Рæстæджы нымад 2 страница

Ногбоны æгъдауы æмхуызонæй цыдысты адæм сылгоймагæй нæлгоймагмæ, сывæллонæй карджынмæ куыд кувинаджы уагыл, афтæ хъазтыты хуызты фæткыл дæр. Кодтой æппæт хъазты, зарды æмæ цагъды хуызты дæр. Мæйрухс æхсæвы бырыдысты дзоныгъты, къахкъæлæттыл суанг карджынтæ дæр...

 

Фиппаинаг. Ныры Ногбоны фæткæн налдæр уаг ис, налдæр бæрæг æгъдау... Сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ хибарæй аззайынц, лæгтæ куыдфæндыйæ зилынц хæдзæрттыл куыд изæрæй-æхсæвы, афтæ боны дæр, æмæ фæлгъуыды кæнгæйæ кувинæгты налдæр хуыз вæййы, налдæр ад. Фылдæр хæдзæртты бинонтæ дзуары кувинæгтæй хъæстæ дæр нæ фæвæййынц, афтæмæй сывæллæттæ æнæ æхсæвæрæй дæр бафынæй вæййынц... Ногбоны фыдæлты уагыл хъæзтытæн, зарджытæн, цины хъуыддæгтæн сæ кой дæр нал скæнынц, афтæмæй ныры арæх хæцæн-марæнгæрзтæй гуыпп-гæрæхтæн фæуæн дæр нал вæййы...

 

Зымæджы цины бæрæгбæттæй нæ фыдæлтæ ирон æгъдауы уагыл кодтой Доныскъæфæн, æмæ æййæфта Ногбонæй дыууæ къуырийы фæстæдæр зæронд нымадæй. Уæд хуыцаубоны дон скъæфтой сæумæцъæхæй чындздзон чызджытæ сæ хæдзæрттæм, стæй боны рæфтыл-хъармыл ног чындзы кодтой æмдзуарджынтæ донгуырæнмæ бæрæг æгъдауыл фæндыры цагъдимæ, арфæтимæ. Хæдзары та уыдаид гыццыл фынгæвæрд бæрæгбоны номыл.

Æртхъирæны мæйы — февралы уыдысты цины уагыл Нафы бонтæ:Стыр Наф — Иры дзыллæйы равзæрды бон, Гыццыл Наф та — хицæн мыггæгты равзæрды бон. Уыцы бонты кодтой алы кæмтты цæрджытæ фæйнæ хуызты. Уæлладжыры æмæ Туалгомы Стыр Наф æййæфта Доныскъæфæны фæстæ фыццаг сабаты, Гыццыл Наф — дыккаг сабаты.

Комахсæн хаста дæргъвæтин — дыууæ мæйы, æмæ уыцы рæстæг фынгæвæрды уагыл куысты бæркæдтæ иу кодтой удыгæстæ æмæ мæрдтæн. Æрдзон уагыл удыгæстæ ком дардтой сæ мæрдты номыл кæм сойаг æмæ урсагæй, кæм та халсартæ æмæ дыргътæй. Сойаг æмæ урсæгтæй комдарæн æххæссыди æртхъирæны мæйы фæстаг хуыцаубонæй суанг Куадзæнмæ — Комуадзæнмæ.

Комахсæны бон кодтой цыппæрæмы, æртхъирæны фæстаг цыппæрæмы. Уыди йын сæрмагонд нывондаг кусартæн æмæ йæ æргæвстой йæ боны райсомы хурыскастыл. Кусарты физонæг æмæ æртæ кæрдзыны хастой дзуары бынмæ кувынæн, стæй хæдзары фынгæвæрд уыди цины уагыл хæрд, нозтæй. Комахсæны размæ хуыцаубон дæр уыди фыдæлтæн галæргæвдæн, æмæ дзы кодтой хъæугуывд.

