Дыккаг акт

Фыццаг акт

Хæхбæстæ. Сценæйы разæй чысыл лæгъз, йе ’ннæ суанг уæлæмæ — хæхтæ. Галиу фарс æхгæд у зулаив айнæгæй. Рахизырдыгæй — фæзмæ æрбацæуæн. Бæстыхицау хохы цъассы бады, йæ астæуæй уæлæмæ зыны, йе ’ннæ — хъуынайæ æмбæрзт. Дуртула — хæйрæг. Ныфс бады айнæгрæбын тымбылæй.

I

Бæстыхицау. Гъыл, гъыл, гъыл! Цы фæдæ, Дуртула, суадонмæ ныккæс.

Дуртула (цæстытæ æууæрдгæ къæдзæхы аууонæй рауад). Агъи-гъо! Мæнæ, мæнæ, мæнæ!

Бæстыхицау. Суадонмæ ныккæс! (Дуртула суадонмæ æруад, сызмæста йæ къæцæлæй, къæцæл асдæрынмæ хъавыд.)

Бæстыхицау (уæлдæр сивазгæйæ). Гъыл, гъыл, гъыл! Сохъхъыр, аппар æй, мæлыс, дзиглойы амæттаг кæныс... О, кæныс!

Дуртула (аппæрста къæцæл). Зæронд хъуынахор!..

Бæстыхицау. Суадон цъæх у æви сырх?!

Дуртула. Сырх!

Бæстыхицау. Цъæх?

Дуртула. Сырх!!

Бæстыхицау. Цъæх?!

Дуртула. Сырх!!!

Бæстыхицау. Уарийæн арфæ Арвнæрынгæнæгæй! Тæригъæдджын уæндаджы цух нæ уадзы. Уарийæн арфæ!!!

Бæстыхицау } Арфæ
Дуртула

Бæстыхицау. Тымыгъ æрбацæуы, æмæ мæ фæлмæн хъуынатæй æрæмбæрз, Дуртула!

Дуртула. Агъи-гъо! Ныртæккæ! (Йæхинымæры.) Хъуынахор! (Хъæрæй.) Фæхæссын! (Схаста, æрæмбæрзта.)

Бæстыхицау. Афтæ, афтæ!

II

Ныфс (разылд). Цин кæнут, сымах бар у цин кæнын, афтæ кæд ахæссат, уæд... Арвы цæрджыты знаг, Апъеты-фырт уарийы бын калы къæдзæхтыл туг æмæ рондз.

Суадон йæ цæстытæй къæдзæхыл згъоры. Амыраны рис базондзæн, уымæн йæ хъæстæ чи фæуа адæмæй, кæй схæсса ардæм йæ фыдбылыз, йæ зонд. Ралгъитдзæн йæ гуырæн бон, ахаудзæн дунейæ... Кадджын уæд йæ сæр, кадджын уæд!..

Азтæ сæдæтæ минуттау згъорынц, бадын Амыраны гæс, ахицæн мын дзы нæй.

Бадын æнхъæлмæгæс, кæд ссæудзæн адæмæй, Амыраны зæнæгæй уыцы ’рра, йæ зондæй йæ чи райхъал кæнид, уыцы æнамонд, йæ зынтæй йæ чи раирвæзын кæнид.

Фæлæ нæй! Цин кæны дæлимонты цагъар! Уый фæзындзæн, уый ссæудзæн — мæ уарзон, мæ хицау Амыраны фидар айнæджы цъассæй сцух кæндзæн.

Бæстыхицау. Нæ уыдзæн уый, Ныфс! Нæ уыдзæн!.. Дуртула! Цы фæдæ, асгар-ма суадон, арф у æви тæнæг?

Дуртула (цæстытæ сæрфгæ та рауад, суадон ауыдта). Арф, йæ былтæй кæлы!

Бæстыхицау. Арфæйаг уари, зæрдиагæй æвналы, Дуртула... Фæлæ мæм йæ хъуыр-хъуыр нæ хъуысы, и?!

Дуртула. Æфсæст у нæ уари, тугдзых у нæ уари. Нал æй хъæуы хъуыр-хъуыр.

Бæстыхицау. Нал æй хъæуы!

Бесæ (æддейæ). Цæгъæс!

Бæстыхицау. Фрр, цъы-цъы! Акæс, Дуртула! Ссæуы дзигло. Тагъдгомау, тагъд!

Дуртула (акаст). Ссæуы, стæхы! (Тынг базмæлыдысты.)

Бæстыхицау. Дур ыл тул! Дур ыл тул!

Бесæ (æддейæ). Цогъс, цогъс! Уым дон нæй, цъити уæлæуæз у.

Дуртула (тпулы дур). Тул, дур! Тул, дур!

Бесæ (æддейæ). Гъей, цогъс!

III

Бесæ (тагъдгомау æрбауад). Диссæгтæ! (Кæсы алырдæм.) Хæлæн хох дзы куы нæ ис, уæд цæй дур уыд, кæй хъæуы мæ мæлæт?!

Бæстыхицау æмæ Дуртула хъуырхъуыргæнгæ цæмбæхстысты.

Бесæ. Диссаджы ран, талынг ран, куыд æхгæд у алырдыгæй? Зæрдæ дзы мæгуыр кæны. Ноджы арвмæ хæстæг... Уæдæ ам дæр суадоны хъæр куы никæцæй цæуы; дойныйæ куы мæлын, цардæнхъæл куы сæфын. (Фæкомкоммæ суадонмæ.) Мæнæ уæлхох æмæ зæхх мæ ирвæзынгæнджытæ! (Нуазы. Тынг æм хъуыр-хъуыр кæнынц æмбæхстæй Бæстыхицау æмæ Дуртула.) Цæстысыджы хуызæн сыгъдæг!..(Фæджих.) Цæстысыджы хуызæн цæхджын! Ой, ме уæнгты ахъардта.

Ныфс (хъæлдзæгæй æрбауад). Иу ма, иу хъуыртт ма. (Йæ армыдзаг дзы фелвæста.)

Бесæ (аджих, банызта Ныфсы къухæй). Оу, мæ риу, цы дзы... чи мæ фесæфта! (Сыстынмæ хъавыд. Ахауд.)

Ныфс (тагъдгомау йæ бынатмæ бацыд, айнæгмæ хъæр кæны). Амыран, мæ хицау! Сцин кæн, дæ уарзон хъæбултæй иу фæзынд! Фæхъæстæ дæ цæстысыгæй, йæ зæрдæйы бацыд дæ низ! Титан, йæ уæнгты ахъардта мæ къухæй дæ ныфс. (Фырцинæй кæуы.)

Амыран. Оу! Ныууадз мæ, уарийы бырынкъ мæ зæрдæйы арф сагъд куы у, ныууадз мæ!

Бæстыхицау (мæтимæ). Дзиглойы цæв, Дуртула. Фынæй у, мауал сыхъал уæд!

Дуртула (æруад æмæ хъылдымтæгæнгæ фæстæмæ алыгъд). Агъи-гъо! Дзиглойæн йæ фарсыл Тутыры фæдзæхст хъама... хъама.

Бæстыхицау. Уаримæ цæугæ, æмæ йын йæ риуæй стона йæ зæрдæ! Йæ зæрдæ! Тагъд, тагъд!

Дуртула. Тагъд кæнын! Тагъд! Тагъд! (Фезгъоры.)

IV

Ныфс (йæ бынатæй Бæстыхицаумæ). Æгъгъæд у, æрæнцайут, дæлимонты цагъартæ! Ныртæккæ райхъал уыдзæн Амыраны фырт æмæ бацагурдзæн йæ фыды, йе сфæлдисæджы.

Нал стут ныр сусæг! Нæ ирвæзынгæнæгæн Амыраны цæстысыг йæ хъуыры куы нæма ацыд, уæд уæ нæ уыдта, ныр уæ фендзæн... Тæрсут!

Бæстыхицау. Нал дын райхъал уыдзæн, Ныфс. Цин ма кæн. Ма кæн... Уари, тагъд! Дзиглойæн йæ зæрдæ слас. Уари, тагъд! Дзиглойæн йæ цæстытæ скъах!

Ныфс. Титан, сцин кæн, дæ рæстæг æрцæуы.

