Рæстæджы нымад 8 страница

Адæймаджы туджы куыстыл æргом ахадынц боныгъæды хуызивæнтæ, фæлæ сæры рыстыл уæлдай тынгдæр зыны хæрам туджы æлхъывдад. Уыйбæрц сбæзджын вæййы, æмæ уæззауæй цæуы тугдадзинты. Уыйадыл фыдæлтæ зыдтой мадзæлттæ рыст-хæрам туг уадзынæн, исынæн. Дардтой сæрмагонд тугисæн-тугуадзæн æфсæйнаг цыргъæгтæ: сæрдасæн æмæ сарт, хæсгард æмæ туас. Уыдонимæ æфснайдæй, сыгъдæгæй дардтой арахъы фыццаг уайæнтæ, урс хъуымацы гæппæлтæ, мыдадзын комрæзтæ, гæны æмæ цыллæйы æндæхтæ хъæдгом бæттынæн. Туг истой хурхæтæнты хъарм бонты. Хæрам туг цæуы буары уæззаугай, æмæ йæ истой-цъырдтой стуры сыкъайæ конд дзаумайæ — готъосийæ. Тугисæн бынат хæрзæхсад, хæрздастæй сæрстой арахъы удæст хæцъилæй, стæй йæ лыг кодтой цыргъагæй æмæ йыл судзгæ хъæдын цырагъы тæвд фæздæджы æххуысæй дæлгоммæйæ æнгом ныхæстой сыкъайы. Лыг бынатæй бæзджын туг лæдæрсти æмæ æмбырд кодта сыкъайы хуылфы бæрæг афонмæ, стæй йæ æфтыдтой. Тугисæн бынат сыгъдæг кодтой арахъы удæст хæцъилæй, стæй хъæдгом бастой мыдадзæй сæрст комрæзтæй байгасы фæрæзæн иу-дыууæ боны.

Туг исыны дæсныйад зыдтой иугай лæгтæ хохæй быдырмæ, æмæ сæм цыдысты алырæттæй. Туг истой буары бæрæгдæр бынæттæй: сæры раззаг æмæ фæстаг фæрстæй, къухты æмæ къæхты фæтасæнтæй. Буары хæрам туг уадзынæн риссагдæр бынæтты æвæрдтой цъулбертæ дæр хурхæтæнты, мæй цæлхыдзаг куы фæцаид, уæд...

Буарæн йе ’фхæрд, бæзджын туг исгæйæ, уадзгæйæ ирон хосгæнджытæ хъаггæдтой уæлдай лыгтæй нуæртты æмæ тугдадзинты. Æфхæрд туджы рыстæй цух кæм уыдаиккой кусæг галтæ æмæ бæхтæ дæр, æмæ сын туг истой сæ раззаг къæхты уæлфæдтæй. Лыгуæтты сыгътой тæвд тадзинты фæрцы сдад фиуимæ æмæ хъæдгæмттæ бастой мыдадзæй амæзт комрæзтæй æнгом.

Мыдадзæй сæрст комрæзты фæрцы дзæбæх кодтой ирон хосгæнджытæ æргом цæфты, хæрам бынæтты. Лыггæнæн, судзæн æмæ тадзæнгæрзтæ арæзтой сæрмагонд æзгъæртæй, æзгæ чи нæ кодта, ахæмтæй. Бынтон æрæджытæм дæр ма фенæн уыди æрхуыйæ æмæ цæнгæтæй конд уæхстытæн, туæстæн, тадзинтæн. Уыдон цæфтимæ архайгæйæ дардтой судзгæ цæхæрмæ сыгъдæгдæрæн, сæрфтой сæ фæнычы, цъæххосы, топпыхосы, ацудасы дæтты удæст комрæдзтæй. Цы уавæры нæ хауди лæг кусгæйæ, фæндагыл цæугæйæ, æмæ æваст цæфтæн, лыгтæн ардтой фæрæзтæ æрдзæн йæхи мидæг бабæттыны онг. Цæвæгæй къах, къух алыг, уæд æй æнгом абастаиккой кæнæ дугъы, дзыккайы сыфы, кæнæ цæвæгхосы æмæ галывзаджы сыфы. Уыдонæй къухы ницы æфты, уæд пысырайы сыфтæ аууæрстаиккой æнгом абæттынæн. Уыцы кæрдæджытæ, иуæй, æваст авæргæйæ, абæтгæйæ туг урæдтой, иннæмæй сæм ис ’гасгæнæн æмæ рыстуромæн æрдзон хъару. Иу æмæ дыууæ хатты нæ абастон мæхæдæг кардæй, фæрæтæй, цæвæгæй лыгты хосы кæрдæджытæй, æмæ æваст хъæдгомыл пысырайы æууæрцъ авæрдтай, уæд тынгдæр ысриссы, стæй банцайы æмæ дыууæ-æртæ бонмæ лыг баныхæсы. Ныхæсыны, ’гасгæнæны стыр хъомыс ис хосгæнæн кæрдæджытæм, фæлæ сæ хъæуы зонын, пайда кæнын бахъуыды заман.

