Рæстæджы нымад 9 страница

Æваст срисгæйæ карз арахъыл æзмæстой цæхх æмæ йæ хъармæй нуæзтой. Уыцы уагыл гуыбыны, тъæнгты рыст æнцади, низæфтауæн зулчъытæй рæстæгмæ ирвæзти адæймаг, фæлæ се ’ппæт кæм мардаиккой. Гуыбыны низæн æргом æххуыс уыдысты хъолойы уидæгтæ æмæ мыггæгтæ. Уыдонæй чи бафснайдтаид зымæгмæ, уымæн — хос. Уидæгты æхсадæй лыстæг карстой æмæ сæ æнтыдтой арахъыл, науæд та фыхтой куыд уидæгты, афтæ мыггæгты дæр æмæ сын цымдтой сæ дон бон æртæ хатты хæрыны размæ.

Гуыбыннизæн æргом хос у хъæндæлы хус сыфты фыхдон. Дзырдтам ма уый фæдыл раздæр. Хъæндæлы сыфты ис маргхъæстæ æрмæг, æмæ аууоны хусгондæй сты æвдадзыхос хуылфыдзаумæттæн, марынц зианхæссæн зулчъыты-микробты.

Гуыбыны рыстæн хос кодтой саунæмыджы æмæ хъæддаг кæрдойы хусты фыхдонæй дæр.

Нуæртты æмæ стджыты низты хостæ. Нуæртты æмæ стджыты рыстæн дзæвгар аххосæгтæ вæййы. Кæм фæсахъат вæййынц уазалæй, кæм тыххæстæй, кæм та фыддзæфæй. Нуар тынггæнаг у, æмæ æваст схæцæнты, фæзилæнты æгæр февæзти, уæд тонгæ-скъуынгæ дæр акæндзæни. Ахæм уавæры нуары рыстæн кодтой хостæ ирон адæм цæхх æмæ топпыхосæй, сондон æмæ ацудасæй, халсаскъ æмæ сдад сæрдæйнæгтæй, карз нозт æмæ цырвыбынтæй. Ирон хæдзары бахъуыды бонмæ æвæрдтой, амал уæвгæйæ, алыхуызты сдад-хъыггаг фиутæ æмæ сойтæ. Уæлдай хуыздæр, тыхджындæр уыдысты хъæдгæмттæ, нуæрттæ сæрдынæн арсы æмæ зыгъарæджы, сæгъы æмæ хуыйы цæхджын нæрдтæ æмæ тад сойтæ. Уыдонæй сæрстой рыст буар, хъæдгæмттыл æвæрдтой сыгъдæг хъуымацæй, бæмбæгæй, къуымбилæй комрæзтæ. Комрæзты сæрстой-удæстой мыды, мыдадзы доны.

Нуары æмæ стæджы низтæй ныййарджытæ сахъат рахастой, уæд сæ цотыл дæр сахадынц. Фæлæ стæг æмæ нуары низтæ зынынц адæймагыл уазæлтты, фыдуавæрты, уымæл бынæтты цæргæйæ, кусгæйæ, хуысгæйæ. Уымæл зæххыл цы сывæллон бада, фынæй кæна арæх, уый буары æндыснæг бынат скæны сабыргай, науæд та фæрынчын вæййы йæ уæлвæд. Уымæл, æсмæр бынæтты цæрджытæм уæлдай æмхицдæр сты æндыснæджы хуызтæ. Зæгъæм, Цæгат Иры цæрджытæй ис фылдæр къуылыхтæ æндыснæгæй Хуссар Иримæ абаргæйæ, уымæн æмæ хуссарварсы зæхх у сурдæр, æнæниздæр.

Нуæртты æмæ стджыты низтæн фыдæлтæ хостæ кодтой æрдзон уагыл алыхуызты: иу хуызæн риссаг бынæтты сæрстой арсы æмæ зыгъарæджы сдад фиутæй æмæ сойтæй арты, хуры хъарммæ, иннæ хуызæн нызтой карз нозтыл æнтыд хосы кæрдæджыты дон, æртыккаг хуызæн кæрдæджыты уидæгтæ æмæ сыфтæ-зæнгтæ фыхтой æмæ сæ кодтой ваннæтæ.

