Рæстæджы нымад 5 страница

Хъæды гæнгæлы зайы хæмпæлгæрдæгау хохæй быдырмæ Ирыстоны зæххыл, фæлæ йæ бахæрæг нæй, уымæн æмæ адæм сæ æрдзон халæй фæхаудтой, бафтыдысты æлхæнæггаг хъылматыл æмæ нал æмбарынц халсарты ад, хъомыс.

Æхсæвæрæг у æхсырджын кæрдæг. Кæрдæджытæй æхсыр сыгъдæгæй кæм нс, ахæмтæ сты дзæвгар, фæлæ сæ иу хай у æвдадзыхос буарæн, иннæ та — низы, æмæ сæ хъæуы зонын. Иугæндзоны æхсырджынæй æвдадзыхостæ сты хæрыны кæрдæджытæй хъысхъысаг, дзындзалæг, хуычъыйысæр, цъоза, диси, цæхгæр, хуырзæнг æмæ æхсæвæрæг. Æхсæвæрæг зайы хохæй быдырмæ куыд цæгатвæрсты, афтæ хурвæрсты дæр æмæ уарзы сурдæр, хъæздыгдæр мæртæ. Зайы губакгай, йæ нæл уадзы зæнг æмæ калы бурбын ирд дидинæг. Йæ сыфтæ сты лыстæг æмæ дæргъæццон. Гыццыл куы фæхъæн уа æхсæвæрæджы сыф, уæддæр ставд æртæхтæй йе ’хсыр акæлы уыцы бæзджынæй, урсæй. Дуцгæ фос ыл куы фæхизой, уæд бæрæг фылдæр вæййы сæ изæры æмæ райсомы догъ. Уæдæ æхсæвæрæгджын сæрвæтты цы фос хизой, уыдоны урсаг у бирæ сойджындæр, хæрзаддæр æмæ ахадæндæр. Æхсæвæрæгджын бæстывæрды фосы æхсырæй цыхт дæр фылдæр хауы, царв дæр.

Æхсырджын кæрдæджытæй уæлдай маргджындæр, хъæстæдæр сты къуырмагæнæджы цалдæр хуызы, стæй бæхы цъоза. Фос дæр сæм хæстæг нæ цæуынц, уыйбæрц æвзæр тæф кæнынц. Хъæдгомыл æркалд се ’хсыр, уæд ныррæсийы...

Хъоппæг. Зайы хæхты сæрвæтты, уыгæрдæнты, хъæдбынты, донбылты. Фæзыны уалдзæджы кæронмæ æввахс иугай лыстæг цыбыр хæлттæйзæнгтæй. Йæ зæнг æртæсыфонæй скæны къæбила, стæй уый райхæлы, æмæ йæ дидинæг æрвгъуыз сырхæй сæрттивы уыцы хъоппæгдзастæй. Дæ хъус æм куы дарай, уæд хъоппæджы дидинæг райсомы хуры хъарммæ сабыргай райхæлы, изæры хурныгуылды æрбахгæны йæ бурзæл мыггæгты уазалæй хизгæйæ-хъаггæнгæйæ. Уыцы æрдзон уагыл дидинæг калы нымад бонты, стæй свæййы дæргъæццон нæмыг æнгуылдзы кæроны бæрцæй. Хъоппæджы цæттæ нæмыг хæрынæн у диссаджы адджын, æрмæст бирæ нæ хæссы, мæймæ базæронд вæййы æмæ азгъæлы хус тæнæг æппытæй.

Хæхбæсты хъоппæг цы кæмтты зади, уымыты сывæллæттæ кодтой хъоппæгдзуан уæлдай райгонддæрæй. Фæстаг 40–50 азы дæргъы хъæутæм хæстæджыты скуынæг. Фенæн ма йын вæййы дæрддзæф бынæтты, уæлхох сæрвæтты æмæ уыгæрдæнты.

