ЧЫЗГÆРВЫСТЫ ÆМÆ ЧЫНДЗХАСТЫ ФÆТК 5 страница

Нымаддæр, кадджындæр зæрæдты уæлмæрдмæ хастой кæнæ сиæхстæ, кæнæ чындзытæ, æмæ сæ дард фæндагыл ивтой лæппу фæсивæд. Судзаггагдæр мæрдты, хæстон бæгъатырты ныгæдтой хъисфæндырты зæлтимæ. Дыууæ хаттæн æвдисæн фæдæн, Мамысонгомы, Æзгъилы хъæуы тæнджын фæндырæй куыд цагътой æрыгон сылгоймæгтæ марды фæстæ цæугæйæ, уыцы цаутæн. Комахсæны хъызты дæр марды ныгæнгæйæ хъæубæсты лæгтæ гомсæртæй лæууыдысты уæлмæрды, цалынмæ фæсивæд марды ныгæдтой, уæдмæ... Дзæвгар фæзминаг, бакæнинаг æгъдæуттæ уыди нæ фыдæл тæм, фæлæ сæ куыд фæстагмæ мысæг, æххæстгæнæг нал фæци, æмæ уым аххосджындæр вæййынц, куыдфæндыйæ фыдæлты хорз æгъдæутты чи фæхалы, уыцы æнæуаг хистæртæ. Рæдыды комы (дзыхы) — æхсырфæмбал. Кæстæрты рæдыд ма уыйас худинаг нæу, фæлæ зæронд лæгтæн фыдæлты раст æгъдæутты нæ зонын у мæлæты æмсæр. Дзæгъæлы нæ баззад сенгонды ныхасæн: «Хистæр цы уагыл базæронд уа, уымæй йын аргъ фæкæнынц йæ даргъ цæрæнбонтæн». Иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусæм ныры мардыбоны фынгæвæрды арфæйы ныхæсты: «Уæ нуазæнтæ бирæ уæнт, уæле фæрнæй бадут!» Мæлæт æгъатырæй иу сæр у, цардæн та бирæ сæртæ ис, æмæ адæймаг худинагæй куынæуал тæрса, уæд уæлгъæдæй мард у.

Марды-зианы фынгыл рухсаггæгтæ фидыдтой хæринагæй, нуазинагæй бæрцыл, фæткыл æвæрдæй, æмæ нымдыл ахуыст, æгъдауыл æвнæлд, сабыр ныхасæй, æнкъард цæстæнгасæй фидыдтой мæрдджын бинонтæ мæрддзыгой адæмимæ. Сонт æвнæлдтытæ рухсаггæгтæм, адджын зыд комдзæгтæ, хъæлдзæг ныхас, рæбынкъæдзты онг фæйнæрдæм æвналын нымадтой нæ фæрнджын фыдæлтæ дыккаг судзагдæр мардæрцыдыл...

Зианы фынгыл тамако дымын, куыдфæндыйæ æмбисæндтæ хæссын, кардæй æстджытæ æхсынын, сыкъадзæфæй цудын уыдысты худинаджы гæччытæ...

Зианы фынгыл рæгъытæ цыдысты къæйттæй, æнæкъæйттæй сын уæвæн нæ уыди: иу — цæрæнбоны номыл, иннæ — рухсаджы, афтæмæй æййæфтой цыппар кæнæ æхсæз. Уымæй фылдæр рæгъытæ цы хистæртæ æмæ кæстæртæ æрхъуыды кодтой алы дугты, уыдон уыдысты фыдæлты фæрнджын æгъдæутты халджытæ, æнæ нымадæй цæлгæнджытæ, магусайæ гуыбындзæлтæ...

Фыдохы фынгæвæрды уырдыглæууæгæн бæркады рæгъы фæстæ бадты хистæр арфæ кодта: «Цины фынгты лæггадгæнæг у, дæ рынтæ бахæрон! Мардæн дæ лæуд йæ мæрдтæмвæндаг сыгъдæгдæр фæкæнæд! Гъемæ ныр хæлар скæн æххæст дæ уды лæггад мардæн дæр æмæ мæрддзыгой адæмæн дæр!» — лæвæрдта йæм дзаг нуазæн. Уыцы фæстаг нуазæнæй лæггадгæнæг ахуыста рухсаджы уагыл, æмæ уæд бадты адæм æнæ уæлдай митæй фестадаиккой куыдкæстæрæй...

