ЗЫНÆМБАРÆН ДЗЫРДТЫ МИДИС

Зынæмбарæн дзырдтæ, зæгъгæ, фидаугæ дæр нæ кæны ирон дзыхæй дзурæг адæймагыл, фæлæ царды уавæртæ — аразæг, æгъатыр рæстæг — хынцæг. Цы дзырдтыл дзуринаг стæм, уыдон не ’взаджы уыдысты бындурон æнусты дæргъы. Куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр нæ мадæлон æвзаг уыд хъæздыг æрдзон-гуырдзон хæрзтæй æмæ лæууыд æрдзон фидар рæзты фæндагыл цæгатæй хуссармæ, хохæй быдырмæ, цалынмæ Ирыстоны æнамондæн Цæгат Иры уæрæседзау, Хуссар Иры та гуырдзыстондзау «æвзагзонады ахуыргæндтæ» нæ фæзындысты ХХ æнусы 60-æм азты, уæдмæ... Уæд, стыр фыдгæнды диссагæн, ирон сывæллæттæ скъолаты иртæст æрцыдысты сæ мадæлон æвзагæй фыццæгæм къласæй фæстæмæ, æмæ сæйрагдæрæн райстой уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгты ахуыр кæныны уаг бынæттон хицауады бардзырдæй...

Уыцы социалон-æхсæнадон фыдгæнды уавæрты нæ мадæлон æвзаг фыдæлты тугæй хъацыд уæзæгыл сидзæры бынаты абадти æмæ æрбайсгæ дзырдты бын фæци æнусы кæронмæ... Уæдæй нырмæ цы дзырдуæттæ рацыди ирон æвзагыл, уыдоны æртыццаг хай сты æрбайсгæ дзырдтæ æндæр æвзæгтæй, нæхи æвзаджы бындурондæр дзырдтæ та сæ бынат не ссардтой дыууæ бæрæг æфсонæй: иуæй, дзырдуат аразджытæ ирон æвзаджы хæрзтæ фаг нæ зыдтой, иннæмæй, бирæ дзырдты банымадтой зæрондылрагоныл нæ хъæуыны равгæй...

Быдыры чи райгуырд æмæ цард, уыцы фысджытæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыстон цыдæр сæрбæрзондæй кæсгæйæ, уæртæ хæххон къуымты æгъдæуттæ æмæ дзырдтæ ныхæстæ, зæгъгæ. Гъемæ, ахæм фыссæггæндтæ нæ бамбæрстой царды æцæг хъæр... Дардыл куынæ дзурæм, уæд ирон æвзаджы дæснытæ, аивады куырыхонтæ иууылдæр рантыстысты алæмæты хæхты сыгъдæгдæр хъаймагъæй. Къостайæн уæвæн дæр нæ уыди быдираг зæххыл, æмæ уыцы фарны уаг чи нæ рахатыдта, уыдонæй фыссæг дæр нæй æмæ, разамонæджы бынаты, хицау дæр...

Нæ рæстагдæр фыдæлты æмæ мадæлты сыгъдæг цæсгæмттæн аргъ кæнгæйæ мæхнцæн хæсыл нымайын зынæмбарæн дзырдты мидис бахынцын-равзарын, æндæр ныры «ног» ирæтты ахæм лæггады сæр ницæмæн хъæуы сæ давæггаг-арæггаг бынтимæ...

 

Адæг. У хъæдырмæгæй конд дзаума ногконд хуымы тауинаг фæлмæн мæры-сыджыты бамбæрзынæн, науæд уæлæнгайæ нæмгуыты хордтой-уыгътой мæргътæ, æмæ хуымы æвзартæ æзгъуырдтæй задысты. Адæг арæзтой пыхсджын уистæй бинаг æмæ сæрккаг æлвасæн сæргъæдтимæ. Ластой йæ галтæй, бæхтæй дæргъмæ-уæрхмæ.

Алгъац — æзгъæрæй конд хæцæнджын тебæ истытæ фыцынæн кæм сурæй, кæм та дондзыдæй.

Артъанг — гæн æмæ гæрзæй, сæхъис æмæ ердженæй здыхт ставд, фидар даргъ бæндæн мæкъуылтæ бæттынæн зымæгон æруадзæнты.

Агъуындын — æмбæрзын, æхгæнын уæле. Агъуыстой бæстыхæйтты, скъæтты кæм тъæпæнæй, кæм та тыгуырджынæй, æмæ сын агъуындынæн хъуыди алыхуызы агъуындæн æрмæг: хъæдæй, дурæй, сыджытæй æмæ æзгъæртæй.

Ауадзæн — хъæдæй конд бæзджын фыййаг куыройы нучы дон ныццауазынæн, ныууромынæн.

Арм. Амоны цалдæр мидисмæ: иуæй, у къухы тъæпъæн; иннæмæй, амоны уæрдоны æмæ дзоныгъы армæ, раттыны уагыл та — армæйдзаг хæринаг, нуазинаг. Уымæн йæ армæйдзаг бахæрынмæ нæ бæззы...

Аххæрæг — сыджытсæр бæстыхайы-хæдзары сæйраг-астæуккаг агъуындæн ставд даргъ хъæд æртæ цæджындзыл æвæрдæй.

Алтындзыхъ. Ис ын дыууæ нысаны: иуæй, у над мæсгуы гæрзæй конд бадæнсаргъы базы дывæрсыг æлвасæн дыууæ гоппыл цæггондæй æвæрдæй; иннæмæй, амоны саргъы бæхы ныхыдзуармæ, дзылары-идоны æзгъæрæй конд дзуармæ — нывæфтыдмæ.

Адыли. У дæргъбарæн, амоны цонджы къæдзæй къухы тымбыл арммæ. Адылийæ барстой куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр алы æрмæджытæ: хъуымац, тынтæ, нымæттæ, тыны нывæзт, цæрмттæ.

Асадæн — рæстæджы, боны хуызивæн арвмæ кæсгæйæ, мигъты бæрæггæнæнтæ хатгæйæ. Ис ын æндæр хъуыды дæр: бонасадæнтæ кæны (адæймаг алыхуызты), рæстæг уæгъды сафы, йæхи цæуылдæрты ирхæфсы.

Арвистон. Ацы дзырдæн ис дыууæ сæйрагдæр хъуыдыйы: иуæй, амоны фосы холлагмæ зымæджы бонты, хъæмп æмæ хос хæццæйæ, змæстæй лæвæрдтой стуртæн; иннæмæй, амоны æнæфснайдæй калд дзаумæттæм æмæ æмтъеры хъуыдытæм — сагъæстæм.

Ала — сæг. Фæздæг кæнгæйæ цыдæриддæр судзы, уыцы буæрттæ æфтауынц ала, æмæ дзы иутæ сты маргхъæстæ, иннæтæ — æвдадзыхос... Сыджытсæр хæдзæртты цæргæйæ нæ фыдæлтæ арт кодтой сугæй, талынджы рухс кæнынæн сыгътой нæзыйы æмæ назы цырæгътæ сæрмагонд цырагъдарæнтыл. Уыйадыл судзгæ сугты æмæ нæзы цырæгъты ала-сæг æндæгъди агъуысты царыл, хæлуарджыты тынтыл, æмæ дыууæтæ иумæ уыдысты буары æваст лыгтæн-цæфтæн, хъæдгæмттæн ’гасгæнæн хостæ... Фæстагмæты, æрдз-зæхх мингай азты цы маргхъæстæ буарыгъæдтæ æм бæхста арф йæ хуылфы, уыдонæй бирæты къахын райдыдтой ахуыргонд адæм, æмæ куыд фылдæрæй судзынц (нефт, дурæвзалы, сондон, дзынассу, цъæххос), афтæ сæ сæг-ала маргхъæстæйæ у сæфты мадзал сыгъдæг æнæниз æрдзæн...

