Рæстæджы нымад 7 страница

Хъæддаг дыргътæ. Ирыстоны зæххыл хохæй быдырмæ арæх уыды сты хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуы, бал æмæ æхсынцъы. Уыди сæрмагондæй Кæрдоджынтæ, Фæткъуыджынтæ, Балджынтæ, Æхсынцъыджынтæ кæмтты, саухъæдты, астымты. Фæлæ куыдфæстагмæ скуынæг сты адæй маджы уæгъдибар архайдæй.

Хъæддаг дыргътæн се ’рдзон хъомыс у дзæвгар фылдæр хæдзарон дыргътæй: хуыздæр быхсынц æрдзон боныгъæдæн сæрдæй, зымæгæй, къаддæр сæм æмхиц сты дыргъы низтæ, зулчъытæ. Æвдадзыхостау ахадынц адæймаджы æмæ хæдзарон фосы буарыл куыд хомæй хæргæйæ, афтæ фыхæй дæр. Хъæддаг дыргъты пайдайаг буарыгъæдты нæ фыдæлтæ хатыдтой сæхи царды фæлтæрддзинадæй æмæ сыл ауæрстой хæдзарон дыргъты хуызæн. Зæронд дыргъдæттæм бæстон куы æркæсæм, уæд хæдзарон кæрдотæ æмæ фæткъуытæн сæ бындзæфхæдтæ сты хъæдæгтæ фидардæрæн, цæрдхъомдæрæн.

Хъæддаг кæрдо. Зайы бæрзонд. Ис ын цалдæр хуызы: иу хуыз бæрæг тымбылдæрæй вæййы кæм ставддæр, кæм та — лыстæгдæр, иннæ хуыз та — дæргъæццондæр, æртыккаг — цъуипæй, ставддæрæй бæрæг адджындæр, донджындæр. Гъемæ цæттæ кодтой алыхуызтæй кæм раздæр, кæм та — фæстæдæр. Быдыры хъæддаг кæрдотæй иу хуыз срæгъæд вæййы августы æмбисмæ. Бахæцгæйæ хъæддаг цæттæ кæрдо у хъæбæр, фæлæ йæ æппытæ рæгъæд вæййынц, æмæ уæлгъæдæй æзгъæлын райдайы. Уыцы æзгъæлд кæрдойы æруидз, авæр æй сыгъдæг æхсадæй чыргъæды дыууæ-æртæ боны, æмæ афæлмæн уыдзæни иугъæдоны донджынæй, адджынæй. Рæгъæд кæрдойæн йæ уромæны зæнг аппар, дидинæгдзон ын ахаф, æмæ у æнæхъæнæй хæргæ. Бирæ хæрæн дзы нæй, уымæн æмæ сур кæны тъæнгты, æмæ хъæуы йæ фæдыл дон нуазын, донджын хæринаг хæрын. Бæрцыл сыгъдæгæй хæргæйæ тæнгты ацæуы йæ ад æмæ сæ хизы — дзæбæх кæны алы низтæй. Сур кæны ахсæны, тъæнгты, зæгъгæ, бирæтæй вæййы фехъусæн, æмæ иу ранæй раст фæдзурынц. Йæ хуылфыдзаумæттæ сахъат кæмæн вæййынц, уыдонæн хъæддаг кæрдойы хæрд нæ тайы: кæнынц дзы тыпиыр æмæ сур. Гъемæ уыцы уавæр дæр дзурæг у кæрдойы хъомысыл: хъæнтæ бæрæг кæны. Карз нозтмæ æмхиц чи у, æл хæнгæ ахуырст дæттæ æмæ хостæй арæх чи нуазы, цæхджын æмæ сæкæрджын хæринæгтæй æфсис чи нæ зоны, уыдонæн хъæддаг кæрдотæ сты тыппыры, суры æмæ риссыны хос. Гъемæ æлхæнæггаг нуазинæгтæ æмæ хæринæгтæ куынæуал хъауиккой куыдфылдæрæй, уæд сæ хуылфыдзау мæттæн сыгъдæджы, æвдадзы хос уаид рæгъæд адджын хъæддаг кæрдо æгъдауыл, бæрцыл æмæ афоныл хæргæйæ. Уыцы ныхæстæ бонасадæнæн не сты. Æз мæхиуыл цы бафæлвæрдтон, уыдоныл цæуы ныхас, æмæ мыл чи баууæнда, уый Хуыцауы хорзæхимæ адæмы хорзæхæй дæр хайджын фæуæд, иннæтæн сæ бар сæхи...