Кæнды хисты фæстаг арфæтæ. Мæрдджын хъæубæсты кæнæ мыггаджы (уыди хицæн мыггæгты номыл хибар хъæутæ) хистæртæ лæууыдысты иу фарсæй кæрты, уынджы, иннæ фарсæй та — æрцæуæг мæрддзыгойы нæлгоймаг хистæртæ æмæ фыдохы уагыл кæрæдзийæн арфæ кодтой. Фыццаг ныхасы бар уыди æрцæуæг нæлгоймæгты хистæртæй иуæн. Уыдон гомсæртæй кодтой арфæ ахæм хуызы:

— Фарн уæм бадзурæд, мæрдджын бинонтæ, мыггаг æмæ хъæубæстæ (амыдта комкоммæ номæй)... Мард — рухсаг... Цардаудæн фæкæнæд, фæсте цы бинонты, сыхбæсты ныууагъта, уыдоныл... Уæ хæстæджытæ, зонгæтæ уæм абонæй фæстæмæ куывдтæм, чындзæхсæвтæм фæцæуæнт...

— Цинты цæут уæ уарзон адæммæ!.. Зианыл цы къахы æмæ армы фæллой бахардз кодтат, уыдон йæ мæрдтæмвæндагæн сыгъдæгæй ахъаз фæуæнт. Махæн та куывдты, чындзæхсæвты фидинаг фæуæнт уæ лæггæдтæ. Цы бынæттæй рацыдыстут, уыдоныл дзæбæхæй сæмбæлут, æмæ Уастырджи — уæ фæдзæхсæг!..

Мæрддзыгой адæмæн фæндаггаг. Хъæуы мидæг, хæстæг хъæуæй цæугæйæ фæндаггаджы сæр нæ хъуыди, æмæ йæ сæхи дзыхæй тыхдомд цы мæрддзыгойы адæм кодтой, уыдон хæлдтой иумæйаг æгъдау. Комæйкоммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ цæугæйæ мæрддзыгойæн æгъдауыл æмбæлди фæндаггаг, æмæ сын æй æфсинтæ-лæуджытæ æвæрдтой семæ æнæ уæлдай ныхæстæй.

Марды боны зианджын мыггаджы кæстæрты фынгæвæрд. Уый уыди зианджын бинонты, мыггаджы, сыхбæсты лæуджытæн, лæггадгæнджытæн, æфсинтæн, ингæн къахджытæн фынгæвæрд марды кæндтæй. Уырдыг сын лæууыди лæппутæй æмбаргæдæр, æнæзивæгдæр. Бадтысты нæлгой мæгтæ хицæнæй æмæ хаста мæрдджын бинонтæн æргомæй ныфсæвæрды уаг, уымæн æмæ цардысты алы уавæрты: кæм куыстхъом бирæ бинонтæн, кæм æнахъом сабитæн амардаид се схæссæг фыд, кæм та — сæ ныййарæг мад, æмæ хъæубæсты, комбæсты хæстæджыты æххуыс хъуаг куыннæ уыдаиккой? Бадт æххæссыд суанг фæсахсæвæртæм, стæй лæггадгæнæг кæстæртæ æфснайдтой бæстыхæйттæ, æхсадтой æхсинæгтæ суанг дыккаг бон изæрмæ дæр...

Саударыны уаг. Мардыл саутæ дардтой йæ хæстæгдæр сылгоймæгтæ чындздзон чызджы карæй уæлæмæ. Сау дарæсæн хъуыди сæрды тæвды тæнæгдæр фæлыст, зымæджы уазалы — бæзджындæр, æмæ сæ хастой кæнæ дæрдджынтæй, æмпъызтытæй, кæнæ — ногæй, фæлæ дыууæ хуызæн дæр сæрæвæрæн уыдысты къуызгæ æфсармимæ сыгъдæг æфснайд æмæ уæздан нымд, æмæ уыдон алкæй къухы не ’фтыдысты. Уыйадыл саутæ дардтой нымдджын хæрзуаг сылгоймæгтæ, хилтæ дæр дардтой фæрнджын лæгтæ.