Нæмыгæй, кардæй æмæ æндæр хæцæн-цæвæнгæрзтæй куыннæ æвзæрстой фыдæлтæ æфхæрд кæм сабыр царды, кæм та тыгъды уавæрты, æмæ ирон хосты фæрцы бирæтæ ирвæзтысты мæлæтæй. Сæры, стджыты цæфты æмæ сæстыты дзæбæх кодтой бирæ мадзæлттæй. Иу хуызæн цæфтæ-хъæдгæмттæ рынчынæн нуазын кодтой кæрдæджыты фыхдон, иннæ хуызæн хæрам цæфтыл æвæрдтой кæрдæджытæй конд комрæзтæ. Стыр диссагæн ивтой сæрыкæхцы хъæнджын стджыты хайгай æрхуыйы гæппæлтæй æмæ цармимæ ’гас кодтой.

Стджыты сæстытæн арæзтой хъæдын фæрсчытæ æмæ сæ халсасчы лыстæгхафт уидагимæ дывæрсыгæй æнгом бастой. Саст стæг æндидзгæйæ уæлдай риссагдæр у, фæлæ кæрæдзиуыл фæхæцыд иугъæдоны буары хъомысæй, уæд тагъд ’гас кæны, уæлдайдæр æрыгон адæймагæн. Зындæр ’гасгæнæн вæййы стæджы саст ацæргæ адæймагæн, æмæ зылынтæ, къуылыхтæ дæр ныввæййынц зæрæдтæ стæгсæстытæй.

Буары царм æгæр хурты æмæ уазæлтты йе ’рдзон хуыз ивы алыхуызы рыстытæй, хæлмæгтæй, цъутхæлттæй. Уæдæ афоныл æхсад не ’ййафы, уæд ыл фæзынынц гæбæры, хæрæны низтæ дæр. Уыдон та сты хæцгæ низтæ, æмæ тагъд хæлиу кæнынц адæмыл хæстæджыты цæргæйæ, æмбæлгæйæ. Æппæт уыцы низтæй дзæбæх кæнынæн фыдæлтæ зыдтой хостæ. Хæрæны, гæбæры низтæ хызтысты адæмæй фосмæ, фосæй адæммæ, æмæ сын хостæ арæзтой кæм кæрдæджыты фыхдонæй, кæм та сондоны æмæ топпыхосы, цъæххосы æмæ цæххы, чъыры æмæ суары згæтимæ æзмæст сдад сойагæй. Дæс хатты фехъусынæй иунæг фенды ис фылдæр æууæнк: хæрæнхæлмаджы, гæбæры, уыдырны низты дзæбæхгæнæн хосты мæхи къухтæй бавзæрстон. Бæхы рагъ саргъы бын хæлаг, æстыхсаг у, æмæ бæхты, хæрджыты куыд дзæбæх кодтой, уый бирæ хæттыты федтон хистæртæн цумайы æххуысты цæугæйæ. Дыууæ-æртæ сæрсты бакæн бæхы хæлд рагъ суары æзгæтæй, æмæ къуыримæ байгас уыдзæни сыгъдæг бæтгæйæ. Дыууæ æхсады ныккæн гæбæр фосы буар тамакойы фыхдонæй кæнæ та кæндысы, æмæ фервæзти. Уæдæ сондон, топпыхос æмæ ацудас та сдад сойы æзмæстæй сты хæрæнхæлмаг дзæбæхгæнæнтæ.