Стджыты æмæ нуæртты низтæн дзæбæх кæнынæн бæрæг ахъаз сты карз нозты хуызтæ куыд бæрцыл нуазгæйæ, афтæ сæрдгæйæ дæр. Уæлдай хуыздæр сыл ахадынц сыгъдæг хортæй конд нозтытæ, уыдонимæ цъуй æмæ сау чылауийæ конд арахъ. Æндыснæгæй рынчын адæймаг хуымæллæгджын бæгæны нуазы, судзаг цывдзытæ арæх хæры, уæд сдзæбæхмæ æнхъæлмæ ма кæсæд. Боныгъæд ивынмæ хъавы, уæд æй æндыснæгæй рынчын зоны рагацау, уыйбæрц баст у боныгъæдимæ низы ахаст.

Æндыснæгæй рынчынтæ цыдысты хъарм дæттæм найынмæ. Найынæн æвзæрстой хъармдæр суадæтты æмæ уыдоны былты къахтой гæрзæхсæны уидæгтæ дæр. Гæрзæхсæны уидæгтæй æлыгимæ æууæрстой — сæрстой буары, æмæ хуры хъарммæ низ къаддæр кодта. Æрдзон уагыл сондон æмæ суар тæвдæй цы бынæтты калди, уырдæмыты цыдысты рынчынтæ сæрды мæйты æмæ дзæбæх кодтой цалдæр фæлтæрæн. Тæвд суæрттæм цыдысты Уæллаг Хъæрмæдонмæ, тæвд сондонмæ та — Быдыры Къорамæ.

Хæдзары ваннæтæн ирон адæм зыдтой дзæвгар мадзæлттæ: иу хуызæн хъæдын иугуыр стыр мигæнæнты кодтой кæнæ хосы кæрдæджыты æмхæццæ фыхдон, кæнæ хъарм æнтыд. Уым бæгънæгæй бадти рынчын хъæдын бандоныл, æмæ йын йæ сæр æмбæрзтой нымæтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм тæвды æмбæрзт сæрæй зын улæфæн у, æмæ нымæты зыхъырæй улæфыдаид искуыдæй-искуыдмæ. Низ ратæрынæн кæрдæджыты фыхдоны дæр бирæ тых и, æнтыды дæр, æмæ дыууæ-æртæ ваннæйы фæстæ рынчын бæрæг дзæбæхдæр кодта, фæлæ уазалæй уыди зындæр бахъаггæнæн фæсваннæты, æмæ архайдта йæхи хъарм дарыныл.

Æнтыды, иуæй, ис хойраджы тых, иннæмæй — карз нозты фæсуайæнтæ, аннæмæй — зады æмæ хуымæллæджы цъæлтæ. Уыдон иумæ æмдых уыдысты бæгæныйы цъæлтимæ, æмæ сæ уымæн кодтой хостæ дæр æвгъæды бадæг сылгоймæгтæн...

Кæрдæджыты хустæ та бирæгæйттæй лæвæрдтой уæлдай æрдзон хъомыс рынчыны буарæн: тæвд доны бадгæйæ хид кодта рынчын æмæ уыйимæ цыди низы тæваг æддæмæ, ласта уæлдай чъизитæ-цæххытæ.

Ваннæгæнæн кæрдæджыты хуызтæн Ирыстоны банымайæн дæр нæй, æрмæст сæ хъæуы афоныл тонын æмæ æгъдауыл хус кæнын, æфснайын. Уæдæ хосгæрдæнты æссивгæйæ, мæкъуылтæ амайгæйæ хус хос мургæнаг у, æмæ уыцы муртæн дæр æмбæлы бафснайын. Холлагдоны та зымæджыдæргъы æрæмбырд вæййынц, æмæ сæ истæмæ сурæй сæвгæн... Бирæ хосгæнæн мадзæлттæ, æрмæст сæ кæнын хъæуы...