Амыран. Æнцад! Чи хъæр кæны?! Оу, æнусы рис...

Бесæ (фестад). Чи хъæрзы? Чи хъæрзы! Цæй уæззау у йæ хъæрзт! Зæххон низ нæу, æвæццæгæн, йæ низ... Кæм дæн ай? Ацы талынг ком цæмæй ныррухс?.. Мæ фос мæ цæст куынæуал ахсы. Фесæфтысты, мыййаг?.. Æмæ мæ сæ мæт нæй, мæ зæрдæ сыл нæ риссы. Уыдоныл нæ риссы, фæлæ уæдæ цæуыл риссы? Диссаг, мæ уæнг рог, уæртæ уыцы айнæг иу къухæй рафæлдахин... Цыдæр мыл æрцыд. Хорз æви фыд?!

Ныфс (æрбацæуы йæм). Стыр хорз æмæ стыр фыд.

Бесæ (исдугмæ сагъдæй аззад). Мæ сæнттæ, мæ рухс фæндаг! Хохы цъасмæ æрра Бесæйы йеддæмæ куы ничи уæнды?! Ды ам кæцæй дæ? Цæмæн дæ?

Ныфс. Ныртæккæ дын дон куы лæвæрдтон, уæд мæ <нæ> федтай?

Бесæ. Уæд?! Лæппуйæ нырмæ мæ сæнтты кæй мысыдтæн, уый дæ?! Хъæды, быдыры дидинджыты цупæлттæм кæсгæйæ сæ рæсугъддæры къуырфæй мæнмæ ды зындтæ. Денджызы былыл, уылæнты хъазтæй мæхи рæвдаугæйæ, уылæнты урс барцыл дæу ахста мæ цæст. Уæдæ арвы мигъы къуымбилтæ нымайгæйæ, сæ бæмбæг цъуппытыл дæу уыдтон. Æхсæвы фидауц рæсугъд стъалытæн сæ рæсугъддæры дæу тыххæй уарзтон, касти мæм дæу хуызæн. Ардæм дæр мæ ссайдта рæсугъд хæххон зым, де ’нгæс чи уыд. Æцæг загътай, æрцыд мыл хорз. Мах, зæххон адæм, стæм мæлинæгтæ. Уыцы мæлинæгтæй кæд исчи амондджын у, уæд уый æз дæн.

Ныфс. Мæ урс дадалитæм æрбакæс. Рагон дæн æз, сæдæ азтæ минуттау згъордтой, мæ уарзон, сæдæ зынтæ мæ зæрдæ хæлдтой, мæ дуне; уæдæй абонмæ æнхъæлмæ дæумæ фæкастæн. Рухс у мæ зæрдæ, æгайтма фæзындтæ. Фæлæ дæ амондæй ма фæбузныг у, æрра Бесæ; хорз ссардтай, фæлæ стырдæр фыд баййафдзæн дæ сæр.

Бесæ. Кæм и уыцы стыр фыд? Стæй цы кодтон?

Амыран. Оу, мæлæт!

Ныфс, Бесæ кæрæдзийыл фæхæцыдысты.

Бесæ. Гъеуый у де стыр фыд? Риссы мæ зæрдæ.

Ныфс (суадонмæ йæ бакодта). Уыныс, цы банызтай, уый?

Бесæ. Сырх куы нæ уыд уæд!!!

Ныфс. Адон сты Амыраны цæссыгтæ йæ тугæмхæццæ. Банызтай дзы дæхæдæг, æмæ Амыраны низ бафтыд дæ зæрды, банызтай мæ къухæй, æмæ Амыраны ныфс бацыд де уæнгты. Уæларв сгуыхтхуызæй цы Арвнæрынгæнæг бады, уый сусæггагдонмæ æрбахастай дæ ныфс, йе стыр цæхæры, арвы цæхæры тых аздæхтай дæхимæ. Гъеуый кодтай. Тæрс!

Бесæ. Æз тæрсон? Æз?! Дæ сызгъæрин къухæй йе уæнгты ныфс кæмæн ацыд?! Арвнæрынгæнæджы цæхæртæ? Æркалæд мыл сæ, кæд ын æвгъау не сты, уæд — бутъро æхсидæвтау сæ айнæгæй фехсдзынæн.

Мæ хуры хай, дæу тыххæй ацы хæхтæ кæрæдзиуыл фæхойдзынæн æмæ авд дæлдзæхæй, дæ рæсугъд къухæн фидауц чи уа, ахæм дарæс схæсдзынæн налхъуыт-налмасæй. Лæгдыхæй уæларвæй дæ рæсугъд ныхæн Бонвæрнон раскъæфдзынæн. Дидинджыты рæсугъд глазитæй, парфир æмæ земчугæй хæрдгæхуыдгондæй скæндзынæн дæ уæлæ рæсугъд дарæс.

Зæгъ мын, æмæ æппæтдæр сараздзынæн. Æнгуылдзæй бацамон, æмæ æппæтдæр фехалдзынæн.

Ныфс (йæхи дзы фæхицæн кодта). Цæй сæраппонд?!

Бесæ. Уарзын дæ! Адæймаджы хуызы куы нæма уыдтæн, уæддæр мæ кæд исты уыд, уæд дæу уарзта! Уæдæ кæд афтæ нæу, уæд ныр, адæймаг уæвгæйæ, кæцæй сбадт дæ хуыз мæ сæры! Уарзын мæ бинонты, мæ иунæг, мæ сахъ фырт Цопаны! Фæлæ зæгъ, æмæ, уыдон мæ дæларм, афтæмæй аппардзынæн мæхи айнæгæй. Уæйгуыты цъæх артмæ бабырсдзынæн æмæ дæу тыххæй басудздзынæн уыдон дæр, мæхи дæр.

Ныфс. Цæмæн уый зæгъыс?

Бесæ. Уарзын дæ!

Ныфс. Нæ зоны стъалы, æмбисæхсæв тагъдгомау мигъвæдгæнгæ иннæтæм цæмæн тырны, уый. Æнусмæ сын баззад кæрæдзимæ тырнын, æмæ уыцы ’гъдау æххæст кæны.

Бесæ. Мæ уарзон, цы рæсугъд æй загътай... Æнусмæ сын баззад кæрæдзимæ тырнын, æмæ уыцы ’гъдау æххæст кæны.

Ныфс. Цæй æууæндаг дæ! (Зæрдиагæй.) Зоныс, зоныс, æрра Бесæ, чи дæн, уый?!

Бесæ. Зонын дæ!

Амыран. Оу!

Ныфс. Хъусыс, уый у Амыран, уæ фыд, уе скæнæг Амыран. Йе уæ ферох, йе йæ нæ зонут, æппæты фыццаг уæ чи сфæлдыста, уый. Рæсугъд уыдыстут, рæвдз æппæтæй дæр, фæлæ уæм зынг нæ уыд. Арвнæрынгæнæг Куырдалæгонæн бафæдзæхста, зæххон æлыгæй конд чи у, уыдонæн зынг куыд нæ радта, афтæ, уый тыххæй æмæ зынгимæ уыдон сæхуыдтæг уæларвмæ тырндзысты.

Адæм цардысты фосы цардæй — æнæ арт, æнæ фæздæг. Иухатт Амыран талынг æхсæв иу бæрзонд къæдзæхы сæр федта цъæх арт. Сфæнд кодта уырдыгæй адæмæн зынг æрхæссын. Сбырста æмæ дзы рахаста æхсидав, уый уыд уæларвон дауджытæн нывонд арт. Адæм цæхæр фæйнæрдæм ахастой æмæ уæдæй нырмæ арт судзынц; фæлæ Арвнæрынгæнджытæ бамбæрстой, Амыран се стыр знаг кæй у, уый, уый тыххæй æмæ, йе сконд адæмæн зынг кæм радта, уым сæ уæларвмæ дæр тырнын кæндзæн. Сбастой Куырдалæгоны конд рæхыстæй Амыраны æмæ йæ мæнæ ам, ацы ран, (амоны) ацы сусæггагдоны æфсæн рæхыстæй къæдзæхтыл байтыгътой. Ноджы йыл бафтыдтой сæфты уарийы, æмæ йын уый йæ игæр æдзух хæры. Æнусы рисæй сфæлмæцыд.

