ИРОН ЦАРДЫ ÆХСÆНАДОН АРÆЗТ

Ирон адæмы æхсæнадон цардарæзт ахста дзæвгар дугтæ мингай азты дæргъы æмæ бындуронæй æнцади Дунейы Сфæлдисæджы уырнынады кæнонтыл зæххы, фосы куыстытæ кæнгæйæ, алыварсы æрдзмæ лæмбынæг кæсгæйæ, бынаты æмæ рæстæджы хуызивæнтæ хынцгæйæ. Уыйадыл ирон царды æхсæнадон арæзт æмткæй у Иры дзыллæйы цардвæндагистори куыд хуызæй, афтæ мидисæй-хъомысæй дæр...

Мингай азты дæргъы ирон цардарæзт баййæфта бирæ ивддзинæдтæ, æмæ сын дугты ахæсты æвдисæнтæ уыдысты нæ дзыллон цинтæ æмæ мæстытæ, хæрзтæ æмæ фыдæхтæ. Уыдон мысинæгты хуызты баззадысты фæлтæрты дзыхæйдзургæ сфæлдыстады хуызты, æрмтты дæсныйæдты кондыл, дарæсы хуыд æмæ карстыл, кусæн æмæ хæцæнгæрзты кондыл. Гъемæ, уыцы дзыллон фарны хæрзтыл хъуыды кæнгæйæ ис аккаг аргъ скæнæн ирон адæмы цардвæндагæн историйæн райгуырæн зæххыл сыхаг знæмты рæгъы цæугæйæ...

Алы дугты дæр нæ фыдæлтæ, зæххы æмæ фосы куыстытæ бæстон кæнгæйæ, æмхуызон кæм цардаиккой: уыдаид се ’хсæн куыстуарзонæй бонджындæртæ æмæ магусайæ мæгуырдæртæ, фæлæ социалон æгъдауæй уæлбартæ æмæ дæлбартыл нæ дихтæ кодтой: сæ бонджын дæр уыд ирон фарныл хæцæг, сæ мæгуыр дæр æхсæнадон домæнты...

Фосы æмæ зæххы куыстæй цардысты фылдæр сыхаг адæмтæ дæр, æмæ æнусты дæргъы хæцыдысты сабыр зондыл, сæ хидгуыстæй лæвæрдтой цæхх-кæрдзын хæххон адæмты фарнæй.

Хæхбæсты цæрæг знæмтæм уыди иу æмхуызон миниуæг æнусты дæргъы; фосы æмæ зæххы æфтиæгтæй цæргæйæ цæхх-кæрдзын хордтой кæрæдзимæ хъонахъты, тугæй хæстæджыты æмæ уазджыты номæй цæугæйæ. Фосы æмæ зæххы куыстытæ кæнгæйæ сæ иугай къухты кусæнгæрзтæ хастой, иннæ къухты та хæцæнгæрзтæ. Уыйадыл æхсæнадон уагæй алы адæмыхатт дæр хидгуыстæй цæрын фæрæзта, хæцæнгæрзтæй хъаггæдта Фыдызæхх. Хæххон адæмты астæу æмткæй фæзминагдæр уыдысты рæстæй цæрæг, рæстыл кусæг æмæ рæстыл дзурæг лæгтæ — мыггæгты фæрнджындæр минæвæрттæ, уынаффæйы тæрхоны лæгтæ æмæ тыгъды бонты хæстон разамонджытæ, уæлахизмæ сидæг фæтæгтæ...

Ивгъуыд дугты æхсæнадон цардарæзтæн раст аргъ цæмæй скæнæм, уый тыххæй хорз зонын хъæуы æмткæй иу зæххыл цæрæг дзыллæты æхсæн ахæстытæ кæм бæллиццаджы нысæнттимæ, кæм та фауинаджы. Кавказы цæрæг адæмтæй алкæмæн дæр уыди йæ цардвæндаджы уæлахизысæрыстыры цаутæ æмæ састы бынаты дæлджинæджы гæччытæ...

