆТК 1 страница

Фыдæлтæй ныхасæн баззад: адæймаг иу хатт мæлгæ кæны, æртæ хатты — æгуыргæ. Йæ мæлæн бон ничи зоны, æмæ йæм рагацау цæттæгæнæн дæр нæй. Йæ райгуырæн бонмæ бирæ хæрзтæ цæттæ фæкæнынц бинонтæ аудæны хъусдардæй. Фыццаг райгуырæн бон у мады гуыбынæй рантысæн, дунейы рухс фенæн, дыккаг — цардæмбалимæ иугæнæн, æртыккаг — цоты, зæнæджы ад бавзарæн. Уыцы æртæ рæстæджы цин æмæ хъомысæй кастысты фæрнджын ирон дзыллæ адæймаджы цардвæндагмæ райгуырæнæй амæлæтмæ.

Сывæллæтты хъомыладон фæрæзтыл дзырдтам раззаг сæргæндты. Чызджытæ æмæ лæппутæ хъомылгонд цыдысты мад æмæ фыды, мыггаджы æмæ æцæгæлæтты уавæры æгъдауæй æмæ тугæй хæстæгады тæгтæ нымайгæйæ. Чызг чындздзоны, лæппу усгуры кармæ хызтысты тугæй хæстæгады асинтыл æмæ тугæй хæстæгады арæнтæ нæ кайдтой. Фæрнджын хæдзæртты чызджытæ æмæ лæппутæ чындзы фæцæуыны, ус æрхæссыны кармæ цæттæ уыдысты мыггæгты астæу кæстæрады, æмкъайады лæггæдтæм. Сабыр царды ифтонг уавæрты чызгæн чындздзоны, лæппуйæн усгуры кар нымадтой æстдæс-æссæдз азæй фæстæмæ. Дæргъвæтин хæсты заман, цæугæ-хæтгæ низты ахæсты рæзгæ фæлтæртæ тынгдæр цагъды кодтой, æмæ мыггагыскъуыдæй тæрсгæйæ æртындæсазыккон чызджыты æвæндонæй чындзы æрвыстой, лæппутæн куырдтой устытæ. Æртæ бæрæг æфсоны уыди æнæрады чындзхасты æмæ чызгæрвысты митæн. Фыццаг æфсон — гуыбынмæ фидауын дыууæ мыггаджы минæвæрттæн: кæд сын чызджытæ райгуыра, уæд уыдзысты кæнгæ хотæ, кæд лæппутæ, уæд та — кæнгæ æфсымæртæ, кæд чызг æмæ лæппу, уæд та — цардæмбæлттæ. Гъемæ, уый уыди стыр ардхæрыны, сомы кæныны фæтк ирон ныййарджыты астæу, æмæ сæ ныхас æххæст кодтой.

Дыккаг æфсонæн алчидæр агуырдта хæстæгæн йе ’мсæрты куыд удыгъæды хæрзтæй, афтæ куысты фæллæйттæй дæр. Хæрзмыггагæй æгуыр ди хæрзтæ, фыдмыггагæй — æвзæртæ.

Æртыккаг æфсонæн æвдисæн уыдысты æхсæнадон царды дæлбары æмæ уæлбары уавæртæ. Мæгуырæй, хъæздыгæй æххуысы сæр алкæй дæр хъуыди бахъуыды азты, æмæ тых тыхмæ цыди æххуысы, зонд — зондмæ. Цард хъазуаты тох уыди, æмæ бирæ хæттыты æркъул кодтой сæ сæртæ бонджын уæздæттæ мæгуыр хæстон хъайтары раз, нæ чызджыты хуыздæры дын аккаг кæнæм æнæ ирæдæй, зæгъгæ. Уæдæ мæгуыр бинонты уындджын, нымдджын чызджытæм дæр курæг цыдысты уæлбар бонджынты лæппутæ, стæй сæ æвæндонæй дæр скъæфтой... Æппæт уавæрты дæр чызг агургæйæ куыд фарстой йæ бинонты цардыуагæй, лæппуйы хæдзар уынæг дæр афтæ цыдысты. Дыууæ фарсы бинонтæн дæр хынцыдтой сæ хидгуысты фæллæйттимæ удхъомысы хæрзтæ. Куринаг чызгæн цас нымадтой æнæцамы, уæзданы, къухарæхсты æмæ удхъомысы хæрзтæ, афтæ усгур лæппуйы миниуджыты дæр бæстон æвзæрстой.