Артæн, артæнтæ. Артæн у гуыбыны тæнæгдæр хай. Адæймагæн ис тæккæ фæтасæны ронбасты бынмæ æнæ стæгæй, æмæ у куыд уазалæн, афтæ тæвдæн дæр лæмæгъдæр иннæ буары хæйттæй. Уыйадыл артæн у уæлдай хъаггæнинаг, æмæ йæ хæссын хъæуы адæймагæн æмбæрзтдæрæй, æфснайддæрæй, хъармдæрæй, науæд риссаг сты артæнтæ, лыстæг тъæнгтæ. Уыцы уагыл адæймагæн баззад рон-комдæл дарын, хæссын æлвæстæй. Ронбæгъдæй, комдæлуæгъдæй цæуын худинаг уыди куыд сылгоймæгтæн, афтæ нæлгоймæгтæн дæр фæрнджын ирæтты заманты. Ныры фыдгæнды дуджы чындздзон чызджытæ сæ гуыбынтæ гомæй хæссын райдыдтой, усгур лæппутæ сæ гæлдæртæ æддиау рауагътой æмæ хъæстбойнон устытау бæгъдæгрæттæй цæуынц...

Аходын — æгъдауыл, уагыл хæрын, нуазын афон æмæ бынат, хæстæ æмæ бартæ хынцгæйæ адæмы раст фæткыл. Дзырдæн ис дзæвгар хуызтæ мидисæй, ныхасыгъæдæй: аходæны хардз хæринаг æмæ нуазинаг, аходæны-райсомы куыстаг, хистæр акуывта доны къусæй, сывæллонæн дзы ацаходын кодта, стæй йæ æхсызгонæн банызта. Ирон фæрнджын бинонтæн уыди райсомы-аходæны, æмбисбоны-сихоры æмæ изæрыæхсæвæры хæрзтæ æмæ хæрдзтæ. Гъемæ, уыцы æрдзон фæткæй цас фæиппæрд ныры адæм, уыйбæрц мæгуыраудæр фæци уды æрдзон сыгъдæг миниуджытæй. Хæрæм æмæ нуазæм куыдфæндыйæ æппæт хæринæгты æмæ нуазинæгты æнæ бæрц, афон æмæ бынат хатгæйæ...

Ахаст. Ис ын бирæ нысæнттæ куыд хуызæй, афтæ мидисæй дæр. Амоны комкоммæ уавæртæм, мадзæлттæм куыд æрдзон, афтæ æхсæнадон хъомысæй дæр: рæстæджы уавæртæ-ахастытæ, адæмы ахаст, бинонты мидахастытæ, паддзахæдты политикон-экономикон ахастытæ-фæлварæнтæфæлтæрæнтæ, æрдзон æмæ æхсæнадон ахастытæ.

Азар. Алыхуызы ныхæсты æмбæлы дзæвгар хъуыдытимæ. Иуæй, амоны архайды-цауы бæрæг æфсонмæ, иннæмæй — бындурон æрдзон нысанмæ. Азар — хъысмæт, азар — адзал, азар — аххос. Иу фыдгæнæджы азарæй, аххосæй фесæфынц цалдæр хæрзгæнæджы. Фыды аххостæ, рæдыдтæ, азартæ, фыдгæндтæ — цоты фидинаг. Æнаххосæй, æназарæй мæлæт дæр нæй. Аххостæ æмæ азартæ, адзалтæ æмæ амæндтæ рæстаг адæмæн — Хуыцаумæ лæвæрд, зæгъгæ, дзырдтой нæ фыдæлтæ иугъæдоны хæрзаудæнæй, æмæ абоны ирæттæн уый у стыр хъуыдыйаг дунейы адæмты царды хъæрмæ лæмбынæг хъусгæйæ...

Ад — хъомыс — хъаймагъ. Æрдзон-гуырдзон мидистæ æмæ хуызтæй конд æрцыд нæ райгуырæн-равзæрæн зæхх. Ис дзы æрдзон скондæй бæрæг бынæттæ цин æмæ мастæн, фыдæх æмæ уарзтæн, хорз æмæ æвзæрæн, раст æмæ зылынæн æргом быцæуæй, ныхмæвæрдæй, æмæ уыцы хуызивæнты чи цас хаты, уыйбæрц æнкъары царды ад дæр йæ бирæ хуызивæнтимæ. Сывæллон мады æхсыры ад кæны, зæгъгæ, амыдтой нæ куырыхон фыдæлтæ хæрз цыбырæй, фæлæ ацы дзырдæн йæ мидис у æгæрон. Сывæллон ныййарæг мады æхсыры ад кæны, æмæ мадæлтæ æмхуызон æнæниз, хæрзгъæд нæ вæййынц æрдзон уагæй. Уымæгæсгæйæ сывæллæттæ рахæссынц мады гуыбынтæй алыхуызты хæрзтæ, фыдæхтæ, стæй сыл æхсæнадон уагæй сахадынц сæ рæзты фæндагыл бинонтæ, хъæубæстæ, алыварсы адæм, æмæ уыдæттæ сты хынцинаг царды адыл дзургæйæ...

Адгур — исты æхсызгон дзаума, хъуыддаг курæг. Æфстау куырдтой хæринаг, нуазинаг æмгъуыдæй. Куырдтой зынг, æмæ йæ хуыдтой зынггур. Цы курæг цыдысты, уый ном хаста: чызггур, хоргур, цыхтгур, бæндæнгур...

Алгъ — кæрон, хай. Къухы, къахы æнгуылдзы алгъ — кæройнаг хай. Астæуыстæджы кæройнаг хай — алгъ. Фысы, сæгъы, стуры къæдзилы-дымæджы кæройнаг хай — алгъ. Æмбисондæн баззад ныхас: «Чидæр гал бастыгъта, æмæ йæ къæдзилы алгъыл кард асаст». Гъемæ, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у: иуæй — арæхстыл, иннæмæй — нымдыл, хардзыл, амондыл æмæ адзалыл...

Архъан — бæндæн сæхъисæй æмæ гæнæй быд исты ахсынæн. Ахстой архъанæй бæхты, сагты, лæгты.

Арц — хæцæнгарз. Уыди йын фидар хъæдырмæгæй даргъ тымбыл хъил æмæ æфсæйнагæй конд цыргъ бырынкъ...

Æвдулæн. Ис ын цалдæр хъуыдыйы куыд архайдæй, афтæ мидисæй дæр. Хыссæ кæнгæйæ, нæмгæйæ хъæуы арынджы хибарæй сур ссад дарын, æмæ хыссæ донджынæй цалынмæ къухтыл хæца-æндæдза, уæдмæ йæ быны зæрын хъæуы æвдулæны хардз. Хыссæ бæстон над, æууæрст æрцыд, уæд хайгай у æмхуызон тъæпæн кæнинаг куыд луасийæн, дзулæн, афтæ дзаджджинагæн дæр, æмæ уыцы дзаума арæзтой тымбыл сыгъдæг хъæдырмæгæй, хуыдтой йæ хыссæвдулæн.

Æвдылын дзурæг у архайды хуызыл сыгъдæг цыхтæй дзыкка кæнгæйæ. Урсаджы куыстытæм чи цас хуыздæр арæхсти ирон æфсинтæй, сылгоймæгтæй, уымæн цыхт дæр тагъддæр ахсти, дзыкка дæр рæвдздæр æвдылди, царв дæр тагъддæр цагъта, уæливыхтæ дæр аивдæр фыхтысты. Урсаджы хæринæгтæ кæнынмæ зивæг чи кодта, уый армæйдзаг уыди æнаддæр. Дзыкка йæхи сойæ куынæ равдыла, уæд сыгъдбынæй ныссур вæййы, æмæ у æнад.