Рæуджыты низты хостæ. Рæуджыты низтæ дзæвгар сты, стæй æмдзу кæнынц иннæ хæцгæ-цæугæ низтимæ уæлдай арæхдæрæй мæгуыр заманты, тыгъды азты. Рæуджытæ сахъат сты ныййарджытæн, уæд сæ зæнæгыл дæр бафты низ æмæ зын дзæбæхгæнæн у. Уыйадыл рæуджыты низтæй хи хъаггæнын нымадтой фыдæлтæ егъаудæр хæсыл, амондыл. Цас сæ бон уыди, уымæй хъаггæдтой сывæллæтты уазалæй, стонгæй, уæлдай æнæуаг митæй, фæлæ уæддæр риугъæнджынтæ уыди бинонты, сыхты, хъæуты кæддæриддæр, æмæ сын алы уавæрты кодтой хостæ æрдзон уагыл кæрдæджытæ æмæ гагадыргъты хуызтæй, сойаг æмæ урсагæй, мыд æмæ хойрагæй, сыгъдæг уæлдæф æмæ цъитийæ. Буары низтæн, рыстытæн сæ фылдæр у уазал æмæ стонгæй, бæгънæг æмæ чъизийæ. Уыйадыл фыдæлтæ архайдтой сыгъдæгдзинадыл, хъарм бонты рог дарæсы цæуыныл, уазал бонты хастой хъармдæр фæлыст. Уазалæн лæмæгъдæр бынæттæн дардтой къуымбил æмæ цармæй дарæс. Афоныл, бæрцыл архайдтой ирон æгъдауылхæст бинонтæ хæрын аходæны, сихоры æмæ æхсæвæры хардз урсаджы æмæ сойаджы хуызтæй афæдзы цыппар афоны хуызивæнты нымайгæйæ, хатгæйæ. Уалдзыгон хур сын уыди хъæнтæ бæрæггæнæн, фæззыгон хур хъæдгæмттæ ’гасгæнæн, æмæ уыцы уагыл баззад æмбисонд: уалдзæджы хур — мæ чындзыты, фæззæджы хур та — мæ чызджыты, зæгъгæ, хæдзары æфсины хъæлæсæй...

Сывæллонæн йæ ныййарджытæ риугъæнджынтæ не сты æрдзæй, æнæнизæй райгуырд, ысхъомыл хорз уавæрты, дарæс æмæ хæринагæй цух не ’ййафы, коммæгæсæй æгъдауджын у, уæд ын цы ’фсон и низджын уæвынæн? Ныййарджыты гуырдзон низтæй хайджын фæци сыввæллон, уæд у уæлдай хъаггæнинагдæр йæ рæзты фæндагыл, æмæ йын вæййы дзæвгар хостæ æрдзы хъæбысы æмбаргæ хистæрты æрвылбоны хъусдардæй.

Сывæллон мады æхсыры ад кæны, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, æмæ раст хъуыды кодтой. Мады æхсырæй æфсæст сывæллоны буар фидардæр вæййы низтæн. Йæ дарддæры æнæнизæн та — дзæвгар æнæнизы хостæ æрдзы, æмæ сæ æмбæлы хъауын бæрцыл, фæткыл, афоныл. Æппæт хæрыны кæрдæджытæ, халсартæ, дыргътæ, урсаджы æмæ сойаджы хæринæгтæ, нозты хуызтæ хъæуынц адæймаджы буарæн уæвынæн, цæрынæн, кусынæн. Кæнгæ хæринæгты æмæ нуазинæгты æрдзон хъомыс куынæ уа бæрцыл, уæд мæнгадæй буары æнæнизæн пайдайы хос не сты. Æгæр цæхджын æмæ адджынæй, судзаг æмæ карзæй ныры хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæ сты адæймаджы царды бонты цыбырдæры фæрæз, удыгъæды хуыздæр миниуджыты сафæн мадзал. Сæкæр æмæ цæхх буары хъæуынц сыгъдæг дон æмæ уæлдæфы хуызæн, фæлæ сæ бирæйæ адæймагыл æфтауынц низтæ. Зæрдæ цы агуры хæринаг æмæ нозты хуызтæй, уыдон буары куыннæ хъæуынц, фæлæ — бæрцыл. Фыдæлтæ зæрдæйы коммæ кастысты, фæлæ сын æрхъуыды зонд уыди æмæ удты фæлтæрддзинадæй аргъ кодтой æппæт хæрзтæ, фыдæхтæн.