Мингай азты ирон адæм дæр федтой бирæ цинтæ уæлахизы равгæй, стæй састы бынаты дæлджинæджы тухæнтæ, æмæ се ’ппæтыл дзурынæн бирæ рæстæг хъæуы, фæлæ дзы иу дуджы тыххæй зæгъын æмбæлы царды рæстад. Куыд æнахуыргонд фыдæлты мысинæгты, афтæ ныры ахуыргонд ирон адæмы цард иртасджыты зонадон-наукон куыстыты арвы нæрдау хъуысти æмæ ныр дæр хъуысы Уæс Бæгъатырты кой.

Ирон адæмы цыт æмæ намысы кадджындæр, стырдæр фидиуæг Хетæггаты Къоста йæ фыд Леуаны мысинæгтыл æууæндгæйæ Особайы дуджы рахуыдта «Осетинщина», фылдæр æппæрццæг-фауинаг миниуджытыл дзургæйæ уæды ирон æхсæнады номæй... Уыдоны бындурыл зындгонддæр ирон ахуыргæндтæ, историктæ, фысджытæ, аивадон кусджытæ тугтæ фæмысыдысты Особайы дугыл, афтæмæй уыди ирон дзыллæйы цардвæндагæн йæ кадджындæр хай — дуг...

Дзыхæйдзургæ сфæлдыстады, историон цыртдзæвæнтыл фыстæй, æрдзон фидæртты æмæ ныгæнæн зæппæдзты арæзтæй бæрæг уыдысты Уæлладжыры комы цæрæг рагондæр мыггæгтæ Цæразонтæ, Сидæмонтæ æмæ Хъусæгонтæ куыд сабыр царды куыстæгты, афтæ тыгъды бонты архайгæйæ дæр... Уыдоны хæстон фæтæгтæ-разамонджытæ фараст фыдыфыртæй нæ эрæйы фæндзæм æнусæй æртындæсæм æнусмæ раздзæуджытæ уыдысты Уæсы Бæгъатырты номæй ирон адæмы хæстон къордтæн, тыгъды быдыртæй уæлахизы тырысатæ хæсгæйæ. Уазы, Уæсы Бæгъатыртæ фараст фыдыфыртæй паддзахиуæг фæкодтой картлиаг адæмæн астæуккаг æнусты (фæндзæм-æртындæсæм).

Уæс Бæгъатырты заманты Иры зæххытæ Арвыкомыл, Дзуары æфцæгыл Арагуийы доны былты æххæссыдысты Гуры сахармæ, Уæлладжыры комыл та Мамысоны æфцæгыл Рионы доны былты — суанг Куытаисмæ — ныгуылæн Картлимæ.

Уæсы, Уазы Бæгъатырты номæй картлиаг адæм ирæтты хонын райдыдтой «оситей», ирæттæ картлиаг адæмы «гуырдзы» куыд хуыдтой, афтæ фæсномыгæй. «Гурдж» у уаргъ фистæгæй хæссынæн, æмæ картлиаг уаргъхæсджытæ арæх цыдысты Ирыстонмæ алы æфцгуытыл, кодтой хъæды æмæ дуры куыстытæ Ирыстоны алы кæмтты, æмæ сæ фæсномыг баззад дзыллон номæй — «Гуырдзыстон» сыхаг адæмты æвзаджы дæр...

