ТУГ ИСЫНЫ ФÆТК ÆМÆ УАГ

Бирæ адæмты хæттытæм уыди туг исыны фæтк иугæндзоны карзæй, æмæ у тынг рагон йæ бирæ аххосæгтимæ. Уыцы аххосæгтæ æмæ æфсæнттæ стыр нымадæй уыдысты цæрæнуæтты зæххы къуындæг, исбоны бындурыл мæгуырты æмæ бонджынты социалон ахастытæ, кæнгæ уæздандзинады домæнтæ дæлбарад æмæ уæлбарады уагыл, тыхы æмæ масты фæдыл цæуын стырдæр мыггæгты номæй. Æппæт æфсæнттæ æмæ аххосæгтæ дæр цырен кодтой тугисджыты, æмæ быцæу мыггæгтæ æнауæрдонæй кæрæдзи цагътой, цæугæ-хæцгæ низтау. Ахæм фыдгæнды уавæрты туг исыны фæтк адæмты цардыл хорзырдæм ницæмæй аудыдта, зæгъын, уаид æнæмæты, æнæрхъуыдыйы стыр ныхас, уымæн æмæ уæды царды уавæрты æнæ туг исыны карз домæнтæй сабыр кусынæн, сæрибарæй уæвынæн, хи фыдбылызтæй бахизынæн амал нæ уыди...

Фыдæлтæ кæрæдзийы туг калдтой дзæвгар æфсæнттæ æмæ аххосты азарæй, зæгъгæ, зын фыссæн нæ уыди æрцæуæг æмæ бынæттон иртасджытæн, туг исыны æгъдæуттæ æмæ туджы æргътæ куыдфылдæрæй нымайгæйæ. Фæлæ цы уавæрты, кæд æмæ кæмыты, уый у сæйрагдæрæн хынцинаг. Хетæггаты Къоста туг исыны хæрдзтæ фиддонтæ куыдфылдæрæй стурты сæртæй куыд нымадта йæ очерк «Особайы», бынтон афтæ нæ уыдаид: «Кровь наиболее почетных фамилий ценилась 18+22 коровы. ...для кавдасарда не было установлено никакой ценности...»; фæрсаглæджы тугæн та аргъ кодтой 15 стурæй...

Мæгуырæй, хъæздыгæй фыдуавæрты ирон æхсæнады уыди уырнынады арæнты-фæлгæтты æвæрдæй алы адæймагæн дæр бартæ æмæ хæстæ. Бартæй цас пайда кодтой дзыллæйы минæвæрттæ, хæсты дæр афтæ фыстой афоныл æфсармы æмæ намысы, æууæнчы æмæ хæрзудыбæстæйы, бах хуысы æмæ балæггад кæныны уагыл. Хорзæй æвзæрæй, растæй-зылынæй æнæхъæн дзыллæ йæ иу минæвары адæймаджы миниуджытæй куыд хайджын хаста æхсæнадон уавæрты, хицæнæй алы адæймаг дæр афтæ уыди хайджын æгас дзыллæйы миниуджытæй. Уыйадыл иумæ дзуапп лæвæрдтой мæгуырæй, бонджынæй фыдгæндтæн дæр. Советон хицауады азты ахæм амынд уыди барадон уагæй: «Æфсымæр æфсымæры тыххæй дзуапп нæ дæтты», афтæмæй æнæхъæн зæхкусæг бинонты сæ амалхъом фыдимæ Сыбырмæ хастой кулачы, фыдгæнæджы номæй... Дзургæ — иуырдæм, кæнгæ та — иннæрдæм... Гъемæ, Советон Уæрæсе ахæм æнæмæт ныхæсты азарæй ныппырх фæстагмæ... Барадон уагæвæрдæн æхсæнадон ахастытæ нал цыдысты нымады паддзахадон хъомысæй.