Нæ фыдæлтæ, æргом ныхасæй, бынтон æнæцам, æнæрæдыд зæдтæ дæр нæ уыдысты, æмæ хæстæгады тæгтæн дæр зыдтой бæрц, кодтой хæрзаудæнæй нымд. Фæлæ ирон фарны хæрзты бынтон баруагъдæй, æнæнамысæй цы бинонтæ хæлдтой, уыдонæй æгъдауыл чызг дæр ничи куырдта, сиахсаг дæр ничи æвзæрста зонгæ зонын. Чызджы æддæкъах цас æгад уыди фæрнджын ирон адæмы астæу, лæппуйы дзæгъæлхатт дæр уыйбæрц æфтыди адæмы цæсты худинаджы уагыл. Йæ дыккаг райгуырæн боны размæ чызгæй судзаг монцты фæдыл цæугæйæ лæджы ад чи бавзæрстаид, лæппуйæ — усы ад, ахæмтæ уыди фыдæлты заманты дæр, фæлæ сусæг нæ кодтой, æмæ уыдысты цæрæнбонты дзырддаг сæ цотимæ.

Фæрнджын хистæртæ сæ кæстæрты фæндонæй фарстой хъуыддаг кæнгæйæ, фæлæ чызг æмæ лæппуйы бæллицтæ фæндæттæ алкæд раст фæндагыл нæ лæууыдысты, æмæ ныййарджыты царды фæлтæрддзинад хынцыдтой уавæртæ нымайгæйæ, фидæныл хъуыды кæнгæйæ. Цоты, зæнæджы удхъомысы хæрзтæ, фæзминаг хъуыддæгтæ мад æмæ фыдæй æхсызгондæр кæмæн вæййынц рæстыл дзургæйæ, æмæ уыцы иумæйаг уавæры кæрæдзийы хъуамæ æмбарой, кæрæдзийы комулæфтмæ лæмбынæг хъусой.

Рæстæгыл, афоныл кæнинаг сты æппæт царды хъуыддæгтæ дæр адæмы номæй. Чындздзон чызджытæ æмæ усгур лæппутæ къайады кармæ бахызтысты, уæд сæ амонды фæндагыл ныллæууынæн хъæуы бирæ хæрзтæ хистæрты хъусдардæй афоныл, бæрц хатгæйæ, бынат хынцгæйæ. Сæ афонæй куы фæиппæрд вæййынц, уæд сæ сыгъдæг æнкъарæнтæ æгуыппæгæй архайынц, æмбæхст митæ нæдзæронтæй хъазынц.

Æрдз цы сныв кодта æмæ радта хорзæй-æвзæрæй, уарзтæй-фыдæхæй, уыдоны ныхмæ фæрæзтæ агурын æмæ тыхæй лæууын у ивылд доны уромынæн ауæзтытæ аразæгау. Рæстæгмæ фæуромынц йæ уылæнты, стæй ауæзтимæ абухгæйæ лæмæгъдæр ран кæм ыссары, уым æртывæрæй йæхи сисы æмæ акæлы æмвæтæнæй фурдмæ.

Чызг æмæ лæппу фæсивæдæн амæндтæ ыссарынæн уыди дзæвгар æфсæнттæ-цæлхдуртæ фыдæлты заман, æмæ уыдоны астæу бæрæг фыдномдæрæй зындысты стыр ирæд исын сиахсæй, стæй чызджы æвæндонæй скъæфын. Дзæвгар фыдбылызтæ æрцыди ирон æхсæнады уыцы дыууæ æгъдауы аххосæй, æмæ сыл куыдфæстагмæ Советон хицауады хъусдардæй ирон адæмы фæрнджындæртæ сæ къух систой...

Чызг чындздзоны, лæппу усгуры кармæ бахызтысты, уæд сын сæ дыккаг райгуырæн бонмæ тындзæн фæндагыл цæлхдуртæ мауал æвæр, науæд æргомæй-сусæгæй ныллæудзысты сайды-фæлывды фæндагыл, æмæ сæм фидæны намысы сыгъдæг хæрзтæм æнхъæлмæгæсæн нæй. Ахæм бæрæг æхсæнадон царды фæлгæтты æвæрдæй хъуыдыгонд æрцыдысты ирон фæрнджын дзыллæйы чызгæрвыст æмæ чындзхасты æгъдæуттæ, æмæ сæм рæстаудæнæй æркæсæм, хæрзудыбæстæй байхъусæм, кæддæра цас арæхстысты.

