Рæстæджы нымад 6 страница

Къацциу. Сырх цæхæрайы æнгæстæ у къацциу сыфæй, уидагæй, æмæ дыууæ хуызы халсарыл иумæйаг ном фидыдта хуызмæ, адмæ кæсгæйæ. Къацциу кæны адджынад сырх цæхæрайау.

Уири. Уири зади цæндгæрæтты, хуымты ауæдзты. Йæ сыфтæ уыдысты дæргъæццонæй фæлмæн æмæ бæзджын, йæ уидагæн уыд тарбын цъар. Хордтой йæ хæрзæхсадæй, æмæ кодта донджынæй судзаг ад.

Хуычъы. Хуычъыйæн йæ сыфтæ сты хуычъыйысæртæ. Нæлгæрдæг уадзы зæнг, калы дидинæг, æмæ сыфæй, зæнгæй сты æхсырджын, хæрзад. Хордтой сæ æнæ стигъгæйæ. Уыдоны уидæгтæ сты хуычъытæ, æмхуызон лыстæггомау уидæгтæ уыдисны дæргъæнæй. Зайынц хохæй быдырмæ хъæдбынты, уыгæрдæнты, æрдузты фæлмæндæр мæрыл.

Гагадыргътæ

Гагадыргътæй иутæ зайынц кæрдæджы зæнгтыл, иннæтæ — бæлæсты, къудзиты æмæ пыхсыты зæнгтыл, хихтыл, къалиутыл. Хада, æрыскъæф, сыхсы, хъоппæг, сыкъамо, куыдзыбага, æрсмыд зайынц кæрдæджы зæнг тыл; мæнæргъы, дзедæрæг, уагъылы, хъалгъæн, тырты, какон — сындзджын зæнгтыл; хъæлæрдзы, мæцкъуы, къабузæг, мырткæ, саунæмыг — хъæды къутæртыл; æхсæр, цым, цъуй, мугæ, дурвæткъуы, къæбырттæг, кæркмисындзæг — бæлæстыл.

Хада. Зайы хæхты донмæ æввахсдæр къæдзæхты нæудзартыл, уыртыл губакгай. Йæ сыфтæ сты гæзæмæ цыбыртæй минсыфон кæрдæджы æнгæстæ, æмæ уыдоны астæу рагуалдзæджы фæзынынц цъæх дидинджытæ, стæй — гагадыргътæ. Тагъд цæттæ кæнынц къухы æнгуылдзы асæй, æмæ хæрынмæ вæййынц адджын, донджын. Махмæ, Хъæдысæры, уыди сæрмагонд бынат — Хададжын. Æдде йын ис бæзджынгомау цъар, мидæгæй — лыстæг донджын æппытæ.

Сыхсы, сыхсырæг. Зайы хæхты сæрвæтты, уыгæрдæнты, хъæды рæгътыл, хъуынабын уымæлты. Ис ын бæзджын цъæх сыфтæ. Кæны зæнг гæзæмæ сындзбынæй. Уыцы зæнгыл фæзыны дидинæджы гуппартæ, æмæ срæгъæд вæййынц сæ нæмгуытæ сырх сырхидæй сусæны мæйы кæронмæ. Гæзæмæ туагад кæны æмæ хæрынæн у хæрзад. Йæ зæнджы сындзытæй тæрсгæйæ сыхсыйы гагатæ тыдтой сывæллæттæ муцъигай: уыцы иу февнæлдæй-иу къухы аззадысты.

