AElig;ртыккаг акт

Фыццаг нывы ран. Сценæйы Бæстыхицау æмæ Ныфс сæ бынæтты бадынц.

I

Ныфс. Абон та лæгæты дуар байгом уыдзæн æнæуынæг кæсджытæн, разындзæн сæм мæ уарзон, ме ’фхæрд Амыран рæхыстæй бастæй. Чи уыдзæн, чи, уыцы æнамонд, чи уыдзæн уыцы стыр амондджын, Амыраны суадонæй фæхъæстæ уæвгæйæ,чи фендзæн йæ зынтæ, кæй хуылфы ныххаудзæн Амыраны сагъæс? Чи уыдзæн? Кæд Бесæ? Кæм и ме ’нхъæлцау, цæй æрæгмæ цæуы?

Бæстыхицау. Гъыл-гъыл! Цы хъуыр-хъуыр кæныс, Ныфс? Цытæ дзурыс, Ныфс? О, рæсугъд, о, Бесæйы уарзон, кæм дын ис, уæдæ, кæм ?

Ныфс. Тæрс, тæрс, зæронд дурзæрдæ, Бесæйы ардæм хъæуы, фæлæ дæуæн дæ фыдбылызы кæстæр, Дуртула, кæм ис? Кæм и адæмы фыдбылыз?

Бæстыхицау. Ардæм æй хъæуы, мæт ма кæн. Иунæгæй дæр не ссæудзæн, адæм йемæ уыдзысты, æмæ кæд адæмы фыдбылыз у, уæд адæм йемæ цæмæн уыдзысты? (Худы.) Хох-хох-хох! Цæмæн уыдзысты, и? Хох-хох-хох!

Ныфс. Зæронд дурзæрдæ! Адæм, сæ фыдбылыз циу, сæ фыдбылыз чи у, уый куы зониккой, уæд дзы схицæн уаиккой. Ссариккой сæ амонд, ссариккой Амыраны. Ныр фосау цæрынц, уæд суаиккой хуыцæуттæ.

Бæстыхицау. О Ныфс! О Ныфс! Уал хуыцауæн бынæттæ та кæм уаид, арв гыццыл куы у, бынат сын кæм уаид?

Ныфс. Уæд, кæм цæрынц, уыцы зæхх арвæй рæсугъддæр суаид, арвæй рухсдæр суаид, æмæ йæ дæ хицау — Арвнæрынгæнæг — баивид йæ уæларвон дауæнæй.

Бæстыхицау. Мæ хицау — Арвнæрынгæнæг, гъыл-гъыл-гъыл, табу йæхицæн, уый нæ бакæндзæн. Амыраны хъыбылтыл арв цæджджинагау уымæн æрфæлдæхта, æмæ талынджы уой, уæларвы цы ис, уый ма зоной æмæ талынджы æвзæрой, æнæуаг уой, махæн цагъартæ — хох-хох-хох, махæн цагъартæ!

Ныфс (фестад). Зæронд хъуынахор, дæлимонты цагъайраг, дæхи цæмæн сайыс? Арвæй цæджджинагау дуне æрæмбæрзтат, фæлæ уын æй Амыраны зæнæгæн се ’рратæ хуры-хуыфи скодтой сæ фæттæй, сæ джебогътæй, æмæ сæм уырдыгæй стъалытæй уæларвон рухсы цъыртт кæлы.

Бæстыхицау. Æхсæвы талынг уыдонæй нæ сæтты.

Ныфс. Хурæй дæр нæ сæтты?

Бæстыхицау. Мах комы хуызæн талынг кæмттæм хуры рухс дæр нæ хъары.

Ныфс. Хурæй сæм уæларвон рухс тынг парахатæй узæлы. Æгъгъæд уал сын у! Уый рухсмæ ссардзысты се сфæлдисæг Амыраны. Хуры тынтæ — сæ фæндаг, хур — сæ дуар, афтæмæй бахиздзысты Амыраны фæдыл уæларвмæ, цæджджинаг кæй хоныс, уымæн йæ былтыл схæцдзысты æмæ йæ афæлдахдзысты. Йæ бæрзондыл бадæг, дæ хицау Арвнæрынгæнæг, йæ равзæрд æлгъитгæйæ, дæлдзæхмæ ныххаудзæн, уым ыл дæлимонтæ, йе ’фсымæртæ, бацин кæндзысты.