Хурхы æмæ рæуджыты низтæ дзæбæх кæнынæн ирон бинонтæ æвæрдæй дардтой сдад фæхсынтæ æмæ фиутæ, тад сойтæ æмæ мыд. Уыдон цас фылдæр алæууыдаиккой, уыйас кодтой хъыггагдæр, хъомысджындæр, æмæ сæ риугъæнджынтæ хордтой цымгæты, хъæрмхуыппыты хуызтимæ. Иуæй, сдад фиу æмæ сой мардтой улæфæнты низæфтауæн-низхæссæн зулчъыты-микробты, иннæмæй, сахъат буары хъæдгæмттыл æвæрдтой ног фыд.

Риугъæнджынтæн райсомæй-изæрæй нуазын кодтой ногдыгъд æхсыр хъармæй. Лæвæрдтой сын уæлахсæг æмæ инджын цыхт æдзæххæй. Уыдонимæ — аходæны, сихоры æмæ æхсæвæры хæринæгтæ фыдызгъæлæй, урсагæй...

Ирыстоны кæмтты цъититæм хæстæг уыди фосы дарæнтæ сæрды мæйты, æмæ риугъæнджын рынчынты уырдæмыты ластой быдырæй цъитийы дон нуазынмæ. Сæвæрдтой-иу цатыртæ хъарм фæлыст æмæ хуыссæнтимæ, æмæ сыгъдæг уæлдæфы, иуæй, халсартæ, иннæмæй, хъарм æхсыры тайгæйæ — цъитийы къæрттытæ. Хуыздæрыл нымадтой фысты æмæ сæгъты æхсыртæ. Уыцы хъармæй æхсыры æппæрстой цъитийы лыстæг къæрттытæ. Уыдон цалынмæ тадысты, уæдмæ æхсыр фыхти артыл æвæрдау, стæй йæ хъæдын къусæй нуæзтой рынчынтæ бон дыууæ хатты — райсомæй æмæ изæрæй. Цъитийы дон мардта низæфтауæн зулчъыты, сойджын æхсыр та сæрста буары хъæнтæ æмæ ног фыд æвæрдтой. Уæззау риугъæнджын рынчын уыцы уагыл авд-аст бонмæ бафæрæзта нуазын цъитийы дон æхсыримæ, уæд фервæзти... Ныхасæн дæр ма баззад, цъитихортæ, зæгъгæ, æмæ цъитихор рынчынтæ Ирыстоны кæмттæм æфтыдысты дард быдыртæй дæр. Дыууæ фæлтæрæн махмæ, Хъæдысæры, сæхи дзæбæх кодтой быдираг риугъæнджын рынчынтæ, æмæ сын Хамзелайы комæй цъитийы къæрттытæ хастам бæхыл. Гъемæ, адæймаг йæхæдæг цы фена æмæ бавзара, уый зæрдыл лæууы. Ногдыгъд æхсыр цъитиимæ у æвдадзыхос канд риугъæнджынтæн нæ — æппæт адæмæн дæр, фæлæ мах, стыр æнамондæн, фыдæлтыккон хæрзтыл нæ къух систам æмæ бафтыдыстæм цивилизацийы адджын хъылматыл, низхæссæн хæринæгтæ æмæ нуазинæгтыл...