Æрыскъæф. Æрыскъæф зади хохæй быдырмæ уыгæрдæнты, сæрвæтты, ныллæг хъæдбынты, адæгты, цæндгæрæтты, хъæутæм хæстæгдæр бынæтты. Алы кæмтты дæр уыди, уæлдай арæхдæр кæм зади, ахæм зындгонд бынæттæ, æмæ сæ бынæттон цæрджытæ хуыдтой æрыскъæфджытæ... Ивгъуыд афоны æрдзон архайдыл, хъомысыл уымæн дзурын, æмæ абоны Ирыстоны зæххыл æрыскъæф арæхæй нæ, иугай нæмгуытæй-гагатæй дæр фенæн нал и алыран. Æрыскъæф тонын афон æнæхъæн комбæсты сæрвæттыл, уыгæрдæнтыл зилыс æмæ, стыр хъыгагæн, армыдзаг кæм æртонай сывæллонæн равдисынæн, ахæм зæххы гæипæл нал ссардзынæ. Хурвæрсты ма иугай æрыскъæфы хæлттæ дурты нæухæстыл дзедзырой фæкæнынц сæ лыстæг гагатимæ. Гъемæ, кæйдæр тыхст æфсинау, дæхи фæрсыс, цы фесты кæддæры зад æрыскъæфджынтæ?! Ирыстоны зæххыл уæрццытæ цы фесты, куыд фæсæфтысты, скуынæг сты, æрыскъæфтæ дæр — афтæ. Гъемæ уыцы сæфты уагæн ис бирæ аххосæгтæ куыд æрдзон, афтæ æхсæнадон фыдбылызтæй дæр. Фæстаг 50 азы дæргъы æрдзон уагæй боныгъæды æрцыди бирæ ивддзинæдгæ мæгуырдæрæн, фæлæ йын ахуыргонд æрдзиртасджытæ цы фыдбылызтæ скодтой наукон-техникон мадзæлттæй, уыдонæн банымайæн дæр нæй. Быдырты фæзил æмæ дзы хæснагæн нæудзар саппыл æрыскъæф нал ссардзынæ, суадоны сыгъдæг донæй нал баназдзынæ, уыйбæрц маргхъæстæ сси алы мысæггаг хъылматæй йæ гуырдзон мæр, æмæ дзы, стыр диссагæн, мæнæуы хуымы уæрцц нал фендзынæ хуымгæрдæнты...

Хъæддаг æрыскъæфы æрдзон хъомыс уыйбæрц ахадæн уыди адæй маджы буарæн, уæлдайдæр рæзгæтæн, æмæ сæрды иунæг мæймæ цы ба хордтаид, уый фæрцы буары чырæгтæ ногæй ивтой, æмæ йæ рæзты хъа руйыл æфгыди цæрдхъом хæрзтæ, æнæнизы хостæ.

Мæнæргъы. Хохæй быдырмæ мæнæргъы алыран дæр зайы хурварс дæр, хусдæр бынæтты цалдæр хуызы. Иу хуызы мæнæргъы сцæттæ вæййы раздæр, иннæ хуызы — фæстæдæр. Ис дзы ахæм мыггаг, æмæ калы æдзух дидинæг, рæгъæд кæны суанг æрæгвæззæгмæ. Хуыз æмæ асæй куыд хицæнтæ кæнынц, афтæ алыхуызæттæ вæййы сæ ад дæр. Гъемæ, куыдфæнды ма уæд мæнæргъыйы æрдзон хъомыс, уæддæр у æвдадзыхос адæймаджы буарæи фыццаджыдæр хомæй æрдзон уагыл хæргæйæ. Фыцгæтæй дзы цы сæвæрынц зымæгмæ, уыдоиы цай та у æргом хос уазалы низтæ дзæбæх кæнынæн. Æрмæст æй фыцгæйæ æгæр хæццæ кæнынц сылгоймæгтæ сæкæримæ. Сæкæримæ фыцгæйæ гагадыргътæн сæфы се ’рдзон хъомыс, æмæ уый у хынцинаг.

Хæххон мæнæргъыйы ис фылдæр æрдзон тых куыд адæй, афтæ хæрдæххуысæй дæр, фæлæ йæм, стыр хъыгагæн, дæрдтæм тонынмæ ничиуалбæрæг цæуы, æмæ хуырбын хуссæртты нызгъæлы æнæ исты пайдайæ.