Комахсæнæн йæ фыццаг къуыри адæм арæхæй хордтой фыдызгъæл, стæй уымæй дардтой ком мæрдты номыл æмæ йæ хуыдтой Фыдыкомбæттæн — Гыццыл комбæттæн. Уый фæстæ уыдысты комбæттæны уагыл дыууæ къуырисæры — фыццаг Алардыйы къуырисæр, дыккаг — Тутыры къуырисæр. Дыууæ къуырисæры дæр райсомæй изæрмæ гомсæрæй ком дардта нæлгоймæгтæй иу æнæ дон баназгæйæ, иннæ бинонтæ та хордтаиккой æнæ сойаг æмæ урсаджы хæринæгтæ, стæй изæры хурныгуылдмæ хæдзары æфсин кодта кувинаджы æртæ уæливыхы, æмæ сæ куывтой Алардыйы, Тутыры номыл фæйнæ хуызты æмæ хордтой царвимæ дзаджджынты. Ирон хæдзары уыди æвæрд царвыстонтæ Алардыйы æмæ Тутыры номыл...

Тутыры къуырисæрæй Куадзæнмæ (Комуадзæнмæ) æххæссыд Стыр комбæттæн мæрдты номыл, æмæ нæдæр урсагмæ æвнæлдтой, нæдæр сойагмæ — фыдызгъæлмæ...

Мæрдтæн комдарыны уагыл зымæджы уазæлтты дыууæ хатты лауызгæнæнтæ, цæкуыгæнæнтæ æмæ дзæрнагæнæнтæ кодтой фыдæлтæ, æмæ, нуæй, фидыдтой хорз, иннæмæй, буарæн уыдысты æвдадзыхостæ тæккæ зымæджы уазæлтты, хъызтыты...

Уалдзæджы бæрæгбæттæм хаудтой Къутугæнæн, Куадзæн, Зазхæссæн, Зæрдæвæрæн, Кæрдæгхæссæн, Бæлдæрæн.

Къутугæнæн æййæфта Куадзæны размæ хуыцаубоны. Уыди афæдзы хорыбоныл нымад тæккæ уалдзæджы къæсæрыл. Адæмон хъæзтытыл ныхас кæм цыди, уым къутуты конды тыххæй ис цæвиттонтæ. Бæрæгбоны æгъдау дзурæг уыди æрдзон уагыл зымæджы æмæ уалдзæджы астæу бастдзинæдтыл куыд куыстæгты хуызтæй, афтæ бæркæдты кондæй дæр. Мæкъуылты хуызæн хъæбæрхоры ссадæй фых къутутæ уыдысты хорты æфснайæн къутуты æнгæстæ, æмæ сæ цумахъом лæппутæ æвæрдтой рæгъгай мысанæн. Æхстой сæ фатæй бæрæг дæрддзæфмæ, æмæ чи куыд хуыздæр арæхст хъавынмæ, афтæ æмбылдта. Æхстой сæ кæм фистæгæй, кæм та уæлбæхæй, æмæ ахуыр кодтой рæзгæ фæлтæртæ сæхи æгъдауыл дарыныл æнæ уæлдай быцæутæй, стæй сæ хордтой æхсæны уагыл хистæртимæ...

Куадзæн, Комуадзæн. Ком уагътой комдарджытæ сойаг æмæ урсаджы хæринæгтæй. Куадзæны бæрæгбоны æгъдау дзурæг уыди ирон дины-уырнынады кæнонты æнгом бастыл æрдзы хæрзтимæ, фосы æмæ зæххы куысты бæркæдты хъомысимæ, фæлтæрты бастдзинадимæ, цотхал мадæлтæ æмæ сывæллæтты гуырдзон фарнимæ. Куадзæны æргæвстой кусартæн раггуырд уæрыччытæ, сæныччытæ æмæ родты. Кодтой кусартæй физонæг, хорæй бæгæны, къуымæл, арахъ æмæ æртыгай уæливыхтæ ног цыхтæй. Уыдонимæ ахуырстой карчы фых æйчытæ алыхуызы ирд ахорæнтæй æмæ сæ хастой хæстæг дзуары бынмæ куывддон лæгтæ хурбоны, уаргæбоны куывды бадтысты искуы агъуысты. Цины уагыл Куадзæн фидыдта куыд æхсæнадон, афтæ æрдзон хъомысæй дæр, æмæ куывды сæйрагдæр мидис уыди Сыгъдæг Мадизæнæй курын лæппу гуырдтæ. Куадзæны размæ лæппу кæмæн райгуырдаид, уыцы хæдзар кодта хъалон хæсджын фосы цоты рагзад уæрыккæй, сæныккæй, родæй.