Саударын æмæ хилдарынæн ирон æхсæнады уыди бирæ домæнтæ, нæфæтчиæгтæ. Уыйадыл алы мæрдджын сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ æгъдауыл сæхи дарын нæ фæрæзтой. Хъæрæй дзурын, æлгъитын, фыдæнæн митæ кæнын, æхсызгæтты-монцты фæдыл цæуын нæдæр саударæг сылгоймагæн уыди кады хос, нæдæр хилдарæг нæлгоймагæн. Цал рæдыды фæкодтаиккой, уал тæригъæды бацыдаиккой сæ мæрдтæн...

Саутæ дардтой, хилтæ хастой ногмæрдджынтæ алы æмгъуыдтæм: æртыккаг кæнæ æвдæм сабатизæрмæ, дыууиссæдзæм бонмæ, стæй суанг афæдзмæ дæр. Иу æмæ дыууæ æрыгон сылгоймаджы нæ дардтой сæ лæгтыл саутæ афæдзмæ, стæй цыдысты сæ цæгæттæм, зæнæг сын куынæ уыдаид, уæд... Дзæвгар фæлварæнтæ æмæ фæлтæрæнтæ — ног мæрдджынтæн сылгоймагæй нæлгоймагмæ, æмæ рæстыл куы дзурæм, уæд уыдысты сæ фылдæр удхæрæнтæ, цотхал къæйтты цардыбонты цыбыргæнæнтæ. Саударыны æгъдæуттæ цас фыдбылызтæ хастой ирон æхсæнадæн, уыдон нæ фæнымайдзыстæм, фæлæ дыууæ цауæн æнæ зæгъгæ нæй. Дыууæ цауы дæр баст сты чырыстон дины кæнонтыл уырыссаг æмæ гуырдзиаг миссионерты архайдæй. Уалдзæджы комуадзæнмæ (Куадзæнмæ) ирон адæм ком дардтой авд кæнæ фараст къуырийы сæ мæрдты номыл æмæ нæ хордтой урсаджы, сойаджы хæринæгтæ. Фæззæджы комуадзæнмæ (Майрæмтæм) та нæ хордтой халсары æмæ дыргъы хæринæгтæ. Гъемæ, цы пайдайæн, цы хуыздæрæн? Сæрдæй, зымæгæй æрдз цыдæриддæр радта адæймагæн хорзæй, уыдон буары хъæуынц, æмæ сæ æмбæлы афоныл, бæрцыл хæрын, нуазын. Дыууæ мæйы адæймаг сойаг æмæ урсаг куынæ хæра, уæд цуды тæккæ уазæлтты. Афæдзы æрдæг та халсар æмæ дыргъы хъæстæ куынæ кæна тæккæ хъарм бонты, уæд цас раппæлинаг у?!

Афæдзы марды кæндтæ. Нымадæй афæдзы дæргъы марды кæндтæ æмæ бæрæгбæттæ уыдысты дзæвгар: æртæ кæнæ авд сабатизæры, дыууиссæдзæм бон, бадæнтæ, æртгæнæнтæ, зазхæссæн, дыууæ комуадзæны, лауызгæнæн, цæкуыгæнæн, зæлдæвæрæн, афæдзы кæнд, мадæны хист. Се ’ппæтæн дæр уыди иу нысан мæрдтыбæсты цæрыны фæткыл æууæндгæйæ, науæд та дызæрдыг кæнгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæды ирон адæмы дзæвгар фылдæр хай, куырмæджы дины кæнонтæ æххæст кæнгæйæ, æууæндыдысты мæрдтыбæсты дзæнæт æмæ зындоныл. Уыйадыл кодтой æнæхъуаджы хæрдзтæ мæрдты кæндтæн, бæрæгбæттæн. Ирон адæмы къаддæр хай та дины кæнонтæм кастысты æрвонг цæстæй æмæ дызæрдыг кодтой мæрдты царды уагыл. Уыйадыл архайдтой æмбаргæдæртæ марды хæрдзтæ къаддæр кæныныл...

