Рæстæджы нымад 3 страница

Халсарты æмæ суанг гагадыргъты хъуыддаг афтæ у, æмæ фаджысты, бырондæтты, алы æзмæст хъылматы зайынц бæрæг хуызджындæрæй, ставддæрæй, æмæ сæ адæм хуыздæрæн æлхæнынц, сæ низæфтауæн миниуджыты нæ зонгæйæ. Зæгъæм, кæркмисындзæг ставддæрæй, арæхдæрæй зайы Уæлладжыры комы Æрыдоны былты æрзæткъахæны хъылма дæтты руаджы. Уыцы уавæры йæ адæм арæхæй тонынц, æмæ буарыл куыд ахады, уый зонадон уагæй зæгъæг нæй: адæмы æнæнизæй æрзæткъахæнты «пайдатæ» бынæттон хицауадæн пайдадæр сты...

Цыдæриддæр низтæ ис зæххыл цæрæгойты номæй, уыдонæн хостæ дæр уаид, фæлæ сæм нæ хъус нæ дарæм æрдзон уагыл. Афтеччыты цы хостæ уæй кæнынц ныры дуджы, уыдоны фылдæр хай та у æнæниз буары халæн фæрæз.

Æмбисондæн хæссинаг сты Ирыстоны сыгъдæг цъити дæттæ æмæ суæрттæ, фæлæ уыдоны разæй æлхæнæм фæсарæнтæй ласæггаг ахуырст адджын нуазинæгтæ стыр аргъæй... Гъемæ нæхи бынæттон æрдзы раттинæгтæ хуыздæр æвдисæн сты нæ бирæ æдзæлгъæды рæдыдтæн хохæй быдырмæ, æмæ сæм хæдзардзинæй, рæстаудæнæй бæстон æркæсæм халгай, æртахгай, кæд ма фыдæлты уагыл цæрын нæ зæрды ис райгуырæн зæххыл, уæд... Фыдæлты раст уагыл æрдзон æмæ æхсæнадон уавæрты дзыллæйы номæй нæхи куынæ æрæмбарæм, уæд ацы фыдгæнджыты æнусы æмбисмæ нæ ирон фарны хъæстæ сыскъуындзæни бынтондæр райгуырæн зæххы мæрæй... Æз тæрсын никæй кæнын, фæлæ ацы сау зæххыл рæстаг адæмты тæригъæд нæ сæфы, у фидинаг фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Хуыцау адæмæн хорзæй цы сфæлдыста, уыцы æвдадзы хосты иугæндзоны хивæндæй, æнæфсисæй фæлгъуыды чи кодта, уыдон сæхи азарæй сæфтмæ цыдысты нæртон адæмау. Ацы азы (2010) сæрды арт æмæ донæй цы сæфты хъаймæт бавзæрстой алырæтты цæрæг адæмтæ растæй-зылынæй, мæгуырæй-хъæздыгæй, уый комкоммæ дзурæг у Дунейы Стыр фарны скондыл, æмæ йæ ныхмæ хъæбысæй хæцæн нæй. Цы хæрзтæ нын радта цæрынæн-уæвынæн, уыдоныл хъæуы ауæрдын. Нæ куырыхон фыдæлтæ сæ дарæг зæххы хæрзтæн нымд кодтой иугъæдоны фæстауæрцæй, æмæ уыцы царды фæлтæрддзинад махæн рох кæнинаг нæу... Ныры уавæрты æркæсæм хохæй-быдырмæ, афæдзы цыппар афоны хынцгæйæ, æрдзон хæрзтæм...

Хæрыны халсартæ-кæрдæджытæ

Зайынц уалдзæгæй фæззæгмæ Ирыстоны зæххыл, æмæ сын кæронмæ банымайæн дæр нæй, уыйбæрц бирæ сты алыхуызæттæй. Зайынц къæйттæй, нæлтæ æмæ сылтæй. Нæлтæ дидинæг калынц æмæ æфтауынц мыггаг, сылтæ кæнынц уидаг бæрæг сыфджындæрæй...