Æвдузæн, æвдузæнтæ. Рагзаманты дуарæн, рудзынгæн арæзтой æвдузæнтæ — зиллæттæ хъæдырмæгæй дæр. Æвдузæны, зиллоны фæрцы дуар, рудзынг фидаргонд æрцæуынц зæгæлтæй хъæдын тарвазмæ, æмæ æнцонæй зилынц, гом кæнынц. Фæстагмæ зиллæттæ арæзтой æфсæйнаг æмæ æрхуыйæ.

Æндзалм — михæй гæзæмæ ставддæр даргъ хъил. Ахæмтæй агъуыстой-æхгæдтой сыджытсæр тъæпæн хæдзæртты. Æндзæлмттæн æвзæрстой хихджын хъæды талатæ рæхснæгæй, даргъæй.

Æхсуалы — хæдзары цары асдæрд пыхсы къалиутæй. Уыдон æнгом æвæрдтой æндзæлмтты уæлæ хъæмпимæ сыджыт хуыздæр уромынæн. Пыхсы асдæрдæн — æхсуалыйæн хуыздæрыл нымадтой бæрзы æмæ фугæйы лыстæг хихты.

Æхсæлы — мохъо бæласы мыггаг, ис ын сындз хихтæ, зайы йыл цъæх лыстæг гагатæ, æмæ уыдон рæгъæд кæнынц æртæ азмæ, сты гæзæмæ маргхъæстæ. Зайы хæхты хурæфсæстдæр кæмтты. Æхсæлы бæлæстæй иутæ сты нæлтæ, иннæтæ — сылтæ. Нæлтыл зайынц мыггаджы гагатæ — æхсæлытæ...

Æркъæу — хъæдын гуыдыр, æвæрдтой йæ æддаг фæлахс дуарыл. Æркъæу гуыдырæн уыди æддæг мидæг æвæрдæй цалдæр хайы, æмæ йæ æнæзонгæ адæймаг зынтæй байгом кодтаид.

Æнцайæн — æнциан. Хæххон хъæуты кæрæтты, фæндагмæ хæстæгдæр рæтты арæзтой æрæнцайæн, æрлæууæн, аулæфæн бынæттæ байбынæй, уæле сыджытсæр æмбæрзтæй. Æнцайæнтæн уыди æртыгай къултæ дурæй амад æмæ æрбадæнтæ къæйдуртæй, хъæды дывæрсыг фастæгтæй. Уым бæлццон йæ улæфт уагъта, стæй цыди дарддæр, уазæгуаты куы никæмæ бафæстиат уыдаид, уæд.

Æргъæвæн — хъæдын фидар мæцъис. Ам ныхас цæуы куыройы цалхы æргъæвæныл. Æргъæвæны хъилтæ дардтой хъæдыкуыстгæнджытæ хæххон фæндæгты æваст фæхæрдгæнæнты, æмæ сæ хуыдтой хъæдæргъæвæнтæ.

Æвджид — бæрн, быгъдуан. Искæй æвджиды, бæрны, быгъдуаны зындзæуæн у. Æвджиды цæуын у æууæнчы цæуын бартæм амонгæйæ. Дæ быгъдуан — мæн, зæгъгæ, æууæнчы хуызы баззад ныхасæн. Хистæртæ кæстæрты æвджиды-бæрны куынæ цæуой, кæстæртæ — хистæрты, уæд хорзмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй, æмæ æлгъыст демократты заман ахæм у: ничиуал цæуы рæстаг лæджы бæрны, æвджиды, æууæнчы, быгъдуаны... Чи кæцæй цы ратона давæггагæй, марæггагæй, ууыл сси.

Æргъæскъ — арæзт у æндон æфсæйнагæй къада куыройы дыууæ фыды æнгом æвæрынæн. Дæргъмæ — уыдиснæй гæзæмæ фылдæр, фæрсмæ — дыууæ-æртæ æнгуылдзы бæрц. Йæ бинаг æрдæг тъæпæндæрæй фидаргонд у куыройы хъæдын цалхы сæрккагыл æфсæйнаг тæлытæй, йæ сæйраг хай ахсы куыройы уæллаг цалхы хъæдын фæрæты астæуы цыппæрдигъон хуынкъ. Ныхасæн баззад, куыройы æргъæскъæй — æндондæр, хъæбæрдæр, зæгъгæ.

Æфтаугæ. У бæхы саргъы бын æвæрынæн бæзджын фæлмæн дзаума сæракæй, хæлынæй, нымæтæй, хъуымацæй, ердженæй. Кæм дывæрсыг хуыдæй-рæтыдæй, кæм та хицæн цъаргай æвæрдтой æфтаугæтæ саргъы æмæ уæрдоны ифтыгъд бæхтыл фæлмæндæрæн. Æнæ уыдонæй бæхты рæгътæ хæлдысты.

Æсгæл — æнæхæцæн алгъац цæнгæтæй, тебæ.

Æвзæн — мыдыбындзыты бал-къорд æзмæлгæйæ-кусгæйæ. Æвзæнтæй тæхынц, сæ бынат куы ивой, уæд.

Æгайнæг — æнæвнæлд, æнæдомд, æнæхъæн бынат, æрдз, хох, хъæд, быдыр.

Æлæт — æрхуы стыр цуайнаджы хæцæн.

Æххæл — къахы æххæл, зæвæтæй æнгуылдзтæм.

Æххæлын — æнæхъуаджы маст хæссын, фыддзæстæй кæсын искæмæ. Хæлæггæнаг æмæ хиуарзон адæймаг æххæлаг у.

Æлутон — ирон конд бæгæны хъæбæрхоры ссад æмæ задæй арæзт хуымæллæгдыхæй, фыхтой йæ дыккаг æвæрдæн нæлгусарты фыдимæ бадоны батайыны онг, стæй æнхъызти къуырийы дæргъы хъарм ран.

Æрмамад — хосы амады иу хуыз. Ног æссывд хосы амадтой алыхуызты боныгъæдмæ кæсгæйæ, æгæр уымæл æмæ хус нымайгæйæ, уыдон хуындысты æрмамæдтæ, хуытæ, æмбатъытæ, ласæгтæ, рæгътæ.

Æмбонд — быру, æхгæд, гæрæн. Æмбондтæ кодтой фастаг хъæдырмæгæй кæм дæргъмæ æвæрдæй, кæм та — хæрдмæ. Гæрæнтæ, полоситæ амадтой дурæй. Бырутæ æмæ каутæ быдтой уисæй.

Æруадзæн — мæхъуылтæ æмæ сугтæ цы уырдыг къулты ластой, уыдон хуындысты æруадзæн-уадзæнтæ сæрдæй, зымæгæй.

Æфтауц. Хосы, мæкъуылты æрæгвæззæджы ластой тъæпæндæр бынæттæм сауыл, зымæджы — митыл, æмæ уыцы бынæттæ хуындысты æфтауцытæ.

Æлвис — сынтъу. Сæрды бындзарæхы дзынгатæ хæцынц хъомыл, æмæ уыдоны маргхъæстæйæ уалдзыгон стурты рæгътыл фæзыны урс къуыдыр кæлмытæ фыдæй цармы астæу, æмæ сæ хуыдтой æлвистæ, сынтъутæ... Уыцы уавæры сæ æппæрстой лæмаргæйæ...

Æлдыгъ. Дзырд амоны лыстæг фосы — сæгъты, фысты, сæныччыты, уæрыччыты цæрмттимæ баст куыстмæ. Цæрмттыл ногыстыгъдæй кодтой цæхх луарæнтимæ, стæй сæ тындзгæйæ уагътой бахусы онг. Хус цæрмттæй цæмæй сæрак скæнай, исты дарæс бахуыйай, уый тыххæй сæ удæстой сæрмагонд цæхдоны — æлдыгъы доны. Æлдыгъы дон арæзтой хуырхæй, сылыйæ задыссадимæ, ахсæны æнхъызтимæ. Уыцы уагыл архайгæйæ æлдыгъгонд цæрмтты хъуын фидар кодта, цæрмттæн сæ уæлдай фыдтæ хафтой сæрмагонд цыргъагæй, стæй сæ къæхтæй æууæрстой сфæлмæны онг...