Стыр æнæрцыды диссагæн, абоны ирон адæмы дзæвгар фылдæр хай нæ, фæлæ иу стæмтæй фæстæмæ æнæхъæн ахуыргонд дзыллæ аныгъуылди йæ тæккæ къубалмæ мæнгуырнынады хъылма цъыфдзасты, афтæмæй «ног» демократон паддзахад Уæрæсейы къуымты аразы сыгъзæрин доны тылд аргъуантæ æмæ мæзджыттæ арæхæй, къæвдабоны маргхъæстæ зокъотау, æмæ гыццыл фæсвæд хъæуты дæр сауджынтæ, моллотæ сты зондамонджытæ, цардаразджытæ, ахуыргæнæг та, æнæхуынд тæтæйрагау, уынджы æнæнымадæй лæугæйæ баззад... Цыбыр ныхасæй, ивгъуыд дугтæ ныхмæвæрд фесты æппæт хæрзтæ æмæ фыдæхтæй ног дугимæ, цивилизацийы æнæуаг нысæнттимæ Ирыстоны зæххыл демократты фыдгæнды мадзæлтты ахæсты, æмæ сын, коммæгæс сывæллæттау, æмдзæгъд кæнынц ирон адæмы мæнгдингæнджытæ дæсгай къордтæй. Суанг иу хæдзары бинонтæ дæр фесты хицæн къордтæ дины — уырнынады амындтæ куырмæджы æххæст кæнгæйæ. Гъемæ царды зианхæссæг æгъдæуттыл мысæггагæй уæлдай къабузтæ æфтауынæн ирон дины фанатиктæ æвдисæны дарынц фыдæлты, уыдон дæр афтæ кодтой, зæгъгæ. Æппæт ныхмæвæрд цаутыл дзурыны сæр ницæмæн хъæуы, фæлæ сæйрагдæрæн зæгъын æмбæлы æргом, æгады æмæ ныхстуаты бынатмæ нæ цы ног æгъдæуттæ тæрынц, уыдоны тыххæй.

Сæрмагондæй цины æмæ марды æгъдæуттæн æфсармы æмæ нымды, нысаны æмæ бæрцы уагыл абарæн нал и, афтæ сæмтъеры сты арвистонау, æмæ сæ рæдыдты аххосæгтыл ныхас цыд раздæры сæргæндты, фæлæ сæ ныр куыдраздæрæй ныхæй-ныхмæ æрæвæрæм, кæддæра цас раст дарæм нæ рæстаг фыдæлты æвдисæны... Нæ рæстаг фыдæлтæ цины боны кусарт иу хуызы домæнтыл кодтой, зианы боны кусарт — иннæ хуызы домæнтыл. Ныры кусартгæнджытæн ахæм хицæн домæнтæ нæй, æмæ налдæр кусарт кæнын зонынц, налдæр кусарты уæнгтæн сæ нæмттæ. Кусарт цины уагыл акодтаиккой æви — зианы, фыдохы, уæддæр бæрæг фæткыл фыхти сыгъдæгæй фыдæлтæн, æмæ фых фыдызгъæлæй бадты адæм ахуыстой цины боны Хуыцауы номыл сидты фæстæ, зианы боны рухсаджы рæгъы фæстæ. Ныры ирон кусартгæнджытæ кæронмæ нæ бафснайынц кусарты фыдызгъæл уæнггай, нæма ныхсынц сæ къухтæ, архайæн дзаумæттæ, афтæмæй фæуæларт кæнынц лывдзæфыцæн гыццылдæр цуайнаджы фыдызгъæлы фæлмæнтæ, сойджынтæ, бафтауынц сæм алыхуызы хæрзад басгæрдджытæ-хъацæнтæ æмæ сæ хæрзадæн бахæрынц, судзаг зианы мæрддзыгой адæм кæртмæ куы рахæссынц, уæд!.. Нæ фыдæлтæ цины дæр æмæ зианы дæр лæггадгæнджытæн рагацау кусартæй физонджытæ нæ кодтой æмæ фынгтæ не ’вæрдтой, фæлæ бадтысты фæс.кæнд, фæс куывд, фæсчызгæрвыст, фæсчындзæхсæв мыггаджы лæуджытимæ, кæ стæриуæггæнджытимæ...