Сæрдæн хостæ. Сæрдæн хостæ арæзтой ирон адæм алы кæмтты хицæн хуызты æрдзон уавæртæ хынцгæйæ, фæлæ æмткæй-иумæйагæй къахтой хосгæнæн уидæгтæ, тыдтой дидинджытæ æмæ сæ хусгондæй æзмæстой сдад сойтимæ. Сæрмагондæй æмбырд кодтой кусарты стджыты магъз. Уæлдай хуыздæрыл нымадтой æфсæрыкъæдзты магъз. Цæрæгойтæй хæрыны уидæгтæм, халсарты дидинджытæм уæлдай æмхицдæр сты хæдзарон фосæй сæгъ æмæ хуы, хъæддаг сырдтæй — сычъи, дзæбидыр, арс æмæ зыгъарæг. Уыйадыл сæ сой нымад цыди æвдадзы хосыл, æмæ дзы сæрстой куыд æнæниз буар, афтæ риссаг бынæттæ дæр. Уидæгтæ къахтой уалдзæджы, сæрды хурхæтæнты, дидинджытæ дæр тыдтой уыцы афæтты. Бирæ сты хурхæтæны дидинджытæ. Уыдонæй иуты дидинæджы ис мыд, иннæтæ сты маргхъæстæ, æмæ дыууæ хуызæй дæр кодтой хостæ сойаг, урсагимæ. Ис бур дидинæг гыццыл дæргъæццон сыфтимæ, зайы уалдзæгæй фæззæгмæ æртæ хурхæтæны. Фос æм не ’вналынц, фæлæ йын йæ сыфтæ тыдтой æмæ сæ хусгондæй æзмæстой сдад соимæ сæрдæйнагæн. Цæсгом æмæ къухтæ сæрстой ирон сылгоймæгтæ фæлмæндæрæн, лæгъздæрæн æхсырæй, сылыйæ, хуырхæй, æхсыры сæртæй, къацциуы донæй, фæлæ сын хурхæтæны дидинджытимæ арæзт сæрдæйнаг уыди уæлдай хуыздæр буары сыгъдæгæн, лæгъзæн, гуырдзон аив хуызæн.

Сæрдæн хостæй дзæбæх кодтой хæдзарон фосы буары хæлмæгтæ, цæфты, хъæдгæмтты дæр. Сдад æдзæхх фиутæ æмæ сойтæй кодтой сæрдæнтæ фадыварцæн, гæрзæй арæзт дзаумæттæн, уæрдоны цæлхытæн догъыд æмæ сæгимæ.

Кæркнизæн хос кодтой лыстæгкарст давæттæй. Æзмæстой сæ хомæй луарæнтимæ гæзæмæ донджынæй, æмæ сæ æхсызгонæн хордтой.

Хуыты низæн — хочъийæн къахтой дидинæгафон хочъигæрдæджы уидæгтæ, æмæ сæ лыстæг карстæй лæвæрдтой хæринагимæ бон дыууæ фæлтæрæн. Хочъигæрдæг дидинæг акалы хосгæрдæнты, æмæ у тынг тæфгæнаг. Фос æм не ’вналынц хизгæйæ. Зайы хæхты хæмпæлгæрдæгимæ, кæны урс уидаг.

Фосы фаднизæн хос кодтой хæххон ирон адæм райсомы æртæхæй. Цыфæнды хæрзхаст ма уæд фосы дзуг, уæддæр йæ бынат цъыф у, уæд кæны низджын. Уымæлы, цъыфдзасты лæугæйæ йæ къæхты саггæмттæ фехæлынц, æмæ сын сдзæбæхгæнæн вæййы райсомы æртæхæй. Уарынты кæрдæг уымæлгæнаг у, фæлæ хурбонты кæрдæгыл æрбады æртæх æмæ ласы алыхуызы кæрдæджыты ад. Уый, иуæй, фосы къæхты ныссыгъдæг кæны фаджысы чъылыхдонæй, иннæмæй, ’гас кæны æрдзон тыхæй саггæмтты хомтæ-хъæнтæ хуры хъарммæ. Фос æмбисбоны ривæд афонмæ хæххон доны иу æмæ дыууæ хаттæн нæ бауайынц цæхгæрмæ, æмæ уый дæр у сæ къæхты сыгъдæггæнæн хос. Дæсны фыййау йæ фосы дзуг фæхизы райсомы æртæхыл аууæтты, æмæ фаднизæй ирвæзт вæййынц. Æдзæлгъæд та йæ фосы цъыфбын дарæны фæдары боны хъарммæ, æмæ ныкъкъуылыхтæ вæййынц. Уыдæттæ зонгæйæ ирон фосдарджытæ сæ сæрдыгон дарæнты ивгæ цыдысты уырæй-уырмæ, нæудзарæй-нæудзармæ сурдæрæн.