Лæппуйы хъалоны кусæрттаг сæрæй къахмæ сыгъдæгæй, койгондæй фыхтой æмæ стыр сивыры хастой дзуары бынмæ кувынæн. Ахæм цаддæр кусарты уыдысты стыр хъæубæстæн дæр куывды фаг. Уыцы диссаджы фæрныг æгъдауы алыварс дæр зылдысты чырыстон дины кусджытæ æмæ йæм æфтыдтой уæлдай къабузтæ Чырыстийы «райгасы» æвдисæнæн... Куыдфæстагмæ ирон адæм паддзахы Уæрæсейы къухдариуæджы бын Куадзæны бæрæгбонæн йæ сæйрагдæр мидис — ноггуырд лæппуйы хъалоны æгъдау ферох кодтой кусарт кæныны уагимæ æмæ ныххæцыдысты мысæггаг Чырыстийы фæлывд цаутыл...

Зазхæссæн. Комахсæнæй Зазхæссæнмæ фыдæлтæ нымадтой æхсæз къуырийы, æмæ æййæфта апрелы мæйы (сыфтæрæфтауæн мæйы) фæстаг сабатмæ. Уæд ногмæрдджынтæ уæлмæрдмæ зылдысты, сагътой дзы зазы къалиу, æвæрдтой дзы цырт... Уыцы æгъдау чырыстон дины хæлиугæнджытæ кæнын райдыдтой удыгæсты номыл Ногазы размæ æхсæвы, æмæ ахæлиу æппæт адæмтыл Ногазæн равзаргæ зазы тала алы хъазæнтæ, адджинæгтæй фæлындын. Уыйадыл зазхъæдты æвзонг талатæ цæгъдынц адæм, стыр æргътыл сæ уæй кæнынц, стæй къуырийы фæстæ рæдзæгъдтæй сæ тæригъæд фæхъарынц адæмæн бырондæтты.

Бæлдæрæн. Æййæфта Куадзæны фæстæ дыккаг хуыцаубоны, хонгæ дæр æй кодтой Бæлдæрæны Хуыцаубон. Уæдмæ уалдзыгон хизæнты фосы дзугтæн сæ зымæгон скъæтты ивтой уалдзыгон уæтæртæй, æмæ сæ балтæ-балтæй (къордтæ-къордтæй) скъæрдтой кæмтты уæлдæртæм, æмæ уыцы рæстæджы кадæн куыстæгты размæ кодтой Бæлдæрæны куывдтæ адæм фосы урсаджы, зæххы хорæрзады æфтиæгтæй. Уыцы афон райдайынц дæтты, фурдты кæсæгтæ дæр хæрдмæ цæуын даугæйæ, мыггаг кæнгæйæ... Ныры ирæттæ уыцы бæрæгбонæн йæ мидис нал зонынц æнæ фосы куыстытæ кæнгæйæ.

Зæрдæвæрæн. Фыдæлтæн уыди ацы бæрæгбон Зæлдæвæрæн (нæууытæ æвæрæн ног марды ингæныл). Зæлдæ фыдæлтыккон æвзагæй у нæуу, æмæ йæ чырыстон дингæнджытæ баивтой «зæрдæйæ».

Цæвиттоны хъуыддагæй, ацы ирон бæрæгбоны уаг дæр та Чырыстийы фæдонтæ сæхи агъуды аууон фæкодтой мысæггаг цаутæй: «Чырысти, дам, куы райгас, уæд уæларвмæ тæхынвæнд скодта æмæ йæ кувæг адæмæн зæрдæ бавæрдта амынд хуыцаубонмæ æрыздæхынæй, фæлæ нал æрыздæхти. Уыйадыл йæ æрыздæхæн боны кадæн кусарты зæрдæ æвæрын райдыдтой ног марды ингæны сыджыты. Ахъуыды кæнгæйæ, æмбисонды дæсны разындысты Чырыстийы фæдонтæ аргъæуттæ кæнынмæ, æмæ уыдоны дзырдтыл æууæндгæйæ «тæхын» райдыдтой ирон куырмæй дингæнджытæн дæр сæ мæгуыр бæгънæг удтæ уæларвмæ... Зæрдæвæрæн æййæфта зæронд нымадæй 18-æм майы, цыппæрæмы.