Сынкъ низты хостæ. Буары æрдзон уагыл уæвынæн цы хъæуы, уыдонæй цух цæмæй æййафа, уымæй кæны лæмæгъ, æнæбон, æмæ йыл уыцырдыгæй низтæ ахадынц кæм æгæр тæвды, кæм та æгæр уазалы. Лæмæгъ буары тугæн хъæддых уæвæн нæй. Сынчъытæ æмæ уæлдай рæсыдтæ фæзынынц буары лæмæгъдæр бынæтты. Уымæй дæр — фæтасæнты, фæзилæнты нуæрттыл, æнцайæнтыл. Уæлгоммæ сынкъ ма тагъддæр дзæбæх кæны, фæлæ дæлгоммæ сынкъæн вæййы цалдæр сæры æмæ у зындæр хосгæнæн. Æвæрдтой йыл сæрдыгон дугъы æмæ дзыккайы сыфтæ лæгъзырдæм, зымæг та — хъæдындзы бынтæ фæлвыхæй æмæ ахсæны æмбыд. Уыдонимæ сынкъ тагъддæр схæф вæййы фæкъæртт кæнын æввонгæй. Буары æддаг æмæ мидæггаг сынчъытæ дзæбæх кæнынæн, рæсыдтæ æрбадынæн фыдæлтæ зыдтой хостæ цырвы бынтæй дæр: иу хуызæн сæ æвæрдтой рæсыдыл, иннæ хуызæн ныуæзтой цырвыбынтæ фæрсыгъдæй. Бæгæны кæнгæйæ къаматтаг дæр уымæн ныуæзтой фылдæр сылгоймæгтæ...

Хъусты низты хостæ. Уæлдай арæхдæр рыстысты сывæллæтты хъустæ хидвастæй, уазалæй. Уыйадыл сын ахъаз уыди хъарм. Хъармæн та — сæры æнгом фæлыст нæлгоймагæй сылгоймагмæ алы афæтты дæр сæрдæй, зымæгæй. Дзидзидай сывæллæтты хъусты тагътой мады æхсыр бæмбæджы комрæзтимæ. Фæлæ дæргъвæтин рысты бонты лæмæрстой хъæдындзы сыгъдæг дон æмæ уымæй æртæхтæ калдтой хъусты, стæй сæ хъармдæрæн бастой. Хъусты хуынчъыты хъæдындзы хъарм дон куыд хъары, афтæ хъыдзы кæны буары уыцы æхсызгонæй, æмæ дыууæ-æртæ фæлтæрæн рыст банцайы.

Хъусты рыстæн бæрæг хос у арахъ дæр: бæмбæг дзы стул хъармæй æмæ йæ комразгай хъусты бавæр æнгом дзæвгар рæстæг.