Уæс Бæгъатырты нæргæ дуджы ирон адæм зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнгæйæ сыхаг знæмтæм куыннæ æфтыдаиккой кæм балцы цæугæйæ, кæм базæрттæм уæййæгтæ ласгæйæ, тæргæйæ. Уыйадыл кæм фистæгæй, кæм бæхтыл цыдысты комæй-коммæ, æфцæгæй-æфцæгмæ, æмæ уымыты тыннывæндæгау кодтой алыхуызы фæндæгтæ сæрдæй зымæгæй, хурæйкъæвдайæ. Хуры хъугом, зæгъгæ, баззад адæмы ныхасы æмбисондæн, æмæ уымæн йæ райдайæн уыди Терчы рахис фарсæй — Армхийы комæй (уыцы ком ныры дуджы нымад у Хъулгъайы зæххыл). Хуры хъугомæн йæ ном йæ уæлæ и: афæдзы дæргъы дзы райдзаст хурбæттæ вæййы 260, мит дзы уары бирæ къаддæр, зымæг дзы у цыбырдæр, сæрд — даргъдæр. Уыйадыл дзы фос хизынц фылдæр рæстæг. Хуры хъугом хизы Кавказы хæхты астæурагъы цæгатвæрсты Армхийæ Гæналмæ, уырдыгæй — Дæргъæвсмæ, Дæргъæвсæй Куырттатæм, Уæлладжырмæ, Дыгурмæ, стæй Асымæ бæрзонд æмæ ныллæг æфцгуытыл. Уымыты, бæстон æркæсгæйæ, зынынц ныр дæр ма фистæгæй æмæ бæхæй цæуæнтæ, æхсæвиуатгæнæнтæ артдзæстытимæ, байбынтæ æмæ лæгæтты сисамæдтæ фосæн, хосхæрæн рæгътæ æмæ уæтæрты бынæттæ дон нуазæн хъæдын бæлæгътимæ. Алы комы дæр уыди чъыр æмæ æрзæтсудзæн гарнатæ дæтты былты. Суанг Гурмæ Терчы æмæ Арагуийы дæтты былты, Куытаисмæ Ары æмæ Риуоны дæтты былты. Уæс Бæгъатырты заманты хæцæн æмæ хъаггæнæн мæсгуытæн, æрдзон фидæрттæн æрдæг хæлдтытæй банымайæн дæр нæ уыди бынтон æрæджытæм — ХХ æнусы 60–70-æм азтæм. Уыдоны астæу бæрæгдæрæй зындысты Уæсы Бæгъатырты номыл фидæрттæ Уæлладжыры комы Ныхасы дзуары нарæджы, Субийы Чъырамады, Урсдоны цъæх айнæгыл, Нузалы цæгаты, Къасарайы Зылын дуары, Мыкалгабыры бынмæ Илцы фидары, стæй Мамысоны æфцæгæй Куытаисмæ — дыууæ раны æхсинбадæнтæ, æртæ раны чъырамад фидæрттæ, дыууæ раны хидты хъаггæнæнтæ. Куырттаты комы Дзывгъисы æмæ Хилачы фидæрттæ дæр дзурæг сты Уæс Бæгъатырты дуджы ирон адæмы хæстбойноныл... Хæсты бонтæм та ирон адæм сæ рæзгæ фæлтæрты авдазыкконæй кæй ахуыр кодтой, ууыл ныхас цыди раззаг сæргæндты хъазуаты ерысы хъæзтыты уагыл... Фæдисы хъæр куы фæцыдаид, уæд нымад хæстонтæ гæрзифтонгæй цыдысты нысанмæ, æмæ уымæн нæ баци сæ бон цыфыддæр лæбурджытæн хæххон ирæтты кæронмæ басæттын æнусты дæргъы...

Ирыстоны нæргæ кад дæлæмæ хауын райдыдта Цæразон Сосланы заман. Уый йæхи сæры æмæ Тамары сæры кадæн уыди «цыргъ æхсырф» Гуырдзыстоны зад хуымты кæрдгæйæ. Ахуыргонды, дæсны хæстон разамонæджы, хъæбатыры номæй Гуырдзыстоны знæгты ныхмæ тохы фæмарын кодта Ирыстоны хæстхъом фæсивæды хуыздæрты, стæй Дзуары æфцæгæй Гурмæ, Мамысоны æфцæгæй Куытаисмæ Иры хуссарварсы зæххытæ йæ каистæн балæвар кодта, æмæ рæстаг ирон адæмæн фидиссагæй баззад, нæ цуронæй цæстмæхъус фысджытæ та йыл кадджытæ фыстой, афтæмæй йæ мард райгуырæн уæзæгмæ дæр нал æрхæццæ, кæм ныгæд æрцыд, уый дæр ничи зоны, уымæн æмæ йын йæ адæмы уæйгæнæджы номæй йæ ингæн дæр нызмæстаиккой сыгъзæрин фæндаггæгтимæ...