Уырдыглæуджытæ, лæггадгæнджытæ кувинæгтæй æмæ рухсаггæгтæй раздæр кæй бахæрынц æмæ баназынц, уый у мардæрцыдæй фыддæр, æмæ уыцы «ног» æгъдауæн худинаджы уавæры хæрзæмбæлæг вæййынц, мæрдæхсæвæрæн кусарт кæнын чи æрхъуыды кодта, уыцы гуыбындзæл хистæртæ...

Ирон фæрнджын адæм мæрддзыгой кæй цыдысты бæрæг уагыл æмæ нымадæй, уымæн хуыздæр æвдисæнæй баззад марды фæстæ уæлмæрдмæ цæуын, æмæ уыцы фарны уаг дæр фехæлдтой гуыбындзæлтæ: хистæрæй кæстæрмæ хæрнæджы фынгтыл амбырд вæййынц, стонг бирæгътау, куыддæр марды кæртæй федде кæнынц, афтæ, æмæ уыдон рæгъытæм байхъусын диссаг вæййы. Фыдæлтæ æппæты фылдæрæн кодтой марды кæнды æхсæз рæгъы, ныры сыкъадзæфтæн дæсæй фæуæлæмæ вæййынц алы хъылма нозтытæй, æмæ уымæй дæр, рухсаджы рæгъытыл æфтаугæйæ, фыдæлты ном ферох кæнынц. Нал разыны хæдзары æфсинæн цины йæ циноны нуазæн, зианы — йæ фыдохы...

Хисты фæстаг æрбадт мæрдджын мыггагæн æмæ лæггадгæнджытæн ныссуйтæ вæййы, уымæн æмæ мæрдджыны бинонтæ бынтон æххормаг вæййынц, лæггадгæнджытæ та — бынтон хæрдджын, æфсæст...

Сабатизæртæ æмæ дыууиссæдзæм бон фыдæлтæ кодтой ирон дины фæткыл, ныры ирæттæ сæ кæнынц чырыстон дины кæнонты уагыл уæлдай хæрдзтимæ: сабаты дæр — кусарт, дыууиссæдзæм боны дæр — кусарт.

Зæлдæвæрæн — нæууæвæрæн уалдзæджы цъæхыл, æмæ йæ чырыстон дины мысæггаг цауты аууон фæкодтой ирон дины æгадгæнджытæ. Уыйадыл зæлдæвæрæнæй рауад зæрдæвæрæн бон, уæдмæ, дам, Чырысти йæ кувæг адæмæн зæрдæ бавæрдта уæларвæй æрыздæхынæн, фæлæ нал æрыздæхт, æмæ уый мысынæн куырмæджы дингæнджытæ уыцы бон аргæвдынц исты æмæ йæ зæрдæ баныгæнынц ног марды сыджыты...

Зазхæссæны фæтк дæр афтæмæйты ныссуйтæ. Лæг куы амæлы, уæд ирон дины амындмæ гæсгæ аныгуылы арвыл йæ хуры хай, акæлы хъæды йæ зазбæлас, баззайы ма йын Хуыцауы хай æмæ зæххы хай. Уыдоны номыл ын ныххæлар кæнынц дыууæ кæрдзыны, йæ уæлмæрдыл та йын ныссадзынц зазы къалиу. Гъемæ уыцы къалиу расайдта бирæ фыдæхтæ чырыстон дины хæлиугæнджыты ахæсты. Ногбоны æхсæвмæ алы хæдзар дæр архайы æвзаргæ зазы, назы тала ракæнын хъæды, æмæ уыдон рæдзæгъдтæ свæййынц къуырийы бонмæ бырондæтты æрдзы сæфтæн, æххуыс та ницы фæвæййынц...