Æз дæн Амыранæн йæ ныфс, йæ зæрдæйы уарзондзинад, æмæ мæ рахицæн кодта, уый тыххæй æмæ йын мемæ йæ рис æнæнымæц хатты фылдæр тых кодта.

Бесæ (йæ сæр æмæ йæ риуыл ныххæцыд). Уæ, æнамонд, æрра Бесæ!

Ныфс. Æрсагъæс кодтай... Дард ацæуæн мын дзы нæй. Афæдзтæ сæдæтæй минуттау цыдысты, æз æнхъæлмæ кастæн дæумæ, цæмæй бакæнай ды мæн мæ бынатмæ, мæ хуыцауы хай Амыраны риумæ.

Бесæ. Уæдæ, уæдæ! Мæ уарзаг зæрдæ мæ цыбыр зондыл фæтыхджын æмæ мын ферох кæнын кодта мæ хæс, Амыраны рис бавзарæджы хæс. Уарзын дæ уæддæр, мæ зæды хай, фæлæ абонæй фæстæмæ мæ зæрдæ æмæ мæ зонд, æмуд уæвгæйæ, сты Амыраны.

Бамбæрстон дæ ныхæстæ, о мæ рухс фæндаг! Мах, мæлинæгтæ, фос уыдыстæм æмæ Амыраны руаджы адæм систæм. Цом нæ раздзог, не скæнæгмæ. Ныронг дæр æй не ’намондæн ныууагътам рохуаты.

Ныфс (цингæнгæйæ). Цом! Фæлæ нæ чи бауадздзæн, хъахъхъæнджытæ йын куы и. Кæс, куыд талынг кæны: уый Арвнæрынгæнæг стыр тохмæ йæхи цæттæ кæны. Банхъæлмæ уал кæсæм абон, лæгæты дуар йæхæдæг байгом уыдзæн.

Сындæггай нырæй фæстæмæ талынгæй талынгдæр кæны, арвы нæрын дардæй хъуысы, тыхджынæй тыхджындæр кæны.

Бесæ. Дæ ныфс æмæ дæ зондæй тыхджын дæн æз æмæ дзурын: Арвнæрынгæнæг! Ацы сусæгдзинад æнустæм басусæг кодтай, байстай адæмæн се скæнæджы, сбадтæ йæ бынаты æмæ буц нывæндтæ хæрыс. Адавтай кæйдæр амонд æмæ раст нæ дæ! Раст нæ дæ, Арвнæрынгæнæг!!! Цæв! Дæ цæхæртæ бутъро æхсидæвтау айнæгмæ фехсдзынæн. Ризæнт сæ бынæтты дæ фæдонтæ...

V

Фæстаг ныхæсты рæстæджы Дуртула æрбауад. Бæстыхицау уæлдæр йæхи сивæзта æмæ тынг мæстæй схъæр кодтой.

Арвы нæрын фæтыхджындæр.

Бæстыхицау. Гъыл, гъыл, гъыл! Уари, йæ цæстытæ йын скъах!

Дуртула. Æгъи, о! О! О! Уари фæтахт, фæтахт... Мæхи бар æй уадз. (Фæцæуы йæм.)

Бесæ. О дæлимонты цагъартæ! Фесæфут! (Дуртуламæ фæцæуы.) Æз — Тутыры фæдзæхст! (Дуртула фæныхкъуырд, куыдфæстæмæ йæхи къæлæсытæгæнгæ фæстæмæ раласта. Бесæ йæм цæуы.)

Дуртула. О æнус арты судзинаг Тутыр!

Бесæ. Æз — Тутыры фæдзæхст.

Дуртула. О, йæ дæллагхъуыр куы фæхæст уаин, уым нæй Тутыры доны хъæстæ.

Бæстыхицау. Дуртула!

Дуртула ( фæлæбурдта, фæлæ йæм Бесæ хъамайы фистон фæдардта.) Æлгъыст Тутыр. (Фæаууон сты рахизырдæм.)

Бесæ (æддейæ). Айнæгæй ахау, Тутыры ’лгъыст!

Дуртула. И! О!

Бесæ (æддейæ). Æлгъыстæй баззай æнусмæ дæр! (Æрбацыд.) Ахауд дæлимонты цагъар, афонмæ йе ’лдæрттæн хабæрттæ дзуры. (Кæсы Бæстыхицаумæ.) А хъуынахор та цы фæци? (Суадоны былæй малусæг исы.) Диссаджы дидинæг, малусæг! Амыраны суадоны сзад, уый у цины нысан, хорзы нысан, æнусон уалдзæджы нысан, фыдбылызтæ чи сафы. Фесафæд дæу дæр. (Баппæрста йæ Бæстыхицауыл.)

Бæстыхицау (фæдæлдзæх). Фесæф! <Фесæф> æгадæй дæ зæнæджы зæнæджимæ.

Бесæ. Фæдæлдзæх! (Тынг æрталынг. Арв фыццаг цæф ныккодта. Бесæ Амыраны айнæгмæ бавнæлдта.) Амыран! Титан! Де ’рра зæнæгæй дæм иу фæцæуы. (Лæгæты дуармæ ’вналы. Арв æрцавта.) Цæв, сайæгой къæрных! Дæ цæхæр дæр дæм нал хъусы. (Лæгæт фегом, арв æрцавта, бæстæ ныррухс.) Амыран, не скæнæг!

VI

Лæгæт. Амыран — тыгъд къæдзæхыл æфсæн рæхыстæй. Лæгæты царæй дæлæмæ ставд рæхыс ауыгъд.

Амыран. Чи стут? Дард, мæ сафджытæ! Мæн хъæуы æрмæст мæрдырох! Чи мын ратдзæн мæрдырох?

Бесæ. Æз — де ’нæхæлайраг зæнæгæй иу. Тохы бон æрцыд, де стыр тохы бон! Акæс дæ алыварсмæ — æлгъысты ком ныррухс, талынг мигъы тымыгъ асырдта, æмæ хур дæ талынг лæгæтмæ йæ тынтæ æнæвгъау калы!

Ныфс Амыранмæ йæхи хæстæгæй-хæстæгдæр ласы. Амыранæн йæ дзырд дæр, йæ митæ дæр тыхджынæй-тыхджындæр кæнынц.

Амыран. Мин мин азы рухс чи нæ федта, уымæ, ай-гъай, фæкæсдзæн æрттиваг хъæндилы рухс хуры тын.

Бесæ. Хуры сызгъæрин тын у, Дада, ракæс-ма йæм.

Амыран. Æмæ уари та?

Бесæ. Атахт.

Амыран. Мæ хъахъхъæнджытæ...

Бесæ. Фæдæлдзæх сты.

Амыран (хъæрæй). Арвнæрынгæнæг?!

Бесæ. Йæ цæхæр йæ коммæ нал кæсы! Дæхи сис, Дада, стыр тохы хъуамæ мах фæтыхджын уæм!

Ныфс Амыраны цонгыл схæцыд. Амыран райхъал.

Амыран (кæсы Бесæмæ). Цы фыдбылыз, йе цы амонд схаста дæу ардæм, мæгуыр зæххон? Цæмæ бауæндыдтæ, уый не ’мбарыс, æвæццæгæн. Уæларвнæрынгæнæджы цæхæр аздæхтай дæхимæ, тæрс!

Бесæ. Федтон æй, бавзæрстон æй!

Амыран. Нæ федтай, нæ бавзæрстай, фæлæ фендзынæ, бавзардзынæ.

Бесæ. Фæхъæстæ дæн дæ цæссыгæй æмæ мын гæнæн нæй. Фæлæ рады нывонд цæхæрмæ цы ныфсæй бавнæлдтай, уый дæхицæй цæмæн фæсырдтай? Бауадз æй дæхимæ.

Ныфс. Ме стырдæр уарзон! Æгайтма дæ уынын, æгайтма дæ цуры дæн. Сæдæ мин азты цъæх айнæгыл дæумæ мæ хъус даргæйæ мæ уадултæ сдур сты. (Рæвдауы йæ.) Мауал мæ æрвит дæхицæй.

Бесæ. Æруадз дæ ныфс дæхимæ æмæ цом. Де сконд адæм хæхты цъассыты æмæ быдыры къуыппыты рауай-бауай кæнынц æнæ сæруатæй. Баззадысты дзæгъæлы, ферох кодтой дæ зонд, æмæ цом, цом! Уæларвмæ нæ куы кодтай!