Фосы комниз. Фадниз æмæ комниз сты хæцгæ низтæ. Гъемæ сын фыдæлтæ æнцонæй хос кодтой. Комнизæн дардтой ацудас æмæ къæртцæхх — дурын цæхх. Фос æндарæны сыгъдæг хос хæры фагыл, цæххимæ сдæры луарæнтæ мæй дыууæ хатты уæддæр, уæд комнизæй у хызт-ирвæзт...

Гæбæрниз. Хæцы æндарæны фосыл чъизийæ. Иунæг гæбæр далыс куы уа дзуджы астæу, уæддæр фæрынчын уыдзысты кæрæдзимæ æвналгæйæ. Гъемæ, дæсны фосдарджытæ архайдтой холладжы æмæ доны сыгъдæгыл рагагъоммæ. Сæрды дæргъы фыстæ æлвыдтой дыууæ хаты: иуæн — уалдзæджы, иннæмæн — фæззæджы. Дыууæ хаттæн дæр фосы надтой цæугæдæтты, стæй сæ сурæй æлвыдтой. Уымæй уæлдай, сæрды къæвдаты сыгъдæг кодта сæ буар. Гæбæр хæцыди мæллæг фосыл чъизи уавæрты. Йæ уалдзæджы фист кæмæн нæ алвынай, уый сæрды уынгæджы нæу? Гъемæ, куыдфæнды ма уæд, гæбæрæн дæр кодтой хостæ фæныкæй, сондонæй, тамако æмæ кæндысæй (дзырдтам ма сыл), æмæ æгæр фæлхат кæнгæйæ æмбисонды дæр уæз нал вæййы. Гæбæр дзæбæхгæнæн сæрдæн хостæм æфтыдтой фыдæлтæ маргхъæстæ дидинджытæ, топпыхос æмæ сондон бæрцыл...

Адæймаджы цæрдхъом æмæ æнæнизæн цас æрдзон хостæ зыдтой не «’нахуыргонд» фыдæлтæ, уыдоныл нæбæззоны уагæй нæ къух ауыгътам æмæ ныххæцыдыстæм цивилизацийы мысæггаг хъылматыл. Райгуырæн зæххыл нын Хуыцау цы æвдадзы хæрзтæ сфæлдыста уæвынæн, цæрынæн æмæ кусынæн, уыдонæн сæ дæсæм хай дæр нæма бавзæрстам, афтæмæй æнæ базыртæй уæлæрвтæм тæхæм, æрра барджытау фурдтæн сæ арфдæрты хæзнатæ агурæм, нæ дарæг зæххы хуымтæ та кæндысгæрдæджы ахæсты зæрæстонæй гæныстон фесты. Нæ кусæнгæрзтæй нæ хæцæнгæрзтæ фæфылдæр сты, афтæмæй тыхагурæй дунейы кæрæтты зилæм хъалдзæуаджы сæрбæрзондæй. Гъемæ, масты, тыхы фæдыл цæуæг нартæ цы рамбылдтой Хуыцауимæ хæцгæйæ, уый нæ фыдæлтæн уыди сенгонд цæрæнбонты, æмæ абоны ирæттæн дæр зонын æмбæлы ивгъуыд азты рæдыдтæ иугъæдоны хæрзаудæнæй...