Хъæддаг кæрдотæй нæ фыдæлтæ зымæгмæ æвæрдтой куыд хомæй, афтæ хусгондæй дæр. Йæ хустæ куыройыл æссадтой æмæ дзы кодтой быламыхъ, цымгæ. Хусты удæстой фыхдоны æмæ йæ ныуеезтой гæзæмæ хъармæй. Дардтой сæрмагонд хъæдын мигæнæнтæ, цæхгæртæ, къæртатæ æмæ дзы удæстой сыгъдæг хъæддаг кæрдотæ хъæрмуст фыхдоны. Фыхдоны удæстæй кæрдотæ куыд æнхъызтысты, афтæ уагътой сæхи адджын ад æмæ диссаг уыди нуазынмæ ногдыгъд тæнæг къуымæлау. Мигæнæны удæстæй кæрдотæ лæууыдысты суанг уалдзæгмæ, сæ дон сын куыд ныуæзтой бинонтæ сæ уазæджы хаимæ, афтæ сыл ног фыхдон кодтой гæзæмæ хъæрмустæй. Гъемæ бинонтæ уыдысты фыдæлты заман бæрæг цæрдхъомдæрæй æнæниздæр æрдзон хæрзтæ хæргæйæ, нуазгæйæ.

Хъæддаг фæткъуы. Зади дыууæ хуызы: иу — иугуыр сырхæй, тымбылæй, иннæ — цъæхбын сырхытæй. Ныр дæр ма хъæдты фæзынынц иугай бæлæстæ, æмæ зайынц æрвылазæн. Хъæддаг фæткъуытæ уазалæн сты фидардæр, фæлæ мит æруарын афонмæ æрызгъæлынц. Хомæй хæрынмæ кæнынц туагад, фæлæ бирæ у буарæн се ’рдзон хъомысы тых. Бæстон æртонгæйæ лæууынц иугъæдоны сатæджы суанг уалдзæгмæ. Хъæддаг фæткъуытæй æвæрдтой фæлтæргай къабускайы цæхджынимæ мигæнæны, æмæ сæ хæрздæфæй бæрæг уыдысты. Карстой дзы хус кæнынæн, æмæ сæ дон хæрзад уыди нуазынæн.

Хъæддаг æхсынцъы. Зади дыууæ хуызы æхсынцъы хохæй быдырмæ — тарбын сырх æмæ мыдгъуыз бур. Æрвылаз дæр зындысты сæ дыргътæ арæхæй. Сырхбын æхсынцъытæй иутæ уыдысты бæрæг ставддæрæй дæргъæццон, иннæтæ — тымбыл æмæ кодтой адджын туагад. Бур æхсынцъы у тымбылæй туагбын, фæлæ донджын. Гъемæ æрдзон хъомысæй æххæст æхсынцъытæ дæр сихсыдысты. Цы иугай бæлæстæ ма фæ зыны, уыдон дæр дзæгъæлæй нызгъæлынц. Сырх æхсынцъы хæхты кæм æмбæлы, уым у уæлдай хæрзаддæр, фæлæ йын у бынтон фесæфынæй тас адæмы уæгъдибар архайдæй.

Хъæддаг бал. Хъæддаг балтæ ма быдыры дæр задысты хъæдрæбынты кæм къохæй, кæм та иугæйттæй бынтон æрæджытæм. Гæзæмæ сырхбынæй сау дардта сæ дыргъ. Фыццаг ахæргæйæ кодтой мастад, фæлæ уыдысты донджын æмæ тайæн. Хъæддаг балтæн сæ масты ис се ’рдзон хъомысы тых, æмæ уый адæймаджы буары æнæнизæн цас æххуыс фæуаид, уый ничиуал зоны, афтæ скуынæг суанг хъæды дæр. Бирæ нæ, фæлæ фæйнæ хъæддаг балы, æхсынцъыйы æмæ кæрдойы ныссадзын æмбæлы ирон хæдзæрттæн сæ зæххы хæйттыл хъæуты цæргæйæ...