Æндидзын. Амоны буары саст, хъæн дзæбæх кæныны уагмæ. Сæрмагонд хостæ зыдтой фыдæлтæ уæнгты нуæртты скъуыдæн, стæджы састæн, æмæ уыдонимæ бастæй дзæбæх кодтой — æндидзыдтой — ныхæстысты кæрæдзийыл.

Æндадзын. Амоны куырды куысты уавæрмæ. Æзгъæртæй кодтой куырдадзы алы дзаумæттæ, æмæ сын æндадзæн фæрæзтæ кæм сæхицæй уыди, кæм та тæнгъæд буарыгъæдтæй — донæй, æхсырæй, хуырхæй, сдад сойæ... Æндæгътой æфсæйнаг тæвдæй.

Æндарæн — фосы бынат зымæгон сæ хæссыны, зилыны уавæртимæ. Æндарæны фос зынхæссæн у: хъæуы йын бон дыууæ хатты холлаг дæттын — райсомæй хурыскастыл æмæ изæрæй хурныгуылдыл.

Æлгъ, æлгъ кæнын — æнады уавæр, зæрдæхæссæн митæ. Æлгъаг сты лæсæгойтæ, зулчъытæ, тæфгæнаг æмбыдтæ. Æлгъаг у чъизи, æнæфснайд, æнæхсад буар...

Æссон — цигæс, дауæн æфсæйнаг цыргъæгтæн: сартæн, кардæн, фæрæтæн, туасæн, цæвæгæн, хæсгардæн... Ис нæ хæхты алыхуызы æссондуртæ-цигæстæ.

Æлмæрин — барæны хуыз цонджы фæтасæнæй тымбыл къухмæ. Æлмæрингай барстой хъуымац, бæндæнтæ, тынтæ, нымæттæ...

Æрдтæ. Тынуафæны æрдтæ, æлвæстой сæ тынуафджытæ дыууæ къахæй. Ауыгъд уыдысты тынуафæны даргъ хъилыл...

Æрмттæ. Дзоныгъ æмæ уæрдонæн ис дыгай æрмттæ-рæтæнæгъдтæ сæрмагонд хъæдырмæгæй — сусхъæдæй, бæрзæй, сывылдзæй, нæзыйæ бæстон хусгондæй, арæзтæй.

Æхснудын, æхсныст, æхснудæн. Амонынц æндахы æлвыстмæ иу тагæй, æхсныстмæ та — дыууæ тагæй. Къуымбилæй кодтой дарæсы хуызтæ кæм иувæрсыг æлвыстæй, кæм та дывæрсыг æхсныстæй, æмæ дывæрсыгтæй конд дарæс уыди фидардæр, хъармдæр æнцондæр архайдæй.

Æдзыт — æгад, æнæнымад, æнæчетар.

Æфсис — бæрц, хыгъд, нымад, нымд, бæр, бæркад. Дзурæг сты ирон фарны сæйрагдæр хæрзтыл æмæ амонынц иу нысанмæ — сæрты сæрæгас, удты æнæнизмæ иугъæдоны рæстагæй цæргæйæ. Æнæ хæргæйæ зулчъытæ дæр нæ цæрынц, фæлæ адæймагæн æмбæлы бæрц зонын алы уавæры дæр. Æнæфсис, æнæнымд, æбæркад, æнæнамыс адæймагæн йæ армæйдзаг бахæрынæн нæ бæззы...

Æгæссад — æгасад — æнæниздзинад. Рынчынæн фæзæгъынц зæрдиагæй, æгæссад дæ уæд, зæгъгæ...

Æрвонг. Амоны адæймаджы æрдзон сыгъдæг миниуæгмæ: æнæ уæлдай мæстытæй, хæлæгтæй, фыдæхтæй раст-равджы дзурын, архайын, хъуыды кæнын адæмы иумæйаг уагыл.

Æвронг. Амоны карз нозты хуызтæй цух, иппæрд адæймагмæ. Æвронг адæймаг у ронгæй — карз нозтæй чи нæма банызта æмæ сыкъадзæф, къуымæлдзæф чи нæма фæци, ахæм. Уыцы уагыл дзурæг уыдысты фыдæлты æмбисæндтæ дæр: «Удхæссæг æввонгæй ахæмты хæссы», йæхи раст уагыл дарын чи нæ фæразы, ахæмты. «Адæймагæн æрвонгæй (æвронгæй) цы уа йæ сæры, уый нозтджынæй-расыгæй, сыкъадзæф æмæ къуымæлдзæфæй йæ æвзагыл бады», зæгъгæ. Дыууæ дзырды дæр сты ирон æвзаджы хицæн мидистимæ, æмæ сæ куырмæджы хатдзæгтæ кæнгæйæ æмтъеры, арвистон кæнын нæ фæхъæуы, арæх не ’хсæнадон мыхуыры фæрстыл куыд рауайы редакторты аххосæй, æнæрхъуыдыйы митæй, афтæ...

Байбын. У бынат, æрлæууæн, æрбадæн хуры, къæвдайы. Къæдзæхы, хохы, агъуысты байбын. Агъуысты байбынтæн вæййы гом фæрстæ истытæ æрæвæрынæн. Уыди хæххон æмæ быдираг хъæуты байбын тыргътæ гомфæрстæй.

Бага, багатæ — лыстæг фосы сур æхсæдæнтæ-згъалæнтæ. Багатæй фæкалынц сæ хордзонты-тъæнгты ног æхсæдæнты сычъитæ, сæгуыттæ, сагтæ, дзæбидыртæ, тæрхъустæ дæр.

Бардуаг — сфæлдисæг, зæд, дуаг уырнынады уагыл. Алы комæн дæр ис ирон уырнынады йæхи сæрмагонд бардуаг-хицау.

Бæркъа, бæркъатæ. Фосы уымæл æхсæдæнтæ сæ дымджытыл ныххæцынц, æмæ уыдон хусæй сты бæркъатæ. Лыг сæ кæнынц æлвыныны, кусарт кæныны размæ.

Бæхсныг — æндах, хуыйæндаг гæнæй, цыллæйæ, къæсгуыйæ фидардæрæн дывæрсыг æздыхтæй.

Бæрцуат, бæрцуæттæ. Хуыдтой сæ куырæты æмæ цухъайы тæрттыл дыууæ фарсæй. Уыдон уыдысты бæрцыты бынæттæ тыгъды æмæ сабыр царды уавæрты.

Бынастæрд. Хæдзары хатæнтæй бинæгтæн уыди фылдæр рæтты сыджыты æзмæстæй æмæ тæнæг къæйтæй бынастæрдтæ. Уæллаг хатæнты та — хъæдырмæгæй. Уыди хатæнты цæрттæн та уæластæрдтæ тæнæгдæр фæйнæджытæй. Бынастæрды фæйнæг æнгом хуыдтой зæгæлтæй бынгъæдтыл, уæластæрдтæ — хъайвантыл.

Биноныг — хæдзары, агъуысты бинаг хатæн арт кæнынæн, хæринаг фыцынæн, хæрынæн, бинонты иумæ æрбадынæн, аулæфынæн. Биноныгтæ уыдысты фылдæр зæхбынтæ æнæ хъæдырмæджы бынастæрдæй, æмæ сæ кодтой астæуы арт, арæзтой дзы къона, тохына, дæлтъур.

Бæрдын — царвцæгъдæн мигæнæны (хъуылæджы) лæдзæг тымбыл фæрсудзæнимæ.

Быркуы — æлыгæй конд стыр дурын-хъуырау сæн ныккæнынæн. Быркуыты æвæрдтой зæххы бын сыджытæй бæстон æхгæдæй, æмбæрзтæй.