Сывæллæтты хъомыладон фæрæзтæй куыд пайда кодтой ирон адæм рæзгæ фæлтæртæм æмхуызонæй хъус даргæйæ, кары монцтæ хынцгæйæ, афтæ чындзхаст, чызгæрвыстæн дæр цæвиттоны æвдисæнтæ æмæ æххуысгæнджытæ уыдысты стыр нымадæй комкоммæ ныййарджытæ æмæ схæсджытæ, мыггæгтæ æмæ хæстæджытæ, чызджыты æмæ лæппуты æмбæлттæ — зонгæтæ, чызгамонджытæ æмæ лæппувзарджытæ, минæвæрттæ æмæ хæдзар уынджытæ, къухылхæцджытæ æмæ æмдзуарджынтæ, хызисджытæ æмæ кæнгæ мадæлтæ, хатджытæ сæ лæггадгæнджытимæ...

Кæй ранымадтам, уыдоны бацагурын æмæ æссарын дæр æнцон нæ уыди чызджы æмæ лæппуйы бинонтæн, æмæ æппæты разæй лæппу агуырдта цардæмбалæн фæрнджын хæдзары чызджы кæм амындæй, кæм та — нымыгъдæй, æмæ йын хъуыди рæстаудæны æххуысы æмгæрттææмбæлттæ. Уыдонæй иу уыдаид къухылхæцæг кæнæ æмдзуарджын. Чызджы хæдзармæ чызджы уынæг бацæуынæй фæстæмæ бирæ хæттыты æмдзуарджынтæ райдайæнæй кæронмæ архайдтой хъуыддæгты фæрæстмæйыл, æмæ уыцы уавæры кодтой æфсымæриуæг куыд усгур лæппуйæн, афтæ чындзы цæуæг чызгæн дæр. Уыйадыл къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын бæрæггонд цыдысты рагацау хæдзары хистæрты хъусдардæй. Дзæвгар хæстæ æмæ бартæ уыди ирон æхсæнады æмткæй чызгæрвитджытæ æмæ чындзхæсджытæм хистæрæй кæстæрмæ, фæлæ уыдоны астæу бæрæг уæлдай барджын æмæ хæсджындæр уыдысты къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын дыууæ мыггаджы астæу, æмæ сæ æвзæрстой уырзæй æвзарæгау конд æмæ уындæй, тых æмæ хъаруйæ, зонд æмæ æрхъуыдыйæ, нымд æмæ æууæнкæй, цæстуарзон æмæ куыстуарзонæй. Уыцы фæлварæнтимæ æмдзуарджынтæ хъуамæ хорз зыдтаиккой хидарыны хуызтæ, фынг æвæрды уаг, сидтыты æмæ арфæты хыгъд, бацыды æмæ рацыды фæтк, хъазты æгъдау æмæ зарыны, кафыны дæсныйад.

Чызг агурыны уаг. Æмткæй чызг агурыны уаг уыди ирон æхсæнады чызгæрвыст æмæ чындзхасты сæрæвæрæн, райдайæн. Чызг агурынмæ, фенынмæ цыдысты кæм сусæгæй, кæм та æргомæй. Цыфæнды разы куы уыдаид чызг чындзы цæуыныл, лæппу ус ракурыныл, уæддæр æргом фæндоны дзуапп раттын нымадтой худинагыл, æмæ сæ фæндоны дзуапп хъуысти сæхи карæнтæй фылдæр.

Минæвар-хатæг. Чызджы бинонтæм лæппуйы хæдзары номæй цыдысты минæвары хатджытæ кад æмæ радыл, æмæ сын хъуыди дзуапп раттын, фæлæ иу бацыдæн бирæтæ разыйы дзуапп нæ лæвæрдтой, æмæ хъуыддаг дæргъвæтин хаста æнæхъуаджы ракæ-бакæйæ, рафæрс-бафæрсæй. Разыйы дзуаппы фæстæ дæр дзæвгар уæлдай митæ æмæ домæнтæ уыди фидаугæйæ. Уыцы уавæры чызггуры нымадтой лæгъстæгæнæгыл, мæгуырыл, æмæ æртыгай хæттыты цыдысты дыууæрдæмы уæлдай хæрдзтимæ. Уыцы бæрæг тыхсты уавæры тыххæй баззад ирон адæмон сфæлдыстады дзæвгар цæвиттонтæ сагъæсты-зарджыты хуызты, æмæ сæм байхъусæм:

 

Ой-рирæ, уæ-ри-рæ!

