Рæстæджы нымад 1 страница

Рæстæджы нымады мидис æмæ хуызтæ дæр æнгом баст цыдысты дины, уырнынады кæнонтимæ, алыварсы æрдзы скондимæ, дунейы æмбарынадимæ. Иу аз сын уыди даргъ, иннæ — цыбыр мæйнæуæг æмæ мæйзæронды бæрæггæнæнтæ бæстон хынцгæйæ. Уыйадыл æрдзон хуызивæнты бындурыл афæдзы уыди цыппар афоны — зымæг, уалдзæг, сæрд æмæ фæззæг. Алы афонæн дæр — æртæ мæйы. Дыууадæс мæйæ авды уыди фæйнæ 31 боны, цыппары — фæйнæ 30 боны, иу мæйы (комахсæны) та цыбыр азы нымадтой 28 боны, даргъ азы — 29 боны. Мæйты ахастæн барæн уыд цыппар къуырийы — 28 боны иу мæйнæуæгæй иннæ мæйзæрондмæ. Иннæ бонты мæй нал фæзыны куы дыууæ æхсæвы, куы æртæ.

Мæйтæн æрдзон хуызивæнтæм кæсгæйæ лæвæрдтой сæрмагонд нæмттæ: тъæнджы мæй (январь), комахсæн — æртхъирæны мæй (февраль), тæргайгæнæг мæй (март — мартъи), сыфтæрæфтауæн мæй (апрель), хуымгæнæны мæй (май), хурхæтæны мæй (июнь), сусæны мæй (июль), атынæджы мæй — цыргъисæны мæй (август), рухæны мæй (сентябрь), сыфтæрæзгъалæн мæй (октябрь), ичъынайы мæй (ноябрь), цыппурсы мæй (декабрь).

Мæйты нæмттæ нæ фыдæлтæн амыдтой комкоммæ зæххы æмæ фосы куысты хуызты æрдзон хуызивæнтæм, фæлæ уыцы бындурон нысæнтты ныры ирæттæ байрох кодтой, æмæ ныссуйтæ сты куыд мæйтæ, афтæ бæрæгбæттæ дæр ног нымадæй зæронд нымады астæу...

Афæдзы рæстæджы нымад иннæ адæмтæм дæр ис, фæлæ сæ ирон нымадимæ куы абарæм, уæд кæмдæрты сты халдихæй æмхуызон, кæм та бынтондæр — фæйнæ хуызы. Зæгъæм, уырыссагау æмæ иронау фылдæр фæлхат кæнынц кæрæдзи, æмæ дзы чи раздæр фæзынд, уый бæрæг нæй мыхуыргонд этнографион æрмæджыты: афæдз, аз — год, зымæг — зима, фæззæг — осень, уалдзæг — весна, сæрд — лето, мæй — месяц, къуыри — неделя, бон — день, æхсæв — ночь, къуырисæр — понедельник, дыццæг — вторник, æртыццæг — среда, цыппæрæм — четверг, майрæмбон — пятница, сабат — суббота, хуыцаубон — воскресенье. Уыцы дзырдтæ сæ арæзт æмæ мидисæй æмхал кæмыты сты, уыдон нæ дзæвгар хъуыдытыл æфтауынц: кæнæ дыууæ адæмæн дæр уыди иу бæстывæрд рагзаманты, кæнæ бирæ рæстæг сыхæгтæй цæргæйæ кæрæдзи фæзмыдтой, æмæ сæм уыди æмхуызон хъуыдытæ, дзырдтæ. Гъе, фæлæ дзæвгар ныхæсты-дзырдты кары нысæнттæ ирон æвзаджы сты бирæ рагондæр. Дзырд «воскресенье» фæзынд уырыссаг адæммæ Чырыстийы «райгасы» уавæрмæ комкоммæ амонгæйæ, ирон «хуыцаубон» та баст у сфæлдисæджы хъомысимæ. Уыйадыл дзырд «хуыцаубон» ирон хъæлæсæй фехъуысти дзæвгар æнустæ раздæр. Дзырд «майрæмбон» фæзынд ирон адæммæ чырыстон дины тæвагæй, æндæр нымад уыди мæрдты номыл барысчъи дарынæн: ногмæрдджын сылгоймæгтæ нæ хуыдтой уыцы бон. Сабаты нымадтой мæрдты боныл æмæ нæ куыстой. Майрæмбоны дардтой барысчъи, æмæ йæ дыккаг æрдæг хаудта сабатизæрмæ, сабаты дыккаг хай та нымад цыди хуыцауыхсæвы изæрыл. Уыйадыл къуырисæры дард балцы ничи цыди. Куысты бонтыл нымадтой къуырисæры, дыццæджы, æртыццæджы æмæ цыппæрæмы. Уыдонæй Уастырджийы бонтæ уыдысты дыццæджы æмæ цыппæрæмы, стæй фæндагыл дæр цыдысты хуыздæрæн уыцы бонты.