Давон. У судзагхал æмæ фæзыны æппæт халсарты разæй хуры тавсмæ-хъарммæ рагуалдзæджы. Фидар у уазалæн æмæ хъарм бонты миты бынæй дæр йæ цъæх сæр сдары. Давоны ис бирæ буарыгъæдтæ æппæт цæрæгойты æнæнизы хосæн, æмæ йæм сты æмхиц... Æрæгвæззæджы йын йæ бынтæ-уидæгтæ къахтой фыдæлтæ нурыты хуызæн, æмæ уыдысты цæхдонæн диссаджы хæрзад. Сыгъдæг æхсадæй сæ лыстæг карстой сылыимæ, хуырхимæ, къуымæлимæ, мисынимæ, æхсыримæ — хуыппаджы ахуыйæн. Давæттæ куыд фыхæй, афтæ хомæй дæр хорз фидауынц кæрдзын æмæ дзулимæ, цыхт æмæ фыдызгъæлимæ. Хомæй хæргæйæ йæ бирæ буарыгъæдтæ нæ сæфынц, фыхæй йæм ис къаддæр тых, фæлæ йæ фыхдон дæр у æвдадзы хос нуазгæйæ. Давон карз нозты хуызтимæ хордтой, фæлæ сын сæ расыджы тых-хъомыс сæфта, æмæ æмбисонды хуызы ныхасæн баззад ирон хистæртæм: «Чындзхонтæн судзагхæлттæ (давон, нуры, хъæдындз, скъуда, булкъ, цывзы) æмæ суар мауал дæттут, карз нозты тых сæттынц, æмæ нæм уыйбæрц арахъ нæй», зæгъгæ...

Ногдзыд давонæй цас хæрай, уыйас фылдæр тых уадзы буары сойаджы æмæ урсаджы хæринæгтимæ. Кодтой дзы лыстæг карстæй давонджынтæ цыхтимæ, картофы æссæстимæ, фиуимæ... Дидинæг калыны афон давон тыдтой æмæ дзы цæхджын кодтой зымæгмæ æнæхъæн мигæнæнтæ... Цæхджынæй дзы зымæджы кодтой давонджынтæ, фæлæ хомæй дæр хæрзад у фыдызгъæлы фыхимæ, нартхоры æмæ дзулы кæрдзынтимæ, стæй бæрцыл карз нозты хуызтимæ... Адæймаджы буары низтæ æфтауæн зулчъыты сафынæн давонæй хуыздæр мадзал нæй, уæлдайдæр æхснырсæг æмæ хуыфæджы низтæ чи æфтауы, уыдоны сафынæн...

Давон зайы фылдæр быдырмæ æввахсдæр бынæтты, æмæ нымад у тынгдæр ныллæгдæр кæмтты халсарыл, фæлæ бирæ рæтты сæ арæнтæ баиу вæййынц скъудаимæ. Зæгъæм, Санибайы-Гæналы, Хъобаны, Куырттаты, Уæлладжыры зайынц иумæты ныллæджыты.

Скъуда. Зайы бæрзонддæр кæмтты, хъæдты, рæгътыл, æмæ йæ нымадтой фыдæлтæ хæххон халсарыл. Скъуда фæзыны давонæй гæзæмæ фæстæдæр. У судзагхал, зайы лыстæг уидæгтыл, кæны йæ нæл ставддæр зæнг æмæ калы дидинæг. Къæбила æфтауын куы райдайы, уæд зымæгмæ цæхджынæн вæййы æппæты хуыздæр. Карстой йæ давоны хуызæн дидинæг калыны размæ сыгъдæгæй æмæ йæ мигæнæнты бæстон нæмгæйæ цæхджынæй æвæрдтой фæлтæргай, стæй йыл уагътой хом дон рæстæгæйрæстæгмæ, æмæ сур нæ котда...

Давон æмæ скъуда кæмыты зайынц, уым æрдзон хъомысæй тых кæнынц иннæ кæрдæджытыл æмæ дидинæг калын афонмæ бæстывæрд сæхи бакæнынц, стæй бур кæнын куы райдайынц, уæд æрхауынц æмæ фесæфынц.