Сыкъамо. Зайы хæхты хъæдбынты, адæгты, уыгæрдæнты. У бæрзонд зæнгджын хъæбæргæрдæг дзæвгар сыфтæ æмæ къабузтимæ. Фос ын хизгæйæ нæдæр йæ сыфтæм æвналынц, нæдæр йæ дидинджытæм, æмæ уый хуымæтæджы афтæ нæу. Куы йæм басмудай, уæд кæны сæртæг тæф, уæлдайдæр дидинæг калын афон. Йæ дидинæг та у диссаджы рæсугъд куыд кондæй, афтæ ахорæнтæй дæр. Куы йæм кæсай, уæд хæххон дидинджыты хуызтæ сисы хуры тынтимæ хъазгæйæ. Йæ дидинджытæ куыд фезгъæлынц хосгæрдæнты, афтæ сæ бынæтты фæзынынц дæргъæццон нæмгуытæ-дыргътæ. Уыдонæй иутæ уæлдай егъаудæр свæййынц ногдзыд джитъритау, иннæтæ — къаддæр. Æддаг бакастæй сыкъамойы дыргътæ сты дæргъæццонæй фондз-æхсæзтигъонтæ донджын хæрзад æппытимæ. Хъоппæджы нæмгуытæ-дыргътæ хордтам æнæхъæнæй, сыкъамойы хъуыди стигъын. Йæ цъар у маст, йе ’ппытæ та — адджын. Фосæй йæм æмхиц сты сæгътæ, хъæддаг сырдтæй — дзæбидыртæ, сычъитæ æмæ арс. Уыдон хизынц къоппадзуанæй æмæ æвзарынц кæрдæджыты тæфæй. Сыкъамойы дидинæг бирæ рæстæг хæссы, фидар у рæстæджы хивæнд митæн дæр.

Скъæлдзой. Зайы хохæй быдырмæ хуымуæтты, хъæдбынты, сæрвæтты, уыгæрдæнты. Нымад у хæмпæлгæрдæгыл, фæлæ йæм ис бирæ хорз æрдзон миниуджытæ. Мæры, зæххы хæрзгъæд хаты, æвзары. Мæгуы рау мæрыл зайы лыстæг æмæ цыбырдæрæй, хъæздыг мæрыл та — бæрæг ставддæр æмæ даргъдæрæй. Хуымгонд зæххыл зайы ставд æмæ тарæй. Зæнггай зайы æмæ калы дидинæг. Дидинæг калыны размæ йæ стыгътам æмæ хордтам æхсызгонæн. Кæны гæзæмæ туагæй адджынад. Хъæуы йæ бæстон стигъын хъæды гæнгæлыйы хуызæн, науæд йæ цъар кæны мастад. Йæ сыфтæ йын куы аууæрдай, уæд гæзæмæ сæртæгæй кæнынц битъынайы тæф.

Сындзгæрдæг. Сындзгæрдæг зайы хуырджын, æзмисджын зæххыл хохæй быдырмæ. Æмхиц у донмæ. Иу хуызы сындзгæрдджытæ зæнг нæ кæнынц, зайынц сыфджынæй ныллæг кæм хицæнтæй, кæм та губакгай. Зæнг цы сындзгæрдджытæ уадзынц, уыдонæй иутæ калынц урс дидинæг, иннæтæ — цъæх æмæ сырхбын. Гъемæ дидинæгмæгæсгæ у сæ ад дæр. Сындзджындæртæн арæхстгай акъуыр сæ сыфтæ кардæй, стæй сын сæ цъар бастигъ, æмæ бæрæг донджынæй сты хæрзад. Сындзгæрдæгмæ фос не ’вналы хизгæйæ сындзытæй тæрсгæйæ, фæлæ йæ хосимæ хусæй хæры адджындæрæн. Сындзгæрдджыты астæу бæрæгæй зыны хæрæджы сындзгæрдæг, æмæ уымæ фосæй æмхиц у хæрæг, иннæтæ йæм не ’вналынц.