Мæнæргъы тонынмæ цыдысты цумахъом сывæллæттæ хистæртимæ сæрмагондæй, æмæ уыцы бонтæ уыдысты зæрдылдарæн æрдзон хъомы сæй. Сæхæдæг цы бахордтаиккой сыгъдæг уæлдæфы, уымæй уæлдай алчидæр хаста чыргъæдты, къæртаты, залмысыфты дзæгтæ рæгъæд мæнæргъыйæ, æмæ дзы æппæт хъæубæсгы, комбæсты цæрджытæ дæр хайджын уыдысты. Уæдæ æнæ мæрдты ном ссаргæйæ халсары ногæй дæр ничи хордта, дыргъы ногæй дæр, æмæ фæлтæрты бастдзинад нæ хæлди, нæ цудыдта æрдзон уавæрты, афæдзы бæрæг афæтты. Ныры ирон адæмæй та ма чи æрхъуыды кæны йæ мæрдты нæмттæ ног халсар æмæ дыргъафон?! Гъемæ, æргомæй рæстыл куы дзурæм, уæд æнæ рухсаггаджы хæрзтæй цæрæгудæн хæрзудыбæстæ нæй...

Хъæлæрдзы. Ирыстоны быдырты хъæддаг хъæлæрдзы искуы ис пыхсыты, хъæдбынты, уый зын зæгъæн у, фæлæ хæхбæсты кæмтты, хъæдты æмбæлы бирæ рæтты арæхæй. У хуызæй кæм уæлдай цъæхбын, кæм — сырх æмæ цъæххъулæттæ, кæм та — æргом сырх æмæ ирд сау. Уыцы алыхуызæттæй хъæлæрдзытæ кæнынц æмхуызон туагад, фæлæ сæм хæрзады, адджыны миниуджытæ ис дзæвгар, æмæ сæ æмбæлы зонын адæймагæн æрдзон уагыл, фæткыл. Иуæй иу адæймæгтæм куы хъусай, уæд æрдзон туагхъæстæ халсартæ, гагадыргътæ сæ зæрдæмæ нæ цæуынц фырадджын хæринæгтыл ахуырæй. Æрдзон туагады хæрзтæ хæринæгтæн сæ сæйрагдæр хæйттæ, хъаймагътæ (витаминтæ) кæй вæййынц, уый та нæ фембарынц, æмæ ахæм адæймæгтæ, иуæй, Хуыцауы цæхæрадоны хæрзтæн фаг аргъ нæ фæкæнынц (аразгæ адджинæгтæ дзы нæ вæййы), иннæмæй та, буарæй вæййынц лæмæгъ, низтæм — æмхиц, куыстæгты — уæнгмард æмæ зондæй — æнæрхъуыды, æнæуынаффæ.

Алы комы дæр Ирыстоны ис хъæлæрдзыджынтæ. Дыууæ къутæрыл дзы уаргъыбæрц æртонæн вæййы, æмæ, стæмтæй фæстæмæ, фезмæлыны адæргæй, фистæгæй цæуыны азарæй баззайынц æнæхæрд уæлгъæдæй.

Æрыскъæфæй зæрдæйы фæндоныл бахордтай, уæд дын йæ бирæ нæ батайдзæни, омгæ дæр ма фæкæндзынæ, ахæм ахадæн у йæ адджинаг. Мæнæргъыйæ дæр хæрын хъæуы бæрцыл, уæлдайдæр тæвд боны. Хъæлæрдзыйæ мах фылдæр хордтам, уымæн æмæ уыди тайæндæр туагæздæхтæй. Уыцы миниуджытæ зонгæйæ, гагадыргъты хæрын хъæуы иу рæтты зайгæйæ хæццæтæй: æрыскъæф æмæ хъæлæрдзы — иумæ, æрыскъæф æмæ саунæмыг — иумæ, мæнæргъы æмæ хъæлæрдзы — иумæ, сыхсы æмæ æрыскъæф — иумæ. Уыцы иумæтæй сæ тыдтой сывæллæттæ хъæутæм хæстæджыты æмæ сæ ластой кæрдæджы хæлттыл алыхуызы фæрдгуытау сæ хъуыртыл кæнынмæ...