Мæ минæвар, зæгъы, мæ хатæг —

Хуры фырт Хæмæтхъаны чызгмæ!

Ой-рирæ, уæ-рæй-дæ!

Хуыцауы разыйæ, зæгъы, мæ минæвæрттæ —

Рæстаджы зæдтæ!

Ой-рирæ, уæ-ри-рæ!

Сæ иу, зæгъы, Фæндагсары Уастырджи.

Иннæ, мæ бон, цы кæнон?!—

Рæдау Хоры Уацилла.

Æртыккаг, зæгъы,— Фосы Фæлвæра.

Ой-уæ-ри-рæ!

Рæстмæйы хъусджытæ — æвдисæнтæ,

Æмæ сæ, кæмтты бардуæгтæ,

Фæндаграст фæкæнут!

 

***

Цы кæнон æмæ куыд кæнон, Мæ хуртæ?!

Ой, цы кæнон æмæ куыд кæнон, Мæ хуртæ?!

Минæвар-курæг æмæ минæвар-хатæг

Ой, зæгъы, кæмæ фервитон?!

Ой-рирæ, цы кæнон?!

Сау рæсугъд мын æрхуы мæсыджы сæр,

Мыййаг, куынæ бады.

Ой-рирæ, уæ-ри-рæ!

Сау рæсугъд, зæгъы, бæргæ хъæстаг нæу.

Ой æмæ цы кæнон?!

Мæтаг æмæ хъæстаг-зындзырд мад

Æмæ зындард фыд, мæ хуртæ!

Ой-рирæ, уæ-ри-рæ!

Зындзырд æмæ зындард хæдзарæн

Сæ ирæд — хъæуривæд, мæ хуртæ!

Ставд нымадæй, зæгъы, сæдæ сæдæйы — галтæ,

Æрдзæ сæдæйы — лыстæг фос,

Æмæ ныр цы кæнон, куыд кæнон?!

 

Фидауыны фæтк. Фидыдтой чызджы хæдзары дыууæ мыггаджы æвзæрст минæвæрттæ-нæлгоймæгтæ. Фидауынмæ æрвыстой æртæ кæнæ фондз лæджы, уыдонæй иу æнæмæнг уыдаид рагагъоммæ кæнæ æмдзуарджын, кæнæ къухылхæцæг. Уыдонæн хистæр уыдаид кæнæ лæппуйы мыггагæй, науæд мадырвадæлтæй. Фидауынмæ цыдысты бæрæг изæртыæхсæвты — дыццæджы, цыппæрæмы æмæ хуыцаубоны. Чызджы бинонтæ рагацау зыдтой уазджыты æрбацыд æмæ цæттæ уыдысты æгъдауыл. Фистæгæй цыдаиккой æви бæхтыл, уæддæр уазджытæн — уазджыты лæггад фысымты кæстæрты хъусдардæй. Æгъдауыл сæ размæ æрлæууыдаиккой фысымты лæгтæ æртæйæ, райстаиккой сын сæ къухтæ, æмæ — мидæмæ цæрæн хæдзармæ. Уым сæ уæлдай дзаумæттæ (гæрзтæ, уæйлаг нымæттæ, кæрцытæ) иу ран æрæвæрдтаиккой, цæхсадтаиккой сæ къухтæ æмæ æгъдауыл æрбадтаиккой фынджы алыварс. Хистæрæн бадти кæнæ мыггагæй, кæнæ сыхбæстæй, хъæубæстæй лæг. Фысымтæй бадтысты æртæ лæджы, иннæтæ лæугæйæ лæггад кодтой. Фысымты хистæры рахис фарс бадти уазджыты хистæр, йæ галиу фарс дæр — сыхбæстæй лæг. Фидыды фынгæн уыди дыууæ уаджы: иуæн — цæхх-кæрдзын уазджыты уагыл гæзæмæ нозтимæ. Хъармæй æртæ уæливыхы дæр æмбæлди æрæвæрын фæрнджын хæдзары. Куыдфæндыйæ чн касти æгъдаумæ, уыдон сæ уазджыты бафидауыны размæ афтид фынджы уæлхъус дæр фæбадын кодтаиккой, æмæ ахæмтæ кадджын нæ уыдысты ирон æхсæнады. Дыууæ фæлтæры бадтæн дæр уыди уырдыгыстæг æмæ лæууыд фынгæвæрды рахис фарс.