Байзæддаг — цот, зæнæг, фæлтæр, мыггаг.

Гайла — цæрæн хæдзары къулы мидæг арæзт æвæрæн хæринагæн, къустæн æмæ уидгуытæн. Уыди йын хатæнтæ фæйнæгæй, стæй дуар.

Глус — дзывыры хъæдын хæцæн гæзæмæ къæдзæй.

Гæркъæраг — у маргъы мыггаг æмæ уасы къæр-къæрæй. Ахæм номæй дзырдтой-амыдтой æнæхъуаджы бирæдзураг адæймагмæ дæр, гæркъæраг фестади æмæ йын баицайæн нал и, зæгъгæ. Гæркъæраг хуынди, куыройы уæллаг цалхыл цы хъæдын къæбæл змæлыд, уый дæр.

Гæрæзе — зынаргъ хъуымацы хуыз.

Гинон — джинон — дзывыры къубал-æфцæг иугæндзон фидар хъæдырмæгæй арæзт.

Гуаным. Гуанымтæ арæзтой уæрдоны гуыффæйæн йæ дыууæ фарсыл тæнæг фæйнæджытæй æмæ æнцадысты дзуака фæрсчытыл базыртау. Уыцы фæйнæджытæ фæрсмæ æййæфтой уыдисны бæрц, дæргъмæ та уæрдоны сæргъæды æмбæрц. Гуанымтæ, иуæй, уыдысты бæхуæрдонæн фидыцы хос, иннæмæй — бæззыдысты æрбадынæн дыууæ фарсæй, стæй ласинæгты хъаггæдтой цæлхыты уымæл пырхæнтæй доны лæгæрдгæйæ, рыг æмæ цъыф фæндæгтыл тулгæйæ. Гуанымтæбазыртæ арæзтой нæ фыдæлтæ тæнæг лæгъз фæйнæджытæй биноныг хæдзары тохынайы ердойы бинаг хайыл æртæ уæлæндыгæй истытæ æвæрынæн, æмæ æртывæрсыгæй фидыцы хос уыдысты артдзæстæн, астæуы рæхысæн...

Гогон — æзгъæрæй конд хæцæнджын донхæссæн.

Гæрæн — арæн, нысан хуымы, уыгæрдæны хæйттæн. Гæрæнтæ уыдысты хъазты хуызты лæууæн бынæттæ дæр кæм дур æмæ хъæдæй, кæм та æмзиллаг хаххæй, иварæй.

Гæбына — сур миты уард гæзæмæ тæнæгæй, æмæ зæхх урс адары. Ис гæбына халас дæр гæзæмæ сургондæй. Гæбына мит æмæ халас амыдтой фыдæлтæн фæззæджы дæргъвæтин хурбонтæм, æмæ хуры хъарм тынтæн бирæ нæ лæууыдысты.

Гаджидау — кады нуазæн, рæгъ, сидт. Амоны цины уагыл фынджы æгъдаумæ кæм бæрæгбоны, кæм та чызгæрвысты, чындзхасты фæткыл. Уыди иугай лæгты æмæ къордгай адæймæгты цæрæнбонты сидтытæ, рæгъытæ уæлдай кадджындæрæн, æмæ сæ хуыдтой уæлдай уæлмонцдæ рæн гаджидæуттæ. Дæ гаджидауы нуазæн уал аназ æгъдауыл, стæй дард дæр исты уыдзæни, зæгъгæ, бадзырдтаид уырдыгыстæг (уырдыглæууæг) уазæгмæ, уæлдай ныхæстæ куы кодтаид, уæд. Зианы фынгыл гаджидауы кой нæ уыди, уымæн æмæ фыдохы уагыл цин ничи кодта...

Гуда — цыбыр хъæл хъазынæн. Уыди цалдæр хъазты ирон адæммæ хъæл æмæ лæдзæгæй. Гудайæн йæ дыууæ кæроны уыдысты цуркамад ныхæй-ныхмæ, æмæ цыфæнды ран дæр йæ иу кæрон былауæй дардта хæрдмæхъил. Хæрдмæхъил кæроны лæдзæгæй-телыгæй цавта хъазæг, æмæ куыд фесхъиудтаид хæрдмæ, афтæ йæ къуырдта. Гудайæ хъазгæйæ хъуыди стыр арæхст...

Гуымыдза. Æнæсыкъа фосы афтæ хуыдтой: гуымыдза — гобæ фыс, сæгъ. Фæсномыгæй амыдтой адæймаджы æппæрццæг-фауинаг миниуджытæм дæр: æнæрхъуыды æмæ æнæнымд гуымыдза адæймагæй цы ис домæн?!

Гугын — уæзхъус, къуырма адæймаг. Гугын фос — габырджан фос сты хæраг æмæ нардгæнаг, фæлæ фыдæхсæд æмæ зындард. Кувинаджы нывондаджы номыл сæ ирон фæрнджын адæм не ’ргæвстой...

Гыкъына, гыкъынатæ. Чызджыты хуыздæр хъазтæн баз задысты гыкъынатæй — хæцъилын чындзытæй æмæ сиæхстæй хæлдзæг хъæзтытæ, фæлæ ныры «ног» ирæттæй байрох сты æндæрниан адæмты æнæуаг хъæзтыты фæлхат кæнгæйæ...

Гуыххæл — хæринаг æмæ нозтæй хиуылхæст нымдджын адæймаг.

Гуызавæ — æнæууæнчы, дызæрдыджы уавæр. Гуызавæ кæны, дызæрдыг кæны.

Гуырдз — æрдзон хъомыс, тæх, мыггаг, цотхалы амонд.

Дадæг — хосы амады иу хуыз. Дадæг, ласæгтæ амадтой лæнчыты æмæ сæ кæнæ рæстæгмæ уымыты уагътой, кæнæ сæ иыхсыл ластой, бæстон мæкъуылтæ кæмыты амадтой, уырдæм.

Дæстæг. Хоры хуымты карстой æхсырфæй дæстæггай хайгай æмæ сæ бастой куыристæ. Иу куырисы цыди дæс дæстæджы, дæстæг та уыд армыдзаг.

Дæлтъур — артдзæсты фæрсты æвæрдтой къонайыл цыппæрдигъон дуртæ, уыдоныл æнцадысты тохынайы гуанымты цæджындзтæ дæр.

Дзедангар — артдзæсты сæрмæ æвæрд кæнæ ауыгъд тымбыл тъæпæн æфсæйнагæй конд дзаума хæринаг фыцынæн. Уыди тæнæг къæй дæр, æмæ цæхæры сæрмæ ууыл фыхтой хойраг: хъæбæрхоры кæрдзынтæ, луаситæ, дзаджджынтæ, сурфыхæй картофтæ, фыдызгъæл...

Донмарæн — куыройы нучы сæрггаг хай, стæй цалхы бын уыдысты донмарæнтæ-ауадзæнтæ хъæдын фыййаг æмæ мæцъисы руаджы.

Дзæгъа — дзыгъа дур. Дзыгъа дуртæ уыдысты алыхуызты хæццæтæй, æмæ æртъивынц рухсмæ. Ис сæ бирæ хицæн чырæгтæ: урсытæ, цъæхтæ, буртæ, сырхытæ. Дзыгъа урс дуртæй нæ фыдæлтæ сыгътой æппæты хуыздæр чъыр. Дзыгъа дуртæй фидыцджын кодтой дзуæрттыкувæндæтты систæ.

Джидæ — цуркарæзт ирон фæрæт гæзæмæ дæргъæццондæр æмæ нарæгдæрæй.

Догъ — æхсыр иу æрдыгъдæн. Хъуццыты, фысты райсомы догътæ ахстой райсомæй, изæры догътæ — изæрæй.

Догъыд — сæрдæйнаджы хуыз, кодтой йæ æндæдзаг бæлæсты цъæрттæй, æфтыдтой йæм кæрдæджыты хуызтæ, стæй сойаг. Сæрстой дзы æфсæйнаг, хъæдын æмæ гæрзын дзаумæтты.