Æхснырсæджы низты хостæ. Æхснырсæгмæ нæ фыдæлтæ кастысты уæлæнгай цæстæй стыр хъыгагæн. Афтæмæй хуымæтæджы æхснырсæг уыди амидингæнæг дзæвгар уæззау низтæн, æмæ уыдоны фæстиуджытæ сæ фæд уагътой æппæт буары хæйттыл æнæрхъуыдыйæ. Адæймаг дыууæрдæм дæр улæфы дзыхæй æмæ фындзыхуынчъытæй. Уыдон æрдзон уагыл сыгъдæг не ’ййафынц райсомæй, изæрæй, уæд æппæт буарыл дæр фæзыны улæфты ахаст æвзæрырдæм. Сыгъдæг уæлдæфы æнцондæрæй улæфынц фындзыхуынчъытæ, дзых. Рыг, чъизи уæлдæфæй хæлынц дыууæрдыгæй улæфæнтæ дæр. Уыдонимæ рæуджыты, тугдадзинты, зæрдæйы, игæры куыст фæуæззаудæр вæййы. Чъизи уæлдæф фындзыхуынчъыты уæлæнгай нуæрттæ æмæ хурхыуадындзты мырмырагчырæгтæ куыд хатынц, афтæ никæцы уæнг. Уыйадыл уæлдæфы чъизитæй фындзыл æхснырсæг бахæцы, хурхыуадындзтыл — хуыфæг, æмæ дæргъвæтин рæстæгмæ расайынц уæззау хæцгæ низтæ улæфæнтимæ æппæт буарыл. Хурхыуадындзтæй низ бахизы рæуджытæм, фындзыхуынчъытæй — хъустæм, цæстытæм, ныхмæ, æмæ уыдоны рыстытæн алы афæтты хостæ кæнын дзæвгар фæзындæр вæййы. Æхснырсæг расайы грипп, уый афоныл дзæбæхгонд нæ цæуы, уæд ныффидар вæййы фындзы фæрсты байбынты хæфдзæстытæй. Уыцы хæфдзæстытæ ныхы æртывæр нуæртты фæсахъат кæнынц, æмæ сæ рыстæй сæр зилын райдайы æнæ уæлдай рæсыдæй, хуыздзыдæй. Гъемæ æрдзон уагæй уыцы æнæзæрдæмæдзæугæ рыстытæн ис хостæ: сыгъдæг уæлдæф æмæ дон, судзаг халсартæй нуры æмæ хъæдындз, давон æмæ скъуда, мæйон æмæ зымæгон булчъытæ, цывдзы æмæ хыцъы, ирон карз арахъ æмæ æппæт суæртты хуызтæ. Уыдон бæрцыл, афоныл хæрыс æмæ нуазыс сыгъдæг уæлдæф улæфгæйæ, уæд æхснырсæджы низтæй ирвæзт дæ. Æнæ схуыфгæйæ æмæ æрыхснырсгæйæ адæймагæн уæвæн нæй хурæй-къæвдайæ, æхсæвæй-бонæй, уымæн æмæ цыфæнды сыгъдæг уæлдæфы дæр змæлы мингай рыгтæ, зулчъытæ. Уыдон улæфæнтыл цæмæй ма хæцой, уый тыххæй хъæлæс, фындзыхуынчъытæ, цæстытæ æмæ хъустæ æнхъæвзын, æхсын хъæуы бон дыууæ хатты уæддæр сыгъдæг хъарм донæй. Уымæй уæлдай хæрын æмбæлы хомæй судзагхæлттæ. Судзагхæлттæй уæлдай хъомысджындæрæй архайынц улæфæнты куыстыл нуры æмæ давоны бынтæ. Уыдоны донæй дзых æнхъæвзыс, фындзыхуынчъытæ æхсыс, уæд æхснырсæджы низтæй ирвæзт дæ.

Æхснырсæджы зулчъытæ улæфæнты куы æрбынат кæнынц, уæд æппæт буар дæр у рынчын: хуыфæг æмæ æхснырсæг баиу вæййынц, цæстыты сыгтæ кæлынц, буар ихæнризæй тæвд кæны, уæнгты хъару асæтты, æмæ куыдзы хæстæн — куыдзы хъуын йæ хос. Рынчыны дзæбæхæн уыцы уавæры дохтырты хостæ дæр кæмдæрты феххуыс вæййынц, фæлæ сыгъдæг æрдзон мадзæлттæн æмбал нæ вæййы. Цыфæнды хъызт заман ма скæнæд, уæддæр цæрæнбынаты хъуамæ уа сыгъдæг уæлдæф, стæй — ирон хостæ: иу хуызæн тæвд цайыл ирон карз арахъ ныккæн æмбæрцæй æмæ йæ фæд-фæдыл бацым, иннæ хуызæн цæттæ судзаг цывзыйы арахъ ныккæн, рафыцыны онг æй æртыскæнæй артмæ бадар, стæй йæ уазалдæр арахъыл ныккæн, сцæгъд æй æмæ йæ баназ. Уыцы уавæры къæхты тæвд доны бадар хъарм агъуысты, стæй хуыссæны дæхи æрæмбæрз æмæ рахид кæнай. Хндимæ рацæуы буары низхъæстæ уазал æмæ йе ’рдзон тыхы æвджид баззайы.