Ныры «ног ирæттæм» ирон дины амындтæ зынгæ дæр нæ кæнынц, æмæ уымæн райдыдтой чызджытæ æрвитын, чындзытæ хæссын мæрдты бонты — сабатбонты...

Рæстæджы ног нымад зæронд нымадæй цæуы æртындæс боны раздæр, æмæ уый нæ хынцгæйæ ныры «иртасджытæ» арвистонау сæмтъеры кодтой ирон бæрæгбæтты афонтæ. Уыйадыл ирон адæм сæйрагдæр бæрæгбæтты дæр кæнын райдыдтой хъæуæн æмæ комæн хицæн афонты. Зæгъæм, Уастырджийы кувæн къуыри кодтой фыдæлтæ цыппурсы размæ, æмæ Уастырджийы изæрæн уæвæн нæ уыди 18-æм ноябрæй раздæр ног нымадæй.

Ногбоны уавæр дæр уыди бæрæг æхсæвтæ æмæ бонтыл баст: нæдæр майрæмбоны, нæдæр сабаты кодтой æртыгай кæрдзынтæ кувынæн. Хæдзарæй-хæдзармæ, хъæуæй-хъæумæ хонынæн дæр уыди сæрмагонд бонтæ æмæ изæртæ...

Зæгъæм æрмæстдæр дыууæ сæйрагдæр бæрæгбоны кæныны тыххæй ныры царды уавæрты. Уастырджийы бонтæ райдайынц къуырисæры изæрæй (йæ мидисыл раздæр ныхас кодтам), æмæ у бинонты иугæнæг бæрæгæхсæв. Хъуамæ алы хæдзары бинонтæ дæр уыцы изæр сæ кувинаджы хæрзтæй сæхæдæг аходой æнæ уæлдай цæуджытæй, уазджытæй. Суанг дыууæ æфсымæры дæр фæрсæй-фæрстæм хибарæй цæргæйæ сæ бæрæгбоны уаг кодтой хицæнтæй.

Ногбоны, ногазы æгъдау дæр дзурæг уыд бинонты иумæйаг уагыл, æмæ рæстмæдæрæн йæ изæр æййæфта кæнæ къуырисæры, кæнæ дыццæджы, цыппæрæмы, хуыцаубоны хурныгуылды размæ, куывдтæ та кодтой дыццæджы, æртыццæджы, цыппæрæмы æмæ хуыцаубоны аходæнæй фæстæмæ...

Ныры ирон адæм бæрæгбæтты мидис æмæ ахаст нал æмбарынц, афтæмæй сын фесты бирæ хæрд æмæ нозты аууон. Уымæй дæр лæгтæ сæхæдæг зилынц хæдзæрттыл, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ аззайынц рохуаты... Бæрæгбæтты номыл нывондæгтæ ничиуал хæссы æмæ æргæвды, стæй хæстæг дзуæртты бынтæм дæр кусарты физонæг æмæ кувинаджы хæрдзтæ ничиуал хæссы, афтæмæй хъæр кæнæм «Оммен Хуыцау!», фыдæлтæ дæр афтæ кодтой, зæгъгæ...

Зианы-марды бæрæгбæттæн дæр зыдтой фыдæлтæ бæрæг мидис æмæ хуызтæ бæрцыл нымадæй. Дзырдтам сыл хицæн сæргонды бæстондæр.