Донхорыг — дондзоны фæд гæзæмæ иувæрсыг къахтæй хуымты, уыгæрдæнты, фæндæгты æмæ цæрæнбынæтты. Донхорджыты фæрцы хусдæр зæххытæм уагътой дон, æмæ лæвæрдтой фылдæр тыллæг. Дон хорджыты руаджы тæрккъæвдаты ирвæзын кодтой хорты хуымты сахатæй.

Дзыхдур — дæргъæццон цыппæрвæрсыг дур мæкъуылы мæхъимæ ныхырдыгæй быцæуæн æвæрдтой фидардæр лæууынæн.

Дзомс — дзывыры сыджыт хафæн дзаума хъæдæй хуым кæнгæйæ.

Дзыргъа — дзывыры иу хай, нæудзар хуымгæнгæйæ уый руаджы лыггонд цыди нæуу, арæзтой йæ æфсæйнагæй.

Дзуака — æфсæр цæрæгойтæн, дзоныгъæн та — хъус.

Дзода — салд хъæбæр мит зымæджы кæрон æмæ уалдзæджы райдайæнты. Уæд боны даргъыл арф мит хуры хъарммæ тæвсы, стæй ирд æхсæвты ныссæлы, æмæ йыл боныцъæхтæй аходæнмæ æнæ ныхсгæйæ цæуынц бæхтæ, галтæ дæр...

Дурæфхæлд — рынчын, рыст буар бæгъæмвадæй цæуæг адæймагæн хæххон дурджын хъæбæр фæндæгтыл. Къæхты царм сбæзджын вæййы бæгæмвадæй цæугæйæ, фæлæ цармæй стæджы астæу фæлмæн фыд дурæфхæлд фæвæййы æмæ риссы, хъæн кæны, туг дзы бады, æмæ буар сусæг хæрамæй у хæфгæнаг...

Дзæккор — хъæдæй арæзт стыр, уæззау дзæбуг кæнæ иугуырæй, науæд та хицæн хæцæнимæ истытæ фадынæн, къуырынæн...

Дзагдар — уырдыгыстæг, уырдыглæууæг цины æмæ зианы фынгæвæрдæн.

Джонджули — хæрыны кæрдæг, зайы хуымты, æмæ дзы фыхæй кодтой цæхдон æхсыримæ, хуырхимæ, мисынимæ.

Дзаджджинаг — хойраджы цъары хæрынæн цы фыхтой, уыдон иууылдæр уыдысты дзаджджинæгтæ: цыхт æмæ фиу, картофы ссæст æмæ лыстæгкарст фыдызгъæл, дзæхæрайы кæрдæджытæ.

Ердо — фæздæгдзон рагон сыджытсæр хæдзары, хуыдтой йæ тохы на дæр.

Еуу — хоры мыггаг.

Ерджен — цъолопи, арæзтой йæ сусхъæды цъæрттæй, уæфтой дзы уæлæдарæнтæ, бинаг нымæттæ, здыхтой дзы бæндæнтæ, кодтой дзы саргъы æфтауæгтæ.

Емыллыкк — фыдуаг æвзонг бæх, æрцахсын, сифтындзын ахуыр чи нæма вæййы, ахæм.

Емынæ — рын.

Еугæф — кæсаджы фиу.

Ерæдзыпп — рагон хъыримаг, хъусæйæхсгæ хæцæнгарз.

Егар — цуанон куыдз.

Залм — хæрыны кæрдæг, залмгæрдæг.

Залым — тыхгæнæг паддзах. Уæрæсейы паддзæхты хуыдтой сæрибарæй цæрæг хæххон ирон адæм урс паддзæхтæ, залымы паддзæхтæ.

Зырн — хъæдырмæг æмæ æфсæйнагæй конд æрмадзы дзаума, зилгæйæ дзы къахтой хъæдын къустæ, уидгуытæ, фæхтытæ, пирæнтæ, хъулджын бандæттæ, сынтæджытæ, цырагъдарæнтæ. Стыр хъæдын зырны руаджы мæсгуытæ, гæнæхтæ амадтой уæззау дуртæй. Дуртæ исæн зырнытæн уыди хъæдын лæсгæртæ æмæ сæ бæндæнты фæрцы зылдтой кæм галæй, кæм та лæгæй.

Зырны — хъæдæй арæзт тымбыл хъазæн сывæллæттæн.

Заман — æхсæнадон рæстæг, афон, дуг. Паддзахы заман, фыдæлты заман, æххормаг заман, фыдгæнджыты рæстæг, цины заман, фыдохы заман. Замантæ æмæ рæстæджытæ ивынц. Фыддуг, фыдзаман бирæ нæ хæссы. Æмбисонд урс паддзæхты замантæ уыдысты, æмæ ма уыдонæн дæр кæрон куы æрцыд, уæд æлгъыст демократтæ кæдмæ фæлгъуыды кæндзысты кусæг адæмы цард?!

Заууат — раууат, сæфт. Заууатмæ æрцыдысты кусыны æмæ цæрыны фæрæзтæ-мадзæлттæ демократты заман.

Зæрин — зынаргъ æзгъæр, сыгъдæг зæрин, сыгъзæрин.

Зындон — уынгæджы бынат, ран. Ис уæлон æмæ мæрдты зындонтæ, уынгæджы бынæттæ куыд æрдзон, афтæ æхсæнадон уагæй дæр. Дзæнæт кæд ис, уæд уæлон царды. Мæрдтыбæстæ иууылдæр у зындон, æмæ йæм хорзæнхъæлæй чи бæллы, уыдон рæдийынц.

Зæрæстон — æгæндæг зæхх хуымæн, уыгæрдæнæн. Хуым конд кунæ æрцæуы, уыгæрдæн — карст, уæд зæрæстон свæййынц дыууæ-æртæ азмæ. Зæрæстон хуым — дурæппарæн.

Зæппадз — æвзаргæ дуртæй амад уæлзæххон ингæн æхгæд тыгуыримæ. Ис ын иу бахизæн æмæ цыппар къулы дымгæдзон хуынчъытæ. Зæппæдзты æвæрдтой мæрдты хъæдын тæрхджытыл-уæлæндыгтыл кæм чырынты-къуботы, кæм та æнæ уыдонæй мæрддзаг дарæсы.

Згъæллаг — идоны, дзылары къæбæлтæ. Арæзтой сæ ирд фæлмæн æфсæйнæгтæй æргъæвæн цæгтимæ.

Зормæ, зормæтæ. Кусарты тъæнгтæй арæзтой фæлмæн фыдызгъæлимæ тахынджытæ — зормæтæ алыхуызты. Æфтыдтой фыдызгъæлмæ цæхх, судзагхæлттæ, басгæрдæг, туг. Тугæй конд зормæты хуыдтой сырхытæ...

Згъуыд, згъуыдтæ. Амоны бынатæй комкоммæ хуымы, уыгæрдæны зæхмæ. Конд хуымы тауинаг раст тыд не ’рцыди, уæд вæййы цæстгай кæм æгæр бæзджын йæ æвзар, кæм та æгæр тæнæг, æмæ згъуыд тæй баззайы. Мæгуырау зæххы хор дæр хорз нæ зайы, кæрдæг дæр, æмæ згъуыдтæй-хурсыгъдтæй-гæмæхтæй баззайынц.

Идæдз — сылгоймаг, йæ лæг кæмæн амæлы æмæ лæджы хæдзары æнæ ног цардæмбалæй чи фæцæры, ахæм. Идæдзы сылгоймæгтæн цот куынæ вæййы, уæд фæбадынц кæм дыууиссæдзæм, кæм та марды афæдзы бонмæ, стæй æгъдауыл фæцæуынц сæ цæгæттæм. Цот сын куы вæййы, уæд та сидзæргæсты фæткыл фæцæрынц сæ лæггы хæдзæртты.