Ирон æхсæнадон царды мысинагæй баззадысты Уæсы Бæгатыртæ, æмæ сыл хъисфæндырты цæгъдгæйæ кодтой кадджытæ, зарджытæ. Иу зарæджы уыди ныхæстæ Уари æмæ Уæрæдæйы хъæбатырдзинады тыххæй, æмæ йæ зарыдысты ирон хæстонтæ уæлахизы бон, стæй иумæйаг стыр хоры куывдты. Уыди дзы ахæм ныхæстæ:

 

Уæд, зæгъы, стыр гпыгъды бон

Уари Уæрæдæмæ бадзуры:

— Ой, æмæ цы кæнæм ныр, куыд кæнæм?!

Ацы цыбыр фæззыгон бон ныл изæр дæр

Куынæуал кæны, куынæуал...

— Тыхсгæ мын ма кæн, нæ буц хистæр! —

Дзуапп ын дæтты уæд Уæрæдæ. —

— Цыбыр бон дæр та ныл баизæр уыдзæни,

Даргъ æхсæв дæр та ныл сырайдзæни,

Æрмæст ма ныфсывæрдæн — иу фæцырд,

Æмæ хъæддых фæлæуу, нæ разагъды кæстæр!..

 

Туалгомы хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй Ирыстоны кæмтты Уари æмæ Уæрæдæйы хуызæн хæстон хъæбатыртæ бирæ уыди æмæ тыхæй, арæхстæй Цæразон Сосланы хуызæтты уæлбæхтæй сæ местызæнгæйтты нытъыстаиккой, фæлæ уыдоны уæлахизы цаутæй Сослан йæхицæн ном кодта, æмæ ’гас дунейыл йæ хæстоны кад айхъуыст, æнахуыр ирон Бæгъатыртæ та аууоны аззадысты...

Уæс Бæгъатырты заманты ирон хъæуты, кæмтты цардарæзтæн уынаффæ кодтой æхсæны æвзæрст рæстаг лæгтæ — тæрхоны лæгтæ æмæ рæстады ард хордтой хæстæгдæр дзуæртты-кувæндæтты бынты.

Нæ фыдæлтæ кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ цæй сæраппонд кодтой æмæ цавæр бынæтты арæзтой, ууыл раззаг сæргæндты дзырдтам, æмæ уыди хъæуæн, мыггагæн, комбæстæн сæрмагонд кувæн бынæттæ кæм хъæуты астæуты, кæм та дарддæрты. Алы хъæуæн дæр уыд йæхи мидбæсты дзуар, æмæ сæ дзуары бонтæ æййæфтой хицæн рæстæджыты афæдзы цыппар афоны хынцгæйæ. Зæгъæм, Хуыцауы дзуармæ цы кæмтты æмæ хъæуты цæрджытæ куывтой, уыдонæн иу рæстæг нæ уыди. Уæдæ мыггаджы минæвæрттæ алы хъæуты куы цардаиккой, уæд куывтой алыхуызы хæстæг дзуæрттæм, æмæ уыцы æхсæнадон уаг ныры ирæттæн у хъуыдыйаг, уымæн æмæ фылдæр цæрынц быдыры хъæуты пырхытæй..

Æхсæнадон фарны равгæй нæ фыдæлтæ кады цыртытæ, зæппæдзтæ, кадджытæ æмæ зарджытæ арæзтой-кодтой марды номæй Фыдызæхх хъаггæнджытæн, райгуырæн зæххы уæйгæнджыты мæрдты та кæнæ æппæрстой куыдзæппарæн былтæй, кæнæ сæ ныгæдтой хибарæй æнæ цыртытæй æгаддæрæн. Иу ахæм æгады уæлмæрды кой баззад ныхасæн: дæуæй æвзæрдæр Леты уæлмæрды дæр нæй, зæгъгæ. Хуссар Иры Леты хъæуы уыди æвзæртæн хибар уæлмæрд, Цæгат Иры та Æрхоны комы дымæгмæ...