Саунæмыг. Саунæмыг зайы хæхты рæгътыл, фæхстыл, фугæджынты. Ис ын ныллæг пыхцыл къутæртæ. Уыдон уалдзæджы кæронмæ æввахс акалынц сыфтæр, стæй — дидинæг, æмæ йæ гагадыргътæ рæгъæд кæнын райдайынц августы æмбисы. Саунæмыгæн дæр ис цалдæр хуызымыггаджы, æмæ хицæнтæ кæнынц куыд кондæй, афтæ ад æмæ асæй дæр. Иу раны вæййынц бæрæг ставддæр æмæ адджындæр, иннæ раны — лыстæгдæр æмæ гæзæмæ туагдæр. Гъемæ, куыдфæнды ма зайæд, уæддæр буарæн у пайда æгъдауыл, уагыл хæргæйæ, йс дзы дзæвгар пайдайаг хъомыс буарæн, фæлæ туджы сыгъдæгдæрæн, цæстыты рухс фæхуыздæрæн саунæмыджы дыргътæ æмæ сыфтæртæ сты æргом хостæ. Саунæмыг хордтой, кодтой дзы зымæгмæ хус æмæ йæ куыройыл ссадтой цымгæйы фыхæн. Йæ хъæдты йын æдсыфтæй фыхтой цайæн. Æгæр сæкæрджынæй бирæ фыцгæйæ саунæмыгæн сæфы йе ’рдзон тых-хъæстæ.

Рагъысис. Зайы хæхты бæрзонд рæгътыл фугæбынты. Ис ын ныллæг зæнгтæ. Асæй у саунæмыджы стæвдæн, фæлæ гæзæмæ фæлахсдæр тъæпæндæрæй. Ис ын сæрæй урс ныхыдзуар, æмæ сау фæлгонцæй хурмæ æрттивы.

Рагъысис алы кæмтты нæ зайы. Æз ыл фембæлдтæн Туалгомы фугæджын рæгътыл фыццаг хаттæн, æмæ саунæмыгимæ зайы цæстгай, у диссаджы хæрзад.

Тырты. Тыртыйы къутæртæн ма фæстаг азты фенæн уыди кæмтты дымæгмæ быдыры зæххыл дæр: Терчы, Æрыдоны æмæ Гæналдоны былты, Арыхъы рæгътыл, фæлæ сæ гагадыргътæ вæййынц лыстæгæй стæм. Хæсты размæ Ирыстоны быдырты арæх уыди тырты, фæлæ йæ скуынæг кодтой кæм хуым кæнгæйæ, хъæд цæгъдгæйæ, кæм та — зынгæй, артæй. Гъемæ, Хуыцауы цæхæрадоны лæвар хæрзтæм æнауæрдонæй чи æвналы, уыдонæн æрдз хатыр нæ кæны, æртывæрæй сæ йæ маст райсы. Тыртыйы сыфтæ æмæ дидинæг, гагадыргътæ сты адæймаджы æнæнизæн комкоммæ æххуыс. Уыйадыл тыртыйы æвзартæ, къутæртæм кæсын æмбæлы хæдзардзины цæстæй куыд хицæн адæймæгтæн, афтæ æнæхъæн æхсæнадон хæдзарæдтæн дæр. Рæзгæ фæлтæртæ зоной хъуамæ æрдзон лæвар хæрз тæ. Сывæллонæй зæрондмæ тыртыйы сыфтæ, дидинæг æмæ гагатæ сты уыргты, мисындзæджы куыстæн хуыздæр хостæ мадзæлттæ.