Туг исыны домæнтæ нæ фыдæлтæн баст цыдысты сæ фарны лæггæдтыл хъæздыгæй мæгуырмæ, уæлбарæй дæлбармæ, æмæ уыцы уавæр нæ хатыдтой рагон ирæтты цард иртасджытæ. Ирон адæм Уæрæсеимæ куы баиу сты, уæддæр туг исыны æгъдау нæ бамынæг, æрхæццæ ХХ æнусы фыццаг æмбисмæ, æмæ уырыссаг адæмæн маст райсыны тыххæй дуэлмæ сидыны уаг хуыздæр хæрзты нæ бацыди, афтæмæй иннæ адæмты туг исыны фæткыл худтысты куыдахуыргонддæрæй. Уыдоны къæхты хъæрмæ кафгæйæ нæхи «бынхортæ» æппæлæгау фыстой «Ирон æгъдæутты» чиныджы: «Дыууæ мыггаджы иу куы фæхыл сты, уæд иу... алчидæр афтæ хъуыды кодта, æз хъуамæ фæлæгдæр уон æмæ фылдæр амарон иннæ мыггагæй, зæгъгæ». Ахæм æнæ бындур хатдзæгтæ скæнæн уыди, йæ фыдæлты царды хъæр чи нæ бамбæрста, уыцы анахуырæй «ахуыргæндтæн»...

Цæмæй нæ фыдæлты туг исыны æгъдауæн хуыздæр бамбарæм йæ фауинаг æмæ фæзминаг цаутæ-миниуджытæ, уый тыххæй зæрдыл æрлæууын кæнæм иу хъуыддаг: усгуры карæй фæстæмæ ирон фæрнджын нæлгоймæгтæ сæ астæутыл бастæй хастой цыргъаг дзаумæттæ æмæ æхсæнгæрзтæ сабыр цардыуаг æмæ фæткыл. Уыдон дзурæг уыдысты сæйрагдæрæн нæлгоймæгты кад æмæ радыл, æууæнк æмæ намысыл бароны, лæггады хуызты, стæй комкоммæ амыдтой лæгдзинады нысæнттæм иугæндзоны хиуылхæстæй, быхсагæй. Ирон дарæс, цыргъаг æмæ хæцæнгæрзтæ аивдæрæй фидыдтой рæстæй цæрæг, рæстыл кусæг æмæ рæстыл дзурæг нæлгоймæгтыл, æмæ бахъуыды бонмæ сæ кæрдтæ цыргъæй дардтой, сæ топпыхос — хусæй. Æнæуаг, æнæфсарм нæлгоймæгтыл нæдæр ирон дарæсы хуызтæ фидыдтой, нæдæр хæцæнгæрзтæ... Ирон хъаматæ æмæ æхсаргæрдтæ, ерæдзыптæ æмæ хъыримæгтæ, фаттæ æмæ æрдынтæ нæдæр куыдфæндыйæ бабаты даллыгæнæнтæ уыдысты, нæдæр сывæллæтты хъазæндоны фæдæгъдтæ. Уыдоны руаджы хъаггæдтой ирон фарны хæрзтæ бинонты, сыхты, хъæуты æмæ кæмтты номæй, æмæ сæ халджытæм бæрæг æгъдауыл хъаматы кæрддзæмтæй ластой. Иугæр ирон фарнылхæцæг лæг йæ хъама сласта æгъдау халæгмæ, уæд æй æнæ туг ныккалгæйæ кæрддзæмы нал нытътъыстаид... Иугæр дæ фыдзондæй халыс æхсæны фæтк, уæд дзуапи дæтт дæ хивæнд митæн. Гъемæ алы æмбаргæ лæг дæр йæ бон зыдта æмæ йæхи дарын фæрæзта æхсæнадон уагыл. Худ лæджы сæрæй аскъæфыны тыххæй хъазгæйæ, мады æмæ марды ралгъитыны аххосæй сæртæ къуырдтой... Гъемæ уыцы уавæры хъуыди æхсæнадон фæтк æмæ уаг сæвæрын барадон амындтæй-нысæнттæй ирон фарны хæрзты бындурыл, дзыллон хъомыс æмæ нымдæй. Æндæр, паддзахы Уæрæсеимæ баиуы фæстæ нæ банцади Кавказы цæрæг хицæн æзнæмты астæу туг исыны карз фæтк. Абоны онг дæр ма нæ хæстæгдæр сыхаг адæмтæм ис уыцы зианхæссæг æгъдау куырмæй дингæнæг къордты, хицæн мыггæгты астæу, æмæ сын уыцы æгъдау цæмæннæ ныууадзын кодтой цалдæр æнусы дæргъы Уæрæсейы хицауад уыйбæрц цæстуарзонæй, зондамонæгæй?!