Дзыджына. Зайы хæхбæсты чысбын гæмæх рæгътыл. Кæны уидагæй губакк æмæ уадзы хихджын зæнгтæ бирæ къабузтæ æмæ сыфтимæ. Дидинæг калын афонмæ йæ губаччы вæййы æнгуылдзы стæвдæн дæргъæццон уидæгтæ. Уыдон сты урсбынæй сыгъдæг æмæ хæрзад, æмæ сæ арс хæры уæлдай æхсызгондæрæн. Дзыджынайæ — адджындæр, зæгъгæ, ныхасæн баззад ирон адæммæ, афтæмæй йæ хистæр фæлтæрæй дæр ничибæрæг федта æмæ бахордта. Æз дæр ыл сæмбæлдтæн цуаны цæугæйæ арсы руаджы. Уый уалдзæджы митхъулæтты чысбын рагъыл баййæфтон цыдæртæ къахгæйæ, æмæ разындысты хохаг мæкæрæсы хуызæн урсбынæй дæргъæццæттæ. Иу губаккæй дзы ракъахтон дыууæ армыдзаджы, æмæ сыл хъæубæсты зæронд лæгтæ дæр бадис кодтой, кæм сыл фæхæст дæ, зæгъгæ. Хæхбæсты æрдзы уаг уыйбæрц цымыдисаг у, æмæ йæ сæрды бонтæ цас цыбырдæр вæййынц, уыйбæрц тагъддæр дзы цæттæ кæнынц хæрыны кæрдæджытæ æмæ гагадыргътæ. Уыцы бæрæг уавæр чи нæ хаты æмæ æмбары, уыдонмæ ацы ныхæстæ кæсдзысты аргъæуттау, фæлæ æрдзон рæстад сæйрагдæр у æнæрхъуыды адæймæгты ныхæстæй, æмæ мæхи фыдæбонæй цытæ бавзæрстон, ныхас уыдоныл цæуы... Уидаджы мыггагæй цыдæриддæр бахордтон, уыдоны астæу дзыджына у æппæтæй адджындæр æмæ сыгъдæгдæр.

Цъамалæг. Цъамалæг у хъæддаг басгæрдæг. Зайы хæхбæсты сæрвæтты, уыгæрдæнты, хуымгæрæтты бæрæг фæлмæндæр, хъæздыгдæр бынæтты. Уидагджынæй уадзы зæнгтæ-къабузтæ, ис ын уадздзагæй дæргъæццон сыфтæ. Уалдзæджы йæ сыфтæ зæххæй куы ысзыной, уæдæй дидинæг калын афонмæ хæрзад у хæрынмæ. Басгæрдæгæн йæхицæй хæрздæфдæр, адджындæр нæй. Йæ нæмыг куы сцæттæ вæййы, уæд зымæгмæ тонынæн ысбæззы. Тонын æй хъæуы арæхстгай, æдуидæгтæй тонгæйæ кæны куынæг азæй-азмæ. Æртыдтай дзы цæттæ нæмыгæй, уæд æй армыдзаггай бабæтт, æмæ хус кæнинаг у аууоны. Цъамалæг, ногдзыдæй уа, йе цæттæ мыггагæй, хорз фидауы фыдызгъæлы, урсаджы æмæ сойаджы æппæт хæринæгтимæ. Ногдзыдæй йæ карстой дзæхæраджыны кæрдæджытимæ, нæмыгæй йæ хостой нурытимæ лывдзæйыл, сурфыхыл, фыдджынтыл æмæ æртхуроныл кæнынмæ. Уæдæ диссаджы фидыд кæны хъæдуры фыхимæ, цæхджын хусгонд фыдызгъæлимæ.

Ирыстоны хæхты йын фенæн вæййы уæлдай арæхдæрæй, заддæрæй Туалгомы, Уæлладжыры, Дæргъæвсы, Санибайы. Мыггаг байтаугæйæ быдыры æрзаид уæлдай ставддæрæй, фæлæ йæм хъусдарæг нæй. Цъамалæджы хус зæнгтимæ къабускайы цæхджын куы скæнай зымæгмæ, уæд уæлдай туаг нæ кæны, стæй лæууы фылдæр уыцы иугъæдоны хæрзадæй. Цъамалæгæн ис йæхи хуызæн сихгæрдæг, хуыдтой йæ хистæртæ мармалæг. Кæны ставд нæмыг, æмæ у бæрæг хъыггагдæр ахæргæйæ.