Какон. Каконы къутæртæ, къудзитæ сты сындзджын, зайынц къох гай хурджындæр бынæтты, хъæдбынты, фæхсты. Йæ гагадыргъ у гæзæ мæ дæргъæццонæй тарбын цъæх æмæ уыцы сыгъдæгæй æрттивын райдайы рæгъæдафон. Адджын туагад кæны, æмæ хæргæйæ æхсызгонæй зæрдæйыл æмбæлы йæ æрдзон хъомыс. Фидар у куыд уазалæн, афтæ тæвдæн дæр, æмæ æнæ ’рызгъæлгæйæ хæрынæн фæбæззы суанг уалдзæгмæ. Ахæм зад къутæртæ дзы вæййы, æмæ сæнæфсиры цупæлттау ныттасы. Гъемæ, диссаджы хæрзад у цы хомæй хæрынæн, цы фыхæй гæзæмæ сæкæримæ.

Какон быдырты арæх уыди Фыдыбæсты хæсты размæ æмæ уымæй фæстæмæйы цалдæр азмæ дæр, фæлæ техникон фæрæзтæ куыд фылдæр кодтой, афтæ нæудзар къахтой, обæуттæ хæлдтой, æмæ быдыры гагадыргътæ æрыскъæфæй каконмæ сихсыдысты. Цы æнæбары къудзитæ ма дзы аззади донбылты, уыдоны та тыхарæзт хъацæнты марг басыгъта æгæр арæхæй калгæйæ.

Арыхъы рæгътыл ма зайы какон бæрæг ставддæрæй, хæрзаддæрæй, æмæ у хъаггæнинаг дыргъдзæхæрадонау, уымæн æмæ йæ мыггагæн тас у фесæфынæй ныры æдзæлгъæд митæй.

Уагъылы. Зайы сындзы къутæртыл хохæй быдырмæ, æмæ у æвдадзыхос сыфæй, дидинæгæй, уидагæй, гагадыргъæй афон æмæ бæрц зонгæйæ. Цы низтæ дзæбæх кæны йæ сыф, йæ дидинæг, йæ уидаг æмæ гагадыргъ, уыдон бирæ дзуринаг сты, фæлæ сыл ауæрдын кæй хъæуы иумæйагæй пайда кæнгæйæ, уый та цыбырæй зæгъинаг у. Сындзыты цæстæй кæсын нæ хъæуы уагъылымæ. Йæ сæр у сындз, æмбисонды загъдау, йæ бын та — сой, йемæ чи хуыздæр арæхсы, уыдонæн. Йæ хустæ йын хъæуы æхсæ дын, йæ алывæрстæ уæлдай бырæттæй сыгъдæг кæнын, стæй афгæмæй йæ дидинæг æмæ йæ нæмыг афоныл тонын. Уагъылыйыл мит æруарыд æмæ уазалæй йæ сыфтæртæ æрызгъæлдысты, уæд ныссæлгæйæ йæ æр-дзон хъомысы тых сæтты, афтæмæй свæййы хæрзаддæр. Уазалæн у фидар, лæууы æнæ ’рызгъæлгæйæ уалдзæгмæ, фæлæ йæ хосы миниуджытæ тыхджындæр вæййынц ныссæлыны размæ, æмæ йæ уæд æмбæлы тонын, хус кæнын. Уагъылыйы хустæн æгæр фыцгæйæ сæ хъару сысы, æмæ хуыздæрæн вæййынц фыцгæдоны удаинаг. Ис сау æмæ сырх уагъылы.

Хъалгъæн. Хъалгъæн кадаварæй æмбæлы Ирыстоны хæхты, быдыры та хъæддаджы номæй бынтондæр нал и. У хъæлæрдзыйы æнгæстæ бæрæг ставддæрæй. Фенæн ма йын ис Хуры хъугомы кæмтты стæмтæй, æмæ у донджынæй хæрзад, ахадæн.