Ныфс. Мæнæ дæн æз! Мауал мæ æрвит! (Æрбатыхст ыл.)

Амыран. Титаны туг та мæ тугдадзин ратынг кодта. Уæнгтæ тохагур змæлынц. (Уæларвмæ.) Уæларвы дауджытæ, мæ кад æмæ мæ бынат байсджытæ! Ног хæст та кæнæм, мæ зæххон зæнæг базмæлыдысты, ссардтой сæ фыды. Сар кæндзæн уæ сæр!

Бесæ. Цæв дæ рæхыстæ, Амыран!

Амыран (цæвы, Бесæ йын æххуыс кæны). Цæвын! Цæвын! Æрра Бесæ! Æнамонд Бесæ!

Бесæ. Цæв, цæв!

Амыран. О саузæрдæ, æндонзæрдæ Куырдалæгон! Цæй фидар сты ай?! Бесæ, æрхæццæ мæм кæн уæдæ ауыгъд рæхысæн йæ кæрон. (Арв нæры.) А! Бахъардта дæм? Бесæ, мæ къух — рæхысмæ, йе рæхыс — мæ къухмæ!

Бесæ. Не ’ххæссы, не ’ххæссы, Дада! (Арв цæвы.)

Амыран (тынг хъæрæй, уæлгоммæ та ахауд). Æлгъыст фырт! Уæдæ мæ цæмæй уæгъд кæныс?! Ирвæзæн рæхысмæ бафтауæн кæн. Базон уæларв Куырдалæгонмæ æндон кæнын æмæ афтæмæй. О, уари æрбатæхы, æрбацæуы тугдзых. Цæугæ, æрра Бесæ, кæннод сæфыс. Цæугæ æмæ фехъусын кæн зæххонтæн, цы федтай, уый.

Нæ тох нæма фæци, Арвнæрынгæнæг! Ацы хатт ма уæлахиз дæ, фæлæ... (Ныфсæн.) Ды дæр мæ ныууадз. О æнусы рис! Мæрдырох, оу, мæрдырох!

Лæгæты дуар бахгæдта, æрталынг.

Бесæ (Ныфсæн). Налхъуыт-налмасы бæсты дын æрхæсдзынæн уæларвы Куырдалæгонæй æндон... Бонвæрноны бæсты дын уый куырдадзæй раскъæфдзынæн цæхæр, парфир æмæ земчугæй хæрдгæхуыдгонд глазийы бæсты дæ фæстæмæ де ’нусон бынат Амыраны фидар риуы сæвæрдзынæн.

Бесæ тагъдгомау рацыд. Бæстыхицау сзынд.

Бæстыхицау. Дзиглойы цæвут! Цæвут! Цæвут! Гъыл, гъыл!

Æмбæрзæн

Дыккаг акт

Рæсугъд хъæугæрон. Дардæй хæхтæ зынынц... Комкоммæ — зæппадз, рахизырдыгæй — карст айнæг, йæ быны куырдадзы цурты зулаив галиуырдæм быдырмæ — хъæуæй фæндаг.

I

Бадынц куырдадзы къæсæрыл Бесæйы ус Чабæхан æмæ йæ фырт Цопан. Цопан куырдадзы дзауматæм æвналы.

Чабæхан. Ма сæм æвнал. Дæу дæр дæ фыдау фæкæндзысты.

Цопан. Æмæ куыд фæци мæ фыд?

Чабæхан. Куыд фæци, уый нæ уыныс? Йæ хæдзар нал агуры, адæмæй фæлыгъд! Дзыллæйы зæрдæ скъахта. Мах уæзæгыл ныууагъта. Цы ма дæ фæнды? Адæм æй æрра хонынц!

Цопан. Адæм сæхæдæг сты æрра.

Чабæхан. Æрра, æрра! Ахсæв бæрæгæхсæв у, æмæ дзы алчи бур физонджытæ хæрдзæн; уыдон — æрра, фæлæ зондджын — сымах, æфсæйнаджы муртыл чи зилы, йæ хæдзары къуым чи байхæлдта, йæ фæнык нуæрст кæмæн у.

Цопан. Мæнмæ хæрын æппындæр нæ цæуы!

Чабæхан (йæ хъæбысы йæ кæны). О, ме ’нхъæлцау! О мæ иунæг! Мæ тыхстæй, мæ мæгуырæй дзурын, дзурынæн чи нæ бæззы, ахæм ныхæстæ. (Аджих сты.)

Цопан. Цæй, нæ уасæг аргæвдæм!

Чабæхан (фæхудт). Цæй! Уымæй дæр ма цы скæндзыстæм. Цу уæдæ, искæмæй зынг æрдав!

Цопан. Ныртæккæ! (Ацыд. Чабæхан куырдадзмæ бацыд.)

II

Зæппадзæй Дуртула рахызт.

Дуртула (сæр радардта). Фырр-цъы! Фырр-цъы! Ам ис, цы, куырдадз? Ам! Дæ ахстон дын ссардтон, Бесæ, ды нæ дауæн куыд ссардтай, афтæ. Дзигло, уæндаг, дæхимæ кæс, кæддæра ма дæ цы баззаид. Дæ Тутыр дæр дæ нал бахъахъхъæндзæн. Истæмæй дæм хæццæ кæндзынæн. Æнхъæл ма у, æмæ дæ фæндтæ адæмы цæсты агалиу кæнын нæ базондзынæн. Адæймаджы хуызы уал куы бацæуин: хъæуы мæ худ æмæ нымæт. (Хъахъхъæны. Ссардта.) Мæнæ сты. (Скодта сæ.) Чабæханы уал ыл сардауон, йæ зæрдæйы уидæгтæ та йын куыд сæнкъуысын кæна, афтæ.

III

Чабæхан рацыд.

Дуртула (роггомау). Кæдæй-уæдæй ма дæ федтон.

Чабæхан (гуырысхогæнгæ). Чи дæ? Нал дæ хъуыды кæнын.

Дуртула. Цæмæй ма мæ хъуыды кæнай. Фæлæ уæлхох куы уыдтæ, уæд дын æз демæ Бесæйы бирæ уæлдай бонтæ ныууагътон бынаты, йæ бæсты фыййау ацæугæйæ.

Чабæхан. Куыднæуал дæ хъуыды кæнын!

Дуртула. Куыд у ме ’рдхорд Бесæ?

Чабæхан. Дзæбæх у!

Дуртула. Ам нæй? Куы йæ фенин!

Чабæхан. Нæй ам!

Дуртула. Æнкъард дæ, Чабæхан, æмæ мын хъыг у! Бахатыр кæн, фæлæ дæ исты маст ис, æвæццæгæн.

Чабæхан. Маст кæмæ нæй? Мæ мастимæ кæй цы хъуыддаг ис?

Дуртула. Ма зæгъ! Ме сфæлдисæг, табу йæхицæн! Ме ’фсымæры хайы ас дæ уарзын.

Чабæхан. Де сфæлдисæг дæ бауарзæд.

Дуртула. Уарзы мæ Арвнæрынгæнæг, и? О! Бесæйы зæрдæ дæм кæд фæуазал?

Чабæхан. Ды цæуыл мæт кæныс?

Дуртула. Баууæнд мыл, мæ зæрдæ фæрчытæ хауы дæ зындзинадмæ кæсгæйæ. Æз зонын, ды Бесæйы куыд уарзтай, зонын, уый йæхæдæг дæр цæхæрау куыд сыгъд фыруарзонæй, æмæ кæд ныр уыцы рæсугъд, уыцы цардамонды зынг бахуыссыд уе ’хсæн...

Чабæхан (ныуулæфыд). Уæдæ!

Дуртула. Мæгуыр, æнамонд Чабæхан. Ды ферохгæнинаг дæ? Ныууадзинаг дæ? Ды ахæм дæ, æмæ æндæрыл кæй баивдæуа? Бесæ дæ къæхты бын рабыр-бабыры бæсты кæмдæрты æрра рацу-бацу кæны!

Чабæхан (мæстыйæ). Цытæ дзурыс?!