Нæ фыдæлтæ мæрдты номыл ком дардтой афæдзы дыууæ афоны — зымæджы æмæ сæрды. Зымæджы комдард уыд урсаг æмæ сойагæй, сæрды комдард — халсартæ æмæ дыргътæй. Мæрдты ном ардтой æппæт куысты бæркæдты сæртæй, æрдзон сыгъдæг хæрзтæн нымд кæнгæйæ. Дыууæ хуызы комдард дæр бæрцыл, афоныл уыдысты адæмы буарæн æнæнизы хос цæрдхъом, куыстхъомæй, æмæ сыл уæлдай уæзæн нард фыдтæ нæ зад.

Ныры ирон адæм ком нал дарынц. Куыдфæндыйæ хæрынц æмæ нуазынц бафсæдыны онг. Уыйадыл сæ зæрдæтæ бæзджын фиу сæвæрдтой, æмæ фыруæззауæй фистæгæй цæуын дæр нал фæразынц сæ фылдæр...

Фыдæлтæ сæ уæлмæрдтæ сыгъдæг кодтой афæдз дыууæ хатты — уалдзæджы марды бонты æмæ фæззæджы. Уыйадыл æфснайд уыдысты. Ныры ирон адæм сæ мæрдтæн ныссадзынц зынаргъ цыртытæ, фæлæ фæкæсын, базилыны фыдæй дыууæ æртæ азмæ пыхсы, хæмпæлы бын фæвæййынц.

Нæ фыдæлтæн къуырийы бонтæй алкæцыйæн дæр уыди сæрмагонд нысан æрдзон уагыл, уырнынады фæткыл æмæ сын сæ мидис æххæст кодтой. Къуырийы райдайæн бон — къуырисæр, æмæ уæд дард фæндагыл йæ хæдзарæй ничи раст кодта. Дыццæг æмæ цыппæрæм уыдысты Уастырджийы бонтæ фæндагыл цæуынæн, кусынæн, хъуыддæгтæ кæнынæн. Майрæмбон сын уыди барысчъийы бон ног мæрдты æмæ мæрдджын сылгоймæгты номæй, æмæ кусгæ кодтой, хуыйæндагмæ не ’внæлдтой. Сабаты нымадтой мæрдты боныл, æмæ цины хъуыддæгтæ нæ кодтой...

Ныры ирон адæм уыцы диссæгтæн ницыуал æмбарынц, афтæмæй фылдæр цины æмæ марды æгъдæуттæ кæнын райдыдтой сабаты æмæ хуыцаубоны. Гъемæ сын диссаджы æфсон и уымæн: адæмæн, дам, кусгæбонтæ не сты, æмæ хуыздæр æмбырд кæнынц куыд цинмæ, афтæ зианмæ дæр...

Фыдæлтæн дзыллон уагыл уыдысты æппæт цины æмæ зианы кæндтæ, уыдонимæ æнгом баст æййæфтой æппæт хъæзтытæ ерысы, хъазуаты уагыл. Зарæгæй хъарæгмæ хастой дзыллон фарны хуызтæ. Кадджындæр лæгты номыл марды бæрæгбæтты уагътой дугътæ, арæзтой ерыстæ алы хъæзтытæй. Уыдонæй ныры ирон адæм ницыуал кæнынц, æрмæст ма фенæн вæййы егъау портийæ хъазæг лæппутæн алырæтты... Алы карты фæсивæды сæйрагдæр хъæзтытæ сты хъæбысæй хæцын, порти къуырын, фатæй æхсын, тымбыл къухæй кæрæдзийы сæртæ хойын æнауæрдонæй, æмæ, цыфыддæр æзнагимæ хæцæгау, сæ туджы пырхæнтæ акæлынц, фырнадæй уæлæмæ сыстынæн нал вæййынц... Гъемæ, нæмынмæ, æнæуагæй архайынмæ рæвдздæр чи разыны, уыдон — ныры фæсивæды раззагдæртæ, афтæмæй фидæны «хуыздæрмæ» тырнынц...