Ам та кæронбæттæны хуызы æмбæлы цыбыр хатдзæг скæнын. Фыдæлты сыгъдæг фарныхæрзтæн аккаг аргъ цы бинонтæ, мыггæгтæ кодтой, уыдон сæ марды бæрæгбоны нæ баныгæдтаиккой, уæлдайдæр хуыцаубоны, цыфæнды дардæй хæсгæ-ласгæ куы уыдаид, уæддæр. Цæргæ дæр — кад æмæ радыл, мæлгæ дæр. Сæрыстыры нысæнттæ кæддæриддæр уыдысты сæ ирвæзынгæнæг, сæрбæрзонды хæрдзтæ — сæ сафæг. Сæрыстыр — иугъæдоны куыстуарзон æмæ цæрдхъомæй, намысджын æмæ æууæнкджынæй, уазæгуарзон æмæ кæрдзындæттонæй.

Сæрыстыры нысæнттыл дзурæг уыдысты сæ армæйконд бынтæфæллæйттæ æмткæй, фæлæ уыдоны астæу бæрæг уæлмонцдæрæй зындысты сæхи конд кусæн æмæ хæцæнгæрзтæ: фарсылдаргæ фæлахс кард æмæ хъама, фат æмæ æрдын, æхсаргард æмæ цирхъ, арц æмæ уарт, такъа æмæ згъæр хæдон, хъæдын мысалгъ æмæ хъисын архъан, дурæхсæнтæ æмæ хæстон фæрæттæ, ерæдзыптæ æмæ хъыримæгтæ, ливортæ æмæ дамбацатæ, фæдисмæ сидæн уадындзтæ æмæ хъумбалатæ.

Ирон адæмы хæстон хъомыс æмæ дæсныйады фæдыл бирæ æрмæг ис мыхуыры фæрстыл алы заманты, æмæ сæ фæзминагдæр миниуджытæй иу уыд уæлдай бæллиццагдæр: сабыр царды дæр æмæ хæсты бонты дæр сæхиуыл хæцын фæрæзтой, гæрзтæй нæ хъазыдысты, цыфæнды мæстджынæй дæр зыдтой хатыр кæнын. Хъама, æхсаргард кæрддзæмæй сласын, куыдфæндыйæ масты фæдыл цæугæйæ, нымадтой æгады гаккыл, фæлæ сласгæйæ та æнæ туг ныккалгæ нæ фæуыдаиккой...

Дзыллон сæрыстыры хъомысæй нымд кодтой зæххы раттинæгтæн æмæ Хуыцауæй сомыгондæй ард хордтой сыджытæй, нымадтой зæххы сæ дарæгыл, хуры сæ тавæгыл. Афæдзы цыппар афонмæ амыдтой зæххы æмæ хуры хуызивæнтæм лæмбынæг кæсгæйæ, æмæ сын цыппар афонæн уыди цыппар хурхæтæны, уыдоныл æнгом бастæй — сæрды æртæ тæвды æмæ зымæджы æртæ карзы. Æппæт дæр æрдзон-гуырдзон уагыл... Æрдзон уаг æмæ фæткыл кодтой цины æмæ зианы бæрæгбæттæ æнæ уæлдай мысæггаг хæрзтæ, хæрдзтæй...

ИРОН ЦИНЫ ÆМÆ ЗИАНЫ БÆРÆГБÆТТÆ

Ирон цины æмæ марды-зианы бæрæгбæтты мидис æмæ хуызыл бæрæг хуыздæрæй зыны сæ уырнынады, дунейы æмбарынады ахаст нæ фыдæлтæн. Уыди сын рагæй-æрæгмæ иу дин, иу уырнынад, æмæ йæ æмхуызонæй хуыдтой Хуыцауы дин, Хуыцауы уырнынад.

Бæрæгбæттæ баст цыдысты куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр афæдзы цыппар афоны дæргъы зæххы æмæ фосы куыстытыл сæ бæркæдтимæ. Афæдзы ис дыууадæс мæйы, уыдон дихтæ кодтой цыппар æмхуызон афоныл: фæззæджы, зымæджы, уалдзæджы æмæ сæрды æртыгай мæйтыл. Цыппар афонæн нымадтой цыппар хурхæтæны æмæ уыйбæрцытæ та сæрды тæвдтæ æмæ зымæджы хъызтытæ. Уымæй уæлдай фыдæлтæ хорз æмбæрстой мæйы ахаст дæр: уыди алы мæйы цыппар къуырийы æмæ иу мæйнæуæг, иу мæйзæронд. Гъемæ мæйнæуæг æмæ мæйзæронд нымайгæйæ зыдтой афæдзы даргъ æмæ цыбыр хуызты...