ИРОН ХОСТÆ

Ирон рæстаг адæм кусынмæ цас арæхстысты, фæллойы хæрзтыл цас аудыдтой, уыйбæрц тыхстысты сæрты сæрæгас æмæ удты æнæнизыл дæр. Фæнды сæхи изæры уатыл æруагътаиккой баулæфыны уагыл, фæнды райсомы хуыссæнæй фестадаиккой, уæддæр æхсæвы æмæ боны бардуæгтæй куырдтой иунæг хорзæх — сæрты сæрæгас æмæ удты æнæниз. Хуыцау æмæ йе сконд зæдты стырдæр хорзæхыл нымадтой адæймагæн сæрæгас æмæ æнæниз гыццылæй стырмæ. Æнæниз буары сын уыди уæнгæн алыгъдау, æмæ æнæниздæр цотмæ ирон мадæлтæ, фыдæлтæ æнхъæлмæ кастысты уæлдай фылдæр хæрзтæм-лæггæдтæм. Цоты-зæнæджы æнæнизыл цас аудыдтой ныййарджытæ æмæ схæсджытæ, уыйас архайдтой фосы хæрзхаст æмæ æфснайдыл дæр. Мæллæг, рынчын, уæигцух фосы æргæвстой æнæбары, зивæгæй. Сæ фыдызгъæлæй нæ ардтой зæдты-дауджыты ном кусарты уагыл-æгъдауыл. Хæцгæ низæй мард фосы кæнæ кодтой ныгæнгæ, кæнæ судзгæ. Бирæгъы æргæвст фос цыфæнды нард куы уыдаид, уæддæр æй нымадтой хæдмæлыл æмæ йæ фыд нæ хордтой... Уыцы уаг æмæ æгъдау фыдæлтæн дзурæг уыдысты сæ фарны хæрзтыл, бындуртыл, нысæнттыл. Æрдзон хъомысæй æвзæрстой сыгъдæгдæрты. Кувинæгтæн, хæринæгтæн агуырдтой æнæнизты, сыгъдæджыты... Нæ сыгъдæг удтæ Хуыцауы фæдзæхстæй — уе уазæг, зæгъгæ, хъуысти рæстаг ирæтты хъæлæс кусгæйæ, цæугæйæ, хæцгæйæ, бардуæгты нæмттæ аргæйæ...

Кæй зæгъын æй хъæуы, сыгъдæг хæрзтæ æвзаргæйæ, адæймагæн алкæд йæ фæндæттæ нывыл нæ цыдысты кæм æрдзон хуызивæнты ахæсты, кæм та социалон-æхсæнадон быцæуты аххосæй. Уæдæ фыдæлты заманты цæугæ-хæцгæ низтæй адæм хъæугай, комгай цагъды кодтой æнæ исты удыхосæй. Æртæ стыр рыны кой баззад ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстады. Æртæ дæр раййæфтой сæрды æнтæф бонты, æмæ æмдзу кодтой хохæй быдырмæ æххормаг рæстæгимæ. Фыццаг рынимæ бастой царциаты диссæгты. Раздæр, зæгъы, хæсты — тыгъды азары бахаудтой адæм, æмæ хор дæр не ’рзади. Уыйадыл сæрды æнтæфы стонг фæлмæст адæмыл рын сыстад æмæ мардысты. Цæугæ-хæцгæ стыр рынты фæстиуджытæ кæй сты Ирыстоны кæмтты æддæгуæлæ зæппæдзтæ, уый дызæрдыггаг хъуамæ макæмæн уа. Уæды заманты хæцгæ-цæугæ низтæн адæм бæрæг хостæ нæ зыдтой æмткæй райсгæйæ. Фæлæ буары æргом цæфтæ хъæнтæн кодтой хостæ æрдзон уагыл. Æрдзон уагыл ахадæндæр æмæ сыгъдæгдæр уыдысты бæркæдтæ хæринагæй нуазинагмæ. Уыцы уавæры куы банымайæм уæды æмæ ныры низтæ адæмы номæй, уæд ныры уæдтæ сты дзæвгар фылдæр, уымæн æмæ æрдзон уагыл сыгъдæг уæлдæф æмæ донæй, хæринаг æмæ дарæсæй адæмтæ фæиппæрд сты. Уыйадыл рæстæгæй раздæр фæлтæртæ бацæуынц сæ кары, зæронды хуыз райсынц, æнусмæ ничиуал цæры. Афтæмæй фыдæлты заманты æнусæй фылдæр чи царди, ахæмтæ уыди хицæн хæдзæртты, хъæуты æмæ кæмтты дæсгæйттæ...