Бæстыхицау (астæуæй уæлæмæ йæхи сивæзта). Гъыл-гъыл-гъыл! Уый нæ уыдзæн, уый нæ уыдзæн, фæлæ Амыран уæларв куы ’рбада, уæд цæмæй хуыздæр уыдзæн мæ хицау Арвнæрынгæнæгæй!

Ныфс. Уыдзæн уый! Амыран уæларв не сбаддзæн, зæхх скæндзæн уæларвæй бæллиццагдæр, адæмæн фесафдзæн сæ фыдбылыз, сæ низ. Адæм суыдзысты хуыцæуттæ.

Бæстыхицау. Нæ уыдзæн, о, нæ уыдзæн! Бесæйæ дæ ныфс хæссыс?

Ныфс. Бесæ? (Аджих). Уарзы мæ, уый æцæг у, фæлæ йæ мæхæдæг дæр уарзын, уый зон. Зон, дурзæрдæ, æз талынджы гуырд нæ дæн, æз талынджы хаст нæ дæн! Рухс у мæ цæсгом. Чи мæ фена, æмæ мæ чи нæ бауарздзæн? Бесæйы хуызæттæ ма фæуыдзæн.

Бæстыхицау. О рæсугъд Ныфс, талынг коммæ æрра Бесæйы йеддæмæ ничи ссæудзæн! Чи дæ фендзæн? Ничи дæ фендзæн! Ам дæ ахæстон фидар у, дæ хъахъхъæнджытæ домбай сты. Дæхицæн дæр ацæуæн ничердæм и, ничи дæ фендзæн.

Ныфс (бахудт). Зæронд хъуынахор, æцæг дæ уырны, мæ хъахъхъæнджытæ домбай сты, уый? Ды мæ хъахъхъæнджытæй иу дæ æмæ цæмæй домбай дæ? Ды дæ бынатæй сыстын куы нæ фæразыс. Сохъхъыр Дуртула та райсом бакуырм уыдзæн бынтон. Æнусмæ æлгъыст уæвгæйæ, мæнæн Амыраны къæдзæхтæй ацæуæн нæ уыд. Уый тыххæй нæ цыдтæн, уый тыххæй бадтæн ам. Бесæйы æррадзинад мæ сæрæй систа уыцы æлгъыст. Абон ма куы ссæуа, уæд уæгъд дæн æз! Уæд мæ нал бауромдзыдтут, дæлимоны цагъартæ! Æз дæн Амыраны ныфс, æз дæн Амыраны уд. Мæ базыртæ — тыхджын, æмæ, адæммæ фæзынгæйæ, цыбæл кæндзынæн адæмы сæрибармæ, бæлдзысты мæнмæ æмæ ссæудзысты ардæм мæ фæдыл.

Бæстыхицау. Нæ уыдзæн уый! (Æддейæ Дуртулайы хъæр.)

Дуртула (æддейæ). Æгъи-гъо!.. Фæцæуæм, фæцæуæм! Уæ цæстытæ бамбæрзут!

Бæстыхицау. Гъыл-гъыл-гъыл! Ссæудзысты, Ныфс, фæлæ, ды кæмæй зæгъыс, уыдон не сты. Дуртула схæццæ, Ныфс! Дуртула схæццæ! Бесæ дын кæм и? Ныфс, баззадтæ æнæ ныфс!

II

Дуртула (æрбацыд, фæстæмæ дзуры). Уæ цæстытæ бамбæрзут!

Æрбацыди цыппар лæджы, сæ цæстытæ æмбæрзт, Дуртула сын сæ чъылдымтæ Ныфсы ’рдæм сарæзта, афтæмæй сæ æрлæууын кодта.

Бæстыхицау. О Дуртула, о сохъхъыр! Мæ былтыл аллон-биллоны тæф амбæлд, цы дын сты уыдон?

Дуртула (хъæлдзæгæй суади Бæстыхицаумæ). Сæ иу у аллон, се ’ннæ у биллон, се ’ппæт иумæ скæндзысты пиллон. Бесæ гом лæгæтмæ куы тырна, уæд æй фæкæсын кæндзысты фæстæмæ. Уыцы фæкасты йæ мæлæт ис Бесæйæн, йæ мæлæт!