Дыууæ хуызы бæрæгбæттæн дæр уыди фыдæлты уагыл бæрæг фæтк зæронд нымадæй. Ног нымадæй зæронд нымад цыди æртындæс боны фæстæдæр, æмæ мæймæ кæсгæйæ нæ рæдыдысты бæрæгбæтты афонты.

Уæлдæр ма йыл дзырдтам: къуырийы бонтæй алцæмæн дæр уыди йæхи ахаст цины æмæ масты уагыл. Цины хъуыддæгтæ марды бæрæгбонты ничи кодта ирон динылхæцæг адæмæй. Ныры ирæттæ ныссуйтæ кодтой бæрæгбæтты мидисимæ сæ афæтты ног нымадмæ кæсгæйæ, æмæ арвистонау сæмтъеры сты. Уыцы иухуызон ихсыд хъуыдытæй амонынц ныры ног ирæттæ бæрæгбæтты хардзмæ хæринагæй нуазинагмæ. Уæлдай сын нæу: алы бæрæгбæтты фынгæвæрдæн дæр — æртæ кæрдзыны, физонæг, арахъ, бæгæны цины уагыл, зианы уагыл фынгыл æвæрын райдыдтой æнæ уæхстыл физонæгæй æппæт хæринæгты æмæ нозты хуызты алы дыргътæ, халсартимæ. Зианы фынгты заман ма фæндыры æмæ зарæджы зæлтæ нæ фæхъуысынц, æндæр куывдæй, чындзæхсæвæй ницæмæй фæхицæн кæнынц... Гъемæ уыцы ног фæтк ирон адæмæн у судзаг мардæрцыдæй фыддæр сыхаг адæмты астæу хицæй æппæлгæйæ: «Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты... Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты стырæй, чысылæй», — фыста Къоста хъыгзæрдæйæ, фæлæ йæ ирон фæлтæрты цæлуарзаг минæвæрттæ банымадтой, аивады тых æзгъуыммæты кæнгæйæ, райгонды цауыл... Уыйадыл уæлмæрды арфæгæнæг сæрыстырæй фæзæгъы Къостайы ныхæстæ, æндæр уыцы рæнхъытæн сæ мидис дзурæг у ныры мæрдтæм хуынты æмæ æмбæлтты æгады цаутыл...

Фыдæлтæ стыр нымадæй цины бæрæгбæттæ кодтой фæд-фæдыл ахæм хуызы: Уастырджийы бонтæ (Джиуæргуыба) æххæссыдысты æнæхъæн къуыри иу хуыцаубонæй иннæ хуыцаубонмæ. Ног нымадæй Уастырджийы зæхмæ æрхизæн рæстæгæн уæвæн нæ уыд 18-æм ноябрæй раздæр. Уастырджийы æрхизæны размæ хуыцаубоны хуыдтой фыдæлтæ галæргæвдæн хуыцаубон, къуырисæры — йæ изæр, дыццæджы — йæ бон, стæй йæ номыл куывдты бадæн рæстæджытæ хаудтой æртыццæгмæ, цыппæрæммæ, майрæмбонмæ сихоры онг, сабаты изæрæй, стæй хуыцаубоны уыди йе ’рвитæн. Уастырджийы изæрмæ ирон лæг тындзыдта дард балцæй йæ бинонтæм, æмæ сæйрагдæрæн уыди бинонты, сыхты, хъæуты цæрджыты иугæнæн бæрæгбон. Йæ номыл хастой мидæгдон æмæ холлагæй хуыздæрæн нæлсæгътæ дзæбæхгондæй æмæ нæлфыстæ. Æргæвстой сæ къуырисæры изæрæй æмæ хæстæг дзуары бынмæ цыдысты кувынмæ изæры рухсæй. Дзуарыбыны кувинаджы уыди æртæ æртæдзыхоны кæнæ æртæ уæливыхы, кусарты физонæг бæрзын уæхстыл кондæй-фыхæй, нозтæн къуымæл, бæгæны кæнæ арахъ. Цыфæнды тымыгъ куы кодтаид бæстæ (хæхты уыцы афон мит арæх уарыд), уæддæр куывды уагыл гомсæртæй кувæг лæгтæ æртæ сидты фæкодтаиккой, сахуыстаиккой кувинæгтæй бæркады равгæй, стæй алы куывддоны тæбæгъы дæр хастой хæдзæрттæм фæстæмæ кувинаджы хæйттæ бинонтæн... Уастырджийы æхсæвы кувинæгтæ уыдысты афтид бинонты бар. Дыууæ хæрзæфсымæры уыцы изæр кæрæдзимæ нæ цыдысты, æрвыстой сæ рæстæг бинонтимæ фынгæвæрды уагыл...