Ирон адæм туг исыны карз домæнтыл сæ къух систой куыдфæстагмæ сæ Хуыцауы рæстады, сæ уырнынады хæрзаудæны фæрцы æхсæнытæрхоны лæгты иугъæдоны хъусдардæй, амындæй... Нæ куырыхон фыдæлтæн æнæмæты, сæрбæрзонды стыр ныхæстæ хъæдбыны дæр нæ фидыдтой. Карздæр дзуары бын лæууæгау, ирон фарн домдта иугæндзоны фæзминагæй адæймаджы удхъомысы хæрзтæ. Хуыцауы рæстаг диныл-уырнынадыл фидарæй хæцæг ирон дзыллæ йæ тæрхоны лæгты зонд æмæ æрхъуыдыйæ цыдысты иу уынаффæмæ, æмæ сæ рæстаг дзыллон цæстæнгасæй ницы уыди ацы сау зæххыл басусæггæнæн хорзæйæвзæрæй, растæй-зылынæй. Ирон дингæнæг адæмæн йæ къæхтыбын зæххæн дæр уыди «фарастырдæм хъустæ æмæ цæстытæ». Адæймагæн дзыхылхæст нымадтой хорз, фæзминаг миниуæгыл, фæлæ Хуыцауы рæстады тæразыл æвæрдæй. Гъемæ, фыдракæндтæн басусæггæнæн нæ уыди. Фыдгæнды цаутæ растдæр æвзарынæн æвдисæн уыдысты туг исыны домæнтæ, бæстон сæм куы æркæсæм, уæд. Уæлæнгай цæстæй кæсгæйæ зыны æмхуызон фыдномæй, фыдгæндæй: æдзух тыхджындæр лæмæгъдæры ссæста, хъæздыг мæгуыры хурхыл хæцыд, давæг давæджы æмбæхста, марæг — марæджы æмæ туг тугæй æхсадтой... Бынтон афтæ куы уыдаид, уæд ирон адæм се ’ппæты разæй кæрæдзийы туг банызтаиккой æмæ бынты бынысæфт фæкодтаиккой, фæлæ афтæ нæ уыди. Туг исыны карздæр домæнты фæрцы æхсæны, тæрхоны лæгтæ фыдгæнджы тæн, емылыкк фыдуаг бæхтау, сæ рохтыл фидар хæцыдысты барадонæхсæнадон уагæй, æмæ куыдфæстагмæ куыдкарздæрæй фесæфтысты. Гъемæ сæ зæрдыл æрлæууын кæнæм фæд-фæдыл.

Туджы аргъ. Æппæт æргъты сæргъы лæууыд туджы аргъ рагзаманты ирон æхсæнады. Алчидæр ирон фарны хæрзтыл хæцгæйæ агуырдта йæ туг, йе стæджы, йæ хæстæг, йæ мыггаджы. Æнæ бæрæг туг æмæ мыггагæй адæймаджы нымадтой хъæды иунæг халонæй мæгуырдæрыл, æнамонддæрыл, æвæгæсæгдæрыл. Тугæй сыгъдæг, хæстæгæй райгонд, мыггагæй фидар цыди адæмы æхсæнмæ сæрыстырæй æмæ йæ бартыл дæр хуыздæр хæцыди уыдоны ныфсæй. Рæстаг лæгтæ тугæй хæстæджыты, мыггаджы хуыздæрты сæрвæлтау цыдысты нæмыджы ныхмæ дæр. Адæймаг цас рæстагдæрæй, фæзминагдæрæй цардаид бинонты, хъæубæсты, мыггаджы астæу, уыйбæрц аргъ ын кодтой туг исгæйæ дæр.