Бæстыхицау. Йæ мæлæт, йæ мæлæт! Нæ циндзинад, нæ уæлахиз! Цу сæм уæдæ, цу! Суадон сырх у æви урс, о Дуртула?

Дуртула æмæ Саго суадонмæ кæсынц.

Дуртула. Ныцъцъæх и.

Бæстыхицау (хъæр кæны). О уари, дæ кæнон кæн, суадон ныцъцъæх и! Бырынкъ арфдæр ныссадз! Ныхтæй тынгдæр æрбалвас!

Саго (суадонмæ æргуыбыр кодта, йе ’мбалмæ дзуры). Уырызмæг, мæнæ æвæджиауы суадон, аназæм дзы, дойныйæ мæлын.

Дуртула (тынг тарстæй фæлæбурдта Сагомæ). Гъы-гъы, ма баназ — мæлыс, ма баназ — сæфыс, æрра кæныс Бесæйау!

Дардæй Бесæйы зарын хъуысын байдыдта.

Бесæйы зарæг: «Базыдтам æй амондхæссæг Амыраны!»

Дуртула. Æмбæхсгæ ут, кæлæнгæнæг ссæуы. Ам кæндзæн кæлæнтæ! Уæлæ уыцы къæдзæх байгом кæндзæн, æмæ дзы сымах ницы уындзыстут, уый дзы уындзæн. Куыддæр къæдзæхмæ схиза, афтæ цырд лæуут. Зæйы хабар æм куы ’рбадзура Теса, уæд фæкæсдзæн, æмæ йæ уæд Арвнæрынгæнæг, табу йæхицæн, æркъуырдзæн, пиллон куыд феста. Кæннод не скаст сымах стут, йæ рæхысы фæдыл куы хиза, уæд-иу æй раппарут, амарут... (Йæхинымæры.) Фæлæ а зæххон сыджыты фаджыс куы нæ уа, уæд дзы ницы зайы. Истæмæй сæ балхæнын хъæуы. (Сагойæн.) Саго, æрцу-ма! Дæ зæрдæ Чабæханы знæтмæ ма ’хсайæд. Дæ хæдзары ис, сабыр дæр æй æркæндзыстæм.

Саго. Æнхъæлмæ дæр дæм кæсын!

Дуртула. О... Уырызмæг, дæ сæгътæ дыгæйттæ ныззайдзысты.

Хъуысы Бесæйы зарæг.

Бесæйы зарæг:

«Уæлæ талынг комы, лæгæттæй сæ талынгдæры,

Карст айнæгмæ рæхыстæй фидар баст,

Фидар хуыд куы у Куырдалæгонæй!»

Саго (Уырызмæгæн). Цыдæр бæллæхы ныссагъдыстæм, лæппу! А суадон хуымæтæджы нæу. А сохъхъыр фæстæмæзæвæтджын (Дуртуламæ амоны) кæлæнгæнæджы хуызæн у!

Уырызмæг. Ноджы цы талынг ран у!

Саго. Дойныйæ нæ мары! Суадонæй нын цæуылнæ дæтты?

Дуртула. Æрæмбæхсут!

Саго. Æнæ аназгæ дзы нæй уæддæр!

Дуртула. Æрæмбæхсут! (Æмбæхсынц. Саго суадоны былыл æрæмбæхст æмæ дзы банызта.)

Бесæйы зарæг:

Амондхæссæг, зондамонæг, цы фæдæ?!

Нал у нæ боны хай талынгæй.

Рухсмæ бæллын нал фæразæм æдзухæй,

Фæцæуæм, бацамон-ма, ба, фæндæгтæ!

Зард стыхджын.

Амыранæн ирвæзæн рæхыс фæхæссæм!

Уæлæ хохы цъупмæ фæцæуæм.

Цæмæй нæ раздзог, нæ ныфсдæттæг Амыранæн

Сæрибар ралæвар кæнæм нæхуыдтæг.

Æрбацыдысты Бесæ æмæ Цопан. Фæталынгдæр.