Æхсæнадон фарны фæлгæтты æвæрдæй алы хæдзарæн, сыхæн, хъæуæн, комбæстæн дæр уыди кары æмæ æгъдауы хистæртæ куыд нæлгоймæгтæй, афтæ сылгоймæгтæй дæр. Уыдон рæстæгæй-рæстæгмæ иумæйаг ныхæсты, уынаффæдæтты лыг кодтой Ирыстоны сæйрагдæр хæсты фарстатæ. Æхсæны лæгты — тæрхоны лæгты бæрцæн барæнтæ уыдысты ирон дины домæнтæ, æмæ сæм амыдтой комкоммæ хæстæ, бартæ хынцгæйæ. Тæрхоны лæгтæ дзуары бын ард хордтой æртæ нысанмæ амонгæйæ: рæстæй цæрын адæмы астæу, рæстыл кусын хъуыддагæй æмæ рæстыл дзурын цыфæнды уавæрты дæр. Ахæм ардхæрды хуыдтой фыдæлтæ РÆСТÆЙЫ АРД æууæнчы уæлмонцдæр нысанæн, дзыллон фарны фидардæр æууæнкæн...

Тæрхоны лæгтæ ард хордтой дзуары сыджытæй, стæй æвæрдтой цъынтытæ йæ быны зынаргъдæр дзаумæттæй...

Уазы Бæгъатырты заманты уыди хицæн кæмттæн æмæ иумæйагæй Ирыстонæн тæрхоны æвзæрст лæгтæ: æнæкъæйттæй кæмттæн æвзæрстой æртыгæйттæ, æвдгæйттæ, ’гас Ирыстонæн та — дыууадæс. Ирыстоны иумæйаг тæрхоны лæгтæ дыууадæсæй бадтысты Уæлладжыры комы Дагомы хъæуы Сыгъдæг Мадизæны (Мадызæды) дзуары-кувæндоны раз нæудзар фæзы... Уым рæстады уагыл лыггонд цыдысты Иры æхсæны хъуыддæгтæ, уым куывтой тыгъды, фæдисы заманты Иры фæдисæттæн, хæстхъом фæсивæды раздзæуджытæн, хæстон фæтæгтæн æмæ сæ Мадызæдыл, Фæндагсар Уастырджийыл фæдзæхстæй æрвыстой. Фæдисы æмæ тыгъды бонты уæлахизы хабæрттæ дæр ирон тырынтæ хъусын кодтой Мадизæны дзуары бын...

Хетæггаты Къоста йæ уац «Особа»-йы æппæлæгау куыд фыста, афтæ нæ уыди: «Селение Нар с окружающими его родственными отселками многие столетия служило законодательным центром и охраной народных традиций не толъко для Нарской котловины, но и для многих примыкающих к ней южных и северных ущелий».

Ахæм æнæбындур хъуыдытæн зæгъæн уыди, ныллæг сыджытсæр тæдзынæг къуымæй дунейы рухсмæ кæсгæйæ бынтон æнахуыргонд хæххон кусæг лæгæн, фæлæ Къоста уырысимæ куы схъомыл, уæд «многие столетия» мæгуыр наронтæ зондамонæг, уынаффæгæнæг, хъаггæнæг цы хуызы уыдысты Цæгат æмæ Хуссар Иры цæрджытæн?! Æгæр истæмæй æгъдауыл, уагыл чызг дæр куы никæмæн лæвæрдтой, чындз дæр куы никæмæй хастой сыхаг кæмтты. Уæзданы — дворянины уæлмонц номæй ракуырдта Леуан дæр Гуыбаты чызджы, йæ хæстæгдæр æрвадæлты чызджы фырæгъдауджынæй?..

Кæнгæ уæздæттæ æмæ уæлбары æлдæрттæ фæзындысты ирон æхсæнады Кæсæджы кънйæзты æмæ Гуырдзыстоны æлдæртты хынцмæ.

Дыгургомы Бадилатæ, Куырттаты Тæгиатæ, Хъобаны Тылаттатæ, Арагвийы Ерыстаутæ уыдысты æндæрниан адæмты гæрзифтог фыдгæнджытæ уæды æнæхицау Ирыстоны зæххыл, æмæ æнæхсад чъизи буарыл искæй сыстытæ бæрзæйтæм бырынц. Уыдоны цот уæздæттæ æмæ æлдæртты номæй ирон адæмæн ницы хæрзты бацыдысты æзнаггадæй уæлдай...