Кæрог. Кæрог у судзагхал халсар. Ис ын æртæ хуызы, æмæ æртæ хуызы кæрогтæ дæр зайынц Ирыстоны зæххыл хохæй быдырмæ. Кæрог нымад уыди нæ фыдæлтæн быдираг халсарыл, хæрыны кæрдæгыл, æмæ йæ хастой æмбисондæн хохаг дисиимæ: «Быдыры кæрог æмæ хохы дисийæн æмбал нæй хæрзад, хæрздæфæй». Гъемæ, нæ фыдæлтæ зыдтой аргъ кæнын Хуыцауы цæхæрадоны хæрзтæн æрдзон-гуырдзон хъомысæй, æмæ ныры ирæттæн уыцы миниуæг у фæзминаг. Быдыры бирæ раздæр фæзыны кæрог æмæ дидинæг акалынмæ вæййы ногдзыдæй хæрзад, ахадæн гæзæмæ судзагæй. Ахсæны, тъæнгты куыстыл, сыгъдæгыл ахады æргом. Тайын кæны сойаджы, урсаджы, фыдызгъæлы уæззаудæр хæринæгты æнцонæй, æнæ уæлдай рыстытæй, тыппыртæй. Тайæн кæй у буарæн, уый дзуры йе’рдзон хъомысыл, æвдадзыхосыл. Хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæй бæрцыл алцæимæ дæр фидауы. Рысты, æнады хос ын сты æгæр цæхджинæгтæ æмæ карз нозтытæ.

Кæроджы хосгæнæн миниуджытæ зонгæйæ, ирон адæмæй бирæтæ кæроджы хъæстæ нæ фæвæййынц сæрддæргъы. Чи дзы бахæры, уыдоны фылдæрæн дæр вæййынц базæртты æмæ фæндаггæрæтты æлхæнæггаг. Афтæмæй куы акæсай хуымгæнæнтæй фæстаг рувæнтæм нæ алыварсы кæрогджынтæм, уæд мæнæ-мæнæ фæкæны уыцы задæй. Дидинæг куы акалы, уæд уыгæрдæнтæ бур адарынц, афтæ арæх у. Кæрог ногдзыдæй хæргæ у, фæлæ йæ сыфтæ бæстон хусгондæй диссаджы хорз сты цайæн, фыхæй нуазынæн зымæджы... Кæрог уидагæй дæр зайы, хæлиу кæны, фæлæ мыггагæй дæр хæцы, æмæ уый хынцинаг у хохæй быдырмæ зæххы, фосы куыстытæ кæнджытæн.

Мæнтæг. Зайы хохæй быдырмæ арæхæй. Хæрынæн бæзгæ у уида гæй, зæнгæй. Рагуалдзæджы куыддæр йæ сыф зæххæй ысзына, афтæ йæ уидаджы зæххы сой хъарын райдайы, æмæ бæззы хæрынæн. Къахтой йæ алыхуызты. Хæрзæхсадæй йын кардæй хафтой йæ цъар æмæ йæ адджынæн хордтой. Йæ сылгæрдæг уадзы сыфтæ, йæ нæлгæрдæг — зæнг, æмæ уый дæр хордтой сыгъдæг æстыгъдæй. Йæ уидаг хæрзаддæр у, стæй къухтæ æмæ комарынг, дзых нæ ахоры, фæлæ йæ зæнг кæны гæзæмæ мастад, ахоры къухтæ, былтæ, ацудасау æлвасы комарынгтæ. Гъемæ уыцы бирæ æрдзон миниуджыты ис мæнтæгæн йæ хъомыс æвдадзыхосау: сыгъдæг кæны хуылфыдзаумæтты уæлдай буарыгъæдтæй. Æргом хос у игæры, ахсæны, тъæнгты низтæн.

Мæнтæджы сыфты ис æндыснæджы низтæн хосгæнæн хъару, æмæ сæ зымæгмæ хус кодтой, сæрды сæ дидинæг афон риссаг буарыл бастой, фыхтой дзы дон найынæн. Мæнтæг калы дидинæг æмæ скæны фæззæгмæ сау æппытæ. Уыдоны мастад æргом хос у игæры низæн.

Хуырзæнг. Зайы хæхты хуырбынты, лæбырдты, хурварс фæхсты. Йæ сылгæрдæг зæнг нæ кæны. Нæлгæрдæг зæнг ысуадзы æмæ дидинæг калын афонмæ бæрзонд сырæзы бирæ къабузтимæ. Нæл хуырзæнгæн йæ уидаг цæуы арф, æмæ уалдзæджы æмбисы йæ сæр куы сдары уыцы тымбылæй, уæд вæййы къахинаг. Къахтам æй мах, хохаг адæм, цыргъгонд лæдзджытæй, æмæ-иу уыцы урсæй фелвæсти уымæл чысбынæй, хуырæй. Йæ цъар ын стыгътам кардæй сыгъдæг, афтæмæй йæ адджынæн хордтам. Йæ дон вæййы æхсырдзыдæй хæрзад. Хуырзæнг хæрынæн фæбæззы дидинæг калын афонмæ, стæй фæхъæбæр вæййы.