Куыдзыбага. Зайы хохæй быдырмæ хуымгæрæтты, рæбынты, гæрфыты, фосы дарæнты губакгай фæлмæндæр саумæр зæххыл. У хæмпæлгæрдæг, уадзы бирæ къабузтæ сыфтæрджынæй. Сæрды æмбисмæ акалы дидинæг æмæ йыл фæзыны арæхæй цъæх тымбыл гагатæ. Уыдон рæгъæдæй ссау вæййынц, æмæ сæ хæрзадæн фæхæрынц сывæллæттæ.

Æрсмыд. Зайы хæхты хъæдты. Кæрдæджы мыггаг у. Уадзы даргъ зæнг сыфтимæ. Йæ сыфты рæбынты фæзыны сæрды кæронмæ цъæх гагатæ цупалгай æмæ фæззæгмæ срæгъæд вæййынц сырхæй. Кæнынц фырадджынæй дзыхъад. Арс сæм æмхиц у сæ адджыны тыххæй, æмæ сæ уымæн ахæм номæй хонынц бынæттон адæм.

Æзныгъ. Æзныгъ зайы хæхты хуссарвæрсты ныллæг тарбын бæлæстыл цупалгай. Фыдæлтæ уыцы бæлæсты хуыдтой нымæткъуыйы бæлæстæ æмæ сæ зæнгтæй фидардæрæн арæзтой æфсондзы тæбынгтæ, ехсы хъæдтæ. Зайы нымæткъуы къутæргай, калы дидинæг æмæ йыл сæрды кæронмæ фæзыны сау гагатимæ арæх цупæлттæ. Уыдон сты æзныгътæ, адджын — хæрынмæ.

Къабузæг. Къабузæг зайы хъæды ныллæг къутæртыл хæхбæсты. Сау нæмыджы хуызæн калы арæх дидинæг æмæ скæны кæм тымбыл, кæм та дæргъæццон сау æмæ цъæхбын гагатæ. Хуссарварсы кæмтты зад вæййы, цæгатварсæй йыл никуыбæрæг сæмбæлдтæн. Хæрзад у хæрынæн. Йæ сыфтæр азгъæлы æрæгвæззæгмæ, уазал халас ыл æрбады, мит ыл æруары, уæддæр нæ сыйы, æмæ уыцы миниуæг дзурæг у йе ’рдзон хъомысыл.

Мæцкъуы. Зайы хæхты хъæдбынты, сæрвæтты, уыгæрдæнты, хуырбын нæудзарты. Æмхиц у нæзы æмæ бæрзы къохтæм. Йæ хъæдтæ-зæнгтæ хæрдмæ нæ рæзынц бæласау, къудзийау, фæлæ цæуынц фæйнæрдæм зæххыл ныдзæвгæйæ, лæджирттæджы хуызæн. Ис ын арæх гыццыл сыфтæ, æмæ нæзыйы хихау сæ хустæ азгъæлынц, сæ ногдзыдтæ зымæджы дæр цъæх дарынц, уыйбæрц фидар сты уазалæн. Мæцкъуы дидинæг акалы сæрды хурхæтæны, æмæ йæ гагадыргъ сцæттæ вæййы фæззæджы. Зайы цупалгай, хæргæйæ кæны гæзæмæ туагæй адджынад. Йæ сыфты, зæнгты фыхдон æнæнизы хос у уыргтæн.

Мугæ. Мугæ бæлæстæ хæхбæсты нæ зайынц, быдыры хъæдбынты, рæгътыл сты арæх. Пыхсбынæй зайы, æмæ гæзæмæ сындзбын сты йæ хихтæ. Йæ гагадыргътæ сцæттæ вæййынц фæззæджы æмæ лæууынц æнæ ’рызгъæлгæйæ суанг зымæджы æмбисмæ дæр. Хъæбæрæй йæ куы æртонай, уæддæр тагъд афæлмæн вæййы, æмæ хæрзад у хæрынæн. Фæлæ, стыр хъыгагæн, фылдæр бынæтты æнæтындæй баззайы. Фæндæгтæм хæстæджыты иугай бæлæстæй кæм зайы, уымыты сæ калгæ дæр акæнынц адæмы æнауæрдонтæ, æмæ сын хъæды хæдзарады кусджытæй, бынæттон цæрджытæй бауайдзæфгæнæг дæр нæ разыны, уыйбæрц æнæмæтæй кæсæм не ’рдзон хæрзтæм.

