Ирон барæджы æмæ уазæджы æгъдау

Фыдæлты заманты ирон адæм арæх цыдысты фæндагыл кæм фистæгæй, кæм бæхтыл, æмæ дзæвгар ахадыдтой бынатæй фæндагмæ фысымты, уазджыты лæггæдтæ. Раззаг сæргæндты дзырдтам фынгæвæрды кад æмæ радыл куыд хæринаджы, афтæ нозты хуызтæй дæр. Цыбыр ныхасæй, алы фæндаггон-уазæг дæр æфтыд ирон хъæубæстæм Хуыцауы уазæджы номæй, фæлæ йæ бацыды æмæ рацыды хуызтæ уыдысты дзæвгар кæм фæзминагæй, кæм та фауинагæй.

Уыди фистæг фæндаггæттæ æмæ бæхджын фæндаггæттæ алыхуызы ифтындзæн, бæттæн æмæ хæссæн мадзæлттимæ. Сæргътæ хæрджытыл дæр æвæрдтой, æмæ ныхасæн баззад, хæрæгæн — чъиппа (дзуарæвæрд хъæдын хъилтæй конд уæргътæ хæссынæн). Уыди уæрдоны, дзоныгъы ифтыгъд бæхтæн гыццылдæр сæргътæ хъæдырмæгæй конд бинаг фæлмæн æфтаугæтимæ. Фæлæ саргъы бæхæн, рогдæр дугъон бæхæн арæзтой бадæн саргъ равзаргæ хъæдырмæг æмæ сæракæй, мæстæг гæрзытæй. Ахæм ирон бадæнсæргътæ арæзтой сæрмагонд æрмадзты ирон саргъгæнджытæ, æмæ сæ дæсныйад зындгонд уыди сыхаг адæмтæн дæр.

Ирон бадæнсаргъæн уыди саргъыкъуыдыр фидар хъæдæй, баз фæлмæн сау кæнæ бур думæдан сæракæй. Саргъæн — æртæ æлвасæны мæстæг гæрзæй æвзистæй кæнæ æрхуыйæ конд аргъæвджытимæ. Саргъæн уыд дыууæ гоппы дыууæ нахæтбосимæ, дыууæ æгъдынцойы, иу мæргъгæ æмæ иу дымитонг алтындзыхъы æвзистæй конд ныхыдзуаримæ. Саргъы бæхæн йæ идон дæр арæзт уыд фæлмæн мæстæг гæрзытæй æвзистæй конд аргъæвджытимæ æмæ æндонæй арæзт æзгъæллаггом дзыхы дарынæн.

Ирон барæгæн уыди ирон фæлыст къахæй сæрмæ, æмæ сыл дзырдтам раздæр. Ирон фæлыстæн уæвæн уыди ног æмæ дæрдджын, фæлæ æмхуызон сыгъдæгæй, æфснайдæй хуыздæр фидыдтой. Хурбонты уæйлаг нымæт тымбыл тыхтæй бастой саргъы фæстаг нахæтбосыл, уаргæты уæйлаг нымæты дардтой уæнтыл, æмæ йæ быны нæ зындысты барæджы хæцæнгæрзтæ: хъама æмæ æхсаргард, стæй ливор...

Саргъы бæх фидыдта сæрдæй-зымæгæй, хурæй-къæвдайæ сыгъдæгæй, æмæ йæ сæрдыгон арæхдонæй æхсадтой-надтой, зымæг æй митимæ сæрфтой цъылынæй æмæ хъисæй конд дзаумæттæй. Уыцы уагыл саргъы бæх барæгæй фидыдта, барæг — саргъы бæхæй нæ фыдæлтæн, æмæ уымæн баззад æмбисондæн сæ ныхас: «Барæг — бæхæй, бæх — барæгæй!»

Ирон барæгæн бæрæгæй зындысты дарæсы, гæрзты хастимæ йæхи дарыны хуызтæ куыд цины, афтæ зианы боны дæр, куыд сабыр царды, афтæ тыгъды-хæсты уавæры дæр. Барæджы хæстæ зынæй æххæст кодтой адæм, æмæ сæм алчи нæ арæхсти. Уыцы уавæр Къоста хæрз цыбырæй загъта:

 

Æз топпæй нæ хъазын,

Æз барæг нæ дæн:

Æхсаргард ысласын

Мæ бон нæу мæнæн...

 

Афтæмæй Къоста бæхыл бадынмæ арæхсти йæ ирон фæлысты фидауцджынæй, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсти, афтæ, фæлæ ма дзы ирон барæгæн хъуыди хæцæнгæрзты арæхст дæр, æмæ уыдон хъамайæ æхсаргардмæ бабаты-дадаты даллыгæнæнтæ — хъазты æмдзæгъдгæнæнтæ нæ уыдысты. Сабыр царды æвдыстой барæджы фидыц, нымд æмæ хиуыл хæст тых, хæсты заман та уыдысты фыдгулты тугкалæнтæ, дзыллон бартæ хъаггæнджытæ...

Уазæг цыди ирон хъæумæ дыууæ хуызы: иу хуызæн бынтон æнæзонгæйы уагыл, иннæ хуызæн — хæстæджы, зонгæйы фæдыл, æмæ дыууæ уавæры дæр æфтыдысты хъæубæсты иумæйаг ныхасмæ, уырдыгæй та бæрæг фысыммæ. Фæрнджын хъæубæсты уазæг ныхасы нæ баззадаид æнæ «фысым нæм бакæ» зæгъæгæй. Фæлæ уыди Ирыстоны кæмтты иугай хъæутæ, уазæгæн зымæджы тымыгъы дæр «мидæмæ рацу» чи нæ дзырдта.

Уазæгæн цæхх-кæрдзын дæттын нымад уыди фæрныг ирон бинонтæн кад æмæ радыл цыфæнды мæгуыр рæстæджы дæр. Бинонты хъуагæй ирон фæрнджын хæдзар йæ уазæгæн фæстаг къæбæр бахæрын кодтаид.

Ацы рæнхъытæ фыссæг хъусæггаг æмæ мысæггагæй нæ дзуры: иу æмæ дыууæ хатты нæ ахызти æфцгуытыл цæгатæй хуссармæ æмæ федта алы кæмтты фысымæггады хæрзтæ дæр, уаззæггады катæйттæ дæр. Уыди ахæм хицæн хъæутæ кæмтты, æмæ зымæгон тымыгъы уазæджы йæ хæдзармæ ничи бауагътаид...

Ирон кусæг адæммæ уазæгæн сæрмагонд уазæгдонтæ нæ уыди. Мыхуыры «уæздандæр» мыггæгты номыл цы райдзаст уазæгдæтты тыххæй фыстой ирон адæмы цард иртасджытæ, уыдон хаудтой кæнгæ уæздæттæм æмæ æрцæуæг æлдæрттæм, æмæ сын ис социалон ахаст уæлбарады, дæлбарады фæлгæтты æвæрдæй...