Сыгъдæг æрдзон уагыл раст цæргæйæ, кусгæйæ адæймагæн рæстæмбисæй фæцæрæн ис æнус. Фæлæ ныры адæмæй цивилизацийы аразгæ-кæнгæ хъылма хæринæгты æмæ нуазинæгты ахæсты æнусмæ ничиуал бæрæг фæцæрдзæни, уымæн æмæ налдæр бакуыст æмæ баулæфтæн зонынц бæрц, налдæр бахæрд æмæ банызтæн. Фыргуыст æмæ фырхæрдæй цас ихсийы æрдзон буар, æгуыст æмæ æххормагæй дæр афтæ. Магусатæ æмæ зивæггæнæгтæй иуæн дæр бирæ фæцæрæн нæй. Бирæ фæцæрынæн хъæуы удæй æнæнизимæ куыстæгты цин æмæ фæллойы монц. Тæхудиаджы хуыздæр бæллицты ныфсæй ис тырнæн сæрыстырæй фидæны рухсдæрмæ...

Пæй æнæмæлгæ дуне... Æнæ иунæг азымæй, рæдыдæй куыд нæй цæрæн, афтæ бынтон æнæрыстæй, æнæнизæй дæр ничима фæцарди ацы зæххыл. Æппæт рыстытæ æмæ низтæн дæр ис хостæ æрдзон уагыл, фæлæ сæ нæ зонæм стыр хъыгагæн.

Нæ фыдæлтæ дзæвгар низтæн зыдтой æвдадзыхостæ æрдзон уагыл. Уыдон уыдысты ирон хостæ, сæ аразджытæ та — ирон хосгæнджытæ, æмæ сæм лæмбынæг куы æркæсæм, уæд иугъæдоны хæрзаудæнæй рæстмæ ахадыдтой цардыл.

Хосгæнæн кæрдæджытæ

Кæрдæджы, халсары хуызтæй, мыггæгтæй цыдæриддæр хордтой нæ фыдæлтæ, уыдон иууылдæр уыдысты буарæн æцæнизы хос сæрдæй, зымæгæй бæрц, бынат æмæ афон хатгæйæ-зонгæйæ. Фырхæрд æмæ фыднозты та кæддæриддæр нымадтой фыдрынтæ, фыднизтыл.

Халсартæй сæ уидæгтæ хордтой стъæлха æмæ уиззайæн, къацциу æмæ уирийæн, хуычыйысæр æмæ хуырзæнгæн, дзындзалæг æмæ дзыджынайæн, мæнтæг æмæ хуымы гæнгæлыйæн, давон æмæ хъæддаг нурыйæн. Уыцы уидæгтæ æргом хæрдæххуысæй уыдысты тайæн æмæ сæфтой хуылфыдзаумæтты низхæссæн уæлдай чъизиты, зулчъыты. Хуымы хуыскъæл, хуычъы æмæ мæкæрæз уæлдай æхсырдзыдæй аудыдтой уалдзыгон бонты адæймаджы æнæнизыл æрдзон хъомысæй.

Судзагхæлттæ давон æмæ скъуда, нуры æмæ хъæдындз, дудаг æмæ хыцъы, иуæй, æнцондæрæй тайын кодтой фыдызгъæлы æмæ урсаджы, сойаджы хæринæгты, иннæмæй, сыгъдæг уæлдæфимæ ахадыдтой тугдадзинты цæрдхъом куыстыл, зæрдæйы æмæ рæуджыты иугъæдоны змæл дыл. Хæрыны халсартæй иутæ буары туг кæнынц бæзджындæр (нысыра, дзындзалæг, æхсæвæрæг), иннæтæ та — тæнæгдæр (давон æмæ скъуда, нуры æмæ хъæдындз, дудаг æмæ хыцъы), уыйадыл сты бæрцыл хæргæ куыд хомæй, афтæ фыхæй дæр рæстæгæй рæстæгмæ.