Туджы аргъ бæрæггонд цыди дыууæ хуызы: иу — рæстаджы уаг, иннæ — удыконд æмæ аххосæгтæ. Уыдон бæстон хынцгæйæ-нымайгæйæ дыууæ туджджын бинонтæ æмæ мыггæгтæ разы сты æхсæны-тæрхоны лæгты хатдзæгтыл-уынаффæтыл, уæд сабырæй фидыдтой: марæг фыста туджы аргъ, æвæрдта фынгæвæрды хардз марды номыл. Разыйы дзуапп нæй мæрдджын бинонтæм, мыггагмæ, уæд масты фæдыл цыдысты æмæ туг тугæй æхсадтой...

Фидыды хуызтæ æмæ фæрæзтæ. Банымайæн дæр нæй се ’ппæтæн, уыйбæрц уыдысты. Рæстыл дзурæг бинонтæ æмæ мыггæгтæ æнцондæрæй фидыдтой, фæлывд æмæ сайдæй цæрджытæ — зындæрæй, æмæ фыдракæндты уаг дæргъвæтиндæр хаста. Иу æмæ дыууæ мыггаджы нæ фесты быныскъуыд рагзаманты тугисыны фæткыл фидар хæцгæйæ, дины амындтæ куырмæджы æххæст кæнгæйæ, масты æмæ фыдæхы фæдыл цæугæйæ, туджы аргъæн уæлдай хæрдзтæ домгæйæ, дзырдхæсджыты æмæ ардауджыты ныхæстæм хъусгæйæ...

Искæй къухæй мардæн, цалынмæ йæ туг райстаиккой бинонтæ, мыггаг, уæдмæ йын цырт нæ арæзтой, сагътой йын даргъ рæхснæг хъил — хъабахъ. Туг тугæй æхсгæйæ фылдæр кодтой искæй къухæй мæрдтæ бынтон æназымæй, — басабыры уагыл дыууæ мыггаджы лæгты иргъæвгæйæ, кæнæ марджыты фæдыл фæдисы цæугæйæ... Суанг-иу иу мыггаджы æхсæны-тæрхоны лæгтæ дæр дыууæ дихы фесты туг исыны æнæхъуаджы домæнтыл дзургæйæ. Æууæнчы лæгтæм хатæг цыдысты комæй-коммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ. Цæгат Иры дзырддзæугæдæр лæгтæ Хуссар Иры туджджынтæм цыдысты хатæг куыдфæрнджындæрæй, хъуыстгонддæрæй, Хуссар Иры дзырддзæугæ лæгтæ та — Цæгат Ирмæ æмæ карздæр дзуæртты бынты ард хордтой сæ Хуыцауы рæстады фарнæй...

Туджы аргъмæ лæвæрдтой хуымы, сæрвæты, уыгæрдæны æмæ хъæды хæйттæ, найгæнæн мустæ æмæ хорыссæн куырæйттæ, кусæн æмæ хæцæнгарзы хуыздæртæ, хъонахъы уагыл хъомыл кодтой лæппутæ авдаздзыдæй усгуры кармæ. Æппæтæй карздæрæн баззад дыууæ туджджын мыггаджы бафидауынæн цыты чызг æрвитын æмæ цыты чындз хæссыны уаг, стæй мæрдджын мадæн йæ иунæг фырты марæгæй кæнгæ лæппу зæгъыныаразыны фæтк, æмæ сæм бæстон æркæсæм, байхъусæм, кæддæра цæуыл дзурæг уыдысты...