Фысымты хистæр бадгæйæ афарстаид уазджыты хистæры иумæйаг хабæрттæй, фæндаджы уагæй (æфцæджы сæрты дæр хызтысты сæрдæй, зымæгæй, æмæ цынæ вæййы). Адæм хæлары цæстæй кастысты кæрæдзимæ уазæгæй фысыммæ, æмæ сæ ирон фынгæвæрды æгъдау æфтыдта цæхх-кæрдзыны хъомысæй хæрзаудæны хъуыдытыл. Цыбыр ныхасы фæстæ фысымты хистæр фыццаг гаджидауæй ардта Хуыцауы ном, фæдзæх ста зæдтæ-дауджытыл хæдзары бинонты сæ уазджытимæ æмæ кувæггаг лæвæрдта бадты кæстæрмæ. Уый лæугæйæ «оммен» загътаид хистæры куывдæн, анызтаид гаджидау, æмæ хистæр фыццаг сидт фæкодтаид Хуыцауы номыл. Æнæ уæлдай ныхасæй фæйнæ нуæзтой, аходыдтой фынджы бæркадæй, æмæ уый фæстæ ныхасы бар уыди уазджыты хистæрæн. Уазджыты хистæр фысымтæн æмбарын кодта сæ рацыды сæр лæппуйы хæдзарæй, æмæ уæд фидауыны уаг дывæрсыгæй йæ хуыз æвдыста кæм разыйы, кæм та цæмæйдæрты къуылымпыйы фæткыл. Фидауджытæ чызджы хæдзармæ кæд бæрæг разыйы дзырдæй цыдысты, уæддæр нæ зыдтой, æнцонтæй бафидаудзысты, уый. Æнцонтæй нæ бафидауынæн та ардтой чызджы бинонтæ сæ хæстæджытимæ æфсæнттæ кæм хивæнды, кæм та комкоммæ иумæйаг æгъдау халыны адæргæй. Дзырддаг уыдысты фидыды домæнтæ. Фарстой лæппуйы бинонты царды уавæртæй, домдтой ирæды уæлдай хæрдзтæ, æмæ фысымтæй уазджыты астæу быцæу ныхас изæры рухсæй боны цъæхтæм дæр аххæссыдаид æнæ бæрæг разыйы дзуаппæй...

Дыууæ хæдзары бинонты, мыггæгты æмбаргæ хистæрты фæндонæй фидыды уаг иу бацыдæн фæрæстмæ, уæд хъуыддæгтæ — арфæйаг, кæстæртæ — амондджын, æмæ сæ цоты хорзæхтæм æнхъæлмæ кæсæн уыди. Фидыды уаг дæргъвæтин хæссы кæнæ нæ фæрæстмæ, уæд кæстæрты цардвæндаг ныссуйтæ. Иу æмæ дыууæ цардбæллон кæстæрæн нæ фехæлд сæ хъуыддаг уæлдай домæнты азарæй. Иу æмæ дыууæ лæппуйы нæ фесæфт æцæгæлон зæххыл ирæды стыр домæнтæн даргъ сомтæ кусгæйæ. Иу æмæ дыууæ чызджы нæ базæронд сты куырдуаты бадгæйæ сæ фыдæлты уæларт стыр ирæдты фидыны аххосæй... Гъемæ, уыцы цард æнадгæнæн æгъдауыл йæ къух чи систа, уыдон уыдысты амондджын сæ бирæ кæстæртимæ. Стыр аргъыл чи уæй кодта йæ чызджы, уыдон хастой æгады гакк адæмы астæу æмæ хæстæгады тæгтæ хæлдтой...