Ивгъуыд — рæстæг: ивгъуыд рæстæг, бон, афæдз, заман, æнус. Ис ивгъуыд, нырыккон æмæ. фидæн рæстæджы цыд. Ивгъуыд бонты мысинæгтæ. Нæй æнæ ивгъуыдæй абон, æнæ абонæй — райсом, фидæн. Адæймаг æртæ рæстæджы бархъомысæй фидауы, æмæ йæ бирæтæ нæ фембарынц, афтæмæй цæрынц абоны хардзæй.

Ивар — у бирæвæрсыг йæ хъуыды. Иуæй, амоны бæрæг бынатмæ хъазгæйæ, иннæмæй, дзурæг у адæймаджы бартæ æмæ хæстыл. Суанг ирон фынгæвæрдæн дæр уыди ивары — уайдзæфы, æфхæрды нысæнттæ. Фынджы бæркæдтæн лæг аккаг аргъ нæ кæны: уæлдай ныхæстæ æфтауы хистæры куывдтыл, кæстæртæм æнæуагæй дзуры, уæд ын уайдзæфы-ивары уæлдай нуазæн авæрдтаиккой. Ивары мидисæй фыстой ирон бинонтæ сæ паддзахадон хæстæ дæр.

Илц — илцъ. Фыссынц дзырд дыууæ хуызы, фæлæ йæ мидис, йæ нысан у фæндагыл, арæныл, хидыл цæуæггаг мызд аргъ фидын. Иры стоны уыди рагзаманты цалдæр раны илцы фидæрттæ дуараутæ систæ. Уыдонæй иу — Дзывгъисы, дыккаг — Хиладжы, æртыккаг — Къасарайы, цыппæрæм — Бубы Уазы — Бæгъатырты номыл...

Кадавар — гæзæмæ, гыццылгомау, уæлæнгай. Кадавар, гыццыл бинонтæ уыдысты. Кадавар хæххон хуымтæ цас хор лæвæрдтой, æмæ цыдысты быдырмæ хор ласынмæ.

Кар — ас, карджын — асджын лæгтæ, устытæ. Карджын адæймагæн æмбæлы уæлдай æгъдауылхæстдæр.

Кæрвæз — хъæбæрхоры мыггаг, ис ын æхсæз рæнхъы.

Кæнон — миниуæджы хуыз. Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл нæ уадзы. Дины-уырнынады кæнонтæн банымайæн дæр нæй.

Кæстæриуæг — лæггады уаг кæстæрæн царды алыхуызты. Хистæр хистæры бынаты æххæст фæкæны йæ хæстæ, кæстæр кæстæры бынаты.

Кæрддзыг. Уыгæрдæны, хуымы куы ныккæрдынц, уæд кæрдæджы æмæ хоры бындзæфхæдтæ хусæй вæййынц кæрддзыг æмæ хъæбæрæй ныхсынц бæгъæмвад къæхты.

Кæрдæгласæн. У хосгæрдæн цæвæджы хай æфсæйнагæй конд. Уылынджы дæргъæн нарæг уадздзаг хуыд вæййы тъæпæндæр фарстæй цæвæджы къуырфыл, бæзджындæр та æнгом тастæй фидар хæцы цæвæджы гуырцъыл.

Кæфой — лыстæг уистæй быд къуырф дзаума хоры кæри дымгæмæ дарынæн, сыгъдæг кæнынæн.

Куыф — лыстæг уистæй быд кусæндзаума, ластой дзы дзоныгъы æвæрдæй хуымтæм фаджыс. Уæзæгтæ хæссынæн арæзтой куыфтæ фæйнæгæй дæр, æмæ хуындысты лæггуыфтæ.

Коцора — адæймаджы сæры астæу — тенка.

Комбостъи — стыр булчъы мыггаг, гæзæмæ судзагад кæны хæргæйæ.

Куатæ — уæхскбæстимæ, астæубосимæ хуыд раздарæн.

Куынц — куырдадзы сурдымæн, арæзтой йæ койгонд цæрмттæй.

Къæс — зæхбын ныллæг цæрæн, тыргъ.

Къод — фæйнæгæй конд барæн хорæн.

Къорыпп — уистæй быд æнæбын бæрзонд куыф нартхоры æфсиртæ æмæ алы халсартæ ласынæн. Æвæрдтой йæ уæрдоны.

Къуызыппа — адæймаджы куырмтъанджы кæрон, у риссаг уæлдай фæлхæрдтæй.

Къори — æмдымбыл дур, хъæды бызычъи селайæ хъазынæн.

Къуыстил — егъау мигæнæн, тъæпæнæг иугуыр хъæдæй конд æхсырæн, бæгæны фæрсудзынæн, цыхтытæ ахсынæн.

Къат — къатыбон — кусгæ бон.

Комдæл — хæлафы уæллаг хай, ронбæттæн.

Ласæг — пыхсыл амад хосы иу ласты фаг.

Лæсæг — калм фæсномыгæй.

Лæгъзæр. Фосы лæууæнтæ, æмбырдгæнæнтæ хъæуты кæрæтты хуындысты лæгъзæртæ. Лæгъзæрмæ æздæхтой хъæубæстæ афоныл сæ фос райсомæй. Уым лæууыд фыййау рагацау æмæ касти фосы уавæрмæ, хыгъдмæ.

Лæхурд — хорыссады хуыз. Лæхурдтой, ссадтой ставддæрæй арахъаг, цымгæйаг, фосы хæринаг.

Лæджирттæг — дзæхæраджыны кæрдæг, хомæй дæр бæззы хæрынæн.

Ливыр — ливыртæ — тахынджытæ, сырхытæ алыхуызты.

Лæгой — нæлгоймаджы æнæуаг митæ чи кæны, ахæм сылгоймаг, фæсномыгæй.

Монц — монцтæ — æнкъарæн — æнкъарæнтæ, бæллицтæ æмæ фæндæттæ.

Милдон — æвзалыдон куырдадзы, хырхæйфадæны.

Мидгом — фадатджындæр, ныллæгдæр цæрæнуат хæхбæсты. Мидгомдæр рæтты хор зади хуыздæр.

Мæкъуыстæг — цонджы, уæхсчы стæг. Кусартæн вæййы дыууæ мæкъуыстæджы раззаг æрмттыл.

Мæхæл — цармæй конд голлаг.

Мурзæг — кусарты риуыгуыдыр. Мурзæг фæрсчытæй дæттынц нуазæнтимæ арфæйы хæйттæ цины бонты.

Мыдзыра — рагон хæцæнгарз даргъ хъæдимæ, йæ бырынкъыл цыргъ æфсæйнаг.

Мæгъæлда — халонгæрдæджы иу хуыз, кæны сау мыггаг æмæ найгæнæнты бахауы хорты кæритæм. Сыгъдæг æй кодтой сæрмагонд лыстæг хуынкъ луарæнтæй-сыхырнатæй.

Мæст — цына.

Мæстæг — фидар.

Мæскъ — хъуымацы кæройнаг хай уæлдай фидарæй.

Мæстæлгъæд — мæстджын.

Мадизæн — мадæлты бардуаг, цотхалы зæд.

Мæкъуыр — астæуыстæджы сæрккаг стæг-хай. Уый иу кæны фидардæрæн астæуы хæйттæ бæрзæимæ, сæримæ. Кусарты мæкъуыры хуыдтой фыдæлтæ бирæгъы хай, æмæ йæ иутæ кодтой æппаргæ, иннæтæ йæ фыхтой æфцæгимæ æмæ йæ лæвæрдтой фыййауæн хайы хуызы.

Нагъ — кусарты, фосы рагъ дыууæ уæны астæу. Нагъæй æфтыдтой хæрхидæттæн гæрзытæ хуылыдзæй фидардæрæн æмæ сæ æлдыгъгондæй надтой нæрвæй, фæлмæн кодтой.