Уæды æхсæнадон-барадон уагæй марæг-туджджын цасфæнды раст ма уыдаид æвзонджы ныфсхаст æмæ цæрдхъомæй, куыдфæнды ма хæцыдаиккой йæ сæрыл мыггаджы, хæстæджыты рæстагдæр минæвæрттæ, уæд дæр æвзæрста уынгæджы бонтæ тугисджытимæ бафидауыны размæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудтаиккой тугисджыты ахæсты ныхæй-ныхмæ хъазуаты цæугæйæ алы уавæрты. Иу æмæ дыууæ хатты не сластаид кард кæрддзæмæй, ливор — хуымпырæй удæгасæй баззайыны фæткыл. Куысты заман, фæндагыл цæугæйæ ахæм æваст быцæуты æндæр амал нæ уыди рæстаг ирон лæгæн: кæнæ æгадæй амæлын, кæнæ тугисджытæй искæйты амарын æнæ уæлдай хатыртæй, тæригъæдæй. Æрцыди ахæм цаутæ, комкоммæ бæрæг мыггæгтæм амонгæйæ, æмæ разыбадджытæй дæсгæйттæ кæд фæмард, марæг та баззадаид удæгасæй.

Ахæм тыхбыцæуты уавæрты сæфтысты мыггæгты хуыздæртæ, æмæ хъуыди мадзæлттæ агурын æхсæнадон хъомысæй, барадон уагæй. Гъемæ, туджджын мыггæгты басабырæн, бауромынæн, бафидауынæн хуыздæр мадзæлттæ разындысты цыты чызг дæттын, цыты чындз хæссын æмæ мæрдджын мадæн йæ иунæг фырты марæгæй кæнгæ лæппу зæгъын...

Цыты чызджы æгъдау. Цыты чызджы æрвитыны æмæ цыты чындзы хæссыны æгъдау нымадтой ирон дзыллæ хуыздæр фæрæзыл туджджын мыггæгты басабырæн, бафидауынæн тугæй æмæ æгъдауæй хæстæгады фæткыл. Цыты чызгæн æхсæнадон домæнтæй æвзæрстой удыгъæдæй æмæ кондæй фæзминагдæры. Цыты чызгæн, чындзæн æхсæнадон уагæй æххуысгæнджытæ уыдысты дыууæ фарсы мыггæгтæ, æмæ туджджынты иу кодта æгъдауы хæстæгады тæгтæй. Цот ын куы рацыдаид, уæд та уыдысты тугæй хæстæджытæ. Удыгъæдджын зæнæджы фарнæй хъомысджын кодтой ирон мадæлтæ дыууæ фарсы мыггæгты. Цыты чызджыты æмæ чындзыты цæрæнбонты куывтой иугъæдоны арфæйагæй ирон куырыхон хистæртæ куывдты, чындзæхсæвты. Сыгъдæг Мадизæн сын баскъуыхт цотхалы зæд...

