ИРОН АДÆЙМАДЖЫ ХИДАРЫНЫ УАГ 5 страница

Хæснагæй хъæзтытæ. Дзæвгар хуызтæ сын уыди, кар æмæ уавæртæ нымайгæйæ. Хæснагыл кодтой алы хъæзтытæ дæр. Цæуыл бадзырдтаиккой, уый дзаумайæ цыди лæвары хуызы, хæлцæй та — хуынды уагыл. Хуынды уагыл кодтой кусарт, фынгæвæрд. Амбулгæйæ хæснаг нæ бафидын уыди худинаджы гакк, æмæ алчидæр уымæй йæхи хызта.

Карчы риуы саджилæг стæг баззад хæснаггæнæнæй, æмæ уый уæгъды афтæ нæу. Кæрчытæ кадджындæрæн æргæвстой уазæг фæсивæдæн, сиахсæн, æмгарæн, хастой йæ æртæ уæливыхимæ хуынæн чындзæхсæвмæ, куывдмæ. Каркæй кувгæ нæ кодтой. Фæскуывд æй уæнггай æвæрдтой хæйттæн. Хæснаггæнæн кæмæ æрхаудтаид, уый йæ сыгъдæг кодта, стæй искæимæ — хæснаг. Хæснаджы дзырдтой лæварыл, хуындыл, стæй амонæн æнгуылдзтæй стæджы дыууæ саджилæгыл фæйнæрдæм ахæцыдаиккой сæттыны онг. Асæттыны уæлвæд йæ хай (стæджы иу састаг) иннæйы къухмæ чи авæрдтаид, уый загътаид, уæдæ мæ сайды фæу, æмбылд дæ, зæгъгæ. Фæлæ исæг куы фæраздæр уыдаид дæттæгæй æмæ куы загътаид, зонгæйæ фæуæд, зæгъгæ, уæд хæснаджы амбылды уаг хаста дарддæр.

Хæснаджы хъæзтыты лæппу æмæ чызг фæсивæд уазджытæ æмæ фысымты, хиуæттæ æмæ зонгæты уагæй цыдысты кæрæдзийы æууæнчы, иумæйаг æгъдауы бæрны. Æмæ хæснаджы фæрцы зонгæ кодтой чызг æмæ лæппу, уыдонимæ — дыууæ мыггаджы. Æцæгæлон мыггæгты минæвæрттæ кæрæдзийæ кæнæ хотæ, æфсымæртæ загътаиккой хуынды бон, кæнæ бацагуырдтаиккой кæрæдзийы тугхæстæгæн. Хæснаггæнджыты руаджы дыууæ мыггаджы туджджынтæ дæр цыдысты фидыды уагмæ.

Дзырдæппарæнтæй хъазт. Фыдæлтæ дзырдтой цыбыр мидисджын æвзагæй æмæ уыцы дæсныйадыл ахуыр кодтой рæзгæ фæсивæды. Куывды, чындзæхсæвы заманты, куысты рæстæг улæфгæйæ, ныхæсты бадгæйæ хъазыдысты æмбисæндтæй, дзырдæппарæнтæй кармæ бæстон кæсгæйæ. Дыууæ дзурæджы ныхæстæ кæнæ ныхмæвæрд хъуыдытæ æвдыстой, кæнæ — æмхуызон. Хъазт цыди ерысы, хъазуаты уагыл æнæ уæлдай хæрæмттæ æмæ сайæн митæй. Ахæм хъæзтыты архайдтой бирæзонæг куырыхон лæгтæ хистæрæй кæстæрмæ. Зæгъæм, афтæ:

 

Фыццаг дзурæг:

1. Æгъдау хистæрæй цæуы, лæггад кæстæрæй.

2. Цард — хистæр буцæй, кæстæр арæхæй.

3. Халон халонмæ тæхы.

4. Фæрсæг — сонт, курæг — мæгуыр.

5. Сылгоймаг — фысым, нæлгоймаг — уазæг.

6. Нывæрзæн — æздахаг.

 

Дыккаг дзурæг:

1. Хицау куыд уайсада, чындз дæр афтæ.

2. Цардыхæрзтæ — уæле исгæ, бынæй ахадгæ.

3. Гæбæр гæбæрыл йæхи хафы.

4. Бадæгæн — фынг, лæууæгæн — комдзаг.

5. Нæлгоймаг — лауыз, сылгоймаг — фæлдахæг.

6. Гуыбын — æгадгæнæг.