Къæбырттæг. Къæбырттæг зайы хæхты хъæдбынгы, уыгæрдæнты, сæрвæтты. Калы урс дидинæг арæх цупæлттæй, æмæ нæмыг дæр скæны хъæлæрдзыйы хуызæн даргъ цупæлттæй. Рæгъæдæй вæййы сатæгсау саунæмыджы хуызæн, фæлæ — лыстæгдæрæй. Йæ нæмыгæн ис хъæбæр апп, балы хуызæн. Хæрынмæ у хæрзад, æрмæст гæзæмæ сурдзыдæй комы арынгтæ, дæндæгты фыдтæ æлвасы ацудасау, æмæ уыцы миниуæджы ис йе ’рдзон хъару хосы, пайдайы уагыл. Сцæттæ вæййы сæрды кæронмæ æмæ æрызгъæлы æрæгвæззæджы уазал халасы. Хæхты цæрæг хистæртæй ма йæ чи хæры, æндæр ын иннæ фæлтæртæ йæ ном дæр нал зонынц худинаджы гаккæн.

Мыртгæ. Хохы дæр зайы æмæ быдыры дæр. Калы цупалгай урс дидинæг. Мыртгæ сцæттæ вæййы фæззæджы уазæлтты, фæлæ уæдмæ фылдæр рæтты тынд фæвæййы цъæхбынæй. Уазалæн у фидар, æмæ æрæгвæззæджы бацæуы йе ?рдзон тыхы. Хъыгдарæг æй куынæ уа, уæд бæласыл лæууы уыцы сыгъдæг æмæ хъомысджынæй суанг уалдзæгмæ. Гагайæ хæрынæн дæр хорз у, фæлæ йæ дон у æвдадзыхос буарæн куыд хомæй, афтæ фыхæй дæр гæзæмæ сæкæрдыхæй. Дзæбæх кæны, уазалæй цы низтæ фæзынынц адæймагыл, уыдон сывæллонæй карджынмæ.

Цъуй. Цъуй зайы хъæддаг уавæрты хæхты, быдыры йыл никуы сæмбæлттæн Ирыстоны зæххыл. Зайы фылдæр бæрзхъæды рæгътыл, уæлвæз сæрвæтты æмæ уыгæрдæнты. Ис ын цалдæр хуызы бур æмæ сырхбынæй, æмæ цæттæ кæнынц алы афæтты куыд ныллæгдæр бынæтты зайгæйæ. Калы урс дидинæг, цæттæйæ свæййы кæм бурбын, кæм та сырх. Хæргæйæ кæны туагад. Хæхбæсты цæрджытæ дзы хосгæрдæнты кæронмæ æввахс тыдтой хосы мæкъуылтæ амайгæйæ æмæ сæ æнæхъæн цупæлттæй æвæрдтой мæкъуылты бынæвæрдты зымæгмæ хæрынæн. Зымæджы сæ фос дæр хордтой хосимæ адджынæн. Быдыры хъæуты, сахарты садзгæ цъуйты цупæлттæ вæййынц ставд нæмыг, фæлæ сæм æрдзон хъомысæй хæххон цъуйты бæрц тых нæ вæййы. Нæдæр уазалæн лæууынц, нæдæр тæвдæн. Хус дзы куы скæнай, уæддæр уымæлты тагъддæр æмбийынц. Хохаг цъуйтæй хустæ куы скæнай аууоны æвæргæйæ, уæд сæ тых нæ сæфы дыгай-æртыгай азты хус ран æвæрдæй. Гъемæ, раст куы зæгъæм, уæд цъуй ничиуал бæрæг хæры нæдæр ногæй, нæдæр хусæй.