Дуртула. Ницы! Нал уæ уарзы! Уæдæ ахсæв дæ хæдзары, уазæгæн æгасцуай цæмæй зæгъай, уый цæуылнæ ис, кæд дæ уарзы, уæд?

Чабæхан. Дзæгъæлдзых, дзæгъæлхæтæгтæн мæ хæдзар фысым никуы уыд, — дæ фæндаг дар.

Дуртула. Афтæ мын хъæуы. Уæдæ, хæрзгæнæг хорз никуы ссардта. Хæрзизæр! (Араст.)

Чабæхан. Цу, цу, дæ хъуыддаг нæу!

Дуртула. Цæуын, фæлæ...

Чабæхан. Цу!

Дуртула. Цæуын, фæлæ дæ йæ раздахын кæд фæнды, уæд ын ацы хос доны удæстæй ратт. (Æрбаппæрста дзæкъул.)

Чабæхан. Ацу, кæлæнгæнæг! (Дуртула ацыд.)

IV

Цопан (æрбацыд). Чи у уыцы фæстæмæзæвæтджын?

Чабæхан. Цыдæр дзæгъæлхæтæг.

Цопан. Кæд ахсæвы хæйрæджытæй у?

Чабæхан. Цы базындæуа. (Аджих.) Уæууа, зынгмæ дæ куы арвыстон?

Цопан. Ничи мын дæтты. Ахсæв, дам, зынг нæ лæвæрдæуы.

Чабæхан. Æнæвгъау сын кæй рардæуыд, уый дæттын дæр зивæг кæнынц. Уыдæттыл у, мæ уарзон, мæ сагъæс. Кæс, дæлæ уыдон дзагармæй дзæбæх куы ’рбацæуынц. (Чабæхан бацыд.)

V

Æрбацæуы дыууæ усы.

1-аг ус. Ойс! Нал æй фæразын! (Къæсса æрæвæрдта.)

2-аг ус. Фырцинæй дзы æгæр авгæдтай! Уæз кæны, уый дæ ферох!

1-аг ус. Нæ, мæ судзгæ мæрдтыстæн, мах бæрæгбон æнæ кусарт никуы вæййæм.

2-аг ус. Ойс! Бафæлладтæн. (Къæсса æрæвæрдта.)

1-аг ус. Хорз не ссы Тихалаты куырой?

2-аг ус. Уастæн сæ бындур куыройау ныззилæд! Кæмæн сæ фæнды, уымæн ссы. Цом Чабæханимæ абадæм.

1-аг ус. Æрра Бесæ нæ куыд фæсура, афтæ?

2-аг ус. Уæууа, кæд æрра у, уæддæр афтæтæ куы нæ кæны! (Цопанмæ.) Кс-кс!.. Чабæханмæ ма нын бадзур.

Цопан. Ныртæккæ.

2-аг ус. Нард гал уыд, æвæццæгæн, йæ фиу къæссайæ куыд зыны?

1-аг ус. Æмбисонд фæци, мæ хур, æмбисонд! Пырындзы хуызæн урс-урсид фыд Тæхгæдоны уыр бамбæрзта. Цом, уыцы лæппу зæххæй цыдæр систа, дур ныл фехсдзæн, мыййаг.

2-аг ус. Уанцон нæу!

1-аг ус. Уæдæ дзы ахсæв Бесæйы хæдзар нæ базилдзæн нард нæфæтчиагмæ.

VI

Чабæхан (рацыд, 2-аг ус æм бацыд). Чи мæм дзуры?

2-аг ус. Æз, æз! Де ’зæр хорз уæд!

Чабæхан. Кæй изæр у, уый арфæ дæ уæд, фæлæ дыл цы ’нæбары бон ис, æррадонмæ дæ ных куыд æрбахастай?

2-аг ус. Чабæхан, дæсны уæвгæйæ дыл ахæм ныхæстæ не ’мбæлынц. Мæ фыдгул ахæм ныхæстæм хъуса.

Чабæхан (æнкъардæй худгæйæ). Уæдæ де ’мбал хæстæгдæр цæуылнæ уæнды?

2-аг ус. Нæ йæ зоныс, куыд чъынды у, уый! Йæ къæссайы дзидзатæ ис æмæ уыдон хъахъхъæны. Фæлæ дæм цæмæн æрбауадтæн? Ам иунæгæй бадыны бæсты махмæ куы рацæуис! Нæ кусарт нæфæтчиаг у, фæлæ æнæуый æхсæвæр скæндзыстæм.

Чабæхан. Ома ам стонгæй мæлæм æмæ < кæд> дæ фæрныг хæдзары исты бахæриккам?

2-аг ус. Нæ, мæ иунæджыстæн. Кæд иунæгæй хъыг кæныс?

Чабæхан. Цæмæн дæн иунæг? Мæ бинонты ’хсæн дæн. Фæлæ зонын, ды дæр цы цардæй цæрыс, уый, æмæ уæм кæд кусарт и, уæддæр та дзы дæумæ ницы ’рхаудзæн. Фæлтау де ’ргъом бахæццæ кæн æмæ ардæм рацу, æз дын мæ уасæг æрбаргæвддзынæн, æмæ уымæй исты дæ хъуыры ацæудзæн.

2-аг ус. Æмæ бæрæгæхсæв мæ бинонты куыд ныууадзон?

Чабæхан. Æз дæр афтæ куы зæгъын уæдæ.

2-аг ус. Бар дæ ис! Бустæ дзы цæмæн хъæуы?

Чабæхан. Мах гуыбыны цæстæй никуы акастыстæм цардмæ! Æццæй, лæппу?

Цопан. Никуы!

Чабæхан. Ды къахгæ кæныс! Уæдæ кæд афтæ нæу, уæд ма мæнæ лæппуйы акæн æмæ нын зынг радт. Уымæй къаддæр ма мын цы радтай.

2-аг ус. Зынг? Нæ. Мæ бон, ныр банафон, зынг дæттын афон нал у!

Чабæхан. Уæдæ афтæ у! Æнæсагъæс у, де ’хсæв — дæхи фæндиаг. Æрра кæй хоныс, æз уый комытæфæй, йæ уындæй æфсæст дæн.

2-аг ус. Æмæ дын кæм и, кæм? Комытæф дæр дыл куынæуал кæны æмæ дæм йæ уынд дæр куынæуал æвдисы?!

Чабæхан. Уæ хъуыддаг нæу. (Бацыд.)

1-аг ус. Цæй, рацу!

2-аг ус. Цæй, уæдæ, Чабæхан, нæрдгусарт у! (1-аг усæн.) Гæды дзæгъæл цыдæр... Æгайтма йыл æрвæссын. (Рацæйцыдысты).

VII

Дуртула (базынд). Хорз загътай, хорз ус. Адон кæлæнгæнджытæ цыдæр сты, уыййеддæмæ комытæфæй цæрæн ис?

1-аг ус. Мæ бындурыл, уый æцæг!

2-аг ус. Æмæ йæ нæ зыдтай ныронг?

Ацыдысты. Дуртула галиуырдæм ацыд. Цопан куырдадзмæ бацыд.

VIII

Чабæхан (тынг мæтимæ). Мæ бындур ныззылд, мæ цард фехæлд, фæлæ ма мыл мæ хуры хай дæр баталынг уа? Цытæ дзурынц ай адæм? Цæмæй зонынц мæ уарзон Бесæйы зæрдæйы уаг? Фæлæ адæм дæсны сты... Дæсны сты! Никæмæн æй ратдзынæн! (Дзæкъулмæ фæкомкоммæ). Мæнæ йын уый дæр баназын кæндзынæн, уæддæр... (Систа йæ, æфснайы йæ, бацыд.)

IX

Дуртула æмæ Саго.

Саго. Дæ хорзæхæй, ацы куырдадзы цы ми чындæуы?

Дуртула. Ацы куырдадзы?.. (Йæхинымæры.) Сбубли хъæуы ацы лæджы... Æрра Бесæ дзы æфсæйнæгтæ хойы.

Саго. Æнæ истæмæн ахъазæй?

Дуртула. Ахъаз та... Цыдæриддæр скæна, кæсынæй йæм лæг не ’фсæды. Фæлæ дæм дис нæ кæсы, тæккæ фарон дæр ма сæгъгæс куы уыд, уæд уыцы дæсны кæцæй аци?