Кæнгæ уæздæтты æмæ æрцæуæг æлдæртты архайдæй, æххуысæй фæзындысты фæрнджын ирон дзыллæты астæу уæлбары æмæ дæлбары хуызтæ æмæ хæрдзтæ, дины-уырнынады хицæн кæнонтæ чырыстæтты æмæ пысылмæтты номæй. Уыйадыл рæстæй цæрæг, рæстыл дзурæг æмæ рæстыл кусæг ирæтты цардвæндагыл ныццæхгæрмæты сты цæлхдуртау социалон тыхтæ, мæнгуырнынады кæнонтæ æмæ паддзахады номæй — бартæ, хæстæ...

Ирон фæрнджын æгъдæутты халыныл æрæфтæгæй, æрцæуæгæй уæзданы æмæ æлдары номхæсджытæ куыд архайдтой æнусты дæргъы, пысылмон æмæ чырыстон динты хæлиугæнæг миссионертæ дæр афтæ. Уыдонимæ æмвæнд уыдысты хицауадæй æрвыст лæгтæ куыд паддзахы заман, афтæ Советон дуджы дæр ХХ æнусы фæстаг æмбисмæ. Уыцы уавæрты ирон фæрныг æхсæнад хæлын байдыдта суанг бинонты астæуæй хъæуы, комбæсты онг, æмæ абоны «ног демократты» дуджы цы æнæуаг фыдгæнды хуызтæ æвдисы, уый уынæм... Гъемæ æппæт заманты дæр фыдгæнды сау тыхтыл ирон рæстæйцæрæг кусæг дзыллæтæ уæлахиз кодтой сыгъдæг удты хъомысæй кусæнгæрзтæ æмæ хæцæнгæрзтæ цæттæйæ даргæйæ, зарæджы мыртæ æмæ уадындзы зæлтæм райгондæй хъусгæйæ. Алы ирон хæдзары дæр уыди зæххы æмæ фосы куыстытæ кæнæн дзаумæттæ, хæцæн æмæ цæгъдæн гæрзтæ. Гъемæ сæм хицæнтæй æркæсæм.

Хæцæнгæрзтæ: хъама æмæ æхсаргард, фæрæт æмæ джебогъ, фат æмæ æрдын, цирхъ æмæ арц, текъа æмæ уарт, архъан æмæ мысалгъ, дурæхсæнтæ æмæ къæппæджытæ, топпыхос æмæ æзных, хъыримаг æмæ ерæдзыпп, стæй сидæн дзаумæттæ галты стыр сыкъатæй.

Цæгъдæн-зарæнгæрзтæ: цагътой хъисфæндыртæй, къæбæлхъуыр уадындзтæй, дала æмæ тæнджын фæндыртæй, стъилитæй, лалым уадындзтæй.

Кафыны хуызтæ: тымбыл кафт, хонгæ кафт, симд, æфсины номыл онайы кафт, ног чындзы номыл алайы кафт, хæстонты кафт — æддæгуæлæ кафт, фыййауы кафт, ханты кафт, абырджыты кафт, æрдхæрдтыæмбæлтты кафт, стæй хъазæн, фæзмæн кæфтытæ сылгоймæгтæй нæлгоймæгты астæу.

Цæгъдæн æмæ сидæнгæрзтæ арæзтой бынæттон æрмадзты æрдзон æрмæгæй, хæцæн æмæ кусæн дзаумæттæ куыд арæзтой, афтæ.

Куыд хуызæй-уындæй, афтæ æрмæгæй дæр дзурæг сты дзыллон царды уавæртыл, дзыллон фарны хæрзтыл, цины æмæ масты, фыдæх æмæ уарзты бындуртыл æвæрдæй. Улæфынæй куысты онг фыдæлтæ иугæндзонæй тырныдтой ирон фарны хæрзтæн дзуапп дæтгæйæ, æмæ зын равзарæн у, зарæг æмæ хъарæгæй, кафын æмæ уадындзæй цæгъдынæй кæцытæ раздæр фæзындысты, уый. Фæлæ райдайæнæй фæстæмæ æмдзу кæй кодтой мингай азты, уый дызæрдыггаг нæу. Кафын æмæ зарын чи нæ зыдта, ахæм адæймæгтæ уыдаид алы заманты дæр, фæлæ æмткæй райсгæйæ, зарыны æмæ кафыны миниуджытæй хайджын адæмтæн уыди æнцондæр кусæн æмæ цæрæн, хæцæн æмæ зынтæн фæразын.