Хуырзæнгæн дæр йæ ном йæ уæлæ, зайы хуырбын мæры æмæ уарзы хуры тавсимæ доны арæх. Йæ сыфтæ сты хъыггагæй тæфгæнаг, æмæ йæм фос хизгæйæ арæх не ’вналыц. Дидинæг афон йæ сыфтæй куы æртонай, уæд аууоны хусгондæй ахъаззаг сты цайæн гæзæмæ сæкæрдыхæй.

Хуырзæнг нæдæр бынтон бæрзонды зайы, нæдæр бынтон ныллæджы. Зæгъæм, Уæлладжыры комы цæугæйæ фæндагмæ хæстæджыты фæзыны Уæллаг Цъуалыйы цæгат æмæ хуссары лæбырдты. Уырдыгæй мидæмæ ис Наргомы æмæ Мамысонгомы хъæутæм хæстæджыты. Куырттаты комы дæр нæ зайы æмæ Хъобангомы дæр.

Сæнк. Зайы хохæй быдырмæ цалдæр хуызы, æмæ уарзы хуры тавсимæ мæры хъацыд, доны арæх. Сæнкæн йæ нæл кæны зæнг, æмæ уый ногдзыдæй бæззы хæрынмæ. Йæ цъар ын бæстон бастигъ сæрырдыгæй, æмæ вæййы донджынæй хæрзад. Æнцон стигъæн у сæнк, хæрдæххуысæй сафы æнтæфбоны дойны. Æмхиц æм сты фос, хæрынц ын йæ сыф, стæй ногдзыдæй йæ зæнг дæр. Нæлсæнчы зæнгтæй фыййæуттæ арæзтой уадындзтæ æмæ сæрвæтты зарыдысты. Сæнчы сыфтæ хосимæ æхсызгондæрæн хæрынц фос.

Такъуындела. Зайы фылдæр хæххон хуымты, хъæдбынты, уыгæрдæнты, фосы дарæнты. Зæххы хъæздыгæн уымæй хуыздæр æвдисæн нæй, куыд сойджындæрæй зайы бæрзонд æмæ ставд. Баиу вæййы хæмпæлгæрдджытимæ æмæ свæййы сатæгдæрæн арсбадæнтæ. Йæ сылгæрдæг зæнг нæ кæны, фæлæ уадзы фæлмæн фæскъау сыфтæ дæргъæйдæргъмæйæ, æмæ хоргæрдджытимæ стыхсынц. Хос кæрдгæйæ ахæм хæмпæлгæрдæджы уистæ вæййынц зын раппарæн хосдзауæн. Йæ зæнг бæстон стыгъдæй хæрзад у.

Хъыггаг тæф кæны такъуындела, фæлæ æхсызгонæй æмбæлы æмбудæнтыл стигъгæйæ. Фос æм сты тынг æмхиц сæрдыгон сæрвæтты, стæй æндарæнты хос хæргæйæ.

Дзæлæу. Хæрыны кæрдæджытæй, хуымы гæнгæлыйы фæстæ, дзæлæуæй адджындæр нæй. Зайы хуссарварсы кæмтты, цæгатварсы йыл никуы сæмбæлдтæн. Сæнчы æнгæс у, фæлæ йæ сыфтæ гæзæмæ бурæй тарбын сты. Йæ нæл калы дидинæг. Дидинæг калын афонмæ бæззы хæрынмæ. У æнцон стигъæн. Йæ адджыны тыххæй йæм æмхиц сты сæгътæ, арс æмæ йыл къоппадзуан фæкæнынц ногдзыдæй.