Уастырджийы боны, дыццæджы, алы хæдзар дæр цæттæ кодта кувинаджы фынг ногæй æмæ уæдмæ хæрзарыдæй фыхтой нывонды сæр, къæхтæ æмæ иннæ фыдызгъæлæй бæрзæй, уæн, фæрсчытæ, сгуы, базыг, физонæг, стæй фысы кусартæй — фæхсын-къæдзил нозты хуызтимæ.

Уастырджийы бонты цыдысты хуындты хæдзарæй хæдзармæ æмæ кодтой алыхуызы кæфтытæ, зарджытæ...

Цыппурс. Цыппурсы размæ ирон хъæубæстæ кодтой къусбары куывд, æмæ хаста къуырийæ"фылдæр бæгæны фыцгæйæ. Къусбары куывдæн зад æмбырд кодтой куывддоны сæрыл сæрмагонд къусæй баргæйæ, æмæ къусбары куывд дæр уымæн хуынди. Алы æфсин дæр райгондæй архайдта фылдæр зад раттыныл сиæхсты, хæрæфырт лæппуты номыл, æмæ-иу зад бабирæ. Диссаг уыди къусбары бæгæны фыцыны уаг, дзырдтам ма йыл раздæр. Къусбары куывдæн кусæрттаг æлхæдтой иумæ. Къусбары куывдты сидтытæ цыдысты фæд-фæдыл, æмæ уыдоны астæу бæрæгдæрæй зынд фыдæлты номыл гаджидау лæугæйæ кувгæйæ. Нуазæнтæ нуæзтой лæугæйæ. Бæгæны нуазынæн дардтой зырнæйзылд дзагыстæттæ æмæ сæ фæснызт æппæрстой сыхырнатæм. Къусбары куывды уырдыг лæууыдысты карджындæр лæппутæ.

Цыппурсы мæй дзырдарæзтæй у цыппар урсаг æмæ сойаг хæрæн рæстæг. Уæд хордтой арæхæй фыдызгъæлы æмæ урсаджы хæринæгтæ, æмæ йын куыдфæстагмæ чырыстон æмæ пысылмон динты хæлиугæнджытæ ныссуйтæ кодтой йæ уагæвæрд. Цыппурсы мæйы æргæвстой сæрмагонд хæсгæ нывæндтæ, къахтой царвы хъуыраутæ, хордтой фысты æхсырæй ахст сойджын бурбын цыхтытæ...

Цыппурсы мæйы (декабры) фæстаг къуырийы æртыццæг æхсæвы уыди алы ирон бинонтæн дæр бæрæгæхсæв — Бынатыхицауы æхсæв, æмæ иутæ кодтой фосæй кусарт, иннæтæ Бынатыхицауы номыл туг уагътой кæрчытæй, æмæ уыдоны фыдызгъæл, æртæ уæливыхы æмæ къуымæл уыди кувинаг бинонтæн æнæ уазæгæй, æнæ сыхагæй... Бынатыхицауы кувинæгтæй хæдзары хицау ардта сæ мæрдты нæмттæ дæр. Бынатыхицауæн рагацау кодтой нывæндтæ зæддаг фосæй, æмæ сын сæ цоты æнæниздæрты æргæвстой уыцы изæр.