Халсартæй, кæрдæджытæй хæрынæн чи бæззыд хомæй, фыхæй, уыдоныл дзырдтам. Хæрдæххуысæй буарæн æнæнизы хос кæй сты, уый дæр зонæм, фæлæ хицæи низты дзæбæх кæнынæн цас баззадысты кæм иугæйттæй, кæм та къордтæй, уый у хъуыдыйаг ныры адæмæн. Науæд сæ хосгæрдджыты номæй иумæты куы хæрæм хомæй уа, фыхæй, уæд нæдæр батайдзысты, нæдæр æнæнизæн исты æххуыс фæуыдзысты.

Дзæхæраджынтæ куыд кодтой нæ мадæлтæ, ууыл дзырдтам, æмæ æппæт дзаджджинаджы кæрдæджыты æвзæрстой хуызæй, адæй бæстон бæрц зонгæйæ. Хуыз æмæ ад хынцыдтой нæ фыдæлтæ цайгæрдджытæн дæр. Цай æрдзон уагыл сæйрагдæрæн фыхтой битъынайæ, цайгæрдæджы æмæ сырдгæрдæджы хуызтæй. Хохæй быдырмæ афæдзы дæргъы уыди цыппар хурхæтæны, æмæ уыцы афæтты æрдзои бæркæдтæ-хæрзтæ кодтой æндæр ад. Уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы хурхæтæнтæм лæмбынæг кæсгæйæ тыдтой æмæ хордтой ирон адæм Хуыцауы цæхæрадоны лæвар дæттинæгтæ-хæрзтæ. Æртæ хурхæтæнæн æвдисæн уыдысты уыцы иухуызон кæрдæджытæ, æмæ сæ фыдæлтæ хуызгай æвзæрстой. Бæстыгъæды хъомысæй ахадгæ сты цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ. Уыйадыл фыдæлтæ зыдтой хохæй быдырмæ, хуссарæй цæгатмæ æрдзон хæрзты куыд миди сæй, афтæ хуызæй, уындæй дæр. Быдыры зæххыл куыд зайынц иухуызон халсартæ бæрæг хæрзаддæр æмæ мидисджындæрæй хицæн мæрты, хæхбæсты дæр афтæ. Зайæгхæлтты хъомысыл мæры, сыджытыгъæд куыд зыны, афтæ хуры тавс дæр, æмæ алы комæн дæр йæ хуссарварсы æрдзон бæркæдтæ хастой цæрдхъомдæр куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Зæххы мæры уавæрыл тынг ахады мæй. Дзырдтам ма уый тыххæй раздæры сæргæндты. Мæйнæуæджы æмæ мæйзæронды зæххыл цы зайы, уыдон ивынц сæ ад. Æндæр ад фæкæнынц дæттæ, суæрттæ дæр. Уыйадыл æппæт халсарты, хæрыны кæрдæджыты, зайæгхæлтты ад æмæ хуыз баст у хурхæтæны афæттнмæ, стæй мæйы хуызивæнтимæ. Хурбонты хæххон дæттæ вæййынц куыдсыгъдæгдæрæй уазалдæр, къæвдаты — хъармдæр. Хур заманты цы халсартæ хæрай, уыдон сты хæрзаддæр, къæвдайы — æнаддæр. Уыйадыл цайгæрдджыты æппæт хуызтæн дæр сæ хъомыс фылдæр вæййы хурбонты. Уæдæ, быдырты халсартæ цыфæнды ставдæй, бæрзондæй кæд зайынц, уæддæр хæххон æрдзон хæрзтæн æмбал нæй бæрæг ахадæндæрæй, хæрзаддæрæй.

Цайгæрдджыты тонын хъæуы уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы хурбонты. Уалдзыгон кæрдæджытæ вæййынц ногдзыдæй фæлмæндæр, донджындæр. Сæрдыгон халсартæ се ’рдзон тыхы бацæуынц дидинæг калын афон æмæ сты бæрæг ахадæндæр. Фæззыгон халсартæн сæ ад нæ фæкъаддæр вæййы, фæлæ хусдæр кæнын райдайынц. Цайгæрдджыты хус кæнын хъæуы аууоны дымгæмæ. Куыддæр схус уой, афтæ æвæринаг сты гæххæттын æмæ хъæдын къоипыты-бынæтты, науæд уæгъды ауыгъдæй сæ хæрздæф фесæфы...