Давон æмæ скъудайы æрдзон хъомыс фыдæлтæ хорз зыдтой æмæ сæ судзагхалы номæй хордтой куыд хомæй, афтæ фыхæй дæр. Хойрагимæ, урсаг æмæ сойагимæ цы хæринæгтæ кодтой нæ мадæлтæ, уыдонæн банымайæн дæр нæй сæрдæй, зымæгæй, æмæ уыцы уавæры уыдысты æнæниздæр фыдæлтæ сывæллонæй зæрондмæ. Хуылфыдзаумæтты æнæнизæн уыдысты æвдадзы хостæ. Æппын ницы, фæлæ æхснырсæджы, хуыфæджы бирæ низты фыдæлтæ дзæбæх кодтой судзагхæлтты фæрцы...

Ныры ирæттæ сæрдæй, зымæгæй сæйынц æхснырсæджы æмæ хуыфæджы алыхуызы низтæй. Давон æмæ скъуда сæхи къухæй æртоной æмæ дзы фыдæлты уагыл алыхуызы ахуыйæнтæ саразой, уый хъару сæм нæй: иуæй, сын тæф кæнынц, иннæмæй, армукъаты хъылматæ æлхæнын сахуыр сты, æмæ æртæ давонджын скæнынæн дæр хъæуæй базармæ цæуынц давæттæ æлхæнынмæ...

Хъæддаг хъæдындз æмæ нуры. Задысты æмæ ныр дæр зайынц Ирыстоны кæмтты ныллæгдæр къæдзæхбын фæхсты, адæгты, хъæдбынты. Уыцы бынæтты зыдтой фыдæлтæ æмæ сæ тыдтой уалдзæджы сыфæй, фæззæджы та сын къахтой сæ бынтæ. Æрдзон хъомысæй хъæддаг нурытæ æмæ хъæдындзтæ сты тыхджындæр, фæлæ хæдзаронты хуызæн арæхæй нæ зайынц. Ныры ирæттæй ма исчитæ зона, хъæддаг нурытæ æмæ хъæдындзтæ кæмыты зайынц, уыцы бынæттæ, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ æдзух курын сахуыр сты Хуыцауæй «гыццыл куысты бирæ бæркæдтæ».

Хъуымбулæг. Уымæлбын æрхыты, адæгты, донвæрсты æрзайы хуымгæнæнты фæстæ залмысыфтæ æмæ цъæхæй фæлæууынц суанг сæрды кæронмæ. Залмысыфтæн сæ зæнгтæ сты донджын. Стыгъдæй сты хæрзад, сафынц дойны, сыгъдæг кæнынц хуылфыдзаумæттæ. Æхсызгонæн сæ хордтам сæрды дæргъы фæндагыл цæугæйæ, хъæды кусгæйæ. Гъемæ, бæстон куы æркæсæм залмысыфты æрдзон хъомысмæ, уæд у диссагæн дзуринаг. Кæмыты зайы, уым уалдзæджы хъармыл фыццаг сæ бурбын сæртæ сдарынц ставд фæлмæн дидинджытæ иугай зæнгтæй. Уыдон рæзынц æнгуылдзы стæвдæнæй тагъд, æмæ хæрынмæ фæбæззынц стыгъдæй дыууæ къуырийы бæрц, стæй сæ дидинæг куыд фæкалынц, афтæ базæронд вæййынц, æмæ уыдоны бындзарæй сæ цъæх сæртæ сдарынц залмысыфтæ...

Хъуымбулæг æмæ залмысыф хæрзыстыгъдæй сты донджын æмæ адджын. Хæргæйæ æлвасынц комыкъултæ, æвзаг æмæ дæндæгты фыдтæ, сты хæрдæххуыс, сæттынц дойны.

Хъуымбулæг залмысыфы дидинæг кæй у æмæ дыууæ къуырийы раздæр кæй сдары йæ бур сæр, уый æрдззонады ахуыргæндтæ дæр нæма рахатыдтой, æвæццæгæн, алы афæтты кæй фæзынынц, уый æфсонæйаххосæй...

Залмысыфтæ арæх цы уымæл бынæтты зайынц, уыцы рæтты æнтæф бонты — хъæддаг хуыты улæфæн. Цыдæр аххосæй залмысыфтыл бындзытæ нæ бадынц, хæлуарæджы тынтæ сыл нæ фендзынæ. Уыцы æрдзон миниуæг сын Къоста рахатыдта:

 

Авд лæппуйы зилынц

Всатийы алварс,

Залмысыфтæ тилынц,—

Бындз нæ уадзынц ’ввахс.