Æнæхъуаджы стыр ирæдтæ исынæн æхсæнадон царды уыди æртæ сæйрагдæр æфсоны: фыццаг — исбоны бæллиц, æвæлмоны фæллæйтты монц, дыккаг — социалон уавæрты дæлбарад æмæ уæлбарады ахастытæ, æртыккаг — тугхæстæгады æмæ æгъдауæй хæстæгады бæркæдтæ. Афтид къухы хъыргъы дæр нæ бады, зæгъгæ, амыдтой æдзух куыстуарзаг фыдæлтæ, æмæ раст хъуыды кодтой: афтид армæй хъуыддæгтæгæнæн нæй. Чызгæрвыст æмæ чындзхасты фынгæвæрдæн рæстæмбисæй дæр бирæ бæркад хъæуы, æмæ йæ чызджы æххормаг, бæгънæгæй чындзы чи æрвыста фæрнджын ирон бинонтæй? Ирæды æртыккаг æфсон хæстæгады тæгтæй, ирон фынгæвæрды рæсугъд уагæй æнгом баста мыггæгты хæларæй, уарзонæй. Фыццаг дыууæ æфсоны æвæрдтой æнæхъуаджы уæззау уæргътæ чызджы æмæ лæппуйы бинонтыл. Гъемæ ирон æхсæнады (уæлдæр ма дзырдтам уыцы æхсæнадон низты тыххæй) уæлбарад æмæ дæлбарады ахастытæ фæзындысты «Особайы дуджы» нæ, фæлæ бирæ фæстæдæр Уæрæсейы паддзахы къухдариуæджы бын... Хетæггаты Къоста йæ очеркы куыд фыста, бынтон афтæ нæ уыди ирæд исыны уаг: «Ирад является мерилом достоинства крови. Раз установленный, его нельзя изменить произвольно... Размеры ирæд’а в Нарской котловине распределяются так: Хетагуровы (Зидахановы, Мамиевы, Бырнацевы, Дзанаевы и Джиоевы), Цуциевы, Губаевы и Саутиевы брали по сто коров со следующим непременно условием: двадцать коров выплачиваются коровами, пятьдесят шесть чем попало — пашнями, медью, оружием, скотиной и пр. — по оценке выборных. Бык идет за две коровы, а пять баранов — за одну. По ценности остальных двадцати четырех коров следует дать что-либо определенное — ниву, ружье или медный котел; последний должен весить 24 литра...

Ирад остальных фамилий не ниже 25 и не выше 30 коров».

Уæды хæххон адæмы æхсæнадон цардыуаг æмæ æрдзон фадæттæ хорз чи зыдта, уыдонæн зын бамбарæн не уыдысты Къостайы фыды æппæлæн мысинæгтæ (йæ фыды мысинæгты бындурыл фыст уыди «Особа»), фæлæ уыдоны кой ничи скодта поэты сфæлдыстад иртасджытæй. Къостайы сфæлдыстады райдайæнæй кæронмæ аивады уæлмонцдæр хъуыдытæй ныхас цæуы цины æмæ масты равгæй мæгуыр хæххон ирæтты цардыуагыл: зæххы кадавар, фосы æмæ хоры куысты фыдуавæртæ, хæринаг æмæ дарæсы куынæг, сидзæрты æмæ сидзæргæсты фыддзард зымæгæй, сæрдæй, афтæмæй дæсгай уæлбикъ мыггæгтæ сæ чызджыты ирæдæн истой 100-гай стуртæ! Чындзæн 100 стуры чи фыста æмæ иста, уыдон дзидза афтид «бæрæгбæтты» хордтаиккой, æви сæм афæдзы дæргъы цæхджынтæ уыди? Гæды ныхасæн дæр бæрц хъæуы. Иннæ кæмтты цæрджытæ дæр истой ирæд сæ ног хæстæджытæй, æмæ уымыты дæр 100-гæйттæм хызтысты ирæды стуртæ? Бирæ кæмтты æрæййæфтон, 100 азæй фылдæр чи царди, ахæм зæронд лæгты, æмæ куыннæ хъуыды кодтой ивгъуыд бонты царды нывты. Нæхи мыггаджы Тотырбег фæцард 180 азы, Текко — 135 азы. Текко амард 1939 азы, æмæ уыди Къостайы фыд Леуанæй 3 азы хистæр. Гъемæ, уый карæнтæ куыннæ дзырдтой фыдæлтыккон хабæрттæ, фæлæ ирæдæн искæцы мыггæгтæ 100-гай стуртæ истой, уый нæ фехъуыстон, афтæмæй Ирыстоны иннæ кæмтты астæу Наргомы хъæутæ цардысты фос æмæ хуымы зæххæй мæгуырдæр, фæлæ уый хыгъд сæ лæппутæ усгуры карæй фæстæмæ бæллыдысты офицерты нæмттæм æмæ кусын нæ уарзтой. Асаты лæгдæртæ дæр урс паддзахадæн коммæгæс кусджытæ уыдысты кæсгон уæздæтты байзæддæгтыл сæхи нымайгæйæ. Гъемæ уыцы уавæры дзырдтой ирæды 100-гай стуртыл дæр, æндæр стыр ирæтты исыны мæстæлгъæд фæстиуджыты тыххæй алы кæмтты дæр баззад хæстæ-джыты æгадгæнæг цаутæ. Уыдонæй иу цау æрцыд мæ райгуырæн хъæуы Хъæдысæры. Уым Айларты Текко йæ авд чызгæй иста ирæдтæ кæм фосы сæртæй, кæм та æхцайæ. Йæ кæстæр чызджы радта Къозы хъæуы цæрæг Гæджиты Къуыбырæн. Бирæ бинонтæ уыдысты Гæджитæ, уыди сæм фæллой, æмæ æнæ уæлдай зивæгæй дæс сæры стуртæ радтой Теккойæн, стæй уыдонимæ — мады номыл саргъы бæх дæр, фæлæ, зæгъы, уæздан зæронд лæг фæстагмæйы æнæрхъуыды разынд æмæ Гæджиты ирæд фидджытæн ницæмæй уæздан загъта: ирæды стуртæй иу уæныг хъуыддаджы кадæн фæстæмæ дæттын æмбæлди. Гъемæ, уыцы уавæры Гæджиты Къуыбыр йæ бинойнаг ахæссыны бонæй фæстæмæ каисты хæдзармæ нал бацыди, афтæмæй зæронды бонмæ фæлæггад кодта Айларты мыггагæн...