Нахæтбос — бадæнсаргъы дыууæ гоппыл баст гæрз.

Найфат — кувæндоны, дзуары байбын, цатыр, бадæн.

Нымд — адæймаджы удыгъæды фæстауæрцы, æфсармы, æууæнчы, хæрзаудæны сæйрагдæр монц. Нымдджын — уындджын, зæгъгæ, амыдтой фыдæлтæ, æмæ раст уыдысты. Æнæнымд адæймаг цыфæнды кондджын куы уа бакастæй, уæддæр æнад у...

Ныхстуат — æрдзон æмæ æхсæнадон уавæрты — уынгæджы ран, бынат.

Ниат — зæрдæйы æхсызгондæр фæдзæхст, бæллиц хæрзаудæнæй, цæстуарзонæй.

Ныхыдзуар — иуæй, амоны æрдзæй-гуырдзæй рахæсгæ удхъомысы хæрзтæм, иннæмæй — ирон дины кæнонтæм бæстаджы равгæй фарны фæлгæтты æвæрдæй...

Пирæн — къуымбилы æхсæдæн, сыгъдæггæнæн, лæгъзгæнæн дзаума. Арæзт у хъæдæй, ис ын теманæй конд дæндæгтæ-судзинтæ.

Пирæнгом — пирæны сæйраг хай, дæндæгтæ сагъд кæм вæййынц, уый.

Похци — ногконд хуымы мæр лыстæг, фæлмæнгæнæн дзаума, арæзтой йæ фыдæлтæ рагзаманты сыгъдæг хъæдырмæгæй, стæй фæстагмæ кæнын райдыдтой æфсæйнаг похцитæ. Похцийæ дыууæрдæм ластой хуымы æвзарты дæр æмæ уæлдай уидаг, кæрдæг иуварс калдтой.

Пъæнæз — цыргъгарз кусæн дзаума. Арæзт у йæ цыргъаг хæрзгъæд æфсæйнагæй дыууæ фарсы хъæдын къæбæлтимæ-хæцæнтимæ. Йæ цыргъаг у хъæбысырдæм æздæхт, æмæ дзы сыгъдæг кодтой хъæдырмæджы цъар, æрхытæ.

Рæтæн. Сыфцæй, бынæй ластой хъæдтæ, дуртæ, хостæ рæтæны руаджы, æмæ йæ арæзтой хъæдæй, гæрзæй, гæнæй.

Рæтæнагъд. У хъæдæй арæзт уæрдоны, дзоныгъы арм. Уæрдонæн дæр ис дыууæ армы-рæтæнагъды, дзоныгъæн дæр.

Рæдæн. Фыдæлтæ гæнахæн, фидарæн, мæсыгæн арæзтой хъавæн, æхсæн бынæттæ хатæнгай, æмæ уыдон хуыдтой рæдæнтæ.

Развæлгъау. Рагагъоммæ, рагацау. Развæлгъауы цыбыр ныхас. Рагагъоммæйы уынаффæтæ. Рагацау æрцæттæ кодта кусæнгæрзтæ.

Рæф, рæфтæ. Ставд æмæ рæхснаг хъилтæ агъуысты цары тыгуыр æмбæрзынæн. Уыдысты алыхуызæттæ. Æмбæрзтой хъæмпæй, кæрдæгæй — гæдыйы дымæгæй, хъæзæй, хъуарийæ, æмбæрзæн дурæй байбынтæ, цæрæнхæдзæрттæ, скъæттæ, сардахътæ, æнцайæнтæ, мусæнгтæ, æмæ æппæтæн дæр хъуыди уыдоны бын фидардæрæн хъæдын рæфтæ, уæладзæнтæ, хъайвантæ. Æвæрдтой сæ кæнæ тымбылæй, кæнæ иувæрсыг амадæй.

Рымгæнæн. Дуары æхгæнынæн æдде уыди æркъæу гуыдыр, мидæгæй та рымгæнæн — фидар хъил ивазны дæргъæн, æмæ ахста дуары дыууæ фарсы систы къусчыты.

Рох, рохтæ. Бæхæн уыди ифтындзæн дзаумæттæ, уыдоны астæу рохтæ ахстой сæйрагдæр бынат. Дыууæ рохы уыди сæрдзæгæн, дзыларæн, идонæн. Бæхæн — рохтæ, галæн — сæрбос, зæгъгæ, цыбырæй амыдтой царды рæстаг хъæрмæ хистæртæ кæм комкоммæ номæй, кæм та фæсномыгæй. Фæсномыгæй адæймагæн, адæмæн дæр уыди рохтæ æмæ сæрбос.

Сахсæн. Бæхы раззаг къæхтыл æвæрдтой сахсæн, цæмæй хизынмæ уадзгæйæ дард ма цыдаид, уый тыххæй. Сахсæнтæ арæзтой гæрзæй, гæнæй, ердженæй (цъолопийæ), сæхъисæй. Уыди æфсæйнагæй конд тæлыджын сахсæнтæ — хъадамантæ дæр, æмæ сæ зæлланг хъуыст сæрвæтæйхизæнæй. Æртыкъахыг сахсæнтæ æвæрдтой æвзонг байрæгтыл æмæ сæ ахуыр кодтой тагъд цæуыны хуызтыл сирæнвадæй.

Сабантъы — æздыйæ конд лыстæг нæмгуытæ мæргътæ марынæн.

Сарыхъ — цармæй хуыд уæлæдарæн.

Сылыхъ — цармæй конд донхæссæн.

Сера — цармæй конд æмбæрзæн царвцæгъдæн мигæнæнæн, æмæ йæ бастой уыгардгæрæттыл лыстæг синагæй æнгом.

Сæрдзæг — дзылар, уыди æнæ къæбæлтæй.

Саггом. Халамæрзæны хъæдæн уыди саггом дыууæ æмхуызон къабузæй-цонгæй саджилæг.

Сæрыхицау — сылгоймагæн йæ лæг. Нæ сæрыхицæуттæ, зæгъгæ, амыдтой файнустытæ сæ лæгтæм, сæ лæгты мыггæгтæм буцдæрæн, кадджындæрæн.

Сæрхызт — хиуылхæстæй æгæр æфсæрмыгæнаг, фырнымд адæймаг.

Сæйын — бирæ рæстæг низджынæй хуыссын. Сæйгæ рынчын — уатон рынчын. Вæййы цæугæ рынчын дæр.

Суанцъы — тæлыджын агæвæрæн æртæ кæнæ цыппар къахыл.

Сивыр — иугуыр хъæдырмæгæй къахт къуырф дæргъæццон арынг фых фыдызгъæл æрæвæрынæн, хæссынæн.

Села — лæгъз тъæпæн дур хъазынæн, селайæ хъазынæн къориимæ. Селайæ хъазыдысты нæлгоймæгтæ хæхбæсты цæргæйæ.

Суардзæхтон — хæндыджы цæхдон сылыйæ, хуырхæй цыхтытæ æвæрынæн.

Садзæнтæ. Хæндыджы æнæхъæн цыхтытæ æвæрдтой æхсæны цыхты кæрстытимæ — садзæнтимæ æнгомдæрæн, цæмæй æзмæлгæ ма кæной, хæцой кæрæдзийыл æнгом хæрзаддæрæн, хъæбæрдæрæн, сыгъдæгдæрæн...

Сылваз — сылгоймаджы миниуджытæ кæмæ вæййы, рог митæ кæнгæйæ, ахæм гæдывад, æнæфсарм лæг.

Сискъ — хъæбæрхоры иу хуыз, цыппаррæнхъон.

Сикъо — йæ иу сыкъа саст кæмæн вæййы, ахæм фосы хуыз: сикъо гал, фыс, сæгъ. Ахæм номæй дзырдтой нæлгоймагмæ дæр.