Дзæвгар фыцгæйæ цайгæрдæгæн йæ тых сæтты, йæ хæрздæф сæфы, æмæ фыцинаг у сырайыны онг æхгæдсæр гарзы. Цайгæрдджытæн къæйттæй иумæ фыцæн ис уæлдай хъомысы уагыл, фæлæ сын хъæуы зонын бæрц, науæд бирæгæйттæй сæ фыхдон фæкæны хуымæтæджы хæмпæлгæрдджыты ад уæлдай тар æмæ бæзджынæй.

Фыдæлтæ цай цымдтой кæм хæрды размæ, кæм та йæ фæстæ, фæлæ сын æппæт хæринæгтимæ нæ фидыдта, стæй хæргæ-хæрын дæр нæ цымдтой. Куывдты, чындзæхсæвты æмæ бæрæгбæтты фынгтæм фыдæлтæ цай нæ хастой. Сойаджы æмæ урсаджы хуыппаг ахуыйæнтимæ хæргæйæ цай ничи цымдта ирон фæрнджын адæмæй. Карз нозтимæ дæр сын цай нæ фидыдта.

Буарæн баххуысы уагыл цай фыхтой къæйттæй судзаг æмæ къуырма пысыратæй, дугъысыфтæ æмæ дзыккайы сыфтæй, цæвæгхос æмæ кæроджы сыфтæй, лæджирттæг æмæ футæгæй, лебæда æмæ хуырхæгæй, давон æмæ скъудайæ, хъæндæлы æмæ хуырзæнджы сыфтæй, нæзы æмæ назы хихтæй, сусхъæды æмæ бæрзы, уагъылы æмæ къæбырттæджы дидинджытæй. Цайæн бæзгæ уыдысты æрæгвæззæджы хъæлæрдзы æмæ мæнæргъыйы цъæхдæр сыфтæ, саунæмыг æмæ къабузæджы, мæцкъуыйы æмæ дзедæрæджы сыфтæ, хъæдтæ. Æппæт цайты хуызтæй фыдæлтæ дзæбæх кодтой æмткæй адæймаджы буары æрдзон иумæйаг хъомысæй-тыхæй, фæлæ комкоммæ амыдтой кæм иугæйттæй, кæм та иумæты хицæн буары хæйттæм — сæрмæ, улæфæнтæм, хуылфыдзаумæттæм, хъустæм, цæстытæм. Кæрдæджыты хуызтимæ адæймаджы буары æнæнизæн æргом хостæ уыдысты суар æмæ цъитидон, æхсыр æмæ мисын, сылы æмæ хуырх, арахъ æмæ бæгæны, къуымæл æмæ цырв, мыд æмæ мыдадз, хæлуарæджы тын æмæ ала, суары æзгæ æмæ суджы æвзалы, ацудас æмæ сондон, топпыхос æмæ цъæххос. Хостæ кодтой фыдæлтæ æргом маргхъæстæ кæрдæджытæй дæр: кæндысты цалдæр хуызæй, залгъæды дидинæг æмæ сæгъмæцæй, къуырмагæнæны сырх дыргътæ æмæ куыдзы æрыскъæфтæй, бæхы цъозатæй æмæ маргхъæстæ калмгæрдджытæй, фугæйы дидинæг æмæ хочъийы кæрдæджы уидæгтæй. Æппæт хостæн банымайæн дæр нæй, стæй сæ саразынмæ дæр нал сарæхсиккам. Фæлæ ма мæ рæстæджы цы хостæ арæзтой, уыдонæй бирæтæ бабæстон кæнæн уаид лæмбынæг æркæсгæйæ, арæхстджынæй æвналгæйæ, æхсæнадон уагыл адæмы æнæниздзинадыл ауæрдгæйæ... Гъемæ, цы федтон æмæ бавзæрстон мæхи фæлтæрддзинадæй, уыдон адæмы рæгъмæ хæссын.