Æхснырсæджы низæй фындзыхуынчъытæ фæсахъат сты, мæнг къуырфауты сæт хæф кæнын райдыдта уазæлтты аххосæй, уæд сæ расыгъдæгæн иу хуызы хос у хъæндæлы хус сыфты фыхдон, иннæ хуызæн та — суары дæттæ хъæрмустæй. Дыууæ хуызы дæттæй дæр æхсын хъæуы фындзыхуынчъытæ æмæ хъуыртæ æнхъæвзгæйæ, хуыппытæ кæнгæйæ. Армытъæпæны хъарм дон кæн æмæ йæ куы иу фындзыхуынкъæй сцъир, куы иннæ фындзыхуынкъæй, хъæлæсæй фæстæмæ калгæйæ. Хъуыртæ дæр ранхъæвз цалдæр хаттæн æмæ æнхъæвзæнтæ акал. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æхснырсæджы низтæй хъæлæстæ сæтгæнаг сты. Сæтимæ улæфæнтыл хæцынц алы низхæссæн рыгтæ, æмæ сæ расыгъдæгæн суарæй, хъæндæлы сыфты фыхдонæй хуыздæр ницы ис, æз цы бафæлвæрдтон, уыдонæй...

Æхснырсæджы низæй ныхы æртывæр нуæрттæ фæсахъат сты, уæд сыл æвæрын хъæуы иу хуызы хосæн лыстæг хафтæй сау булкъ, иннæ хуызæн та — мигæнæны цæхджын джитърийы æрдæг дæргъмæ лыгæй. Дыууæ хуызы æвæрдæн дæр хъуамæ уой хъармгонд, стæй ныхыл æнгом баст фæлмæн æлвасæнтæй. Сау булкъ æмæ цæхджын джитъримæ ис низджын буары хæрам рацъирыны миниуæг, æрмæст ногдзыдæй лæмæгъдæр сты, уæлдайдæр джитъри, æмæ сын æвзарын хъæуы цæттæдæрты, рæгъæддæрты. Сæ дон цæстытыл куыннæ тæдза, афтæ сæ хъæуы сæрфын, хуыссæны уæлгоммæ хуысгæйæ. Дыууæ бастæн дæр сæ бауадзын фæхъæуы дзæвгар рæстæг, æмæ уæдмæ ныхы царм сфæлмæн вæййы, сæры рыст банцайы, фæлæ уыйфæстæ уазалæн свæййы лæмæгъдæр, æмæ у хъаггæнинаг куыд æгæр тæвд хурæй, афтæ уазал дымгæйæ дæр. Низ цас тынгдæр бахиза буары, уыйбæрц зындæр расурæн вæййы, æмæ йæ хъæуы рæстæгæй-рæстæгмæ бæттын уыцы æрдзон хостимæ.

 

Фиппаинаг: сау булкъ æмæ джитъри цы мæрыл æрзайой, уый хъомыс райсынц цæттæйæ, æмæ уыцы æууæлтæ сты хынцинаг,— бæззынц сыгъдæгæй.

 

Цæсты низты хостæ. Фыдæлты заманты цæсты низтæ уыдаиккой уæлдай арæхдæр фыдуавæрты цæргæйæ: иуæй, зымæджы мæйты цух æййæфтой халсартæ æмæ гагадыргътæй, иннæмæй сыл ахадыдта зæхбын агъуысты астæуарты фæздæг, аннæмæй, цæрæнуæттæ уыдысты рухсхъуаг æхсæвæй-бонæй гыццыл рудзынгтимæ-фæрсæгтимæ. Куыд æппæт буарæн, афтæ цæстытæн дæр сæ рухсы хъомыс баст вæййы æрдзон сыгъдæг халсарты, гагадыргъты адимæ. Уыдонæй цух æййафы адæймаджы буар, уæд низтæн у лæмæгъдæр. Цæстырухсæн уæлдай ахъаздæр сты тагадыргътæй саунæмыг æмæ рагъысис, æрыскъæф æмæ мæнæргъы, къæбырттæг æмæ хъæлæрдзы, мæцкъуы æмæ кæркмисындзæг æрдзон уагыл хæргæйæ, хъаугæйæ. Сæкæримæ фыхæй сæ тых сæтты, ахъаззагдæр ад сæфы. Уыйадыл сæ хæрын хъæуы афоныл, зымæгмæ та — хусгондæй æвæрын.