Саго. Диссаг та куыд нæ у! Стыр диссаг! Кæд ахсæвы хицæуттимæ исты лымæндзинад кæны?

Дуртула. Æз дæр ын афтæ ’нхъæл дæн. Адæмы ’фсæрм æм нæ хъары, уæлмæрдты риуыл куыд æрæнцад.

Саго (дисгæнгæ). Сымахыстæн, гъеуый куыд никуы æрхъуыды кодтон. Мах уæлмæрдты цур!

Дуртула (мæстæймарæгау). Куыд барыс?!

Саго. Гъей, Бесæ!

X

Цопан. Ам нæй.

Саго. Дæ мад та? Бадзур-ма йæм.

XI

Чабæхан рацыд.

Саго. Ам никуы уыдтæн! Чи уын загъта, нæ зæппадзы раз куырдадз скæнут, нæ уæлмæрдты риуыл æрæнцайут?

Дуртула (йæ лулæ судзы. Цопан ын йæ зныхмæ кæсы). Ноджы сæ алы фаджыс зæппадзы бафснайдтой.

Саго. Æмæ цы нæ уыдзæн. Стæ-ма! (Кæсы зæппадзмæ, цыдæртæ дзы калы æддæмæ.) А, ма бамбарат, фæлдыст фæуат, ард уæ фæдыл æфтыд фæуа... Уæ цæсгом уыйау фæуа, æниу уын цæй цæсгом и, фæлæ!... Налæттæ!

Чабæхан. Хорз лæг-иу усимæ дзурын йæ сæрмæ бæргæ нæ хаста!

Саго. Хæрзтæ-иу куырдадз уæлмæрдты риуыл нæ арæзтой.

Дуртула (Сагойæн сусæгæй). Дыууæ цæстмæ кæс!

Чабæхан. Иу куы сæрра уа, уæд иннæ та йæхи ’мбаргæдæр дара хъуамæ.

Дуртула. Сакъадахы кусджытæ Бесæйы зондæй сæ ныфс куы хæссынц, уæд цæй æрра у. (Сусæгæй.) Цæстытæ, цæстытæ! О, дзæнæты стъалытæ!

Саго. Æмæ кæд æрра стут, уæд... Цæй, дæ хатыр фод... (Дуртулайæн). Æцæг, рæсугъд у.

Дуртула (сусæгæй). Лæппуйы æз асайдзынæн, æмæ дæ хъуыддаг кæн, чи дын цы хъом у?

Саго (Чабæханæн). Уæ хуыз, уæ конд — хæлæггаг... Бахатыр кæн, кæй фæмæсты дæн, уый.

Чабæхан. Цы нæ бон у?

Дуртула. Лæппу, зынг дæ, мыййаг, хъæуы?

Цопан. О!

Дуртула. Мæнæ хосы цурмæ хæцъилтæ радав.

Чабæхан. Ма ацу!

Цопан. Уæдæ æнæ артæй... ныртæккæ æрбауайдзынæн.

Чабæхан. Тагъд уæдæ! ( Куырдадзмæ бацыд).

XII

Дуртула æмæ Цопан рацыдысты. Саго дæр йæхи цæуæг акодта æмæ фæстæмæ фездæхт.

Саго. Уыцы дзæнæты стъалытæм хæстæг ма балæуу! Æрмæст иу хъæбыс... (Бакъахдзæф кодта куырдадзмæ).

Иудзæвгар сценæйы ничи ис.

XIII

Рахизырдыгæй Цопан фæстæмæ дзургæ æрбацыди.

Цопан. Ды мæнæй хынджылæг кæныс? Хынджылæггаг дæхæдæг куы дæ!

Дуртула. Баууæнд мыл, хынджылæг дæ нæ кæнын, нæ дæм уæндын, дæ хъамайæ тæрсын.

Цопан. Кæд хæйрæг нæ дæ, уæд цæмæй тæрсыс? Хæйрæджы йеддæмæ Тутыры фæдзæхст хъамайæ ничи тæрсы!

Дуртула. Гъи-гъо... Æри мын мæ лулæ!

Цопан. Нæ ратдзынæн!

Дуртула. Нæ ратдзынæ?

Цопан. Нæ ратдзынæн!

Куырдадзæй Чабæханы хъæр цæуы.

Дуртула. Уæдæ ауай, бакæс, дæ мадæй дын фæхынджылæг чынд.

Цопан. Цы?

Дуртула. Дæ мадæй дын фæхынджылæг чынд.

Чабæхан (куырдадзæй). Цы фæдæ, лæппу?!

Цопан куырдадзы ’рдæм бауад, дуар фегом кодта, Саго уырдыгæй рагæпп кодта.

XIV

Цопан (Сагойы ацахста). Кæдæм, кæ?

Саго (Цопаны асхуыста). Иуварс, дзидзидай!

Чабæхан. Мæ бындур хæрззылд куыд ныккодта, лæппу! Фæхынджылæг мæ кодта!

Цопан (Сагойы басырдта хъамалвæстæй). фæлæуу-ма!

Дуртула (Сагойæн). Цæв, цæв!

Саго фæстæмæ фæзылд. Цопан æй æрцавта.

Цопан. Гъеуый демæ ахæсс, цъыфхор!

Саго (йæ фарсыл фæхæцыд). Гъе, уæу-уæй, амардта мæ! (Дуртулайæн). Цы ми кæныс?

Дуртула. Гъа-гъа-гъа!! Гъа-гъа-гъа!! Цы ми кæнын?! Кæсын, кæсын, кæсын!

Саго йæ фарсыл хæцгæ ацыд. Дуртула — йæ фæдыл.

XV

Чабæхан (йæ рустæм фæлæбурдта). Цы бакодтай, мæ бындурыл?!..

Цопан. Гъеуый бакодтон!

Чабæхан æмæ Цопан куырдадзы раз æрбадтысты, кæрæдзийыл бакъул сты.

Чабæхан. О мæ иунæг, мæ зыбыты иунæг! Ма-иу схъæр кæн дæ фыдæн ацы хабар!

Цопан. Куы нæ йæ зона, уæд хуыздæр у?

Чабæхан. Хуыздæр у, хуыздæр, мæ зæрдæдарæн!

Æддейæ Бесæйы хъæр цæуы.

Бесæ. Гъе-ей, цы фæдæ, мæ иунæг фæдон?!

XVI

Æрбацыд Бесæ.

Бесæ. Цы фæдæ, Боппа?

Цопан (цингæнгæйæ). Æрцыд Бесæ!

Бесæ (йæ дæларм æй æрбакодта). Стонг дæ не стæрсын кодта?

Цопан. Нæ, мур дæр нæ!

Бесæ. Кæд мæ ферох кодтай? Кæд мæм фæхъыг дæ?

Цопан. Æдзух дæу мысыдтæн.

Бесæ. Æри уæдæ дæ къæлуанцъухæн. (Йæ къух ын исы.) Хорз. (Йе ’ккойæ къæсса райста.) Кæс ардæм!

Цопан (цингæнгæйæ). Цы дзы ис?

Бесæ. Дзæбуг (Дæтты йæм дзæбуг.) Хæтæнты хæтын, цæуæнты цæуын, сидын дзæбугджынтæм, лæгъстæ кæнын къахæнæй кусджытæн, цæмæй мын баххуыс кæной ирвæзæн рæхыс йæ бынатмæ схæццæ кæнынæн. Ничи мæм хъусы. (Сындæгдæр.) Фæлæ ма тæрс, мæ зыбыты иунæг фæдон, нырма нæма бамбæрстой, рæхыс цæмæн хъæуы, уый... Куы бамбарой, уæд ацы куырдадзы бынатмæ чыртæ-чыртæ табу кæнынмæ цæудзысты. Ды йæ зоныс, Боппа, рæхыс цæмæн хъæуы, уый?

Цопан. Зонын, тынг хорз æй зонын... Кæдæм...

Бесæ (тагъдгомау). Цос... хъæрæй йæ ма дзур, уыдон дæр æй базондзысты.

Цопан. Базондзысты йæ?