 

Сæрд гагадыргъты рæгъæдгæнæн афон хъæуты сывæллæттæ æхсызгонæй тыдтой залмысыфæй конд къусты-къусчыты æрыскъæф, саунæмыг, мæнæргъы, хъæлæрдзы, сыхсы æмæ сæ бузныггады лæвæрттæн хистæртæн хастой...

Пысыра. Пысыра Ирыстоны зæххыл зайы хохæй быдырмæ бæрæг хъæздыгдæр бынæтты, адæймаджы цæрæнуæттæм æввахсдæрты: хуымты кæрæтты, каурæбынты, фосдарæн фæзты, хосы æфтауцуæтты, хъæды æрдузты, пыхсбынты сисамæдты. Хуры хъармимæ уарзы уымæлад, фæлмæн уарын, райсомы æмæ изæры æртæх. Зæххыгъæдмæгæсгæ у йæ хуыз, йæ ад. Ногдзыдæй иу мæрыл зайы бæрæг ставддæрæй, иннæуыл — лыстæгдæрæй, хуызæй дæр кæм гæзæмæ сырхбын фæдары, кæм та — цъæхбын фæлурсдæрæй, æмæ сæ ад дæр вæййы æндæр кæм бæрæг донджындæрæй, кæм та — сурдæрæй. Гъемæ, куыдфæнды ма уæнт йæ рæзыны фадæттæ хуызæй, мидисæй, уæддæр пысырайы ис дзæвгар фылдæр витаминтæ иннæ хæрыны кæрдæджыты астæу, æмæ у æвдадзыхос адæймаджы буарæн бæрцыл, афоныл хæргæйæ.

Пысыра бавналгæйæ, баныдзæвгæйæ гом буары судзы, æмæ йæ судзаджы ис йæ æвдадзы хъомысы тых дæр. Мыдыбындзы хæстау пысырайы сыгъдæй адæймаджы буар сырхтæппæлттæ авæййы æмæ рисгæхæргæ сыгъд кæны. Аныхтай йæ, уæд буар дудын райдайы. Бирæ хæссы пысырайы сыгъд, фæлæ дзы тæссагæй ницы вæййы, буары æнæниздзинад фылдæр кæнынæй уæлдай.

Хуссарвæрсты, мит тагъддæр кæм батайы, уымыты раздæр фæзыны пысыра зæронд хæмпæлты астæуты, æмæ уæдæй йæ базæрондмæ бæззы хæрынмæ кæм хомæй, кæм та фыхæй. Ногдзыдæй йæ тыдтой нæ мадæлтæ æмæ йæ сыгъдæг армытъæпæнты æууæрстой гæзæмæ цæххимæ. Цæххимæ æууæрдгæйæ пысыра кæны фынк æмæ у диссаджы хæрзад хæрынмæ. Хордтой йæ афтидæй дæр æмæ кæрдзынимæ дæр æхсызгонæн сывæллонæй хистæрмæ. Дыууæ-æртæ æууæрцъы бахордта адæймаг ногдзыд пысырайæ, уæд райгонд уыди йæ цардæй райгуырæн уæзæгыл, æмæ уымæн цыдысты цумахъом сабитæ сæ мадæлты фæдджитыл хæцгæйæ пысыра тонынмæ. Цыфæнды сыгъд кæд кодтой сывæллæтты къухтæ, уæддæр ног кæрдæджы ады цинæй тыдтой пысыратæ мадæлты фæзмгæйæ, уалдзæджы райгонд хъæрмæ хъусгæйæ, æмæ уыцы ирон цардыуаг дзурæг уыди фæлтæрты бастдзинады хъомысыл, тыхыл.

Æууæрдынæй уæлдай пысырайæ ирон адæм дзæвгар хæринæгтæ кодтой: иу хуызы йæ лыстæг карстæй фыхтой æхсыры фиуы кæрстытимæ хъæрмхуыппæн, иннæ хуызы дзы фыхтой цымгæ æссаддыхæй æхсырыл æмæ йыл кодтой лыстæг карстæй фиу, басгæрдджытæ хæрзаддæрæн. Дидинæг калын афонмæ пысырайы сыфтæ бæззыдысты хъæрмхуыпп æмæ цымгæ фыцынæн сойаджы хуызтимæ. Дидинæг цалынмæ калдта, уæдмæ дзы быдтой быдтæ æмæ сæ хус кодтой дымгæдзон аууæтты зымæгмæ.