Цæсты низтæ иу æмæ дыууæ не сты: иу хуызæн кæны чъиу гæзæмæ æндæдзагæй, иннæ хуызæн йæ сыг кæлы, аннæ хуызæн сырхбынæй барæсийы. Æппæт хуызты низтæ дæр къаддæр кæнынц цæсты рухс, æмæ йæ фæхуыздæрæн ирон адæм зыдтой æрдзон хостæ. Дзидзидай сывæллæтты цæстыты тагътой мады æхсыры æртæхтæ, æхсадтой сæ цайгæрдджыты хъæрмуст фыхдонæй. Хъомылты цæсты низтæн уыди фылдæр хостæ: сæрфтой сæ ацудасы донæй, æхсадтой сæ ногдыгъд æхсырæй, ногахст сылыйæ. Гъемæ, цасфæнды бирæ ма уыдаиккой цæсты низты дзæбæхгæнæн хостæ, уæддæр алкæмæн æмхуызон не ’ххуыс кодтой, алчи сын фæтк æмæ уаг, бæрц æмæ афон нæ зыдта. Алы хуызы низæн дæр цыдæр аххосаг вæййы. Мады гуыбынæй рахæсгæ низтæ вæййынц зындæр дзæбæхгæнæн. Сывæллон мады гуыбынæй цух рахаста цæстырухсæй, уæд ын æрдзон хостæ нæй сдзæбæхæн. Æнæниз куы рахæсса мады гуыбынæй, уæд та у хъаггæнинаг, æмæ бирæтæ низты хай фæвæййынц цæрыны уавæрты ахæсты. Цæстыты æнæнизыл тынг зыны адæймаджы хидарыны уаг бакусынæй бахæрынмæ. Буары нуæрттæ цас фидар æмæ æнæниз уой, уыйас вæййы адæймагæн йæ цæстырухсы хъомыс дæр. Æххормаг æмæ æгъуыссæгæй куыд тартæ кæнынц цæстытæ, фырхæрд æмæ фыргуыстæй дæр уыйбæрц. Æмбисондæн дæр ма баззад, цæсты гагуыйæ мæнгæфсондæр, зæгъгæ. Цæстыты гагуытæ сты æппæтæй хъаггæнинагдæр. Ныры дзæбæхгæнæн хосты арæх нуазынæй иу æмæ дыууæ адæймагæн нæ фæсахъат вæййынц йæ цæстытæ. Карз нозт æмæ адджын хæринæгтæн бæрц чи нал фæзоны, уыдонæй дæр бирæтæ сæ развæндаг нал фæуынынц рæстæгæй раздæр. Ныры уавæрты фæздæг нал къахы цæстыты, райдзаст агъуыстыты цæргæйæ бонырухсæй дæр хайджын стæм, фæлæ цивилизацийы кæнгæ-аразгæ митæй нæ низтæ фылдæрæй-фылдæрмæ цæуынц. Телевизортæм æнусцухæй кæсгæйæ цæстыты æрдзон буар хæлы. Гъемæ æппæт хуызты дæр царды уавæртæ сты хынцинаг. Фыдæлты заман цыфæнды фыдуавæрты кæд цардысты ирон адæм, уæддæр æрдзон хъомысæй сæ буары уыди бирæ фылдæр монц æмæ тых. Иуæй, сæдæ азæй фылдæр цардысты, иннæмæй, сæдæазыккон зæрæдтæ цæстæй хорз уыдтой, сылгоймæгтæ судзины быны фæдзæл æнцонæй ластой...

Цæстытæ цæмæй тартæ ма кæной, сæ кæрæттыл фæлмæй æндæдзаг чъиу ма хæца, уый тыххæй хуыздæр мадзал сты цайгæрдджыты хъæрмуст фых дæттæ æмæ кæркмисындзæджы зети. Уыдонæй къуыри иу хатт сыгъдæг æхсад æййафынц цæстытæ, уæд бæрæг хуыздæр уынынц...

Дæндæгты низты хостæ. Дæндæгты рыстæн алы æфсæнттæ уыди рагæй-æрæгмæ. Уавæртæ аразæг сты куыд хорзырдæм, афтæ æвзæрырдæм дæр, æмæ дæндæгтæ æвзарынц æппæт хæринæгты, нуазинæгты хъомыс тыхæй адмæ. Фыдæлтæ уыцы æрдзон бастдзинæдтæ хорз æмбæрстой æмæ сæ хъус дардтой сывæллæтты дæндæгты рæзтмæ. Дзидзидайæ фæстæмæ сын буары æрдзон хъомыс зынди дæндæгты фидарыл, æнæнизыл. Фосы хæрзмыггаг дæр бæрæг кодтой дæндæгтæй. Мад æмæ фыд цы бавзарой хорзæй-æвзæрæй, растæй-зылынæй, уый сæ цот хъуамæ зоной фидæны сенгондæн. Иу хаттæн тæвд бас кæй басудза, уый инннæ хатмæ хъуамæ зона, хъуыды кæна сыгъды рыст.