Мæдзæрæу. Мæдзæрæу сыфтæ æмæ дидинджытæй у дзæлæуы æнгæстæ, фæлæ сæ зæнгтæ сты бынтон æндæрхуызæттæ. Дзæлæуæн лæгъз æмæ тымбыл зæнг ис, мæдзæрæуæн — тигъджын æмæ дыркъуымтæ. Мæдзæрæуæн фенæн ис цæгатварсы кæмтты арæхдæртæй, фæлæ йæ ныры ирæттæй ничиуал зоны хæрыны уагыл. У зын стигъæн, кæны æлхыскъад.

Диси. Диси хæрыны кæрдæджыты-халсарты астæу зыны бæрæгдæрæй йæ диссаджы æрдзон хуыз æмæ мидисæй. Цæгат Иры цæрджытæ йын йæ ном дæр нæ зонынц, уымæн æмæ дзы нæ зайы хуссарварсы хуызæн, æмæ уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у дыууæ Иры бæстывæрдыл хъуыды кæнгæйæ. Зæгъæм, мæ райгуырæн хъæуæй — Хъæдысæрæй Мамысоны астæу ис нæудзар рæгътæ, æмæ Туалгомы нæ зайы цæгатварсы уавæрты, Хъæдысæры та — арæх. Арæх у диси Хуссар Иры кæмтты Къозы комæй суанг Урстуалтæм. Æз сæрмагондæй фæзылдтæн Цæгатæй Хуссармæ, æмæ цæгатварсы зæххыл фембæлдтæн диситыл Адайы комы, стæй Зæрæмæджы дæллагварс фахсы суармæ хæстæг, Тибы зæххыл та — Халацъайы бæрзджын рагъыл. Фæлæ уыдысты стæмæй бирæ мæгуыраудæр куыд асæй, афтæ хуыз æмæ мидисæй дæр хуссарварсы диситимæ абаргæйæ.

Диси у сæрмагонд ныхасы аккаг, куыд æрдзон-гуырдзон хъомысæй уæлдай æххæстдæр халсар, афтæ. Йæ сылгæрдæг зайы губакгай-цæстгай, ис ын фæтæн æмæ даргъ бæзджын сыфтæ, сæнчы сыфты хуызæн, фæлæ бæрæг хуызджындæрæй, æрвгъуыздæрæй, фæлмæндæрæй. Йæ сыфты хъæдтæ зайынц даргъæй, рæхснæгæй. Куыд асæй, афтæ адæй дæр диситæ сты цалдæр хуызы зæххы, мæры æвæрдмæ, гъæдмæ кæсгæйæ. Вæййы дзы ныллæг æмæ бæрзонддæртæй уæлдай лыстæгдæртæ æмæ ставддæртæ. Фæлæ æмхуызонæй зайынц арф уидагæй губакгай-цæстгай. Иунæгæй дзы сыф æрзайгæ нæ фендзынæ. Иу уидагыл бастау фæйнæрдæм айвазынц сæхи хуры рухсмæ тындзгæйæ, æмæ сын сæ сыфты уæлдай хуынчъытæй, кæлмхæрдтытæй нæ фендзынæ, уыйбæрц ифтонг сты æрдзон тыхæй-хъаймагъæй. Дисийы зæнг фæнды бындзарæй стон, фæнды йæ рæбыныл кардæй ралыг кæн, уæддæр йæ бурбын сой-æхсыр уыцы бæзджынæй акæлы. Сæнчы сыфтæн сæ хъæдтæ сты мидæгæй афтид — тутт. Диситы сыфты хъæдтæ сты æнгом буар. Сæ цъар у бæзджындæрæй æнцон стигъæн, фæлæ дзы мидæгæй ис æндахы хуызæн лыстæг хæлттæ. Хæргæйæ уыцы хæлтты хъæуы ласын фарсгай, дихгай. У донджынæй диссаджы хæрзад æмæ хæрдæххуыс. Уыцы æрдзон уаг ын арс зоны æмæ дисиджынтыл зилы. Йæ губаккыл ын раззаг къæхтæй ныллæууы æмæ дзæмбытæй цъиры сой, сыфтæм та не ’вналы. Арс цы диситы губактыл ныллæууа, уыдонæн бындзарæй сæ уæллаг цъар фестыхсæгау кæны, фæлæ хус нæ бавæййынц. Диситæй сойджындæр, адджындæр кæцытæ сты, уый арсæй хуыздæр ничи æмбары æмæ алы губаккыл уымæн нæ лæууы.