Хусгонд пысырайæ зымæджы комдарæнты фыхтой æссаддыхæй хъæрмхуыппытæ æмæ цымгæтæ сыгъдæг доныл æнæ ’хсыр æмæ фиуæй.

Пысыра дидинæг калын куы райдайы, уæд бацæуы йе ’рдзон тыхы, æмæ сыфæй уидагмæ йæ фыхдон у æвдадзыхос адæймаджы буарæн фыдæй æстæгмæ. Пысырайы æууæрцъытæ, алыхуызы фыхтæ дзæбæх кæнынц буары низтæ æддæг-мидæгæй.

Цалынмæ бахус вæййы, уæдмæ йыл бындз нæ бады йæ судзаджы тыххæй. Зивæгæй йæм æвналынц фос дæр хизгæйæ. Фæлæ æндарæнмæ куы бацæуынц фос, уæд пысыраджын хос хæрынц уæлдай æхсызгондæрæй æдхæтæлтæ. Пысыра фыхтой нæ фыдæлтæ хуыты хæринагæн дæр уалдзæгæй фæззæгмæ, æмæ сæ фыд уыди саунагъы фæлмытимæ уæлдай хæрзаддæр, хъомысджындæр.

Сæрды тæвды ног фыдызгъæл цæхджынæй дæр у тæфгæнаг. Цъæх къуыдырбындз ыл кæм абада, уым фæзыны быртæ æмæ иунæг бонмæ æзмæлæг свæййы. Уыцы уавæр зонгæйæ нæ фыдæлтæ ногæргæвст фыдызгъæл цæхджын кодтой фæлтæргай пысыратимæ, дардтой йæ пысырайы фæздæгмæ, æмæ хусгондæй лæууыд æнæ уæлдай тæфæй бахъуыды афонмæ.

Пысырайы æрдзон тых баххуысы, дзæбæх кæныны уагыл уæлдай хуыздæр æнкъары арс... Зымæджы бонты йæ хуыккомы фæлмæн лыстæныл фæхуыссы дзæмбытæ сдæргæйæ, стæй уалдзæджы кæрдæгмæ хизынмæ куы рахизы, уæд зилы пысыраджынтыл, æмæ йæ буары цы уæлдай фиутæ æмæ чъизитæ баззайы, уыдон асыгъдæг вæййынц цыбыр рæстæгмæ. Арсмæ куы кæсай хизгæйæ, уæд ын иу ран æрлæууæн нæй, рауай-бауайæ зилы, агуры кæрдæджыты хуыздæрты, æвзары сæ къоппадзуанæй, къахы сын сæ уидæгтæ, æмæ æрæгвæззæджы хуыккоммæ бацæуын афонмæ йæ цармыдзаг свæййы æрдзон хæрзтæй...

Дзындзалæг. Дзындзалæг зайы хохæй быдырмæ фæлмæндæр, хъæздыгдæр мæрыл. Быхсаг у уазалæн дæр æмæ тæвдæн дæр. Уыйадыл ын фенæн вæййы рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ сæрвæтты, уыгæрдæнты, уæтæрты бынæтты, хуымуæтты, æрдузты, фæндаджы былты, æфтауцуæтты, фосы лæгъзæрты. Зайы уидагæй. Ис ын бирæ дæргъæццон нарæг сыфтæ иугæндзоны къахыртæй. Куыддæр мит батайы рагуалдзæджы, афтæ хъармдæр бынæтты уыцы бæзджынæй йæ сыфтæ цъæх адарынц. Зайы губакгай æмæ астæуæй ысуадзы зæнг дзæвгар лыстæгдæр къабузтимæ. Уыдон калынц дидинæг, æмæ уыцы афонмæ фæлмæндæрæй хæрзад вæййы хæрынмæ. Кæны гæзæмæ судзаг ад, фæлæ донджынæй — æхсырджынæй у тынг хъомысджын хæргæйæ. Ногдзыдæй дзы æдуидæгтæй дыууæ-æртæ быны куы бахæрай хæрзæхсадæй, уæд фыдызгъæлы хæрдау дойны кæны.