Бесæ. Базондзысты... Æз æмæ ды, мæ иунæг фæдон, æз æмæ ды Амыранæн хъуамæ уæрæх фæндаг скæнæм рухс дунемæ, нæ дзæбугты куысты нæ зонд æмæ нæ ныфс цæвæргæйæ... Амыраны амонд мах амонд у. (Сындæгдæр.) Зæгъын дын: нæ рæхыс цæттæ у, æрмæст ма нæ, Амыраны сæрмæ ауыгъд чи у, ууыл æй цы цæгæй бафидар кæндзыстæм, уый скæнын хъæуы.

Чабæхан. Сдзырд дæр уæм нæй, фæлæ цæмæн æрра кæнут мæгуыр лæппуйы? Цæуыл æй æнамонд кæнут?

Бесæ (фенкъард). Цæуыл? Æнамонд цы хоныс ды?

Чабæхан. Сымах.

Бесæ. Цæмæн?

Чабæхан. Хæдзар уын нæй.

Бесæ (куырдадз амоны). Уый цы у уæдæ?

Чабæхан. Нанайыстæн, хæрз æрра дæ! Уый куырдадз хуыйны! Чъизи, уазал æмæ афтид!

Бесæ. Чъизи сты æфсæйнаджы муртæ æмæ сæг, уыдон æвзæрдзинад не сты. Æддейæ рæсугъд, мидæгæй æвзæрдзинæдтæй ахуырст хæдзæрттæ бирæ ис. Уазал зæгъыс, æмæ уазал уæнгрог кæны. Афтид æй ма хон, уымæй рæдийыс. Къæлæтджын бандон æмæ хъулджын сынтæг не сты æцæг; йæ хуыздæр фидауцтæ — хъæсдарæг, дымæн æмæ дзæбугтæ; уыдонæй хуыздæр ма цы уа?

Чабæхан. Уыдон ницы сты. Афтид æй уымæн хонын.

Бесæ. Йе ’фсæн, йæ кусæндзаума кæмæн нæ фехæлд, уый сæ хоны ницы?

Чабæхан. Адæмы дарæг дзывыр у, æмæ йæ дæ куырдадзы никуы федтон.

Бесæ. Дзывыр адæмы зонд сау кæны, уæззау кæны, цы зæхх гæрды, гъе уыйау, фæлæ æз рæхыс кæнын.

Чабæхан. Чи нæм ис, ууыл цы ’рцауындзæм, уый нæй, æмæ афтæмæй дзедзырой кæны.

Бесæ. Мæ рæхыс — арв, дæ рæхыс — зæхх. Ныууадз мæ, рæсугъд Чабæхан! Æгуыст мæ фæкодтай. Нæ уарзыс мæ хъуыддаг æмæ мæ ныууадз!.. Боппа, дымæн сдым, цæхæр скæн!

Чабæхан. Ацы дуне мын дæуæй фидыдта, дæ руаджы мын рухс кодта, ныр баталынг. Дæ хъуыддаг, де ’ррадзинад мæнæй де ’хсæн хæрæмигъау æрхауд æмæ нæ ахицæн кодта. Цæмæн æй уарзон мæ дунейы рухс, мæ фидауцисæджы, мæ хæдзар, мæ цард халæджы? (Ахъуыды кодта.) Дæ хъуыддаджы стыр хорздзинад кæмæндæр ис, уый мæ цыбыр зонд ахсы, фæлæ йæ уæддæр нæ уарзын, æнхъæлмæ дæр æм нæ кæсын.

Бесæ (зæрдиагæй). Ме ’взаг къуымых у, мæ зонд цыбыр у мæ хъуыддаг радзурынæн, адæмæн йæ бамбарын кæнынæн. Адæмы царды мидæг мæгуыр, æфхæрд, цагъар æмæ хъуæгтæ бирæ ис. Рæдийут, искæй амондджын куы хонут, уæд. Нæй уæм амонд, нæй уæм кад, нæй уæм ныфс æмæ уарзондзинад. Уæ царды фидауц Амыран у æмæ уемæ нæй.

Чабæхан. Уый ды дæ æнамонд, уыййеддæмæ, ахсæв йæ бинонты ’хсæн рæсугъд фынг чи скувдзæн, уыдон гъе уымæй амондджындæр уыдзысты. Зæгъ мын, дæсны лæг, зæгъ мын, дуне дарæг, кæм ис, кæм, уæдæ, сæ амонд?

Бесæ (фестад, хæстæг æм бауад). Кæм? Кæм ис амонд? (Хохмæ амоны.) Уæлæ уым, фидар рæхыстæй къæдзæхтæм баст!

Чабæхан. Дæу йеддæмæ йæ куыд ничи федта?

Бесæ. Бесæйы йеддæмæ æрра ничи у. Сæрра у ды дæр, ферох кæн, алы бон кæмæ бæллыс, уыцы уаг, рацу мæ фæдыл, æмæ дын æз бацамондзынæн, кæм ис адæмы амонд æмæ ныфс, уый!

Чабæхан (худы). Бын бауай! Атъæпп уай! Æррадзинад кæд адæмæн бæллиццаг у, уæд дзы ивгъуыд не стæм. Ды, нæ хæдзары хицау — иу, дæ фырт дæр ма дæуæй кæдæм фæхаудзæн! Мæн уадзут! Фенамонд мæ кодтай, фæхынджылæггаг мæ кодтай, ныр куы нал бæззын, уæд мæм кæсгæ дæр нал кæныс! (Аджих.) Ды ам нæ вæййыс, фæлæ нал у мæ уд адæммæ хъусынæй, нал фæразын сæ фидистæй, нал фæразын уæзæгыл иунæгæй, æнæ рæвдыд, æнæ зæрдæрухс!

Бесæ. Рацу мæ фæдыл! Сæрра у! (Хъæлдзæгæй.) Æрра лæгæн фурд йæ уæлфæдтæм у, кард æй нæ кæрды, топп дзы нæ хизы, маст æм нæ хъары! Цу мемæ!

Чабæхан. Фæндараст у æнæ мæн!

Бесæ. Цы дæ хъæуы уæдæ?

Чабæхан. Цы?.. Ды. (Зæрдиагæй йæм йæхи баласта.) Хъуыды ма кæныс нæ уарзондзинад? Йæ номæй дæм дзурын. Мæхæдæг дæм ралыгъдтæн, уый зоныс!.. Налаты ном мыл сбадт, фæлæ мæнæн та хъауджыдæр нæ уыд. Хохы цъупмæ адæмæй фæлыгъдыстæм, фæхастам уырдæм нæ уарзондзинад. Дæ зæрдиаг рæвдыд, дæ уарзон хъæбыстæ ныр дæр ма мæ уæнгты сты! Мæрдты мемæ уæнт! Бынатгæсæн дын баззадтæн иу бон, ды уæлæуæз сыскъæрдтай дæ сæгъты... Изæрмæ дæ нæ федтон, изæрмæ мæм мæ цард уæлдай фæкасти... Æзынма мын фесæфтæ, мæ дунейы рухс! Æмæ мæхи былæй æппæрстон.

Бесæ (джихæй). Боппа, цæхæр скодтай? Дымæн сдымын кæ!

Чабæхан. Ферох дæ, æви, мæ дунейы рухс?

Бесæ (джихæй). Дæ кæлмæрзæнæй дæ куы ’рцахстон, уæд?

Чабæхан (хæстæг æм йæхи ласы). Æрцахстай мæ. Дæ уæлныхты мæ систай æмæ мæ рахæсс-бахæсс кодтай. Мæнмæ та афтæ касти, цыма мæ мæргътæ сæ уæлбазыр уæларвмæ хастой. Зæрдæ фæндæттæй дзаг уыди, буц уыд, йæ цардæй рæвдыд уыд.

Бесæ. О-гъо!

Чабæхан. Нæ бынат дæр ма ферох кæн: нæуу, къæдзæхы хъуына æмæ дидинджытæй куыд састæрдтам лæгæт æмæ нæ хуыссæнтæ! Райсом раджы фестгæйæ, хур йæ рухс цæсгомæй йæхи куыд уарзын кодта! Уæуу, мæ бон, мæ фæрстæ, цæй фидар стут!

Бесæ (джихæй). Хорз рæстæг уыд, æцæг.