Бадæнтæ. Алы кæмтты бадæнтæ кодтой дыууæ хуызы: иу хуызы Ногбоны размæ ног мæрдджынтæ, иннæ хуызы Ногбоны фæстæ фыццаг къуырисæры. Ног мæрдджын бинонтæ, хæстæджытæ бадтысты æнæ уæлдай фынгæвæрдæй мæрдджын хæдзары æмбисæхсæвмæ æмæ алы уавæрты дзырдтой марды тыххæй цæвиттонтæ. Зæронд мæрдты тыххæй бадтысты карджын æмæ æрыгон устытæ хибæрттæй, æмæ-иу сæм рауади хъæлдзæг ныхæстæ дæр фыдæны цардыл хъуыды кæнгæйæ.

Ногбон, Ногаз. Нымад цыди афæдзы райдайæныл, афæдзы бæрæгбæтты сæрæвæрæныл. Ногазы изæрмæ, æхсæвмæ алы ирон бæлццонфæндаггон дæр тындзыдта йæ хæдзармæ цыфæнды уавæрты дæр кæм фистæгæй, кæм та бæхыл. Уастырджийы бонты хуызæн Ногбонтæ дæр уыдысты бинонты, сыхты, хъæуты, кæмтты цæрджыты æмбырдгæнæн райгуырæн уæзæгмæ — къонамæ. Суанг фæсарæнтæй дæр тындзыдтой ирон дарды бæлццæттæ сæ фыды хæдзармæ Ногбоны æхсæв.

Ногбонмæ бинонтæ архайдтой фæйнæ ног фæлысты скæнынмæ, зæрæдты æхсадæй, æмпъызтæй равдисынмæ. Ногбонмæ хастой сæрмагонд нывæндтæ нæлфыстæй, нæлсæгътæй æмæ сæ æргæвстой бæрæгбоны размæ изæр. Кусартæй фыхтой физонæг, кодтой цыхтæй уæливыхтæ, æртæдзыхæттæ, æвæрдтой сæ хъæдын тæбæгъы, æмæ сæ нæлгоймæгтæ хастой нозтимæ хæстæгдæр кувæндонмæ. Уырдæм цыдысты хъæубæсты лæгтæ сæ кувинæгтимæ. Хастой æвзист æртыгай суаритæ мысайнагæн æмæ сæ урс кæрдæйнаджы тыхтæй æвæрдтой дзуары къусчы кæнæ бæласы мæрайы.

Ногазы изæры дæр хъæубæсты лæгтæ мит сæ къæхтыбын надтой, фынгæвæрд кодтой кувинæгты æмæ цыфæнды тымыгъы дæр ардтой сæ Хуыцауы æмæ йе сконд зæдты нæмттæ куыд хистæрæй. Кодтой бæрцæй æртæ сидты, ахуыстой кувинæгтæй фæткыл æмæ сæ хæдзæрттæм здæхтысты дзуары кувинæгты хæйттимæ. Дзуары бын хойраджы къæбæр, стæджы схъис дæр ничи аппæрстаид... Дзуары кувинæгтæй хордтой хæрзаддæрæн сывæллонæй зæрондмæ...

Дзуары бынмæ кувинæгтæ хастой хистæр лæгтæ, фæлæ фондз-æхсæзазыккæттæ дæр цыдысты семæ æхсызгонæй...

Ногбоны æхсæв æхсæвæрæн фынгтыл æвæрдтой æртыгай уæливыхтæ æмæ къуымæл. Бадтысты бинонтæ дывæрсыгæй: нæлгоймæгтæ хæдзары рахис фарс, сылгоймæгтæ — галиу. Æхсæвæры фæстæ цæттæ кодтой ирон бинонтæ сæ Ногбоны фынгæвæрды кувинæгтæ: æртхурон æмæ æртæ æртæдзыхоны, уæливыхтæ æмæ дедатæ — басылтæ, æртхуронæн фосыконд хыссæйæ: æртхуронæн сæрмагонд стыр фыр, стæй къаддæртæй фыстæ æмæ сæгътæ, сæныччытæ æмæ уæрыччытæ, родтæ æмæ сæфтæгджын сырдтæй — сагтæ, дзæбидыртæ, сычъитæ. Æртхуроны фосыкондыл архайдтой нæлгоймагæй сылгоймагмæ дæсныдæртæ, æмæ сæм фæзмæгау райгондæй сывæллæттæ сæ хъус куыннæ дардтаиккой, хибарæй гыццылдæр арынджы фарсмæ бадгæйæ, лæугæйæ хыссæйæ чъыссæ гуылтæ кæнгæйæ.