Дурвæткъуы. Ирыстоны зæххыл дурвæткъуы арæхдæр у цæгатварсæй. У дыууæ хуызы: иу — сырх, иннæ — сау. Сау дурвæткъуыйæн ма арæхæй фенæн ис Арыхъы рæгътыл Æрджынарæгæй Заманхъулмæ, иннæ бæстывæрдыл скуынæг. Сырх дурвæткъуы ма хæхты кæмтты кæмдæрты æмбæлы иугай бæлæстæй, æмæ йын ныры дуджы уавæрты у фесæфынæй тас. Йæ гагадыргъы ис бирæ æрдзон хъомыс зæрдæйы, туджы сыгъдæг кæнынæн. Уæлдай хæрзаддæр у хæрынæн сау дурвæткъуы. Уазалæн у фидар æмæ лæууы суанг зымæджы хъызтытæм бæлæстыл. Кæнынц дзы хус, стæй — фыцгæ гæзæмæ сæкæрдыхæй. Йæ дон æргом хос у зæрдæйы фæткыл куыстæн. Гъе, фæлæ куынæг кæны азæй-азмæ. Мыггагæй йын бæргæ и фæфылдæр кæнæн, фæлæ ахæм æнæпайдайы бæрнон куыстытæм нæ хъæды хæдзарады кусджытæ сæ хъус нæ дарынц абоны стыр цæст æмæ æфсæст гуыбынæй цардмæ кæсгæйæ.

Кæркмисындзæг, дыгуронау — цъагъана. Бæргæ зайы хохæй быдырмæ Цæгат Ирыстоны, фæлæ дзы нæдæр пайда кæнын зонæм, нæдæр ыл ауæрдгæ кæнæм. Хæсты фæстæйы 20 азы дæргъы дæр ма Терчы, Гæналы, Ары æмæ Æрæфы дæтты былтыл зади кæркмисындзæджы сындзхъæд, æмæ сæ гагадыргъ задæй æрттывта алырдæм. Ныр ма уымыты аззад гæзæмæ пыхсытæ иугæйттæй, иннæ сихсыд фæрæт æмæ хырхы бын. Уыдо нæн цы нæ бантысти фесафын, ныццæгъдын, уый та судзгæ бакодтой дзæгъæлхатт улæфæг адæм. Кæркмисындзæг адæймаджы буарæн цас æнæнизы хос у, ууыл бирæ дзурæн и. Рæгъæдæй йæ нæмыг, йæ дон сты уæлдай ахъаз зæрдæйы, улæфæнты, тугдадзинты,сæрымагъзы, тъæнгты, ахсæны æмæ уыргты куыстæн, цæстыты рухсæн. Йæ дон ’гас кæны æргом буары хæлмæгтæ, лыгтæ, хъæдгæмттæ. Срæгъæд вæййы фæззæджы æмæ лæууы бæласыл æнæ æрызгъæлгæйæ зымæджы кæронмæ. Фидар у куыд тæвдæн, афтæ уазалæн дæр. Йæ цæттæ нæмгуытæ æрзаиккой хуырбын зæххыл, фæлæ уымæ дæр нæ цæуы хъусдард. Хъыгдарæг нæй йæ талаты, уæд дæтты былты йæхиуыл схæцид раздæры хуызæн æмæ æрдзон хъомысæй аудид адæмыл, фæлæ нæ хъæды хæдзарад ахæм фарстатæм йæ хъус нæ дары, æмæ фæндæгты арæзтад æнæуæрдонæй змæнты-къахы дæтты былты зæхх. Уыйадыл нæ быдырты зæхх дæр хуыры, æзмисы бын фæци...