Сæрнизы хостæ. Сæры рыстæн бирæ хуызтæ æмæ æфсæнттæ вæййы æрдзон-гуырдзон уагыл. Йæ хицæн хæйттæй искæцы куы рисса цæфæй, æгæр тæвд æмæ уазалæй, уæддæр ыл æмхуызонæй ахады. Сæры рыстæн бирæ хостæ зыдтой фыдæлтæ, æмæ се ’ппæтыл дзурынæн фадат нæй. Ставд нымадæй та сæ сæйрагдæр аххосæгтæ баст уыдысты цæрыны, уæвыны мадзæлттыл, боныгъæды уавæртыл, куыстæгты уагыл, хидарыны фæткыл сывæллонæй зæрондмæ. Низтæ æмткæй райсгæйæ рынчыны фæстинонæй æвзæрдысты фылдæр фыдуавæрты фыдцæрдтытæй. Æрдзæйгуырдзæй рахæсгæ низтæ хастой мадæлтæ æмæ фыдæлты нывыкарст, æмæ зындæр дзæбæхгæнæн уыдысты кæнгæ хостæй. Рæстæджы ахæстыл баст низтæн уыди хостæ æрдзæн йæхи раттинæгты фæрцы, æмæ уыдонæй ирон хосгæнджытæ зыдтой бирæты. Æгæр уазал æмæ тæвдæй рыст сæрыл æвæрдтой туаг хуырхы æмæ карз арахъы удæст бæзджын хæцъилтæ гæзæмæ хъармæй æмæ сæ æлвæстой сур бæттæнтæй. Уазал æмæ тæвды сæры рыстæн бирæ æфсæнттæ уыди, фæлæ туджы æлхъывдад æмæ сæры кæхцы иртæст уæлдай æргомдæрæй зындысты, æмæ сын фыдæлтæ зыдтой бæрæг мадзæлттæ æрдзон фæрæзтæй. Сæриртæст рынчынæн уæлгоммæ хуысгæйæ йæ сæр хуылыдз хисæрфæнæй тыхæлвæст кодтой, æмæ хъæддых бастæй хуыдиртæстытæ кæрæдзийы æмных цыдысты. Хисæрфæн хуылыдз кодтой хъæрмуст туаг хуырхы, æмæ цалынмæ бахус уыдаид, уæдмæ лæууыд æнгомбастæй, тыхæлвæстæй. Уыцы уагыл сæры рыст æнцади, фæлæ уыди хъаггæнинаг тæвд æмæ уазалæй, стæй уæззау куыстæгтæй.

Тугнизæй, туджы æлхъывдадæй фылдæр рынчын кодтой карджындæр нæлгоймæгтæ. Туджы æлхъывдад баст вæййы бирæ аххосæгтимæ, фæлæ сæйрагдæртæ сты уæззау куыстæгты фæстиуджытæ æмæ фырхæрд, фырнозт. Хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæй иутæ туджы бæзджын кæнынц, иннæтæ — тæнæг. Æрдзон уагæй æгæр тæнæг туг дæр низæмхиц у, æгæр бæзджын дæр, æмæ йæ сыгъдæгæн æвдадзыхостæ уыдысты хæрыны кæрдæджытæ-халсартæ. Фыдæлтæ зыдтой фыдызгъæлы æмæ урсаджы уæззаудæр хæринæгтæ хуыздæр цавæр кæрдæджытимæ тадысты, уый. Зæгъæм, пысырайы, дзындзалæджы, æхсæвæрæджы хæринæгтæ тугыл æфтыдтой уæлдай хъомыс, æмæ кодта бæзджындæр. Уыйадыл уыдонимæ хордтой судзагхæлттæ — дзылакъуытæ, нуры æмæ хъæдындзы сыфтæ, цæвæгхос æмæ дудаг. Уæдæ гæнгæлыты хуызтæй, сæнк æмæ дзæлæуæй туджы сыгъдæгадыл æфты. Туджы сыгъдæгыл ахадæнæй зынынц сыгъдæг дæттæ æмæ суæрттæ, сылы æмæ хуырх, къуымæл æмæ ирон бæгæны. Карз нозты хуызтæн сæ гыццыл у æвдадзыхос туджы сыгъдæгæн искуыдæй-искуыдмæ нуазгæйæ...