III

Бесæ. Цопан, мæ иунæг фæдон, фæстæмæ мæ ма фæкæсын кæн! Рæбынæй суадон, æмæ дзы баназ. Ахъара дæуæн дæр де уæнджы Амыраны сагъæс. (Цопан нуазы.) Ныфс, Ныфс! Цы фæдæ? Ссыдтæн дæм, схастон рæхыс, ирвæзыны рæхыс! (Ныфсмæ бацыд.)

Ныфс. Мæ уарзондæр, схæццæ дæ? (Йæ сæрыл ын йæ къухтæ æрæвæрдта, арв нæры.) Ныртæккæ дуар фегом уыдзæн. Цæттæ лæуу, Бесæ! Фæлæ адæм куыд сты дæлхох?

Бесæ. Мæгуыр, тæригъæддаг. Амондхъус Арвнæрынгæнæг йæ маст уыдонæй исы. Зымæджы бæстастæуæй нырмæ æмбæхст дæн хæхты æмæ кæсын дæлхохмæ. Сафы адæмы Арвнæрынгæнæг. Тыгъдызæйæ... (Аджих.)

Ныфс. Аджих дæ? Йæ хос — тагъддæр Амыраны суæгъд хъæуы.

Бесæ (сындæггай). Ай-гъай, Амыраны суæгъд хъæуы. Цæттæ дæн æз! (Лæгæты дуары ’рдæм сындæггай ссыд, талынг стынгдæр, арв тынгдæр нæры. Бесæ хъæр кæны. Цопан сыстад, кæсы Бесæмæ.) Амыран — Титан, ссыдтæн æз, схастон дæ ирвæзынæн рæхыс, уæларвон Куырдалæгоны æндонæй конд! (Лæгæты дуары гыбар-гыбур æмæ арвы нæрын иу фесты, арвы дуар байгом и. Ныфс æмæ Бесæ лæгæты дуармæ тырнынц.)

Теса (фæзынд къæдзæхыл). Дæ ард — дæ бар, Бесæ. Байхъус иу хатт зæххон адæймагмæ дæр. Дæ митæ, дæ зæрде, адæмы тыххæй сты, æмæ дæ курынц адæм: ныууадз сæ! Сæ мæт кæнын куы райдыдтай, уæдæй нырмæ сын дзуар сæ хуымилиагæй нал аходы. Зымæг сыл хæхтæй тыгъдызæй фæцыд æмæ сын фесæфта сæ хуымтæ, сæ фæллæйттæ. Хъус, хъус, Бесæ! Кæд ма зæххон лæджы истæмæ дарыс, уæд дысон хæхтæ рафæлдæхтысты, дæттæ ныккул сты, хъæутæ байсæфтысты. Акæс, акæс æмæ фен дæу руаджы адæмы сæфт.

Дуртула. Дæ ард — дæ бар, Бесæ, де сфæлдисæг Амыраныстæн, ма нæ фесаф!

Бесæ Тесайы ныхæстæм тынг зæрдиагæй хъуыста. Фæкаст, арв ныннæрыд æмæ ныццавта, лæгæты дуар ахгæдта. Бесæ лæгæты цур æрхауд.

Сеппæт дæр. Фæкаст!!!

Цопан (суадоны цурæй разгъордта. Ныфсы цонгыл фæхæцыд æмæ дзуры Дуртулайы ’рдæм). Талынджы зæнæг, дæлимонты цагъайрæгтæ! Бесæйы фесæфтат, фæлæ æз мæнæ дæн! Æз дæн Бесæйы фырт Цопан, Амыраны чи федта, Амыраны низ йæ хуылфы кæмæн ис. Ныфсы къухыл чи ныххæцыд æмæ сымахæн уæ талынг ахстон фидæнмæ чи ныппырх кæндзæн! (Ныфсмæ.) Цом! Ам дæу чи баурома, ахæм нал ис! Амыранæн йæ цæстысыг суадонæй айнæгыл цæудзæн, йæ буары рондз уыимæ хæццæйæ суадон сырх кæндзæн! Тас нæу Амыраны æнæныфс буарæн! (Суадонмæ хæстæг æрцыд Ныфсимæ, Сагомæ дзуры.) Саго! Банызтай?

Саго. Банызтон. Банызтон, кæлæнгæнæг чи у.

Дуртула. Гъи-гъо!

Бæстыхицау. Гъыл-гъыл-гъыл!

Æмбæрзæн