Лæгæвзарæн, удфæлварæн æнусты сси диссагæн дзуринаг, æмбисондæн хæссинаг ног мæрдджын мадæн йæ иунæг фырты марæгæй ирон æфсармы ахæсты кæнгæ лæппу зæгъын. Уыцы æппæтæй уæлмонцдæр æгъдау уæды ирон æхсæнадæн дзурæг уыди, иуæй, сæ куырыхон зондылæрхъуыдыйыл нæлгоймагæй сылгоймагмæ, иннæмæй та — кæстæрты арæхæй — цæрыны хъомысыл, фæлтæрты бастдзинадыл. Фыдгулы мыггæгтæ, иугæндзоны карз масты фæдыл цæугæйæ, кæрæдзийы куыдлæгдæрæй фæцæгъдæнт æнæ исты разыйы дзуаппæй! Мард иу боны кæуинаг уыди фæрнджын ирон адæмæн, марæг — цæрæнбонты кæуинаг, æмæ марджыты мæстæй дывыдон уыдысты æнæхъæн мыггæгтæ дæр... Марджытæй та иутæ уыдысты æргом фыдгæнджытæ, æнæуагæй цæрджытæ, иннæтæ та — хæрзгæнджытæ, сыгъдæг хидвæллойæ цæрджытæ. Иу æмæ дыууæ рæстаг, æнаххос лæджы нæ абадтысты марджыты бынаты сæхи æмæ сæ алыварсы цæрджыты сæрибарыл тох кæнгæйæ. Иу æмæ дыууæ лæппуйы нæ фесты лидзæггаг-хауæггаг усгурты кары бынтон æнаххосæй фыдгæнæг тугисджыты ахæсты, æмæ кæмтты, хæхты, хъæдты кæдмæ ис фæразæн сырдау рахау-бахауæй, ралидз-балидзæй, фидыды уавæрмæ куынæ цæуой тугисджытæ, уæд?! Гъемæ, æрцыди туджджынтæй тугисджыты астæу цæрæнбонтæм мысинаг цаутæ комкоммæ рæстæг æмæ бынатмæ амонгæйæ цæгатæй хуссармæ, хохæй быдырмæ фæндæгтыл цæугæйæ, куыстæгтæ кæнгæйæ. Бынтон æрæджы дæр ма (ХХ æнусы кæронмæ хæстæг) Гæналдоны комы тæккæ нарæджы бынæттон цæрджытæ амыдтой туджджыны багæпгæнæн айнæджы рындзмæ, Куырттаты комы нарæджы та — Хъæдæргъвæны сæрсæфæн хъоргъмæ. Дыууæ раны дæр ныхæй-ныхмæ цæугæйæ хæрхæмбæлд фесты туджджынтæ, æмæ сын æнæ фæрсæй-фæрстæм балæугæйæ ахизæн нæ уыди. Гъемæ, зæгъы, дыууæ марæгæн дæр сæ мæлæты тасæй се ’гады царды тас фæтыхджындæр, æмæ сæрсæфæн нарджыты иу айнæджы рындзæй иннæмæ багæпп ластой уæлбæхтæй... Кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон æвыдæй нæ баззадаиккой, фæлæ мæлæтæй фервæзтысты, æмæ тугисджытæ ахæм æфсармы уагæн аргъ скодтой фидыды æгъдауæй...

Ирон æфсармы уагыл туджджын нæлгоймагæн йæ разыбадæг кæнæ фæстесурæг тугисджыты ахæсты амал фæци, кæй амардта, уый хæдзармæ сæрæгасæй баирвæзынæн, уæд мæрдджын мады раз йæ зонгуытыл лæууыд, куырдта дзы хатыр, фæдзæхста йыл йæхи ныййарæг мадау, стæй хæлдта рон æдгæрзтæ æмæ сæ йæ разы æвæрдта, æз — дæ уазæг, нæ кæнгæ мад, зæгъгæ... Марæгæн мæрдæрцыды уæлвæд мæрдджын мады раз зонгуытыл æрлæууын нымадтой æппæты стырдæр æгъдауыл, æмæ масты фыдæхæн йæ тых саст. Сурджытæн, тугисджытæн сæ хъаматæ æлвæстæй баззадаиккой, сæ фæттæ — æргъæвдæй, афтæмæй æнцад хъуыстой мæрдджын мады фарны хъæлæсмæ: «Мæ иунæг фырт кæй къухæй фæмард, уый фæсмонгондæй йæ уæлон хæстæ фиды, æндæр ахæм хъуыдымæ не ’рцыдаид. Гъемæ, мæ хуртæ, уыцы æгъдауæн хъæуы стыр тыхимæ æрхъуыды. Уымæн æвдисæнтæ сты мадæлты тас æмæ цæрыны хъомыс. Не ’ппæты дæр мæлын хъæуы æнæ уæлдай катайæ, цæринæгтæн та æххуыс кæнын æмбæлы амал уæвгæйæ»,— хъæбысгæнæгау ыл æрбахæцыдаид йæхимæ...