Ногбоны къæсæрыл ирон бинонтæ бæллыдысты сæ фидæны хуыздæрмæ: фосы фылдæр цотмæ, бинонты фылдæрмæ, тыллæджы æрзадмæ, усгуртæ æмæ чындздзонтæн — амæндтæм фынгæвæрды хæрзты кондæй.

Ногбоны фынгæвæрдæн цыдæриддæр хъуыди, уыдон цæттæгонд цыдысты фæсахсæвæрæй суанг æмбисæхсæвмæ: æртхурон, æртæ æртæдзыхоны, кусарты физонæг, æртыгай уæливыхтæ, æртхуроны стыр фыр, фысты æхсырæй ахст стыр гуымбыл, царвы гыццыл хъуырау, къуымæл.

Ногбоны бинонтæ æхсæвыцъæхæй стадысты, æмæ чындзытæ, чызджытæ хастой дон лæгæмбæлттимæ (арф миты) хи ныхсынæн, донызæдтыл бинонты бафæдзæхсынæн. Фосыл дæр зылдысты аходæны размæ, стæй хæрзæхсадæй, хæрзæфснайдæй кодтой ногбоны фынгæвæрды æгъдау. Бинонты хистæр къуымæлы къусæй куывта, ардта Хуыцауы, Бынатыхицауы, Сæрзæды, Хоры Уацилла æмæ Фосы Фæлвæрайы нæмттæ, фæдзæхста сыл бинонты сæ уарзон адæмимæ. Кувæггагæй ахуыста кæстæр, стæй къонайы фæлахс цыргъ кардæй лыг кодта кувæг лæг æртхурон арфæйы ныхæстимæ: «Рæстмæдæр чи алыг кодта йе ’ртхурон, уый æмбал мах дæр фæкæнæд Дунейы фарн! Фидæн абонмæ сæрæгасæй, куыстхъомæй бинонтæ фылдæр бауæнт. Цы кæрдихтæ уæм æрхауа, уыдон уын æнæнизы, амонды хос фæуæнт!»

Æртхурон лыггонд цыди æмхуызон хæйттыл бинонты нымæцмæгæсгæ. Уæлдай ма дзы цы уыдаид, уый та — лæппу хæрæфыртты номыл.

Æртæдзыхæтты лыг кодтой æртæрдыгæй, æмæ алы дзаджджыны дæр уади авд хайы, уыдоны æмгъуын астæуты æртæ хайы уарæг лæвæрдта карды цыргъ фындзæй исгæйæ сывæллæттæн. Æртхуроны хæйттæй иунæг мур аппарын дæр нæ фæтчыди, æмæ сæ алчидæр хордта арæхстгай...

Æртхуроны фынгæвæрды уыди сæрмагондæй æртæ уæливыхы æмæ къуымæл. Уыдоны хастой бинонты усгур лæппу æмæ чындздзон чызг фосмæ кувыны уагыл, фæдзæхстой сæ Фæлвæрайыл, Тутырыл, бæллыдысты сын уалдзæджы бирæ цотмæ æфсæстæй, хæрзхастæй. Кувинæгтæй хæрын æмæ нуазын кодтой фырытæн, цæутæн æмæ зæддæгтæн...

Ногбоны дæр, Уастырджийы къуырийы хуызæн, хъæубæсты адæм кæрæдзийæн арфæтæ кодтой аходæны фæстæ, стæй цыдысты хæдзæртты куывдтæм бæрæг уагыл, радыл. Хæдзары куывдæн кувинæгтæ кодтой ногæй: хæрзарыдæй, хæрзæхсадæй фыхтой нывондаджы сæр æмæ къæхтæ, кодтой æртыгай уæливыхтæ цалдæр æвæрдæн, уыдонимæ сивыры æвæрдтой фыдызгъæл хæрзфыхæй уæнггай, хайгай, нозтæн — къуымæл, арахъ. Бадтæн уыди иу сæйраг хистæр æмæ кæстæр, стæй хæдзары кæнæ сыхы лæппутæй уырдыглæууæг.