Иу æмæ дыууæ хаттæн не ’рцыдысты сæфты уавæрмæ нæ рæстаг фыдæлтæ сæ бирæ фыдгулты ахæсты хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæйы фæндæгтыл, фæлæ та-иу, тыгъды быдыры цагъды уæлдæйттау, тугхъулæттæй æрбамбырд сты уадындзы сидæн хъæлæсмæ, хъисфæндыры уæлмонц зæлтæм æмæ-иу сæ ныфсыл ныфс æфтыди, сæ тыхыл тых.

Уæды ирон фæлтæртæн Уазы Бæгъатыртимæ Ацæмæзтæ æмæ Хъуыбадытæ уыдысты цæрæнбонтæм мысинаг.

Баулæфынæй кусынмæ, кусынæй баулæфынмæ тырныдтой Иры рæзгæ куырыхон хистæрты фæзмгæйæ. Ахуыры, рæзты фæндагыл цæугæйæ ирон зарджытæ æмæ хъарджытæн, цæгъдтытæн æмæ кæфтытæн уыди сæхи сæрмагонд дзыллон мидис, хуыз æмæ нысæнтте. Ирон удхъомысы хæрзтæ дзурæг сты нæ фыдæлты дзыллон цæсгомы ахадæныл. Не ’гъдæутты æмæ нæ бæрæгбæтты равзæрды хуызон, нæ фæндырæй цæгъдтыты æмæ кафыны хуызты дæр барынц сыхаг адæмты дæсныйæдтимæ нæ уæрæседзау æмæ гуырдзыдзау «ахуыргæндтæ», æмæ ирон тымбыл кафты рахуыдтой хъулгъайаг, хонгæ кафты — кæсгон, симды — гуырдзиаг самайа, Уастырджийы бæрæгбон — гуырдзиаг Горгоба, Атынæджы Атенгеноба куыд рахуыдтой, афтæ. Гуырдзиаг адæм дæсны уыдысты зарынмæ, фæлæ кафын базыдтой фæстагмæ ирон адæммæ кæсгæйæ. Симды хуызмæ ницы бар дардтой, фæлæ сахуыр сты сæ хицауад фыдæй фыртмæ хиуарзонæй архайын æмæ сæхиуыл банымайынц сыхаг адæмты удхъомысы хæрзты.

Ирон симд равзæрди мингай азты дæргъы ирон уæзæгыл æмæ æвдисы куыд сабыр царды дзыллон иумæйаг хæрзты, афтæ тыгъды заманы тохы нысæнтты, æмæ йæ уымæн æххæст кодтой уæлахизы бонты Уæс Бæгъатырты заман æддæгуæлæйæ кафгæйæ.

Ирон кафты æппæт хуызты амонæг уыди нæлгоймаг, æмæ сылгоймаг æмбал æнæ уæлдай митæй, ныхæстæй æххæст кодта уæзданæй уый бардзырд уæнгты æзмæлдæй. Цыфæнды дæсны куы кафыдаиккой нæлгоймаг æмæ сылгоймаг, уæддæр сын æхсæны домæнтæ уыдысты æххæстгæнинаг. Уæлдай сонт митæй, худынтæ æмæ ныхæстæй æгад кодтой сæхи, сæ бинонты, сæ мыггæгты. Ирон кафты сæйрагдæр миниуæг уыди аив сирын, æмæ цас раст сирдтаиккой, уыйбæрц тынгдæр ахадыдтой нæлгоймаг æмæ сылгоймаг адæмы цæсты.

Кафыдысты иугай, дыгай къæйттæй, æмæ тымбыл кафтæн йæ фæстаг — дыккаг хай уыди хонгæ кафт. Тымбыл кафты фæндыры цагъдмæ хъазты фæсивæд заргæ нæ кодтой, лæууыдысты фæйнæфарсæй. Зарыдысты хонгæ кафты фæндыры зæлтæм, æмæ аивæй хъуыстысты лæппуйы æмæ чызджы бæллиццаджы хъуыдытæ кæм æмхуызон райгондæй, кæм та гæзæмæ ныхмæвæрдæй, быцæуæй:

 

Сау хохы бын мын сау суадон, ой!

Сау суадон Сау хохы бын, ой!