Стыр ирæдтæ исыны домæнтæ мыггæгты астæу уыдысты æзнаггады æнæуаг, æнæгъдау фæрæзтæ, æмæ сыл фæрнджындæр хæдзæрттæ, бинонтæ, хъæутæ æмæ кæмттæ сæ къух систой, ирон фарнæй цух адæмтæ сыл фидар хæцыдысты, æмæ фæлтæрты бастдзинады тæгтæн — сывæллæттæн сæ рæзты фæндæгтыл цæлхдуртæ æвæрдтой...

Туалгомы фæрсаг кæмттæй уæлдай зæхджындæр æмæ фосджындæр уыдысты Захъагом, Зыруггом æмæ Мамысонгом. Уыйадыл кодтой зæххы æмæ фосы куыстытæ Наргомы цæрджытæй æхсызгондæрæй, уыди сæм фылдæр фæллой, фæлæ сæ ирæды стуртæ дæсæй фылдæрмæ нæ хæццæ кодтой. Уыцы кæмтты дæр уыди уæлдай фæрнджындæр хæдзæрттæ, бинонтæ, æнæхъæн хъæутæ æмæ мыггæгтæ, фæлæ дзы социалон уагæй уæлбарад æмæ дæлбарады домæнтæ нæ уыди. Нæдæр кæсгон уæздæтты цот хуыдтой сæхи, нæдæр Мадзайраг Бадилаты æлдæртты байзæддаг, афтæмæй цардысты хæлардæрæй, аргъ кодтой кæрæдзийæн ирон фарны хæрзтæй, туджы æмæ æгъдауы хæстæгады домæнтæй. Цалынмæ Советон хицауад æрбæстон Ирыстоны хæхты, уæдмæ Наргомы «уæздан» мыггæгтæ чызг дæр нæ лæвæрдтой фæрсаг кæмтты «æнæуæздан» мыггæгтæн, чызг дæр сæ нæ куырдтой. Гъемæ уыцы тыхарæзт социалон уавæрæн баззад дзæвгар цæвиттонтæ нæ фыдæлты æргом мысинæгты, фæлæ мыхуыры бынат не ссардтой советон дуджы, нæ худинаджы фæдтæ æмбæрзгæйæ, æмæ дзы иу цауæн æнæ рахæсгæ нæй абоны æзмæст царды диссæгтимæ абарынæн.