Хæххон хъæубæстæ уалдзæджы цинæй пысыра тонынмæ куыд цыдысты, афтæ æхсызгонæй уадысты дзындзалæгмæ дæр. Хомæй хæрыны уæлдай дзындзалæгæй æфтыдтой дзæхæраджынтæм, лыстæг карстæй дзы кодтой цæхдон æхсыры фыхимæ, туаг хуырхимæ.

Фæсхосгæрдæнты дæр дзындзалæг ног тау скæны, æмæ йыл æхсызгонæй хизынц фос... Зæххы хорз йæ пысыра æмæ йæ дзындзалæгыл бæрæг вæййы, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, æмæ уыцы амындтæ махæн хынцинаг сты...

Хуычъыйысæр. Хуычъыйысæр зайы хохæй быдырмæ хъæдбын æрдузты, адæгты, лæнкауты бæрæг хъомысджындæр саумæрты. Зайы уидагæй, йæ уидæгтæ сты дæргъæццонæй лыстæгдæр æнгуылдзы стæвдæн, æмæ хуыйнынц хуычъытæ. Хуымгæнæнты нæудзар фæлдахгæйæ хуычъытæ гутоны фæстæ уыгътой сывæллæттæ æмæ сæ сыгъдæг æхсадæй æхсызгонæн хордтой чысылæй стырмæ. Уыдысты гæзæмæ æхсырдзыдæй адджын. Хуычъытæ уалдзæджы сыфтæ суадзынц, æмæ сæ хуыдтой нæ фыдæлтæ хуычъыйысæртæ. Сты дыууæ хуызы — сыл æмæ нæл. Сылæн вæййы фæтæндæр, бæзджындæр сыфтæ, нæлæн — нарæгдæр æмæ тæнæгдæр сыфтæ. Нæл кæны зæнг, æфтауы дидинæг. Йæ дидинæг свæййы гагадыргъ, æмæ хæргæйæ вæййы уæлдай адджындæр сыфтæй. Уидагæй сыфы, зæнджы онг хуычъыйысæр у æхсырдзыд халсар, æмæ йæ фос дæр хордтой æвзаргæйæ. Ногдзыд хуычъыйысæртæй гæзæмæ фæлвыхæй кодтой цæхджынтæ хуырхимæ, мисынимæ, фых æхсыримæ. Сыфтæй карстой цæхæраджынæн иннæ кæрдæджытимæ...

Хуырхæг. Алы халсар — хæрыны кæрдæг дæр кæны хицæн ад зæххыгъæдмæ кæсгæйæ. Иутæ, куыд загътам уæлдæр, афтæмæй сты судзагхæлттæ, иннæтæ — дудаг, аннæтæ — адджын, цыппæрæм хуыз — туаг, фæндзæм хуыз — маст. Хуызæй халсартæ сты кæрдæгхуыз, фæлæ адæй дыууæ халсары æмхуызон нæй, уымæн æмæ зæххæй цъирынц алыхуызон хъаймагъ, æмæ дзы алчидæр кæны, цы мæрыл зайы, уый раттинаг ад. Адæймаджы буары уаг дæр афтæ у: цы мадæй райгуыры, уый буары хъомыс хæссы хорзæй, æвзæрæй...

Хуырхæг туаг ад кæны. Зайы хохæй быдырмæ рагуалдзæгæй æрæгвæззæгмæ. Зæххывæрдмæгæсгæ у алыхуызон куыд уындæй, афтæ мидисæй дæр. Æппæт кæмтты арæх нæу. Фæзыны рагуалдзæджы фæлмæндæр мæрты, хъармдæр рæтты. Йæ сылгæрдæгæн ис бирæ сыфтæ бæрæг даргъдæрæй, фæтæндæрæй. Нæлгæрдæг уадзы зæнг æмæ уый къабузгай калы дидинæг. Дидинæг калын афонмæ вæййы фæлмæн зæнгæй сыфы онг, стæй хъæбæр кæнын райдайы. Фæлæ йæ сыфтæ лæууынц цъæхæй суанг æрæгвæззæгмæ. Фæсхосгæрдæнты уыгæрдæнты таугæрдæгимæ ногæй рацъæх вæййы хуырхæг дæр, æмæ йыл фос æхсызгонæй хизынц.