Сæрдыгон бæрæгбæттæ. Сæрдыгон бæрæгбæттыл нымадтой ирон дингæнæг адæм Кæрдæгхæссæны, Фосы Фæлвæрайы, Хоры Уациллайы, Кæхцгæнæны, Атынæджы. Уыдонæй Кæрдæгхæссæн, Фосы Фæлвæра, Кæхцгæнæн æмæ Атынæг æййæфтой хуыцаубонты, Хоры Уацилла та къуырисæры.

Кæрдæгхæссæн. Бæрæгбон кодтой хурхæтæны мæйы дыккаг æмбисы, æмæ амыдта куыд æрдзон, афтæ æхсæнадон куыстæгты бæркæдтæм. Уæдмæ хæрыны кæрдæджытæ æмæ хорты æвзартæ арæхæй æвзар кодтой, æмæ фынгæвæрды дзаджджынтæн — дзæхæраджынтæн ирон æфсинтæ тыдтой дзæвгар хуызтæ æмæ сæ цыхтимæ, фиуимæ арæзтой кувинаджы æртыгай кæрдзынтæ. Нозтæн та — къуымæл. Кæрдæгхæссæнты дзуары бынмæ нæ цыдысты, бæрæгбоны фынгæвæрд кодтой хæдзары, бынаты...

Фосы Фæлвæрайы номыл кодтой кусæртытæ раггуырд уæрыччытæй, сæныччытæй æмæ уыдоны фыдызгъæл хастой сивырты дзуары бынмæ куывды уагыл. Уыди алы комбæсты цæрджытæн дæр сæхи кувæндæттæ Фæлвæрайы номыл, æмæ сæм куывды цыдысты нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ та бæрæгбоны кувинæгтæй ахуыстой цæрæнхæдзæртты.

Уациллайы бон кусарт нæ кодтой. Хорты сыгъдæг зæдтæй фыхтой бæгæны, къуымæл, æмæ уæливыхтимæ уыдысты кувинаг хортæ дæттæг бардуаджы номыл сыгъдæг нæухæст къуыбыртыл хъæутæм æввахсдæр бынæтты.

Кæхцгæнæн. Бæрæгбоны мидис баст у цотхал чындзыты цардыуагимæ. Фыццаг зæнæгæн гуырæнбынат æгъдауыл нымадтой ног чындзæн йæ цæгаты, фыды хæдзары. Уымæй уæлдай лæппу гуырдæн кæхц (бæгæныйæ кувæн стыр хъæдынкъус зырнæйзылдæй) хастой кувинаджы æртæ гуыдынимæ чындзы цæгат йæ лæджы хæдзармæ, æмæ уыцы иумæйаг бон уыди къæхцгæнæн. Кодтой æгъдауыл кусарт куывды уагыл лæппу гуырды номыл, æмæ хуыдтой сыхбæсты, хъæубæсты хæстæгдæрты...

Атынæг. Атынæджы куывды уагыл дзырдтам, баст у хос æмæ хуымгæрдæны куыстытимæ. Алы хъæубæстæ дæр кодта Атынæджы бæрæгбон хос æмæ хуымгæрдæны размæ хуыцаубоны, къуырисæры та цыдысты кæрдынмæ, цы хуызы æмæ цы уагыл, ууыл раздæры сæргæндты бæстон цыди ныхас...

Сæрды бæрæгбæттæм ма хаудта мæрдты номыл Майрæмы комуадзæн (дзырдтам ма йыл уæлдæр), æмæ уæд ног мæрдджынтæ ком дардтой халсары, дыргъы хуызтæй. Уыйадыл уæлмæрдтæм зылдысты æмхуызонæй, фæлæ ногзианджын бинонтæ цæттæ кодтой фынгæвæрд халсартæ æмæ дыргътæй дыгай кæрдзынтимæ, æмæ уыдонимæ уæлмæрдмæ цыдысты сылгоймæгты хистæртæ.