Чабæхан (иу къухæй йæ æрбахъæбыс кодта). Нæ рæдыд нын ныббарстой адæм æмæ хæстæджытæ. Æрцыдыстæм. Семæ бацардыстæм, æмæ нæ тынг бауарзтой. Аргъ нын уыд, куыстам, адæм цы куыстой, уый. Нæ зæрдиаг хъуыддæгтæм бирæтæ хæлæг кодтой. Æппæтдæр нæм уыд, хъуаг ницæмæй уыдыстæм. Нæ рад бирæ уыд, нæ уарзондзинад — фылдæр.

Бесæ (джихæй). Адæм нæ уарзтой, æцæг. Цы ’нцон уыд уæд!

Чабæхан (йæ цæсгом ын йæхирдæм разылдта). Уæд хæрзхуыз уыдтæ, ныр та, гъæй-джиди, дæхи куы фенис! Чи фæразы æхсæв уæд, бон уæд сагъæсимæ кусын. Не сфаг уыдзынæ. Цæмæн ферох кодтай дæхи, мах дæр? Уазал æмæ стонгæй сырд куы нæ фæразы! Рæвдыдахуыр мын куы дæ, о мæ дунейы рухс, о мæ уарзон! Мæ хуры хай! Мæ къæхтыл кæмæн цæуын, уый! Фæллад куы дæ, æркъул кæ! Гъе... Гъе... (Йæ сæр ын дауы.)

Бесæ (Чабæханы уæрагыл æркъул кодта, хуыссæгхъæлдзæгæй). Дæ буц митæ æрымысыдтæн! Æнцон уыди уæд! Æнæмæт... Рæвдауыс мæ?

Чабæхан. Уæдæ мæ нæ иунæджимæ нал ныууадздзынæ?

Бесæ. Нал... Тæригъæд стут!

Чабæхан (иуырдæм йæхинымæр). Цыдæриддæр уа, уæддæр ын уыцы нозтæй раттын хъæуы, кæд йе ’ррадзинадæй сцух уаид.

Бесæ. Дон мын!

Чабæхан. Лæппу, дæ разы къусы дон æмæ йæ радав!

XVII

Цопан къус рахаста.

Чабæхан. Ахуыпп кæ, мæ зæрдæдарæн!

Бесæ (схуыпп дзы кодта, фæтæррæтт ласта, къус ныкъкъуырдта. Чабæханæн.) Иуварс, дæлимонты цагъайраг! Кæлæнгæнæг! Æлгъыст! Æлгъыст фод дæ ном! (Сагъдау аззад.) Æлгъыст зæрдæ, сæфинаг буар! Сыджыт уæ бахæра! Æцæг хуры бæсты уæ дыдзыхур батавта, æмæ æрфæлмæн стут. Амыранæн ирвæзæн рæхыс чи цæттæ кæны, уый зæрдæ афтæ лæмæгъ хъуамæ уа?! (Йæ риу ныццавта.) Ратондзынæн дæ уырдыгæй! Ныфс, Ныфс! Мæ уарзон, мæ уæлхох Ныфс! Бахатыр кæн, кæд цæстыныкъуылды бæрц мæ зæрдæйæ фæцух дæ. Фæлæ ныр дæу дæн, мæ уарзондæр! Фæцæуын дæм. (Чабæханæн амоны хъæуы ’рдæм.) Уым ме знæгтæ, мæ лымæйнаг знæггæ. Цу уал ды дæр уыдонмæ, æмæ Бесæйы æррадзинад дæ зæрдæйы куы бацæуа, уæд та мæм-иу фæзын.

Чабæхан. Æндæры уарзыс?

Бесæ. Æндæры.

Чабæхан (тынг фæмæсты). Худинаггæнæг! Уарзондзинад дæ зæрдæйы ма уæд, фæлæ, худинаг циу, уый дæр дæ ферох? Хæрам дын фæуæнт мæ рæвдыдтæ. Мæнæй стыр чъизи худинаг кæй кæныс, уый зоныс?

Бесæ (мæтгæнгæйæ). Цытæ дзурыс?

Чабæхан. Цытæ дзурын? Ныртæккæ ардæм æрбацыди Саго иу æмбалимæ, лæппуйы кæдæмдæр асайдтой, мæнмæ бацыд куырдадзмæ æмæ мæ уым æрцахста. (Йæ риу байгом кодта). Уырдæм мæм бацыд æмæ мын мæ риутæм, мæ дæллагхъуыртæм февнæлдта, йæ хъæбысты мæ фæкодта.

Бесæ (фæмæсты). Саго, зæгъыс? (Цопан куырдадзæй рацыд.)

Цопан. Бесæ, кæд дæхæдæг ам нæ уыдтæ, уæддæр дæ хъама ам уыди, æмæ йын æй æз йæ фарсы нытътъыстон.

Бесæ. Йæ мард кæм и?

Аджих сты иууылдæр. Бесæ ныххудт.

Бесæ. О æлгъыст зæрдæ, æлгъыст буар! Дæ кæнон куыд нæ уадзыс. Стонин дæ æмæ дæ бынаты дур цæвæрин, фæлæ, дæу аппаргæйæ, Ныфсы уарзондзинадæй зæхмæ исты куы ахауа. (Бахудт.) Рæсугъд Чабæхан, гъæй-джиди, æмæ дæ Дуртула куы зонид, цыхуызæн æххуыстæ кæнынмæ йын хъавыдтæ, уый.

Чабæхан. Цытæ дзуры? Ныфс... Дуртула... Æрра у, фæлæ мæн куы нæма уырны. (Бесæйæн.) Уæ, æрра Бесæ! Кæд зæгъыс, нæ дæ уарзын, зæгъгæ, уæддæр мæ уарзыс æмæ йыл басæтт.

Бесæ. Рæсугъд Чабæхан! Дæлимонты цагъар дæ уый тыххæй хонын, æххуысгæнæг сын уый тыххæй дæ, æмæ мæ ды дæр мæ фæндагæй къуылымпы кæныс уыдонау. Уыдонæн сæ бон бæргæ ницы бацис нæдæр хинæй, нæдæр тыхæй. Ды уыдонæй дæсныдæр, тыхджындæр разындтæ. Зæххон уарзондзинадæй мын барæвдыдтай мæ буар, ссыгътай та мын мæ зæрдæ. Дæ митæ мын хъæрмæдонау батавтой мæ уазал буар, æмæ мæхи æнцад æруагътон. Ферох кодтон мæ зын фæндаг, йæ кæроны Амыраны ирвæзындзинад кæмæн ис. Фæлæ цин кæнын, бынтон нæ бафынæй мæ уд, базыдта афойнадыл райхъал. Чабæхан! Нал ис мæ зæрдæйы дæ уарзондзинад.

Чабæхан. Фæуæд! Æрра Бесæ! Фæхынджылæг мæ кодтой, уый та дæ цæмæн ферох? Дæ сæры æгад?..

Бесæ. Рæсугъд Чабæхан! Мæ фæндаг зын гъе уыдæттæй у, æмæ, кæддæр æз æцæг кæй хуыдтон, мæ райгуырдæй мæ зонды æвæрд чи фæци, уыцы хъуыддæгтæ æцæг не сты. Мæ сæры кад? Нæ уарзондзинад? Мæ фæндаг мын ахæмтæй къуылымпы кæныс? Хъæмпы рæгътау мын сæ мæ фæндагыл цæхгæрмæ амайыс? Дзæгъæлы фыдæбон. Дæ хъæмпы рагъ хох нæ фæхондзынæн. Басудздзынæн æй мæ зæрдæйы судзагæй, йе ахиздзынæн йæ сæрты. Мæ уд æмæ мæ зонд цы стыр хъуыддæгтæ базыдтой, уыдон сæраппонд ферох кæндзынæн æз, ды æмæ дæ хуызæттæ сæры кад кæй хонынц, уый. Сæры кад? Арæны сагъд быдыргъ лæууы æмæ хосдзауæн йæ уисгæрон амоны. Фæлæ хурзæрин йæ фæндагамонæг кæмæн у, сæударæй Бонвæрнон кæмæ æрттивы, уый быдыргъмæ нал фæкæсдзæн, рæсугъд Чабæхан! (Хъæумæ йын амоны.) Дæхи хуызæттæм дын быдыргъ дæ фæндаг амоны!

Цопан (разынд куырдадзæй, хъæрæй). Нæ цæг урсзынг сси!