Марæг уыцы æгъдауæй фæстæмæ нымад цыди мæрдджын мады кæнгæ фыртыл æмæ фыста фидыды хæстæ дывæрсыгæй: иуæрдыгæй — цыты, кæнгæ фырты номæй, иннæрдыгæй — туджджыны... Дзæвгар хæстæ æвæрд уыди цыты-кæнгæ фыртыл æмæ сæ æххæст кодта дыууæ мыггаджы хæрзаудæны хъусдардæй... Кæнгæ лæппуйæн, цыты фыртæн цардæмбал куы нæма уыдаид, уæд ын хъуыддаг кодтой дыууæ мады хъусдардæй...

Искæй къухæй мард ныгæныны уаг. Мард ныгæнæн бонмæ дыууæ мыггаджы куы фидыдтой, куы — нæ, æмæ уымæн уыди бирæ æфсæнттæ кæм æхсæнадон раст домæнты ахæсты, кæм та иугай хивæнд мыггæгты аххосæй. Фидыды уагыл мæрдджын мыггаг марæджы мыггаджы минæвæрттæн бар лæвæрдта æгъдауыл тæфæрфæс ракæнынæн марды ныгæнæн бон, æмæ нæлгоймæгты хистæртæ разæй цыдысты, сылгоймæгты хистæртæ — фæстæ марды алыварс галиуырдæм зилгæйæ. Æппæт мæрддзыгой дæр хастой фыдохы тарбын дарæс æнæ цыргъаг æмæ æхсæнгæрзтæй. Туджджынты номæй тæфæрфæсы цыбыр ныхас кодта дзыхуагджын карджын лæг, фыдохы хъарæг та — кæнæ марæджы мад, кæнæ фыдыхо, мадыхо. Æгæр карзæй чи домдта æгъдæуттæ кæнын, уыцы хивæнд мыггæгтæм цыдысты мæрддзыгой туджджын мыггæгтæ зонгуытыл. Гъемæ, цасфæнды судзаггаг мард ма уыдаид, уæддæр кадыл дзурæг нæ уыди мыггæгтæн дардæй зонгуытыл цæуын зианджыны кæртмæ...

Хъабахъ садзыны фæтк. Фидыды ныхасмæ не ’рцыдысты туджджын бинонтæ æмæ мыггæгтæ, уæд сæ мардæн сагътой цырты бæсты даргъ рæхснæг хъил-æндзалм сау хæцъилимæ. Уый уыди хъабахъ, йæ туг исын кæмæн хъуыди, уыцы марды номыл, æмæ бирæ фыдбылызтæ сайдта кæм рæстыл дзургæйæ, кусгæйæ, кæм та æдзух фыдæхы, масты кæнонтыл хивæндæй хæцгæйæ. Йæхи аххосæй, азымæй чи фæмард уыдаид, уымæн дæр йæ фыдзонд бинонтæ æмæ мыггаг ныссагътаиккой даргъ хъабахъ æмæ сæ ардауæн æвзæгтæй фæсивæды кæрæдзийы кæрдтыл æфтыдтой. Хæлæг æмæ фыдæхы фæндагыл цæугæйæ куырмæй дингæнджытæ цынæ фидис бакодтаиккой мæрдджын бинонтæн: «Сымах та дзурын куыд уæндут, уæ марды хъабахъ уæлгъæдæй ингæныл куы бамбыд туг райсыны фыдæй?! Уыйас тыхджын æмæ зондджынæй уал уæ фыды туг райсут æмæ йæ ингæныл цырт сæвæрут!»

 

Туг исыны æгъдауы фыдæлты хъусдардæй хорзæй, растæй цы баззад, уыдоныл абоны царды уавæрты хъæуы аудын æхсæнадон зонд æмæ хъаруйæ.