Фæсхуымгæнæнтæй фæсхосгæрдæнтæм мах комбæсты диси хæрынмæ бæззыд, æмæ йæм æхсызгонæй цыдыстæм тонынмæ. Йæ сыфтæ зымæгон зæддаг фосæн амыдтой хосæн, æмæ дзы мæкъуылты астæуты сæрмагондæй æвæрдтой хъæндæлы сыфты хуызæн.

Диситæй дæр ис нæлтæ, æмæ уыдон зайынц иугæйттæй уымæлдæр бынæтты рæстæмбис михы стæвдæнæй. Уыдон сты нæл диситæ — цæхгæртæ, æмæ сын вæййы уæлдай фылдæр къабузтæ гыццыл сыфтимæ. Цæхгæр цалынмæ дидинæг акалы, уæдмæ вæййы фæлмæнæй æнцон стигъæн æмæ хæрзад. Цæхгæр судзаг нæу, фæлæ йæ цъары хъæуы кардæй бæстон стигъын, хафын.

Хæрыны уидæгтæ

Хæрыны уидæгтæ зайынц Ирыстоны зæххыл цæгатæй хуссармæ, хохæй быдырмæ арæхæй, фæлæ сæ ничиуалбæрæг зоны æмæ хæры, уыйбæрц фæхицæн стæм цивилизацийы арæзт хæринæгты ахæсты райгуырæн æрдзы бæркæдтæй, æмæ уыцы æдзæлгъæды уавæр зыны фæлтæрты удхъомысы рæзтыл æвзæрырдæм.

Хуыскъæл. Дыууæ хуызы сты Ирыстоны хуыскъæлтæ: иу — хохаг, иннæ — быдираг. Хохаг хуыскъæл зади хуымты бæрæг лыстæгдæрæй, быдираг хуыскъæл та — бæрæг ставддæрæй. Хохаг хуыскъæлæн йæ цъар не стыгътой, афтæмæй йæ хордтой хæрзæхсадæй. Быдираг хуыскъæлæн йæ цъар стыгътой хæрзæхсадæй æмæ йæ хордтой. Хохаг хуыскъæл у хæрзад æмæ хæрдæххуыс. Сыгъдæгæй хæргæйæ адæймаджы ницы хъыгдары баххуысæй уæлдай. Быдираг хуыскъæл у донджын, стæй гæзæмæ адджын, фæлæ дзы хæрдæххуысæн хохаг хуыскъæлы тых-хъару нæй. Хойрагцухæй дзы арæх куы хæрай, уæд у донзоныджы хос. Стонг заманты йæ æххормаг адæм арæх хордтой æнæ кæрдзынæй, æмæ сыл æфтыдта ризæг, гуыбынниз. Хойрагимæ йæ гыццыл хæрд буарæн у æнæнизы хос.

Мæкæрæз. Мæкæрæз зайы хохаг хоры хуымты рувын афон. Рувын афонæй размæ æмæ уымæй фæстæмæ мæкæрæз свæййы хуыскъæл. Мæкæрæз у ногдзыд хуыскъæл, æмæ доны æхсгæйæ йæ цъар астыхсы. Хордтой йæ хохаг адæм фæстаг рувæнты гæзæмæ цæхдзыдæй. Хохаг хуымы гæнгæлытæ æртæ хуызæй уыдысты хуыскъæлы зæнгтæ.

Стъæлха. У хæрыны уидаг лыстæг сындз сыфтимæ. Зайы губакгай чысбын мæрты. Йæ уидæгтæ сты лыстæг æмæ пыхцыл. Æнцон къахæн у. Суадæтты чысбынты йæ къахтам сывæллæттæй æмæ йæ хæрзæхсадæй адджынæн хордтам.

Уизза. Уиззайы уидаг зæххы арфдæр цæуы ставддæрæй. Ис ын даргъдæр сыфтæ бæрæг сындзджынæй. Уадзы бæрзонд зæнг. Йæ уидаг ын къахтой, хæрзæхсадæй йын кардæй хафтой йæ цъар, æмæ хæрзад уыди. Йæ зæнг дæр бæззы хæрынæн ногдзыдæй, дидинæг калыны размæ.