Фæззæджы бæрæгбæттæ. Фæззæджы бæрæгбæттæм хаудтой Фыдуани, Мыкалгабыртæ, Таранджелоз, Ичъына, Хорты сæртæй куывд, Уастырджийы кувæн къуыри, Цыппурс æмæ Бынатыхицауы æхсæв. Уыдонæй Фыдуани уыди тыхдымгæты бардуаг, æмæ йæ бон æййæфта рухæны мæйы дыккаг æмбисы цыппæрæмы. Таранджелозы дзуары бон кодтой цыппар раны æрмæстдæр: Къобы, Тибы, Хъæдысæры æмæ Къозы рухæны (сентябры) мæйы дыккаг æмбисы цыппæрæмы. Мыкалгабыры сæйраг кувæндон уыди Къасарайы комы Сидæны уæлвæзы, æмæ йæ бон æййæфта фæззæджы хорты æфснайæн рæстæг — бæркæдтæ хæссæн рæстæг.

 

Фиппаинаг. Ирыстоны дзуæрттæ æмæ кувæндæттæн банымайæн дæр нæй, уыйас бирæ уыдысты алы афæтты хъæуты, кæмтты, мыггæгты номыл. Иунæг Хуыцауы æмæ Уастырджийы номыл уыди дæсгай дзуæрттæ, кувæндæттæ алы бынæтты хицæн нæмттимæ. Уыдоны иумæты нымайыны сæр ницæмæн хъæуы. Кæцы бинонтæ æмæ мыггаг, хъæубæсты æмæ комбæсты цæрджытæ цавæр дзуармæ кувынц, уымæ кувæд, кæмфæнды куы цæрой, уæддæр. Куывдты, чындзæхсæвты се ’ппæт нымайын та дзурæг у кувæглæджы æнарæхстыл, фырдзырдыл, æмæ уымæн нал хъусынц ирон фынгæвæрды адæм кæрæдзийы хъæрмæ.

Алы дзуар æмæ кувæндонæн дæр æмбæлы зонын йæ бынат, стæй йæ арæзт æмæ йæ мидис ирон дины ахæсты. Зæгъæм, Рекомы дзуары фæзынд дæр баст у Нарты кадджыты мидисыл — Хуыцауы æртæ цæстысыджы хъомысыл, æмæ цæмæн афтæ у? Рекомы дзуар сæйрагдæрæн уыд Цъæйы комы, Райæн комы, æмæ цæмæн уыцы номæй баззад?..

Дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ фыдæлты заманты дæр уыдысты æнæхъуаджы бирæ. Ныры ирон адæммæ дæр дзæвгарæй зынынц, фылдæр быдыры цæргæйæ, æмæ уый у стыр хъуыдыйаг фæндаггæттæн куыдфæндыйæ кувæндæтты къусчыты стыр æхцатæ æппаргæйæ: цæй сæрæн, цы хуыздæрæн æмæ кæйты пайдайæн?!

ХУЫЦАУЫ ЦÆХÆРАДОНЫ ХÆРЗТÆ

Нæ алыварсы дунейы цыдæриддæр цæрæгойæ æмæ зайæгойæ уынæм æмæ хатæм, уыдон сты Хуыцауы цæхæрадоны сыгъдæг раттинæгтæ Хур æмæ Зæххы хъомысæй-тавсæй. Æнæ Хуры æмæ Зæххы хъомысæй-тавсæй уæвæн нæй нæдæр цæрæгойæн, нæдæр зайæгойæн. Хуры тавс æмæ Зæххы хъомыс бæстывæрдыл кæм цас тынгдæр ахадынц, уымæй ифтонггонд вæййынц Хуыцауы раттинæгтæ. Уыцы æрдзон-гуырдзон уавæрты ис алы бæстывæрдæн дæр йæхи сæрмагонд боныгъæды миниуджытæ æхсæвæйбонæй, сæрдæй-зымæгæй хохæй быдырмæ...

Сæгъæй сæныкк райгуыры, фысæй — уæрыкк, æмæ цот мадæлты хуызæн вæййынц æрдзон-гуырдзон фарнæй. Сывæллон йæ мады æхсыры ад кæны, зæгъгæ, цæрæнбонты æвдисæнæн амыдтой нæ рæстаг фыдæлтæ, æмæ уыцы хъуыды дзурæг у æмткæй адæймаджы царды æппæт хъомысыл. Мад æмæ фыдæн цас æнæниз, цæрдхъом æмæ куыстхъом рауайынц сæ буары хæйттæ æрдзон-гуырдзон уагыл, уыйбæрц рæстмæдæр сахадынц сæ цоты удхъомысы хæрзтыл. Æнæниз ныййарджытæн райгуыры æнæниз сывæллæттæ, низджынтæн — рынчынтæ. Ахæм у æмткæй æрдзон сконд, æндæр хуызы цардвæндагæн уæвæн нæй...