Дæндæгтæ дæр æвзагау хатынц хæринаг æмæ нуазинаджы ад. Ахады сыл адимæ уазал æмæ хъарм. Уыцы уавæры дæндæгтæн нæдæр æгæр тæвд хæринаг у æхсызгон, нæдæр æгæр уазал. Тæвд бас куы бацымай æмæ йæ фæстæ æваст уазал дон куы баназай зæрдæйы фæндоныл, уæд дæндæгтимæ — уынгæджы хъæлæстæ æмæ ахсæн.

Æгæр тæвд æмæ уазалы уæлдай дæндæгтыл хæцы æзгæ, æмхиц сæм сты буары зианхæссæн лыстæг зулчъытæ-кæлмытæ. Хæрыны размæ æмæ йæ фæстæ дзых нæ ранхъæвзтай, комарынгты æмæ дæндæгты зыхъырты баззадысты хæринаджы муртæ, уæд зулчъытæн — фылдæры хос, æмæ дзых тæф кæны, дæндæгтыл æзгæ хæцы. Фыдæлты заманты дæндæгтæ сыгъдæг кæнынæн уыди æрдзон мадзæлттæ, æмæ сæ чи æххæст кодта, уыдонæн нæ рыстысты. Куыдфæндыйæ чи архайдта дæндæгты сыгъдæгыл, уыдон æппæт дæндагнизты дæр æвзæрстой, æмæ-иу рæстæгæй раздæр базгъæлæнтæ сты, афтæмæй сæ ластой кæрæдзийы фæстæ. Хъуыддаг уый мидæг и, æмæ дæндагнизы æзгæтæ, зулчъытæ æмæ кæлмытæ ссыгъдæгæн, марынæн æргом хостæ уыдысты фыдæлты заманты судзагхæлттæй нуры æмæ хъæдындз, давон æмæ скъуда хомæй хæргæйæ. Уыдонимæ дæндæгты фидарæн, æнæнизæн æргом æххуыс сты карз нозт æмæ цæхх, ацудас æмæ сондон, хихджын бæлæсты писи-чъиу æмæ содæ. Цæхх, сондон æмæ содæ, иуæй, сыгъдæг кæнынц дæндæгты æзгæтæ, иннæмæй, сты дæндæгты фыдты фидар кæнынæн ахъаз. Дæндæгты фыдты фидарæн æргом æххуыс сты цым, тырты, къæбырттæг, хъæддаг бал æмæ мæнтæг дæр.

Дæндаджы рыст бауромынæн хостæ кодтой ирон адæм цæхх æмæ содæйæ, арахъ æмæ сондонæй, маргхъæстæ кæндысты цæттæ нæмгуытæй æмæ ацудасæй.

Гуыбыннизы хостæ. Фыдæлтæ гуыбыннизтæй арæх рынчын кодтой: иуæй, мæгуыр царды уавæрты сыгъдæгдæр хъуагæй, иннæмæй та — æййæфтой бæгънæг, æххормаг. Уæдæ гуыбыннизты æфтауæг зулчъытæ — микробтæ иуæй иннæмæ цыдысты хæринагимæ, нуазинагимæ. Ныры адæмæй дæр ис ахæм æнæфснæйдтæ, æмæ йæ хуылфы хæссы гуыбынниз æфтауæн зулчъыты, рынчын та дзы нæ кæны. Ахæм адæймæгтæ вæййынц бинонты, сыхты æмæ æхсæнадон куысты бынæтты гуыбынниз пырхгæнджытæ, фæлæ сæ æнæ дохтырты сæрмагонд хъусдардæй ничи фæзоны. Куыд-иу загътой фыдæлтæ: йæхи маргæй хуыдуг чи нæ кæны, ахæмтæ! Гъемæ, гуыбыннизæн дæр кодтой хостæ æрдзон уавæрты кæм кæрдæджытæй, кæм та карз нозт æмæ цæххы руаджы.