Гъы, тæхуды, уымæй баназ, ой!

Уымæй баназ ацы рæвдзæй, ой!

 

Сау рæсугъдæн — сау цæстытæ, ой!

Сау цæстытæ сау рæсугъдæн, ой!

Ехх, тæхуды, ды кæмæй дæ,

Ды кæмæй дæ, ды кæмæн дæ, ой!

Бурдзалынгæн — бур æрфгуытæ, ой!

Бур æрфгуытæ, цъæх цæстытæ, ой!

Ехх, тæхуды, уый кæмæй у, ой!

Уый кæмæй у, уый кæмæн у, ой!

Барвитæм сæм минæвæрттæ, ой!

Минæвæрттæ ацы рæвдзæй, ой!

Уæ мæ хуртæ, уæ хæлæрттæ, ой!

Уæ хæлæрттæ, уæ æмбæлттæ, ой!

 

Хорз фидыдтой ирон хъазты ныхмæвæрд бæллицтæ дæр лæппуйы æмæ чызджы къуызгæ хъæлæстæй:

 

Лæппу:

 

Уæд та мын равдис дæ дыууæ цæсты,

Дæ дыууæ цæсты, дæ дыууæ ’рфыджы, ой!

Чызг:

Цæмæн дæ хъæуынц мæ дыууæ цæсты,

Мæ дыууæ цæсты, мæ дыууæ ’рфыджы, ой!

Бон хуры рухсмæ цæхæртæ калынц,

Æхсæв мæйрухсмæ къуызгæ уайсæстæй.

Лæппу:

Дæ бонæй мын уай,

Æнайы буц чызг, —

Уæд та мæм бахуд фæлмæн мидбылты,

Фæлмæн мидбылты æнæ ныхасæй!

Чызг:

Цытæ мæ домыс, цытæ дæ хъæуы,

Нанайы хъалхаст æнæрцæф лæппу?!

Кафагæй зараг хæдзар нæ дары,

Хæдзар нæ дары адæмы уагыл!

Лæппу:

Цæмæн мæ ’фхæрыс, Æнайы буц чызг,

Цытæ мыл мысыс æнæнхъæлæджы?!

Мæхи къухтæй дын хæдзар ыскæндзæн,

Хæдзар ыскæндзæн æмæ фæллæйттæ.

Чызг:

Хæдзар-хæдзар мын кæдæй фæкодтай,

Фæлæ кæркдон дæр нæма сарæзтай!

 

Фыдæлты цæгъдтыты æмæ зарджыты хуызтæн банымайæн дæр нæй, æмæ сæ хъуыды зынæй бамбардзысты ныры магуса кæстæртæ, фæлæ дзы уæддæр «Онайы», «Алайы» зарджыты номæй зæрдыл æрлæууын кæнæм фæзмæн кæфтыты æмæ зарджыты ныхæстæ дæлимонты-хæйрæджыты тыххæй. Чындзхасты заман тымбыл симды нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты хистæр фæлтæртæ кæрæдзийы къухтыл хæцыдысты, афтæмæй хъазты амонæг дзырдта-амыдта, симды лæуджытæ та фæлхат кодтой йæ ныхæстæ симды уаг рогæй-рогдæр кæнгæйæ.

 

Амонæг:

Ори æмæ уæрирæ, симды фæрнæй хъусджытæ!

Уæ царæнбон уæд бирæ, симды фæрнæй хъусджытæ!

Рахисмæ дæр — тымбыл симд, галиумæ дæр — тымбыл симд.

 

Дарддæр нымадта хæйрæджыты нæмтты:

 

Зылынуачъи дæлæсин, æздыхтгуыбын уæлæсин,

Æлвыдбецыкк Мысырхан, фæстæмæкъах Косерхан,

Хъуынджынбæрзæй Дуртула, æдылыбын Куртула,

Бынысдæрдты Куыройкъах, сыдæймæрдты Æссадхъус,

Сæр уæ бахъуыд ныр симды,

Сæр уæ бахъуыд ныр кафты!

Ацæгъдæм сын сæ рыгтæ,

Авзарæм сын сæ сыгтæ!..

 

Уыцы уагыл симды лæуджытæ цармæ æппæрстой фысымты хистæрты.