Алы адæймаг дæр у æнæхъæн дуне цæрæгойы гуырдзон-æрдзон хъомысæй, фæлæ йæ рæзты фæндагыл баст æрцæуы, иуæй, цæрæнбæсты иумæйаг хæрзтыл, иннæмæй, алыварсы адæмы æхсæнадон домæнтæй. Уыйадыл адæймаг куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр райгуырæн зæххы ад райсы æрдзон-гуырдзон фæлгæтты æвæрдæй, æхсæнадон царды та дзуапп фæдæтты бинонты, хъæубæсты иумæйаг фарны домæнтæн...

Адæймагæн йæ ном ис йæ уæлæ (дзырдтам уыцы хъуыдыйыл раздæры сæргæндты бæстон), у адæмы уагыл цæрæгой. Иннæ цæрæгойты астæу ын æрдзон фарн радта уæлдай фылдæр хъомыс зонд æмæ æрхъуыдыйæ, тых æмæ хъаруйæ. Цыдæриддæр уыны, æнкъары æмæ хаты алыварсы дунейы, уыдон иууылдæр баст сты йæ цардвæндаджы сæрмагонд фæлтæрддзинадимæ æнусты дæргъы. Иннæ цæрæгойтæм та зонды-æрхъуыдыйы уагыл уыйбæрц хъомыс нæй, æмæ сæ нымайæм æгомыгыл, æнæмбаргæйыл иумæйаг уавæры... Гъемæ, зонадон уагæй рæстыл куы дзурæм, уæд ахуыргонд, зондджын адæмæй æгомыг, æнахуыргонд цæрæгойтæ æрдзон царды хъæр хуыздæр хъусынц æмæ æмбарынц, хъыгдарæг сæ куынæ уаид, уæд. Сæ сæйрагдæр хъыгдарæг та у «зондджын» æмæ «ахуыргонд» адæймаг, фырхиуарзон æмæ æгъатырæй дунейыл хæлиу чи ныллæууыд, уыцы «уындджын-нымдджын» адæймаг!..

Зæххыл цыдæриддæр ис, уыдонæй иунæг сыджыты мур, кæрдæджы хал дæр æнæ бындур, æнæ уидаг æмæ æнæ мыггаг нæу. Уыйадыл сæ зонын æмбæлы «зондджын» адæймагæн. Алы мæрыл алы зайæгой нæ зайы. Кæм цы хуыздæр зайы, уый æрдзæй бæстондæр ничи хаты, æмæ йын ивыны уагыл тыхмитæ пайда не сты. Алы зайæгой дæр зæххæй цъиры йæхи аккаг тæнгъæд буарыгъæдтæ. Буарыгъæдтæй иутæ сты æргом маргхъæстæ, æмæ сæ цæрæгойтæ хатынц-æмбарынц куыд тæфæй, афтæ хуыз æмæ адæй дæр. Пайдайаг цы у зайæгхалæй, уыдон æрдзон уагыл хæрынц цæрæгойтæ, æмæ сæ буарыгъæд фæкæны хæринæгты ад.

Алыварсы цæрæгойтæм хъусдаргæйæ базыдта адæймаг, æрдзон хæрзтæй хæрынæн цы бæззы æмæ цы нæ бæззы, уыдон. Æрдзон уагыл сахуыр сты адæмтæ мингай азты дæргъы хуымтæ кæнын æмæ хъацыд мæры алыхуызы зайæгхæлттæ, хорты мыггæгтæ садзын, тауын. Æрдзон уагыл фæзындысты хуымызæххы хъацæнтæ дæр фосы фаджысæй мæрон æмбийæццæгтæм. Æрдзон уагыл фæцалх сты кусæг адæм хусдæр зæххы хуымтæм донхорджытæ уадзын дæр.