Хуырхæгæн йæ уидаг дзæвгар азты лæууы гуырдзхъомæй, фæлæ мыггагæй дæр тагъд зайы.

Хуырхæджы сыфтæ дзæхæраджынтæм æфтыдтой, кодтой дзы æхсыримæ, мисынимæ цæхдон, кæм хомæй кæрдгæйæ, кæм та фæлвыхæй. Фæлæ хæрзад у иннæ кæрдæджытимæ фыхæй хъæрмхуыппæн æхсыры, фиуы фæрцы. Хуырхæгæй зымæгмæ хус кодтой нæ фыдæлтæ кæм цæхæраджынæн, кæм та хъæрмхуыппæн. Хуырхæгæн йе ’рдзон хæрзтæ чи не ’мбары, уыдонæн у туаг, фæлæ уыцы туагад æвдадзыхос кæй у адæймаджы буарæн, уый у хъуыдыйаг, æмæ æмбæлы æрдзон хæрзтæм æрвонгдæр цæстæй кæсын ныры ирæттæн дæр...

Дудаг. У судзагхал хыцъыйы æнгæстæ, зайы хохæй быдырмæ сурдæр бынæтты: хуырбын къуыбырты, хурæргом фæзты, фосы лæгъзæрты. Хæдзарон мæргътæ йæ æхсызгонæн хæрынц хъæугæрæтты, нæудзар уынгты хизгæйæ. Нымад уыди ирон адæммæ хæрыны кæрдæгыл. Хордтой йæ хомæй, кодтой дзы цæхдон хуырхимæ, æхсыримæ, тыдтой йæ дзæхæраджыны кæрдæджытимæ дзаджджинагæн.

Лæджирттæг. Лæджирттæг арæхæй зайы хохæй быдырмæ сæрвæтты, уыгæрдæнты, хъæдбынты, фосы лæгъзæрты, къахвæндæгты былты, уымæл хуырбын бынæтты, æрхыты цалдæр хуызæй-мыггагæй. У хæрыны кæрдæг. Фæзыны уалдзæджы хъарм бонты æмæ цъæх дары суанг æрæгвæззæгмæ. Йæ зæнг у лыстæг æмæ алырдæм къабузтæ уадзгæйæ калы дæргъæццон гыццыл сыфтæ, уыдоны æхсæнты фæзыны тымбыл урс дидинджытæ. Зайы губакгай æмæ иу хуызы зæххыл бацахсы дзæвгар бынат, иннæ хуызы зæххыл та халгай рæзы æмраст хæрдмæ уыдисны дæргъæн. Хордтой йæ сывæллæттæ уалдзæгæй фæззæгмæ. Тыдтой йæ сылгоймæгтæ дзæхæраджыны дзаджджинагæн иннæ кæрдæджытимæ. У донджынæй хæрзад, кæны хæрдæххуыс адæймаджы. Фос ыл æхсызгонæй хизынц. Хурæн дæр фидар у æмæ уазалæн дæр, уыйбæрц гуырдзон тых æм ис. Адæймаджы буарæн æвдадзыхос кæй у, уый та фыдæлтæ хорз æмбæрстой, æмæ йæ хордтой дугъысыфимæ иумæ ногдзыдæй, хуыдтой йæ хуылфыдзаумæтты — тъæнгты, ахсæны, рæуджыты, игæры, уыргты низты дзæбæхгæнæн кæрдæг. Уыйадыл дзы кодтой хус зымæгмæ. Мах та йæ нæ къæхтыбын æссæндæм бынтон æнæпайдайæ, æмæ низты ахæсты дæр уымæн фестæм сывæллонæй зæрондмæ...

Цæвæгхос. У гæзæмæ судзаг хæрыны кæрдæг-халсар æмæ зайы хохæй быдырмæ хуымты, уыгæрдæнты уымæлбын фæлмæн мæрыл. Кæны зæнг æмæ калы бур дидинæг. Йæ сыфтæ сты булчъы сыфты хуызæн. Йæ зæнг рæзы нæл булчъы зæнджы дæргъæн æмæ хæргæйæ кæны уый ад гæзæмæ донджынæй. Йæ сыфтæй хуырхимæ цæхдон кодтой, хордтой сæ хомæй булчъы сыфтау, фæлæ дзæхæраджынæн дæр бæззынц бæрцыл.