Æрдзон уагыл чи арæхсти кусынмæ, фæллæйттæ кæнынмæ, хæрынмæ æмæ нуазынмæ, уыдон уыдысты бæрæг æнæниздæр, рæстагдæр æмæ намысджындæр иугъæдоны хæрзаудæнæй æмæ цардысты фылдæр... Фыдæлты заман алы хъæуы дæр уыди, сæдæ азæй фылдæр чи царди, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Æз дæр ма æрæййæфтон, сæдæаздзыдæй хуым чи кодта, фос чи хызта, хос чи карста æмæ саргъы бæхыл балцы чи цыди уæнгрогæй, ахæм куырыхон лæгты. Уыдон нæдæр зондæй цудыдтой, нæдæр хъаруйæ. Ныхас куы кодтаиккой, уæд æнæ уæлдай къуылымпытæй нывæзтой сæ хъуыдытæ аргъæутты, таурæгъты, кадджыты хуызты. Уæдæ арфæ ракæнынмæ, кувынмæ, зарынмæ æмæ кафынмæ — бæллиццаг, тæхудиаг. Ирон æгъдауыл фынгæвæрдæн хистæриуæг кодтой кæронмæ æрвонг зондахастæй. Æгъдауыл нуазгæйæ сын карз нозт дæр фæцудыны онг тых нæ кодта. Гъемæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм карджын куырыхон хистæртæн кæстæриуæг кодтой сæхи аккаг уырдыглæуджытæ æмæ лæггадгæнджытæ... Гъемæ, мæ хуртæ, уыцы кары, рады цаутæ мысæггаг не сты. Фыдæлты загъдау, раст ныхас хæйрæджыты-дæлимонты нæ уырныдта, æмæ сæфгæ дæр уыцы уагæй фæкодтой. Адæймаджы та царды даргъдæр фæндагыл бафтыдта-сарæзта йæ рæстдзинад. Адæмтæй дунейы рæстаг хъæрмæ лæмбынæгдæрæй, зæрдиагдæрæй чи хъуыста, уыдон æвæсмондæрæй цардысты фылдæр. Хæйрæджытаудæлимонтау «циу æмæ цы кодтон»-æй чи архайдта цæрыныл иугъæдоны хиуарзонæй, уыдон сæхи фыдæхтæй раздæр сæфтысты. Арæзты æмæ сæфты хъуыддæгтæн уыди æмæ ныр дæр ис æрдзон æмæ æхсæнадон уаг, æмæ ныры фыдгæнды дуджы уыцы уавæр у уæлдай мæтаг, хъуыдыйаг, кæд ма фидæны хуыздæрмæ исты амæлттæй нæ зæрды тындзын ис, уæд?!

Кæм цæрæм æмæ кусæм, цæуæм æмæ улæфæм, уыцы зæххы æрдзон хæрзтæ æмæ фыдæхтæ, цинтæ æмæ мæстытæ, фадæттæ æмæ мадзæлттæ бæстон зонгæйæ æмæ хынцгæйæ махæн дæр æмбæлы фыдæлты раст уагыл хæрын æмæ хъауын Хуыцауы цæхæрадоны лæвар раттинæгтæй. Нæдæр сæ хуым кæнын хъæуы, нæдæр тауын æмæ рувын, афтæмæй æрзайынц арæхæй, хæрзадæй алыхуызы халсартæ æмæ гагадыргътæ... Гъемæ сæ фылдæры нæмттæ ныры ирон адæм зонгæ дæр нал кæнынц, стæй дзы сæхи къухæй æртоной, уыцы зондылхæст дæр нал сты, афтæмæй сæ армукъаты стыр аргъæй æлхæнынц... Уыцы уавæры цы хуызы ис уарзæн райгуырæн зæххæн?!

Дзæуджыхъæуы базæртты халсар æмæ дыргъæй, хойраг æмæ нуазинагæй цы вæййы, уыдоны бирæ фылдæр хай у сыхаг адæмты æрбаласæггаг. Уæй дзы кæнынц нæ алыварсы хæмпæлгæрдæджытæй дæр, æмæ сæ суанг хъæутæй æрбацæуджытæ дæр æлхæнынц, афтæмæй, кæмыты æмæ цæй руаджы æрзайынц, уымæй фæрсæг нæй. Зæгъæм, пысыра æмæ кæрогæй фылдæр ницы зайы нæ быдырты, уæддæр хъæууон адæм сæ балхæнынмæ цæуынц сахарты армукъатæм...